Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Лукайы 13
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

Лукайы 13:1

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Хъд 5:37

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 184 ф.

Лукайы 13:2

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ин 9:2

Лукайы 13:3

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Хъд 3:19

Лукайы 13:4

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Комк. «фылдӕр хӕсджын».

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 184 ф.

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/7/2014, 4 ф.

    1/9/2002, 26 ф.

Лукайы 13:5

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Йез 18:30

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 184 ф.

Лукайы 13:6

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ис 5:1
  • +Ав 3:17; Мч 11:13
  • +Мф 21:19

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 184, 185 фф.

Лукайы 13:7

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лв 19:23
  • +Ин 15:2

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 184, 185 фф.

Лукайы 13:8

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 32:11; Ил 2:17

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 184, 185 фф.

Лукайы 13:9

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +2Пт 3:9

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 184, 185 фф.

Лукайы 13:11

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Хъд 16:16

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 185 ф.

Лукайы 13:12

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ис 61:1; Лк 4:18

Лукайы 13:13

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лк 4:39

Лукайы 13:14

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 20:9; 23:12; 35:2
  • +Д.з 5:14; Мф 12:10; Мч 3:2; Ин 5:16

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 185 ф.

Лукайы 13:15

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 23:28; Лк 12:1
  • +Лк 14:5

Лукайы 13:16

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лк 19:9

Лукайы 13:17

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1Пт 3:16
  • +Лк 9:43

Лукайы 13:18

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 13:31; Мч 4:30

Лукайы 13:19

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Йез 17:23; 31:6; Дан 4:12
  • +Мф 13:32; Мч 4:32

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    15/7/2008, 17–19, 21 фф.

Лукайы 13:21

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Комк. «ссады кӕй бамбӕхста».

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 13:33

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    15/7/2008, 19–21 фф.

Лукайы 13:22

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 9:35; Мч 6:6

Лукайы 13:23

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 7:14; 19:25

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 192 ф.

Лукайы 13:24

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ис 55:6
  • +Мф 7:13; Фп 3:12
  • +Ин 7:34; Ро 9:31; 1Тм 6:12

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 192 ф.

Лукайы 13:25

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 25:11; Лк 6:46
  • +Пс 32:6; Ис 55:6

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 192 ф.

Лукайы 13:26

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 7:22; Тит 1:16

Лукайы 13:27

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Пс 6:8; Мф 7:23

Лукайы 13:28

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 8:11
  • +Ис 65:14; Мф 8:12; 13:42

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 192 ф.

Лукайы 13:29

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рд 28:14; Пс 107:3; Ис 49:12; 59:19
  • +Лк 14:15; 22:16; Хъд 2:39; Рар 5:9

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 192 ф.

Лукайы 13:30

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 19:30; Мч 10:31

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 192 ф.

Лукайы 13:31

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Кӕс Лк 3:1, фип.

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 192, 193 фф.

Лукайы 13:32

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Сф 3:3
  • +Дзт 2:10

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 192, 193 фф.

Лукайы 13:33

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 16:21

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 193 ф.

Лукайы 13:34

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Не 9:26; Ис 1:21
  • +2Аз 24:21
  • +Ис 40:11
  • +Мф 23:37

Лукайы 13:35

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Ома кувӕндон.

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лв 26:31; 1Пд 9:7; Пс 69:25; Ис 1:7; Йер 12:7; 22:5; Мх 3:12
  • +Пс 118:26; Мф 21:9; 23:39; Лк 19:38; Ин 12:13

