Ездрӕ
5 Пехуымпар Аггей+ ӕмӕ пехуымпар Захари+, Иддойы+ фыртыфырт, Иудӕйы ӕмӕ Иерусалимы цы дзуттӕгтӕ уыд, уыдонӕн дзырдтой Израилы Хуыцауы номӕй+, семӕ чи уыд+, уыцы Хуыцауы номӕй. 2 Уӕд Салафиилы фырт+ Зоровавел+ ӕмӕ Иоседекы фырт Йесо+ ногӕй бавнӕлдтой, Хуыцауӕн Иерусалимы цы хӕдзар уыд, уый аразынмӕ. Семӕ уыдысты Хуыцауы пехуымпартӕ+ дӕр ӕмӕ сын ӕххуыс кодтой. 3 Уыцы рӕстӕг сӕм, Стыр цӕугӕдоны+ иннӕ фарс цы зӕххытӕ ис, уыдоны хицау Фафнай+ ӕмӕ Шефар-Бознай се ’мбӕлттимӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ сын загътой: «Чи уын радта бар, цӕмӕй ацы хӕдзар ӕмӕ ацы хъӕдын къултӕ аразат?»+ 4 Стӕй сӕ бафарстой: «Ацы хӕдзар чи аразы, уыдонӕн сӕ нӕмттӕ куыд хуыйнынц?» 5 Фӕлӕ Хуыцау дзуттӕгты хистӕр лӕгтӕм йӕ цӕст дардта+, ӕмӕ сын сӕ куыст не ’рлӕууын кодтой, цалынмӕ уыцы хъуыддаджы фӕдыл Даримӕ нӕ фӕхабар кодтой ӕмӕ дзы дзуапп не ’рцыд, уӕдмӕ.
6 Стыр цӕугӕдоны+ иннӕ фарс цы зӕххытӕ ис, уыдоны хицау Фафнай+ ӕмӕ Шефар-Бознай+ йе ’мбӕлттимӕ+, Стыр цӕугӕдоны иннӕ фарс ма цы дӕлбар хицӕуттӕ уыди, уыдонимӕ, паддзах Даримӕ цы фыстӕг арвыстой+, 7 уым фыст уыд:
«Паддзах Даримӕ.
Фӕрнӕйдзаг у!+ 8 Паддзах ӕй зонӕд, мах дӕ дӕлбар бӕстӕ+ Иудӕйы, стыр Хуыцауы хӕдзары+ кӕй уыдыстӕм. Уыцы хӕдзар аразынц стыр дуртӕй, йӕ къулты та йын хъӕдтӕ ӕвӕрынц. Адӕм тынг зӕрдиагӕй кусынц ӕмӕ сын бирӕ ӕнтысы. 9 Сӕ хистӕр лӕгтимӕ ныхас кодтам ӕмӕ сӕ бафарстам: „Чи уын радта бар, цӕмӕй ацы хӕдзар ӕмӕ ацы хъӕдын къултӕ аразат?“+ 10 Сӕ нӕмттӕй дӕр сӕ бафарстам, цӕмӕй дӕм сӕ хистӕрты нӕмттӕ ныффыссӕм, ӕмӕ, чи сты, уый зонай+.
11 Ӕмӕ нын ахӕм дзуапп радтой: „Мах стӕм арв ӕмӕ зӕхх+ скӕнӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ ныр ногӕй аразӕм, бирӕ азты размӕ цы хӕдзар арӕзт ӕрцыд, уый – уыцы хӕдзар Израилы номдзыд паддзах сарӕзта+. 12 Фӕлӕ нӕ фыдӕлтӕ уӕлӕрвты Хуыцауы кӕй мӕсты кодтой+, уый тыххӕй сӕ Хуыцау Вавилоны паддзах халдейаг+ Навуходоносоры+ къухмӕ радта+. Ӕмӕ Навуходоносор ацы хӕдзар ныппырх кодта+, адӕмы та Вавилонмӕ уацары акодта+. 13 Фӕлӕ, Вавилоны паддзах Кир+ фыццаг аз куы уыд паддзах, уӕд уынаффӕ рахаста, цӕмӕй Хуыцауы хӕдзар ногӕй саразой+. 14 Ӕмӕ, Хуыцауы хӕдзары цы сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ+ уыд, Навуходоносор Иерусалимы кувӕндонӕй кӕй рахаста ӕмӕ Вавилоны+ кувӕндоны кӕй сӕвӕрдта, уыдон дӕр паддзах Кир+ Вавилоны кувӕндонӕй рахаста ӕмӕ сӕ Шешбацармӕ+, хицауӕй кӕй сӕвӕрдта+, уыцы адӕймагмӕ, радта 15 ӕмӕ йын загъта: „Ацу ӕмӕ ацы мигӕнӕнтӕ ахӕсс+, Иерусалимы цы кувӕндон ис, уырдӕм. Ӕмӕ Хуыцауы хӕдзар йӕ раздӕры бынаты ногӕй саразӕнт“+. 16 Шешбацар Иерусалиммӕ куы ’рцыд, уӕд Хуыцауы хӕдзарӕн бындур сӕвӕрдта+. Ӕмӕ йӕ уӕдӕй абоны онг аразынц, фӕлӕ арӕзт нӕма фӕци“+.
17 Уӕдӕ кӕд паддзах разы у, уӕд, паддзахӕн Вавилоны цы хӕзнадон ис, уым къухфыстытӕм ӕркӕсӕнт ӕмӕ сбӕлвырд кӕнӕнт+, паддзах Кир ӕцӕгдӕр рахаста ахӕм уынаффӕ+, цӕмӕй Иерусалимы Хуыцауы хӕдзар ногӕй саразой ӕви нӕ. Ӕмӕ, ацы хъуыддаджы фӕдыл паддзах цы зӕгъа, уый нын фехъусын кӕнӕнт».