Исай
29 «Додой йӕ къона Ариилӕн*+ – Ариилӕн, Давиды цатыртӕ ӕвӕрд кӕм уыдысты, уыцы горӕтӕн!+ Уадз ӕмӕ аз азы фӕдыл цӕуа, алы аз кӕнут уе ’ппӕт бӕрӕгбӕттӕ+ дӕр. 2 Ӕз Ариил алырдыгӕй ӕрӕлхъивдзынӕн+, ӕмӕ дзы хъуысдзӕн адӕмы кӕуын ӕмӕ хъарджытӕ+. Ӕмӕ мын суыдзӕн Хуыцауы нывондхӕссӕны хуызӕн+. 3 Алырдыгӕй дӕм ӕрбабырсдзынӕн, ӕртыхсдзынӕн дыл ӕмӕ дын дӕ алыварс михтӕй сараздзынӕн быру, дӕ алыварс дын скӕндзынӕн фидар къул+. 4 Ӕмӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудзынӕ ӕмӕ зӕххӕй дзурдзынӕ, дӕ хъӕлӕс тыххӕй хъуысдзӕн, цыма сыджытӕй дзурыс, афтӕ+. Дӕ хъӕлӕс зӕххӕй афтӕ хъуысдзӕн, цыма, мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны, уый хъӕлӕс у. Сыджытӕй хъуысдзӕн дӕ лӕмӕгъ хъӕлӕс+. 5 Ӕцӕгӕлон дын чи у, уыдон рыг фестдзысты+, ӕгъатыр адӕм+ суыдзысты, дымгӕ кӕй ахӕссы, ахӕм зыгуымы хуызӕн+. Ӕмӕ уый ӕрцӕудзӕн цӕстыфӕныкъуылдмӕ, ӕвиппайды+. 6 Ӕз, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, ме ’ргом дӕумӕ раздахдзынӕн, цӕмӕй дӕ фервӕзын кӕнон арвнӕрды, зӕххӕнкъуысты ӕмӕ гыбар-гыбуры фӕрцы, тыхджын дымгӕ ӕмӕ уаддымгӕйы фӕрцы, стӕй, ӕппӕт дӕр чи ныхъуыры, ахӕм пиллон арты фӕрцы»+.
7 Ӕмӕ, Ариилимӕ чи хӕцы, ӕппӕт уыцы адӕмтӕн+, о, йемӕ чи хӕцы, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ хабар, стӕй йын йӕ алыварс фидӕрттӕ чи аразы ӕмӕ йӕ алырдыгӕй чи ӕрӕлхъывта+, уыдонӕн сӕ хабар уыдзӕн, фыны, ӕхсӕвы цӕстылуайӕны куыд вӕййы, афтӕ. 8 О, сӕ хабар уыдзӕн афтӕ: ӕххормаг адӕймаг фыны уыны, цыма хӕргӕ кӕны, фӕлӕ райхъал, ӕмӕ йӕ гуыбын у афтид+; науӕд дойны адӕймаг фыны уыны, цыма дон нуазы, фӕлӕ райхъал, ӕмӕ у уӕнгмард ӕмӕ дойныйӕ мӕлы. Афтӕ уыдзӕн сӕ хабар, Сионы хохимӕ чи хӕцы, ӕппӕт уыцы адӕмтӕн+.
9 Сагъдауӕй баззайут ӕмӕ дисгӕнгӕ кӕсут+. Уӕ цӕстытӕ сӕхгӕнут, цӕмӕй мацы уынат+. Уыдон срасыг сты+, фӕлӕ сӕнӕй нӕ. Цудтытӕгӕнгӕ цӕуынц, фӕлӕ карз нозты аххосӕй нӕ+.
10 Йегъовӕ уыл тарф фынӕй бафтыдта+. Сӕхгӕдта уын уӕ цӕстытӕ – уӕ пехуымпарты+, бамбӕрзта уын уӕ сӕртӕ+ – цӕстылуайӕнтӕ чи уыны, уыдоны+. 11 Ӕмӕ уын алы цӕстылуайӕн дӕр уыдзӕн, мыхуыр кӕуыл ис ӕвӕрд, ахӕм чиныджы ныхӕсты хуызӕн+. Уыцы чиныг раттынц, кӕсын чи зоны, уымӕ ӕмӕ йын фӕзӕгъынц: «Дӕ хорзӕхӕй, хъӕрӕй-ма йӕ бакӕс». Уый та фӕзӕгъы: «Мӕ бон нӕу, мыхуыр ӕвӕрд ыл ис»+. 12 Уый фӕстӕ та йӕ раттынц, кӕсын чи нӕ зоны, уымӕ ӕмӕ йын фӕзӕгъынц: «Дӕ хорзӕхӕй, хъӕрӕй-ма йӕ бакӕс». Фӕлӕ уый фӕзӕгъы: «Кӕсын нӕ зонын».