Стихимӕ баст ӕндӕр стихтӕ

Лук. 13:1Хъд 5:37
Лук. 13:2Ин 9:2
Лук. 13:3Хъд 3:19
Лук. 13:5Йез 18:30
Лук. 13:6Ис 5:1
Лук. 13:6Ав 3:17; Мч 11:13
Лук. 13:6Мф 21:19
Лук. 13:7Лв 19:23
Лук. 13:7Ин 15:2
Лук. 13:8Рц 32:11; Ил 2:17
Лук. 13:92Пт 3:9
Лук. 13:11Хъд 16:16
Лук. 13:12Ис 61:1; Лк 4:18
Лук. 13:13Лк 4:39
Лук. 13:14Рц 20:9; 23:12; 35:2
Лук. 13:14Д.з 5:14; Мф 12:10; Мч 3:2; Ин 5:16
Лук. 13:15Мф 23:28; Лк 12:1
Лук. 13:15Лк 14:5
Лук. 13:16Лк 19:9
Лук. 13:171Пт 3:16
Лук. 13:17Лк 9:43
Лук. 13:18Мф 13:31; Мч 4:30
Лук. 13:19Йез 17:23; 31:6; Дан 4:12
Лук. 13:19Мф 13:32; Мч 4:32
Лук. 13:21Мф 13:33
Лук. 13:22Мф 9:35; Мч 6:6
Лук. 13:23Мф 7:14; 19:25
Лук. 13:24Ис 55:6
Лук. 13:24Мф 7:13; Фп 3:12
Лук. 13:24Ин 7:34; Ро 9:31; 1Тм 6:12
Лук. 13:25Мф 25:11; Лк 6:46
Лук. 13:25Пс 32:6; Ис 55:6
Лук. 13:26Мф 7:22; Тит 1:16
Лук. 13:27Пс 6:8; Мф 7:23
Лук. 13:28Мф 8:11
Лук. 13:28Ис 65:14; Мф 8:12; 13:42
Лук. 13:29Рд 28:14; Пс 107:3; Ис 49:12; 59:19
Лук. 13:29Лк 14:15; 22:16; Хъд 2:39; Рар 5:9
Лук. 13:30Мф 19:30; Мч 10:31
Лук. 13:32Сф 3:3
Лук. 13:32Дзт 2:10
Лук. 13:33Мф 16:21
Лук. 13:34Не 9:26; Ис 1:21
Лук. 13:342Аз 24:21
Лук. 13:34Ис 40:11
Лук. 13:34Мф 23:37
Лук. 13:35Лв 26:31; 1Пд 9:7; Пс 69:25; Ис 1:7; Йер 12:7; 22:5; Мх 3:12
Лук. 13:35Пс 118:26; Мф 21:9; 23:39; Лк 19:38; Ин 12:13
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
  • 1
  • 2
  • 3
  • 4
  • 5
  • 6
  • 7
  • 8
  • 9
  • 10
  • 11
  • 12
  • 13
  • 14
  • 15
  • 16
  • 17
  • 18
  • 19
  • 20
  • 21
  • 22
  • 23
  • 24
  • 25
  • 26
  • 27
  • 28
  • 29
  • 30
  • 31
  • 32
  • 33
  • 34
  • 35
Библи – Ног дунейы тӕлмац
Лукайы 13:1–35

Лукайы

13 Уыцы рӕстӕг, уым чи уыди, уыдонӕй чидӕртӕ Йесойӕн радзырдтой, Пилат, нывӕндтӕ чи хаста, уыцы галилейӕгты+ кӕй ныццагъта, уый тыххӕй. 2 Ӕмӕ сын уый загъта: «Афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ сыл кӕд ахӕм бӕллӕх ӕрцыд, уӕд иннӕ галилейӕгтӕй тӕригъӕдджындӕр+ уыдысты? 3 Зӕгъын уын: нӕ уыдысты. Фӕлӕ куы не ’рфӕсмон кӕнат, уӕд сымах дӕр уе ’ппӕт дӕр афтӕ фесӕфдзыстут+. 4 Науӕд афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ Силоамы мӕсыг кӕуыл ныккалд ӕмӕ йӕ быны чи фӕмард, уыцы ӕстдӕс адӕймаджы Иерусалимы иннӕ цӕрджытӕй тӕригъӕдджындӕр* уыдысты? 5 Зӕгъын уын: нӕ уыдысты. Фӕлӕ куы не ’рфӕсмон кӕнат, уӕд сымах дӕр уе ’ппӕт дӕр афтӕ фесӕфдзыстут»+.

