Йереми
23 «Додой сӕ къона уыцы фыййӕуттӕн, мӕ фысты мын чи цӕгъды ӕмӕ сӕ алырдӕмты чи ныххӕлиу кӕны!»+ – зӕгъы Йегъовӕ.
2 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ, йӕ адӕмы йын чи хизы, уыцы фыййӕуттӕн: «Сымах мын мӕ фысты алырдӕмты ныххӕлиу кодтат, ныппырх сӕ кодтат ӕмӕ сӕм нӕ кӕсут»+.
«Ӕз уӕм уе ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй ӕркӕсдзынӕн»+,– зӕгъы Йегъовӕ.
3 «Мӕ фыстӕй ма чи баззад, уыдоны ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, цы бӕстӕтыл сӕ ныппырх кодтон+, ӕппӕт уыцы бӕстӕтӕй ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ сӕ хизӕнтӕм ӕрбакӕндзынӕн+, ӕмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕндзысты ӕмӕ сбирӕ уыдзысты+. 4 Ӕз сын сӕ сӕргъы сӕвӕрдзынӕн фыййӕуттӕ, ӕмӕ сӕ уыдон хиздзысты+. Ӕмӕ мӕ фыстӕ ницӕмӕйуал тӕрсдзысты, сӕ зӕрдӕты сын тас ницыуал уадздзӕн+, ӕмӕ дзы иу дӕр нал фӕхъӕудзӕн»,– зӕгъы Йегъовӕ.
5 «Ӕрхӕццӕ кӕнынц уыцы бонтӕ,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ ӕз Давидӕн ратдзынӕн рӕстаг бындар*+. Уый уыдзӕн паддзах+ ӕмӕ ацы зӕххыл архайдзӕн ӕмбаргӕйӕ, архайдзӕн рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ ӕмӕ раст тӕрхонмӕ гӕсгӕ+. 6 Йӕ рӕстӕджы Иудӕ фервӕздзӕн+ ӕмӕ Израил цӕрдзӕн ӕдасӕй+. Ӕмӕ мӕнӕ, цы номӕй йӕ хондзысты, уый: Йегъовӕ у нӕ рӕстдзинад»+.
7 «Уымӕ гӕсгӕ, ӕрхӕццӕ кӕнынц ахӕм бонтӕ,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ афтӕ нал дзурдзысты, зӕгъгӕ, сомы кӕнын удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ, Израилы фыртты Египеты зӕххӕй чи ракодта, уымӕй+. 8 Фӕлӕ дзурдзысты афтӕ: „Сомы кӕнын удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ, Израилы байзӕддӕгты цӕгатаг зӕххӕй чи ’ркодта, цы бӕстӕтыл сӕ ныххӕлиу кодта, ӕппӕт уыцы бӕстӕтӕй сӕ фӕстӕмӕ чи ӕрбакодта, уымӕй!“ – ӕмӕ сӕхи зӕххыл цӕрдзысты»+.
9 Пехуымпарты тыххӕй мӕ зӕрдӕ мӕ мидӕг амард. Ме стджытӕ иууылдӕр зыр-зыр кӕнынц. Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ табуйаг ныхӕсты тыххӕй сдӕн расыджы хуызӕн+, сӕнӕй чи срасыг, ахӕм лӕджы хуызӕн. 10 Зӕхх байдзаг+ хӕтаг адӕмӕй+. Зӕхх, ӕлгъыст кӕй у, уый тыххӕй хъыг кӕны+, ӕдзӕрӕг быдыры хизӕнтӕ бахус сты+. Уыдон кӕнынц фыдхъуыддӕгтӕ, сӕ тыхӕй раст нӕ пайда кӕнынц.
11 «Пехуымпар дӕр ӕмӕ сауджын дӕр фӕчъизи сты+. Се ’взӕрдзинӕдтӕ сын уынын мӕ хӕдзары дӕр+,– зӕгъы Йегъовӕ.– 12 Уымӕ гӕсгӕ сӕ фӕндаг уыдзӕн, талынджы бырынцъаг бынӕттӕ куыд уой, афтӕ+. Уыцы фӕндӕгтӕм сӕ раппардзысты, ӕмӕ сыл ахаудзысты»+.
