Иов
38 Уӕд Йегъовӕ Иовмӕ тыхдымгӕйы+ астӕуӕй дзурын райдыдта ӕмӕ йын загъта:
2 «Уый мын чи зыгъуыммӕ кӕны мӕ фӕнд
Ӕнӕмбаргӕ ныхӕстӕй?+
5 Цӕйас хъуамӕ уыдаид, уый чи сбӕрӕг кодта? Зоныс ӕй?
Кӕнӕ йыл барӕн бӕндӕн чи айвӕзта?
6 Йӕ бындуртӕ цӕуыл фидаргонд сты+
Ӕмӕ йын йӕ фисыны дур чи сӕвӕрдта,
7 Сӕууон стъалытӕ+ иумӕ фырцинӕй куы зарыдысты,
Хуыцауы фырттӕ+ иууылдӕр фырцинӕй куы хъӕр кодтой, уӕд?
8 Денджызӕн йӕ фӕндагыл дуӕрттӕ чи сӕвӕрдта?+
Уый ӕддӕмӕ бырста, сывӕллон мады хуылфӕй ӕддӕмӕ куыд бырса, афтӕ.
9 Ӕз ыл мигътӕ скодтон,
Саудалынджы йӕ батыхтон.
10 Закъӕттӕ йын сфидар кодтон,
Дуарӕхгӕнӕн ын скодтон ӕмӕ йын дуӕрттӕ сӕвӕрдтон+
11 Ӕмӕ йын загътон: „Айонг дӕ бон у ӕрбацӕуын, фӕлӕ амӕй дарддӕр нӕ+.
Ам ис арӕн дӕ хъал уылӕнтӕн“+.
12 Цӕрӕнбонты райсомы рухсӕн искуы бардзырд раттай?+
Искуы сӕуӕхсидӕн йӕ бынат бацамыдтай,
13 Цӕмӕй зӕххӕн йӕ кӕрӕттыл схӕца
Ӕмӕ йыл цы фыдгӕнджытӕ ис, уыдоны ӕрцӕгъда?+
14 Ӕлыг мыхуыры бын куыд фӕивы+, афтӕ зӕхх фӕивы,
Ӕмӕ алцыдӕр йӕ бынаты слӕууы, раст цыма сӕхиуыл сӕ дарӕс ӕрбакӕнынц, афтӕ.
19 Кӕм ис, рухсы цӕрӕнбынатмӕ чи цӕуы, уыцы фӕндаг?+
Кӕм ис йӕ бынат талынгӕн?
20 Дӕ бон сӕ у сӕ арӕнтӕм фӕхӕццӕ кӕнын,
Дӕ бон у, сӕ хӕдзӕрттӕм цы фӕндаг цӕуы, уый базонын?
21 Мыййаг сӕ уый тыххӕй зоныс, ӕмӕ уӕд райгуырдтӕ+
Ӕмӕ дӕ царды бонтӕ бирӕ сты?
22 Искуы бацыдтӕ, миты ӕвӕрӕнтӕ кӕм сты, уырдӕм?+
Дӕ бон у ихы ӕвӕрӕнтӕ фенын?+
23 Уыдон ӕз дарын бӕллӕхы бонмӕ,
Тох ӕмӕ хӕсты бонмӕ+.
25 Донӕн фӕд чи акодта,
Чи скодта фӕндаг тӕрккъӕвдайы мигътӕн ӕмӕ арвнӕрдӕн+,
26 Цӕмӕй къӕвда ныууара, адӕймагӕн йӕ кой дӕр кӕм нӕй, уыцы зӕххыл+,
Зӕххон лӕг кӕм нӕ цӕры, уыцы ӕдзӕрӕг быдырыл,
27 Цӕмӕй донӕй бафсада, тыхдымгӕ кӕм рацыд ӕмӕ кӕм ницыуал баззад, уыцы бынӕттӕ
Ӕмӕ дзы кӕрдӕг сзайын кӕна?+
29 Их кӕй хуылфӕй рацӕуы
Ӕмӕ ӕрвон халасӕн+ чи ратты цард?
30 Дӕттӕ нал фӕзынынц, цыма дуры бын фӕвӕййынц, афтӕ,
Арф дӕттӕн сӕ цъар ныхъхъӕбӕр вӕййы+.
34 Дӕ бон у мигътӕм фӕхъӕр кӕнын,
Цӕмӕй уыйбӕрц дон ныууара, ӕмӕ дӕ ивылд дӕттӕ сӕ быны фӕкӕной?+
35 Дӕ бон у арвӕрттывдтытӕ искуыдӕм арвитын, цӕмӕй сӕ куыст бакӕнынмӕ ацӕуой
Ӕмӕ дӕм уый фӕстӕ ӕрбаздӕхой ӕмӕ зӕгъой, мӕнӕ стӕм, зӕгъгӕ?
37 Кӕмӕ ис уыйбӕрц зонд, цӕмӕй мигътӕ банымайа?
Кӕнӕ кӕй бон у, арвыл цы доны дурынтӕ ис, уыдон ӕркъул кӕнын?+
38 Уӕд рыг лӕхъир цъыф фесты
Ӕмӕ сыджыты къуыбӕрттӕ кӕрӕдзийыл баныхӕсынц.