6 Уый фӕстӕ сын ракодта ахӕм фӕсномыг ныхас: «Иу лӕгӕн йӕ сӕнӕфсирдоны+ сагъд уыд легъуибӕлас ӕмӕ йӕм бӕрӕггӕнӕг ӕрбацыд, исты йыл ис ӕви нӕ, зӕгъгӕ+, фӕлӕ йыл ницы ссардта+. 7 Ӕмӕ уӕд сӕнӕфсирдонгӕсӕн загъта: „Ныр ӕртӕ азы+ цӕуын ацы легъуибӕласмӕ ӕмӕ йыл дыргъ агурын, фӕлӕ йыл ницы ссарын. Акал ӕй!+ Зӕхх дӕр ма дзӕгъӕлы цы ахсы?“ 8 Фӕлӕ йын уый загъта: „Хицау, ацы аз дӕр ма йӕ бауадз+. Ӕз ын йӕ алыварс скъахдзынӕн ӕмӕ йыл фаджыс ныккӕндзынӕн. 9 Ӕмӕ йыл кӕд фидӕнмӕ исты ӕрзайа, уӕд хорз, кӕд нӕ, уӕд-иу ӕй акал“»+.

10 Уӕд та сабаты Йесо иу ӕмбырдгӕнӕны адӕмы ахуыр кодта. 11 Уым уыди, хъарусӕттӕг дӕлимон+ ӕстдӕс азы дӕргъы уӕгъд кӕй нӕ уагъта, ахӕм сылгоймаг. Уыцы сылгоймаг афтӕ ныкъкъӕдзтӕ, ӕмӕ йӕхи сӕмраст кӕнын йӕ бон ӕппындӕр нӕ уыд. 12 Йесо йӕ куы федта, уӕд ын загъта: «Хорз ус, дӕ низӕй фервӕзтӕ»+. 13 Стӕй йыл йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ сылгоймаг уайтагъд сӕмраст+ ӕмӕ Хуыцауы кадджын кӕнын райдыдта. 14 Йесо сылгоймаджы сабаты кӕй сдзӕбӕх кодта, ууыл ӕмбырдгӕнӕны хистӕр смӕсты ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Уӕ куыстытӕ кӕнынӕн уын ис ӕхсӕз боны+. Гъемӕ-иу уӕхи дзӕбӕх кӕнынмӕ уыцы бонты цӕут, сабаты та – нӕ»+. 15 Йесо та йын загъта: «Цӕстмӕхъустӕ+, сабаты уӕ алчидӕр йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕджы йӕ бынатӕй не суадзы ӕмӕ йӕ дон нуазынмӕ нӕ акӕны?+ 16 Уӕд ацы сылгоймаджы, Авраамы+ чызджы, Сайтан ӕнӕхъӕн ӕстдӕс азы уӕгъд кӕй нӕ уагъта, уый сабатбон ссӕрибар кӕнын не ’мбӕлд?» 17 Уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд, йӕ ныхмӕ чи уыд, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр худинаг ӕркаст+. Адӕм та иууылдӕр цин кодтой, цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоныл+.

18 Стӕй йӕ ныхас адарддӕр кодта: «Цӕй хуызӕн у Хуыцауы паддзахад? Цӕимӕ йӕ абарон?+ 19 Уый абарӕн ис, лӕг йӕ цӕхӕрадоны кӕй ныссагъта, ахӕм хъыцъыйы нӕмыгимӕ. Нӕмыг сырӕзт, бӕлас дзы рауад, ӕмӕ йӕ къалиутыл уӕларвон мӕргътӕ+ сӕхицӕн бынат скодтой»+.

20 Ӕмӕ та ногӕй загъта: «Цӕимӕ абарон Хуыцауы паддзахад? 21 Уый абарӕн ис, сылгоймаг кӕй райста ӕмӕ ӕртӕ стыр барӕн къусы дзаг ссадыл кӕй сызмӕста* ӕмӕ хыссӕ ӕгасӕй дӕр кӕмӕй сӕнхъызт, ахӕм ӕнхъизӕнимӕ»+.