«Ӕз сыл ӕруадздзынӕн бӕллӕх, сӕ хъуыддӕгтӕм сын куы ’ркӕсон, уыцы аз+,– зӕгъы Йегъовӕ.– 13 Ӕз уынын, Самарийы+ пехуымпартӕ дӕр кӕй кӕнынц, чи не ’мбӕлы, ахӕм митӕ. Уыдон сӕхи дарынц Ваалы пехуымпартау+ ӕмӕ сӕ аххосӕй мӕ адӕм, Израил, рахау-бахау кӕнынц+. 14 Ӕз уынын, Иерусалимы пехуымпартӕ дӕр кӕй кӕнынц ӕвирхъау хъуыддӕгтӕ+: хӕтынц+, мӕнг ныхӕстӕ кӕнынц+ ӕмӕ фыдгӕнджыты къухтӕ фидар кӕнынц, цӕмӕй дзы иу дӕр йӕ фыдхъуыддӕгтӕ ма ныууадза+. Иууылдӕр мын систы Содомы+ хуызӕн, йӕ цӕрджытӕ – Гоморрӕйы хуызӕн»+.
15 Уымӕ гӕсгӕ ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ пехуымпарты тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Ӕз сын хӕрын кӕндзынӕн скъӕлдзой ӕмӕ сын дардзынӕн маргӕйдзаг дон+, уымӕн ӕмӕ Иерусалимы пехуымпарты аххосӕй, Хуыцауы чи ныууагъта+, уыдон сбирӕ сты ацы зӕххыл алы ран дӕр».
16 Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: «Чи пехуымпариуӕг кӕны, уыцы пехуымпарты ныхӕстӕм ма хъусут+. Уыдоны тыххӕй суыдзыстут ницӕйаг+. Цы цӕстылуайӕнтӕ уын дзурынц, уыдон дзурынц сӕхи зондӕй+ – Йегъовӕ сын сӕ нӕ дзуры+. 17 Мӕн чи ницӕмӕ дары, уыдонӕн ӕдзух дзурынц: „Йегъовӕ афтӕ загъта: „Сымах уыдзыстут фарнӕй хайджын“+. Йӕ хивӕнд зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы+, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр дзурынц: „Ницы бӕллӕх уыл ӕрцӕудзӕн“+. 18 Йегъовӕмӕ афтӕ ӕввахс+ чи уыд, цӕмӕй йын йӕ ныхас фехъуыстаид ӕмӕ йӕ бамбӕрстаид?+ Йӕ ныхасмӕ йын йӕ хъус чи ӕрдардта, цӕмӕй йӕ фехъуыстаид?+ 19 Йегъовӕйӕ рацӕудзӕн тыхдымгӕ, йӕ фыдӕх, зилгӕ дымгӕ+, ӕмӕ фыдгӕнджытыл йӕхи ныццӕвдзӕн+. 20 Йегъовӕйы маст не ’рсабыр уыдзӕн, цалынмӕ, йӕ зӕрды цы ис, уый нӕ сараза+, цалынмӕ йӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ нӕ сӕххӕст кӕна, уӕдмӕ+. Фӕстаг бонты сымах уый хорз бамбардзыстут+.
21 Ӕз пехуымпарты не ’рвыстон, фӕлӕ-иу уыдон фӕцӕйзгъордтой. Ӕз сын ницы дзырдтон, фӕлӕ уыдон пехуымпариуӕг кодтой+. 22 Мӕнмӕ ӕввахс куы уыдаиккой+, уӕд мын мӕ адӕмӕн дзырдтаиккой мӕ ныхӕстӕ ӕмӕ сӕ фӕрцы мӕ адӕм ныууагътаиккой се ’взӕр фӕндаг ӕмӕ се ’взӕр хъуыддӕгтӕ»+.
23 «Ӕз уынын, хӕстӕг цы хабӕрттӕ цӕуы, ӕрмӕст уыдон нӕ, фӕлӕ, дард цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон дӕр»+,– зӕгъы Йегъовӕ.
24 «Исчи ахӕм сусӕг ран бамбӕхсдзӕн, ӕмӕ йӕ ӕз ма фенон?»+ – зӕгъы Йегъовӕ.
«Арвыл ӕмӕ зӕххыл ахӕмӕй исты ис, ӕмӕ йӕ ӕз ма уынон?+ – зӕгъы Йегъовӕ. 25 Ӕз хъусын, мӕ номӕй мӕнг ныхӕстӕ чи кӕны, уыцы пехуымпартӕ+ куыд дзурынц: „Ӕз мӕ фыны федтон! Ӕз мӕ фыны федтон!“+ 26 Мӕнг ныхӕстӕ чи кӕны ӕмӕ йӕ хинӕйдзаг зӕрдӕйы фӕндтӕ чи дзуры, уыцы пехуымпарты зӕрдӕты уый кӕдмӕ уыдзӕн?+ 27 Уыдон хъуыды кӕнынц, кӕрӕдзийӕн кӕй фӕдзурынц, уыцы фынты фӕрцы мӕ адӕмӕн мӕ ном куыд ферох кӕнын кӕной, ууыл+, сӕ фыдӕлтӕ мӕ ном Ваалы тыххӕй куыд ферох кодтой, афтӕ+. 28 Пехуымпар фын куы фена, уӕд йӕ фын радзурӕд, мӕ ныхас кӕмӕ ис, уый та мӕ ныхас дзурӕд, куыддӕриддӕр у, афтӕ»+.
