Дыккаг закъон
23 Йӕ мӕхстӕттӕ*+ цъӕл кӕмӕн сты кӕнӕ йе ’фсӕрмыйаг уӕнг лыг кӕмӕн у, ахӕм сахъат нӕлгоймагӕн+ уый бар нӕй, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмбырды хай суа.
2 Дзӕгъӕлзад+ лӕппуйӕн уый бар нӕй, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмбырды хай суа. Йӕ байзӕддӕгтӕй иуӕн дӕр, суанг дӕсӕм фӕлтӕрмӕ дӕр, уый бар нӕй, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмбырды хай суа.
3 Нӕдӕр аммонагӕн, нӕдӕр моавагӕн уый бар нӕй, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмбырды хай суой+. Сӕ байзӕддӕгтӕй иуӕн дӕр, суанг дӕсӕм фӕлтӕрмӕ дӕр, ӕнустӕм дӕр, уый бар нӕй, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмбырды хай суой, 4 уымӕн ӕмӕ Египетӕй куы цыдыстут+, уӕд уын нӕ баххуыс кодтой+, дзул ӕмӕ уын дон нӕ радтой, стӕй баххуырстой Веоры фырт Валаамы, Пефоры, Месопотамийы, чи царди, уый, цӕмӕй уӕ ралгъыстаид+. 5 Фӕлӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы нӕ бафӕндыд Валааммӕ байхъусын+, ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕ ӕлгъыст арфӕмӕ фӕивта+, уымӕн ӕмӕ дӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕ уарзгӕ кӕны+. 6 Сабыр ӕмӕ фӕрнджын цард кӕнынӕн сын ма ӕххуыс кӕнут, ӕмӕ афтӕ уӕд дӕ царды ӕппӕт бонты дӕр, ӕнустӕм+.
7 Едомагӕй де сӕфт ма уын, уымӕн ӕмӕ де ’фсымӕр у+.
Египетагӕй де сӕфт ма уын, уымӕн ӕмӕ йӕ бӕстӕйы уыдтӕ ӕрцӕуӕггаг+. 8 Ӕртыккаг фӕлтӕры сын цы фырттӕ райгуыра, уыдонӕн уыдзӕн уый бар, цӕмӕй суой Йегъовӕйы ӕмбырды хай.
9 Де знӕгтимӕ схӕцынмӕ дӕхи куы сцӕттӕ кӕнай, уӕд хъуамӕ дӕхи хизай алы ӕвзӕрдзинадӕй дӕр+. 10 Уӕ нӕлгоймӕгтӕй искӕмӕн ӕхсӕвы йӕ мыггаг куы ракӕла ӕмӕ куы фӕчъизи уа+, уӕд хъуамӕ ацӕуа цатырты ӕддӕмӕ. Цатыртӕ кӕм сты, уырдӕм ын цӕуӕн нӕй+. 11 Изӕрӕй хъуамӕ йӕхи ныхса, ӕмӕ хур куы аныгуыла, уӕд йӕ бон уыдзӕн, цатыртӕ кӕм сты, уырдӕм бацӕуын+. 12 Цатырты ӕдде уын хъуамӕ уа хибар бынат, ӕмӕ-иу уырдӕм ацу. 13 Дӕ хӕцӕнгӕрзтӕй уӕлдай ма демӕ хъуамӕ уа бел дӕр, ӕмӕ-иу цатырты ӕдде куы ’рбадай, уӕд-иу дзыхъхъ скъах ӕмӕ-иу дӕ чъизитӕ баныгӕн+. 14 Уымӕн ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕ рацу-бацу кӕны, уӕ цатыртӕ кӕм сты, уым, цӕмӕй уӕ ирвӕзын кӕна+ ӕмӕ-иу уын уе знӕгты уӕ къухмӕ ратта+. Уӕ цатыртӕ кӕм сты, уыцы бынат хъуамӕ уа сыгъдӕг+, цӕмӕй дзы ӕнаккагӕй мацы фена ӕмӕ уӕ ма ныууадза+.
15 Искӕмӕн йӕ цагъар дӕумӕ куы алидза, уӕд ӕй фӕстӕмӕ йӕ хицаумӕ ма арвит+. 16 Уадз ӕмӕ уе ’хсӕн цӕра, уӕ горӕттӕй иуы цы бынат равзара, кӕмдӕриддӕр ӕй фӕнда, уым+. Ӕмӕ-иу ӕй ма ’фхӕр+.
17 Израилы чызджытӕй иу дӕр хъуамӕ ма суа хӕтаг сылгоймаг*+, ӕмӕ Израилы фырттӕй дӕр иу дӕр хъуамӕ ма суа хӕтаг нӕлгоймаг*+. 18 Цӕйфӕнды тыххӕй ма расомы кӕнай,– дӕ Хуыцау Йегъовӕйы хӕдзармӕ хӕтаг сылгоймаджы мызд+ кӕнӕ куыдзы* аргъ+ ма ӕрбахӕсс, уымӕн ӕмӕ иу дӕр ӕмӕ иннӕ дӕр дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн у ӕнад.
19 Де ’фсымӕр дӕ ӕфстау исты куы райса, уӕд ын проценттӕ ма фидын кӕн+: ӕхцайӕ уа, хойрагӕй+ уа ӕви ӕндӕр истӕмӕй,– проценттӕ райсӕн цӕмӕйдӕриддӕр ис, уымӕй. 20 Ӕндӕрбӕстагӕн+ дӕ бон у проценттӕ бафидын кӕнын, фӕлӕ де ’фсымӕрӕн проценттӕ ма фидын кӕн+, цӕмӕй дын дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕ алы хъуыддаджы дӕр арфӕ кӕна, кӕдӕм цӕуыс ӕмӕ кӕй бацахсдзынӕ, уыцы зӕххыл+.
21 Дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн дзырд куы раттай+, уӕд йӕ сӕххӕст кӕныныл абон-райсом ма кӕн+, уымӕн ӕмӕ дӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕ уый ӕнӕмӕнгӕй ӕрдомдзӕн, ӕмӕ дыл уӕд уыдзӕн тӕригъӕд+. 22 Фӕлӕ дзырд куы нӕ раттай, уӕд та дыл тӕригъӕд нӕ уыдзӕн+. 23 Дӕ дзыхӕй цы ныхас рацыд, уый сӕххӕст кӕн+, ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн дзырд ратгӕйӕ цы загътай, уый бакӕн. Цы дзырд радтай, уый у, дӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй хӕссыс, уыцы нывонд+.
24 Искӕй сӕнӕфсирдонмӕ куы бацӕуай, уӕд сӕнӕфсирӕй бахӕр, дӕ зӕрдӕ цас зӕгъы, уыйбӕрц, фӕлӕ дзы дӕ чыргъӕдмӕ ма ӕрӕмбырд кӕн+.
25 Искӕй кӕрдинаг хуыммӕ куы бацӕуай, уӕд дӕ бон у цӕттӕ ӕфсиртӕ къухӕй тонын, фӕлӕ ӕфсиртыл ӕхсырф ма рауадз+.