Йезекил
36 «Адӕймаджы фырт, пехуымпариуӕг кӕн,
афтӕ зӕгъ Израилы хӕхты тыххӕй: „О Израилы хӕхтӕ+, байхъусут Йегъовӕйы ныхасмӕ. 2 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Знӕгтӕ уӕ дзырдтой+: „Афтӕ гъе, суанг рагон къуыбыртӕ дӕр+ мах баисты!“+
3 Уымӕ гӕсгӕ пехуымпариуӕг кӕн ӕмӕ зӕгъ: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Кӕй уӕ сафтид кодтой+ ӕмӕ уӕм алырдыгӕй кӕй лӕбурдтой+, цӕмӕй, чи ма баззад, уыцы адӕмты бауат+, ӕмӕ ӕдзух се ’взагыл уӕ кой кӕй ис+, адӕм уӕ фыдкой кӕй кӕнынц+, 4 уымӕ гӕсгӕ, о Израилы хӕхтӕ+, байхъусут Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйы ныхасмӕ! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ хӕхтӕн ӕмӕ къуыбыртӕн, цӕугӕдӕттӕн ӕмӕ дӕлвӕзтӕн, ӕдзӕрӕг хӕлддзӕгтӕн+ ӕмӕ, дзӕгъӕл чи баззад, уыцы горӕттӕн – сӕ алыварс цы адӕмтӕ баззад, уыдоны амӕттаг чи баци ӕмӕ кӕуыл худынц, уыцы горӕттӕн+. 5 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз мӕстӕй цӕхӕртӕ калгӕйӕ дзурдзынӕн+, чи ма баззад, уыцы адӕмты ныхмӕ ӕмӕ ӕгас Едомы ныхмӕ+. Уыдон мын мӕ зӕхх сӕхи бакодтой, цӕмӕй хизӕнтӕ уыдоны бауой+ ӕмӕ, уыцы зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уый фӕхӕссой, ӕмӕ ууыл цинӕй мардысты+, сӕ удӕн уыд ӕхсызгон“+.
6 Уымӕ гӕсгӕ пехуымпариуӕг кӕн, дзур Израилы зӕххы тыххӕй, ӕмӕ зӕгъ хӕхтӕн ӕмӕ къуыбыртӕн, цӕугӕдӕттӕн ӕмӕ дӕлвӕзтӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Адӕмтӕ уӕ ӕгады бынаты кӕй дардтой, уый тыххӕй дзурдзынӕн цӕхӕртӕ калгӕйӕ ӕмӕ мӕстӕй судзгӕйӕ“+.
7 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз, мӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ, расомы кодтон+: уӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, уыдон сӕхӕдӕг ӕгады ном хӕсдзысты+. 8 Сымах та, Израилы хӕхтӕ, уӕ къалиутӕ фӕйнӕрдӕм айваздзыстут ӕмӕ мӕ адӕм Израилӕн дыргъ ӕрхӕсдзыстут+, уымӕн ӕмӕ уыдон ӕрбаввахс сты, тагъд ӕрбацӕудзысты+. 9 Ӕз уӕм дарын хорз зӕрдӕ, ӕмӕ уӕм ме ’ргом раздахдзынӕн+, ӕмӕ уын уӕ зӕхх бахуым кӕндзысты ӕмӕ йӕ байтаудзысты+. 10 Ӕз уыл ӕрцӕрын кӕндзынӕн бирӕ адӕмы, Израилы адӕмы се ’ппӕты дӕр, ӕгасӕй дӕр+. Горӕтты та адӕм ӕрцӕрдзысты+ ӕмӕ хӕлд горӕттӕ фӕстӕмӕ сӕ къахыл слӕууын кӕндзысты+. 11 О, ӕз уыл ӕрцӕрын кӕндзынӕн бирӕ адӕм ӕмӕ бирӕ цӕрӕгойтӕ+. Уыдон сбирӕ уыдзысты, фылдӕрӕй-фылдӕр кӕндзысты. Ӕмӕ ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ та уыл раздӕрау уыдзӕн цӕрӕг+ ӕмӕ уын раздӕрӕй фылдӕр хорздзинӕдтӕ сараздзынӕн+. Ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ+. 12 Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ уыл цӕудзысты адӕм – мӕ адӕм Израил, ӕмӕ уыдоны бауыдзыстут+, суыдзыстут сӕ бынтӕ+, ӕмӕ сӕ сӕ сывӕллӕттӕй ӕнӕхай никуыуал фӕкӕндзыстут“»+.