22 Иерусалиммӕ цӕугӕйӕ Йесо зылди горӕттыл ӕмӕ хъӕутыл ӕмӕ адӕмы ахуыр кодта+. 23 Иу лӕг ӕй бафарста: «Хицау, бирӕтӕ кӕй нӕ фервӕздзысты, уый ӕцӕг у?»+ Уый та сын загъта: 24 «Уӕ тых, уӕ бонӕй архайут+ нарӕг дуарыл бахизыныл+. Зӕгъын уын: бирӕтӕ архайдзысты бахизыныл, фӕлӕ сӕ бон нӕ бауыдзӕн+, 25 уымӕн ӕмӕ хӕдзары хицау сыстдзӕн ӕмӕ дуар сӕхгӕндзӕн, сымах та ӕддейӕ баззайдзыстут ӕмӕ дуар хойын райдайдзыстут ӕмӕ дзурдзыстут: „Хицау, дуар нын бакӕн!“+ Фӕлӕ уын уый зӕгъдзӕн: „Чи стут? Ӕз уӕ нӕ зонын“+. 26 Уӕд райдайдзыстут дзурын: „Мах дӕ разы куы хордтам ӕмӕ куы нуӕзтам, стӕй нӕ нӕ горӕты стыр уынгты куы ахуыр кодтай“+. 27 Фӕлӕ уын уый зӕгъдзӕн: „Чи стут? Ӕз уӕ нӕ зонын. Ацӕут ардыгӕй, фыдгӕнджытӕ!“+ 28 Ӕмӕ Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковы, стӕй пехуымпарты се ’ппӕты дӕр Хуыцауы паддзахады куы фенат+, уӕхи та уын ӕддӕмӕ куы раппарой, уӕд уырдыгӕй цӕудзӕн уӕ кӕуын ӕмӕ уӕ хъӕрзын+. 29 Уымӕй уӕлдай ма ӕрцӕудзысты адӕм скӕсӕнӕй ӕмӕ ныгуылӕнӕй, цӕгатӕй ӕмӕ хуссарӕй+, ӕмӕ ӕрбаддзысты фынгыл Хуыцауы паддзахады+. 30 Гъемӕ фӕстӕгтӕй чидӕртӕ уыдзысты фыццӕгтӕ, фыццӕгтӕй та чидӕртӕ – фӕстӕгтӕ»+.

31 Раст ӕм уыцы сахат фарисейтӕй чидӕртӕ бацыд ӕмӕ йын загътой: «Сыст ӕмӕ дӕхи ардыгӕй айс, уымӕн ӕмӕ дӕ Ирод* марынмӕ хъавы». 32 Уый та сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ уыцы рувасӕн+ зӕгъут: „Абон ӕмӕ райсом адӕмӕй сурдзынӕн дӕлимонты ӕмӕ сӕ сӕ низтӕй дзӕбӕх кӕндзынӕн, ӕмӕ ӕртыккаг бон фӕуыдзынӕн“+. 33 Фӕлӕ уӕддӕр, абон, райсом ӕмӕ иннӕбон дӕр мӕнӕн мӕ фӕндагыл цӕугӕ у, уымӕн ӕмӕ пехуымпары Иерусалимы нӕ, фӕлӕ ӕндӕр искуы амарой, уымӕн гӕнӕн нӕй+. 34 Иерусалим, Иерусалим, пехуымпарты чи мары+ ӕмӕ йӕм кӕй ӕрӕрвитынц, уыдоны дуртӕй чи фӕхойы!+ Цал хатты мӕ фӕндыд, карк йӕ цъиуты йӕ базырты бын+ куыд ӕрбамбырд кӕны, афтӕ дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнын! Фӕлӕ уӕ нӕ бафӕндыд+. 35 Ныр уын Хуыцау уӕ хӕдзар*+ ныууадздзӕн. Зӕгъын уын: нал мӕ фендзыстут, цалынмӕ нӕ зӕгъат: „Арфӕгонд у, Йегъовӕйы номӕй чи ’рцӕуы, уый!“»+

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын