Нееми
10 Сӕ мыхуыр+ ыл сӕвӕрдтой:
тиршафӕ+ Нееми+, Ахалийы+ фырт,
стӕй Седеки, 2 Серайӕ+, Азари, Йереми, 3 Пашхур, Амари, Малхи, 4 Хаттуш, Шевани, Маллух, 5 Харим+, Меремоф, Овади, 6 Данел+, Гиннефон, Варух, 7 Мешуллам, Ави, Миамин, 8 Маази, Вилгай ӕмӕ Шемайӕ – адон уыдысты сауджынтӕ.
9 Левиттӕ: Азанийы фырт Йешуа+, Хенадады+ фырттӕй Биннуй, стӕй Кадмиил 10 ӕмӕ се ’фсымӕртӕ Шевани+, Годи, Клитӕ, Фелай, Ханан, 11 Миха, Рехов, Хашави, 12 Заккур, Шереви+, Шевани, 13 Годи, Вани ӕмӕ Венинуй.
14 Адӕмы хистӕртӕ: Парош, Пахаф-Моав+, Елам, Заффу, Вани, 15 Вунни, Азгад, Бевай, 16 Адони, Бигвай, Адин, 17 Атер, Езеки, Азур, 18 Годи, Хашум, Бецай, 19 Хариф, Анафоф, Невай, 20 Магпиаш, Мешуллам, Хезир, 21 Мешезавел, Садок, Иаддуй, 22 Фелати, Ханан, Анайӕ, 23 Оси, Ананийӕ, Хашшув, 24 Галлохеш, Пилхӕ, Шовек, 25 Рехум, Хашавнӕ, Маасейӕ, 26 Ахи, Ханан, Анан, 27 Маллух, Харим ӕмӕ Ваанӕ.
28 Ӕмӕ иннӕ адӕм дӕр – сауджынтӕ+, левиттӕ+, дуаргӕстӕ+, зарӕггӕнджытӕ+, нефинейтӕ+ ӕмӕ, йӕхи чидӕриддӕр нӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕй фӕхицӕн кодта+, цӕмӕй ӕцӕг Хуыцауы закъоныл+ хӕца, уыдон, стӕй сӕ устытӕ, сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджытӕ ӕмӕ, ӕмбарынхъом чидӕриддӕр уыд, уыдон+,– 29 се ’ппӕт дӕр се ’фсымӕртимӕ+, сӕ кадджын лӕгтимӕ+, расомы кодтой*+, кӕй цӕрдзысты ӕцӕг Хуыцауы закъонмӕ гӕсгӕ, ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнӕг Моисейы уылты чи ӕрцыд лӕвӕрд, уыцы закъонмӕ гӕсгӕ+, ӕмӕ нӕ Хицау Йегъовӕйы фӕдзӕхстытыл+, йӕ тӕрхӕттыл ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтыл+ кӕй хӕцдзысты ӕмӕ сӕ кӕй ӕххӕст кӕндзысты+. 30 Мах дзырд радтам, нӕ чызджыты нӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕн кӕй нӕ дӕтдзыстӕм, стӕй сын сӕ чызджыты дӕр нӕ лӕппутӕн кӕй нӕ курдзыстӕм+.
31 Стӕй-иу нӕм нӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕ+ сабаты уӕй кӕнынмӕ хор кӕнӕ ӕндӕр исты куы ’рбахӕссой, уӕд-иу сӕ ницы райсдзыстӕм – нӕдӕр сабаты+, нӕдӕр ӕндӕр сыгъдӕг бон+. Ӕвдӕм аз та-иу зӕхх нӕ бакусдзыстӕм+ ӕмӕ нӕ хӕс чи дара, уыдонӕн-иу ӕй нал бафидын кӕндзыстӕм+.
32 Уымӕй уӕлдай нӕ алчидӕр йӕхимӕ уыцы хӕс райста, алы аз дӕр сиклы* ӕртыккаг хай кӕй дӕтдзӕн, нӕ Хуыцауы хӕдзары лӕггад кӕнынӕн цы хъӕуы, уыдӕттӕн+: 33 нывонд дзултӕн+, алы бон дӕр кӕй хъӕуы хӕссын, уыцы хоры кувинагӕн+, сабатбонты+ ӕмӕ, мӕй куы сног вӕййы+, уыцы бонты кӕй фӕхъӕуы хӕссын, уыцы судзинаг нывӕндтӕн, бӕрӕгбӕттӕн+, табуйаг цы у+, уыдӕттӕн, Израилы адӕмы тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынӕн цы нывӕндтӕ фӕхӕссынц+, уыдонӕн ӕмӕ нӕ Хуыцауы хӕдзары ӕппӕт куыстытӕн дӕр+.
34 Хӕлттӕ сӕппӕрстам+ ӕмӕ афтӕмӕй сбӕлвырд кодтам, сауджынтӕй, левиттӕй ӕмӕ адӕмӕй сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ нӕ Хуыцауы хӕдзармӕ алы афӕдз дӕр суг чи кӕд хӕсдзӕн+, уый, цӕмӕй сӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕйы нывондхӕссӕныл судзой+, закъоны куыд фыст ис, афтӕ+. 35 Стӕй ма дзырд радтам, алы аз дӕр нӕ зӕххы фыццаг тыллӕг+ ӕмӕ бӕлӕсты фыццаг дыргътӕ+ Йегъовӕйы хӕдзармӕ кӕй хӕсдзыстӕм 36 ӕмӕ нӕ Хуыцауы хӕдзармӕ, нӕ Хуыцауы хӕдзары чи лӕггад кӕны, уыцы сауджынтӕм кӕй кӕндзыстӕм+ алы фыццаггуырды+ дӕр – нӕ фырттӕй дӕр ӕмӕ нӕ фосӕй+ дӕр, закъоны куыд фыст ис+, афтӕ. Ӕрбакӕндзыстӕм-иу фыццагзад нӕл фос не стуртӕй дӕр ӕмӕ нӕ лыстӕг фосӕй дӕр+. 37 Ӕмӕ ма нӕ Хуыцауы хӕдзары хӕрӕндӕттӕм сауджынтӕм хӕсдзыстӕм+, фыццаг кӕй ӕрыссӕм, ахӕм ставд ссад+, мысайнӕгтӕ+, алыхуызон бӕлӕсты дыргътӕ+, ног сӕн+ ӕмӕ сой+ дӕр. Нӕ зӕххы тыллӕгӕй дӕсӕм хай та дӕтдзыстӕм левиттӕн+, уымӕн ӕмӕ нӕм зӕххы куыст кӕмдӕриддӕр кӕнынц, уыцы горӕтты адӕм левиттӕн хъуамӕ дӕттой дӕсӕм хай.
38 Левиттӕ-иу дӕсӕм хай куы исой, уӕд семӕ хъуамӕ уа сауджын, Аароны фырт. Ӕмӕ-иу левиттӕ сӕ дӕсӕм хайӕ хъуамӕ дӕсӕм хай раттой Хуыцауы хӕдзармӕ+, къӕбицы цы хӕрӕндӕттӕ ис+, уырдӕм. 39 Израилы фырттӕ ӕмӕ левитты фырттӕ мысайнагӕн кӕй ӕрбахӕссынц+, уыцы хор, ног сӕн+ ӕмӕ сой хъуамӕ хӕссой, кувӕндоны мигӕнӕнтӕ кӕм сты ӕмӕ сауджынтӕ+, дуаргӕстӕ+ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ+ кӕм лӕггад кӕнынц, уыцы хӕрӕндӕттӕм. Мах нӕхицӕн фидарӕй загътам, нӕ Хуыцауы хӕдзар рохуаты кӕй нӕ ныууадздзыстӕм+.