13 «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Сымахӕн дзурынц: „Ды ныхъуырыс адӕмы, ды сдӕ ахӕм зӕхх, ӕмӕ дыл цы адӕмтӕ цӕры, уыдоны сӕ сывӕллӕттӕй ӕнӕхай фӕкӕныс“+. 14 „Уымӕ гӕсгӕ адӕмы нал ныхъуырдзынӕ+, ӕмӕ дыл цы адӕмтӕ цӕры, уыдоны сӕ сывӕллӕттӕй ӕнӕхай нал фӕкӕндзынӕ,“+– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ. 15 „Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ды нал хъусдзынӕ адӕмты ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ+, адӕмтӕн фидиссаг нал уыдзынӕ+ ӕмӕ дӕ адӕмтӕн нал уыдзынӕ цӕлхдур“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ».
16 Ӕмӕ мын Йегъовӕ дарддӕр загъта: 17 «Адӕймаджы фырт, Израилы адӕм цардысты сӕ зӕххыл ӕмӕ йӕ чъизи кодтой, цы фӕндагыл цыдысты, уымӕй ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй+. Сӕ фӕндаг мӕ цӕсты сси, сылгоймагӕй йӕ тугцыды бонты цы чъизитӕ фӕцӕуы, уый хуызӕн+. 18 Ӕмӕ сыл ӕз мӕ фыдӕх ныккалдтон, зӕххыл туг кӕй фӕкалдтой, уый тыххӕй+. Уыцы зӕхх фӕчъизи кодтой сӕ фаджыс-хуыцӕуттӕй+. 19 Ӕмӕ сӕ ӕз адӕмты ’хсӕн ныппырх кодтон, ӕмӕ алы бӕстӕтыл ныххӕлиу сты+. Ӕз сын тӕрхон кодтон, цы фӕндагыл цыдысты, уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ+. 20 Уыдон ӕрбацыдысты уыцы адӕмтӕм, ӕмӕ адӕм уыдоны тыххӕй дзырдтой, адон сты Йегъовӕйы адӕм, ӕмӕ йӕ зӕххӕй ацыдысты+, зӕгъгӕ, ӕмӕ мын афтӕмӕй мӕ сыгъдӕг ном фӕчъизи кодтой+. 21 Ӕмӕ ӕз фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн мӕ сыгъдӕг номӕн, Израилы адӕм кӕй ӕхсӕнмӕ ӕрцыдысты, уыцы адӕмты ’хсӕн кӕй фӕчъизи кодтой, уыцы номӕн»+.
22 «Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъ Израилы адӕмӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Израилы адӕм, ӕз уый бакӕндзынӕн сымах тыххӕй нӕ, фӕлӕ мӕ сыгъдӕг номы тыххӕй, кӕй ӕхсӕнмӕ ӕрцыдыстут, уыцы адӕмты ’хсӕн кӕй фӕчъизи кодтат, уыцы номы тыххӕй“+. 23 „Ӕз срухс кӕндзынӕн ме стыр ном+, адӕмты ’хсӕн кӕй фӕчъизи кодтой, адӕмты ’хсӕн сымах кӕй фӕчъизи кодтат, уый. Ӕмӕ йӕ адӕмтӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ,– сӕ цӕстыты раз уе ’хсӕн мӕ ном куы срухс уа, уӕд+. 24 Ӕз уӕ ракӕндзынӕн адӕмты ’хсӕнӕй, ӕппӕт бӕстӕтӕй уӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ ӕркӕндзынӕн уӕхи зӕхмӕ+. 25 Ӕз уыл бапырх кӕндзынӕн сыгъдӕг дон, ӕмӕ ссыгъдӕг уыдзыстут+. Ссыгъдӕг уӕ кӕндзынӕн уе ’ппӕт чъизитӕй+ ӕмӕ уе ’ппӕт фаджыс-хуыцӕуттӕй+. 26 Ӕмӕ уын ратдзынӕн ног зӕрдӕ+ ӕмӕ ног зонд*+. Уӕ риуӕй уын айсдзынӕн дурӕй конд зӕрдӕ ӕмӕ уын ратдзынӕн фӕлмӕн зӕрдӕ+. 27 Ӕз уын мӕ тыхӕй аивдзынӕн уӕ зонд+ ӕмӕ афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ цӕрдзыстут+ мӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ, мӕ тӕрхӕттыл мын фидар хӕцдзыстут ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕндзыстут+. 28 Сымах цӕрдзыстут, уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххыл+, ӕмӕ сымах суыдзыстут мӕ адӕм, ӕз та суыдзынӕн уӕ Хуыцау“+.
29 „Ӕз уӕ фервӕзын кӕндзынӕн уе ’ппӕт чъизитӕй+, фӕсиддзынӕн хормӕ ӕмӕ йӕ сбирӕ кӕндзынӕн ӕмӕ уыл ӕххормаг заман нал скӕнын кӕндзынӕн+. 30 Ӕз сбирӕ кӕндзынӕн бӕлӕсты дыргъ ӕмӕ зӕххы тыллӕг, цӕмӕй адӕмты ’хсӕн ӕххормагдзинады тыххӕй фидиссаг мауал уат+. 31 Ӕмӕ уе ’взӕр фӕндӕгтӕ ӕмӕ уе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ӕрхъуыды кӕндзыстут+, ӕмӕ уӕхицӕн фенад уыдзыстут уӕ фыдракӕндты тыххӕй ӕмӕ уе ’лгъаг хъуыддӕгты тыххӕй+. 32 Уыдӕттӕ ӕз сымах тыххӕй нӕ бакӕндзынӕн+, зонут ӕй,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.– Цы фӕндӕгтыл цӕут, уыдоны тыххӕй уӕ цӕсгом судзӕд ӕмӕ уӕхимӕ ӕгад кӕсут, о Израилы адӕм“+.
33 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Уе ’ппӕт фыдракӕндтӕй уӕ цы бон ссыгъдӕг кӕнон, уыцы бон ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ та горӕтты адӕм ӕрцӕрдзысты+ ӕмӕ, ӕдзӕрӕг чи уыд, уыцы бынӕтты ногӕй горӕттӕ сараздзысты+. 34 Ӕмӕ афтид зӕхх бахуым кӕндзысты, кӕд, йӕ рӕзты-иу чи фӕцӕйцыд, уыдоны цӕстыты раз ӕдзӕрӕг бӕстӕ фестад, уӕддӕр+. 35 Ӕмӕ адӕм зӕгъдзысты: „Афтид чи уыд, уыцы бӕстӕ раст Едемы цӕхӕрадоны хуызӕн сси+. Ӕдзӕрӕг, афтид ӕмӕ пырх чи уыд, уыцы горӕттӕ систы фидаргонд горӕттӕ ӕмӕ дзы ныр цӕры адӕм“+. 36 Ӕмӕ уӕ алыварс цы адӕмтӕ баззайа, уыдон ӕй базондзысты, пырх цы уыд, уыдӕттӕ ӕз, Йегъовӕ, кӕй сарӕзтон фӕстӕмӕ+ ӕмӕ афтид зӕххыл бӕлӕстӕ ӕз кӕй ныссагътон. Ӕз, Йегъовӕ, загътон ӕмӕ йӕ сӕххӕст кодтон“+.
37 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз ма Израилы адӕмӕн бар ратдзынӕн, цӕмӕй мӕ иу хъуыддаг ракурой, ӕмӕ сын мӕнӕ цы сараздзынӕн+: фысты дзугау сӕ сбирӕ кӕндзынӕн+. 38 Иерусалим бӕрӕгбӕтты афон бирӕ сыгъдӕг адӕмӕй, бирӕ фыстӕй куыд байдзаг вӕййы+, афтӕ ӕдзӕрӕг горӕттӕ байдзаг уыдзысты адӕмӕй+. Ӕмӕ йӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“».