13 Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: «Ацы адӕм мӕм ӕрмӕст дзыхӕй хӕстӕг кӕнынц ӕмӕ мӕ ӕрмӕст дзыхӕй кадджын кӕнынц+, сӕ зӕрдӕтӕ та мӕнӕй адард кодтой+. Уыдон адӕмы ӕрымысгӕ фӕдзӕхстытӕ базыдтой, ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уый у Хуыцауӕй тӕрсын+. 14 Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕз ацы адӕмӕн ногӕй ахӕм ми бакӕндзынӕн+, ӕмӕ уыдзӕн диссаг, уый уыдзӕн ӕнахуыр цыдӕр, стыр диссаг. Ӕмӕ сӕ зондджынтӕн сӕ зонд фесӕфдзӕн, се ’мбаргӕ лӕгтӕн се ’мбаргӕдзинад фӕцыдӕр уыдзӕн»+.
15 Додой сӕ къона, Йегъовӕйӕ йӕ фӕнд бамбӕхсыны тыххӕй арф кӕдӕмдӕр чи ныххизы+, йӕ хъуыддӕгтӕ талынг ран чи кӕны+ ӕмӕ афтӕ чи дзуры: «Чи нӕ уыны? Цы аразӕм, уый чи зоны?»+ 16 Мӕнӕ куыд сӕфт стут! Ау, дурынгӕнӕг ӕмӕ ӕлыг иу сты?+ Дзаума йе скӕнӕджы тыххӕй афтӕ зӕгъдзӕн, уый мӕ не скодта, зӕгъгӕ?+ Дзаума, кӕй къухтӕ йӕ скодтой, уымӕй афтӕ зӕгъдзӕн, ницы ’мбары, зӕгъгӕ?+
17 Иу гыццыл йеддӕмӕ ма хъӕуы, цӕмӕй Ливан дыргъдон феста+, дыргъдон та хъӕдыл нымад ӕрцӕуа?+ 18 Уыцы бон къуырматӕ уыцы чиныджы ныхӕстӕ фехъусдзысты+, куырмытӕ талынджы, саудалынджы уацарӕй ссӕрибар уыдзысты ӕмӕ цӕстӕй ракӕсдзысты+. 19 Ӕмӕ сабыр+ адӕм ноджы тынгдӕр цин кӕндзысты Йегъовӕйыл, мӕгуыр адӕмӕн Израилы Сыгъдӕг Хуыцау уыдзӕн сӕ цин+, 20 уымӕн ӕмӕ ӕгъатыр адӕймагӕн ӕрцӕудзӕн кӕрон+, хиппӕлой чи у, уый фесӕфдзӕн+ ӕмӕ, иннӕтӕн исты фыдбылыз ракӕнынмӕ гӕппӕввонгӕй чи лӕууы+, уыдонӕй иу дӕр нал баззайдзӕн,– 21 уыдон адӕймагӕн йӕ ныхӕстӕ йӕхи ныхмӕ фӕкӕнынц ӕмӕ дзы фыдгӕнӕг саразынц+, горӕты кулдуары раз уайдзӕф чи кӕны+, уымӕн дӕр къӕппӕг ӕвӕрынц ӕмӕ мӕнг ныхӕстӕй раст адӕймаджы иуварс ассонынц+.
22 Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ, Авраамы чи балхӕдта+, уыцы Хуыцау, афтӕ зӕгъы Иаковы хӕдзарвӕндагӕн: «Ныр Иаков нал фефсӕрмы уыдзӕн, йӕ цӕсгом-иу нал ныффӕлурс уыдзӕн+. 23 Йӕ алыварс йӕ сывӕллӕтты куы фена, мӕ къухтӕ кӕй скодтой, уыдоны+, уӕд мын уыдон мӕ ном кадджын кӕндзысты+, Иаковы Сыгъдӕг Хуыцауы кадджын кӕндзысты+ ӕмӕ Израилы Хуыцауы нымайдзысты+. 24 Ӕмӕ, раст зондыл хӕст чи нӕу, уыдон суыдзысты ӕмбаргӕ, хъуыр-хъуыр чи кӕны, уыдонӕн дӕр зонд бацамондзысты»+.