«Хъӕмпӕн хоримӕ иумӕйагӕй цы ис?»+ – зӕгъы Йегъовӕ.
29 «Мӕ ныхас арты хуызӕн нӕу?+ – зӕгъы Йегъовӕ.– Къӕдзӕх чи ныппырх кӕны, ахӕм дзӕбуджы хуызӕн нӕу?»+
30 «Уымӕ гӕсгӕ ӕз рацӕудзынӕн, иннӕтӕй мӕ ныхӕстӕ чи давы+, уыцы пехуымпарты ныхмӕ»+,– зӕгъы Йегъовӕ.
31 «Ӕз рацӕудзынӕн, йӕхи ныхӕстӕ чи кӕны, афтӕ чи дзуры, Хуыцау афтӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, уыцы пехуымпарты ныхмӕ»+,– зӕгъы Йегъовӕ.
32 «Ӕз рацӕудзынӕн, мӕнг фынтӕ чи дзуры, уыцы пехуымпарты ныхмӕ. Уыдон сӕ фынтӕ дзурынц, ӕмӕ адӕм сӕ мӕнгдзинады тыххӕй+ ӕмӕ, сӕхицӕй кӕй ӕппӕлынц+, уый тыххӕй рахау-бахау кӕнынц»,– зӕгъы Йегъовӕ.
«Фӕлӕ сӕ ӕз нӕ арвыстон ӕмӕ сын ницы бафӕдзӕхстон. Ӕмӕ уыдон ацы адӕмӕн хорзӕй ницы ӕрхӕсдзысты»+,– зӕгъы Йегъовӕ.
33 «Ацы адӕм дӕ куы бафӕрсой, кӕнӕ дӕ пехуымпар кӕнӕ сауджын куы бафӕрса, Йегъовӕйы уаргъ+ цы у, зӕгъгӕ, уӕд-иу сын афтӕ зӕгъ: „Сымах стут уаргъ!+ О цы уӕззау уаргъ стут! Ӕмӕ уӕ ӕз ныууадздзынӕн“+,– зӕгъы Йегъовӕ“. 34 Пехуымпартӕй, сауджынтӕй кӕнӕ адӕмӕй афтӕ чи дзуры, ай у Йегъовӕйы уаргъ, зӕгъгӕ, уыцы адӕймагӕн ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕн ӕз сӕ хъуыддӕгтӕм ӕркӕсдзынӕн+. 35 Иу уӕ иннӕмӕн ӕмӕ алчи йе ’фсымӕрӕн дзуры: „Цавӕр дзуапп радта Йегъовӕ? Цы загъта Йегъовӕ?“+ 36 Фӕлӕ Йегъовӕйы уаргъы+ кой мауал кӕнут+, уымӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр уаргъ свӕййы йӕхи ныхас+. Сымах ивут удӕгас Хуыцауы ныхӕстӕ+, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы, нӕ Хуыцауы ныхӕстӕ.
37 Афтӕ зӕгъ пехуымпарӕн: „Йегъовӕ дын цавӕр дзуапп радта? Йегъовӕ цы загъта?+ 38 Кӕд афтӕ дзурут, ай у Йегъовӕйы уаргъ, зӕгъгӕ, уӕд Йегъовӕ та зӕгъы: „Сымах дзурут, Йегъовӕйы ныхас уаргъ у, зӕгъгӕ“, кӕд ӕмӕ уӕм ӕз та арвыстон ӕмӕ уын загътон: „Ма дзурут, Йегъовӕйы уаргъ, зӕгъгӕ“. 39 Ӕмӕ уӕ уый тыххӕй ӕз ныууадздзынӕн+ ӕмӕ мӕ къух сисдзынӕн сымахыл дӕр ӕмӕ, сымахӕн ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы горӕтыл дӕр+. 40 Ӕз уӕ ӕнустӕм фӕхудинаг кӕндзынӕн, ӕмӕ ӕнустӕм уыдзыстут ӕгады бынаты, ӕмӕ уый никуы ферох уыдзӕн“»+.