1 Коринфӕгтӕм
2 Ӕмӕ ӕз сымахмӕ куы ’рцыдтӕн, ме ’фсымӕртӕ, уӕд уӕм уый тыххӕй не ’рцыдтӕн, цӕмӕй, Хуыцауы сусӕгдзинад хъусынгӕнгӕйӕ+, сымах мӕ ныхӕстӕ ӕмӕ мӕ зондӕй дисы бафтауон+. 2 Ӕз мӕхицӕн загътон, Йесо Чырыстийы йеддӕмӕ уын ӕндӕр кӕй ницӕй кой кӕндзынӕн+, ӕмӕ уымӕй дӕр, хъӕдыл ӕй кӕй байтыгътой, уый кой. 3 Куы уӕм ӕрцыдтӕн, уӕд уыдтӕн лӕмӕгъ, тарстӕн ӕмӕ мӕхицӕн ӕнцой нӕ ардтон+. 4 Ӕмӕ уемӕ куы дзырдтон, куы уын хъусын кодтон, уӕд уын рӕсугъд ӕмӕ зондджын ныхӕстӕ нӕ кодтон, фӕлӕ мӕ ныхӕсты зынди Хуыцауы сыгъдӕг тыхы* хъару+, 5 цӕмӕй уӕ уырнындзинады бындур адӕймаджы зонд+ ма уа, фӕлӕ Хуыцауы тых+.
6 Зонды кой та кӕнӕм, уырнындзинады фӕлтӕрд чи у, уыдоны ’хсӕн+. Ӕрмӕст уый ацы цардӕвӕрды зонд нӕу+, стӕй ацы цардӕвӕрды хицӕутты+, чи нал уыдзӕн+, уыцы хицӕутты зонд дӕр нӕу. 7 Мах кӕнӕм, Хуыцау сусӕгдзинады+ кӕй равдыста, йӕ уыцы ӕмбӕхст зонды кой. Хуыцау йӕ фӕнд сбӕлвырд кодта цардӕвӕрдты размӕ+ мах скадджын кӕнынӕн. 8 Уыцы зонд ацы цардӕвӕрды хицӕуттӕй+ ничи базыдта+, уымӕн ӕмӕ йӕ куы базыдтаиккой, уӕд нӕ кадджын Хицауы хъӕдыл нӕ байтыгътаиккой+. 9 Фӕлӕ фыст дӕр афтӕ у: «Хуыцау, чи йӕ уарзы, уыдонӕн цы ’рцӕттӕ кодта, уый цӕст дӕр нӕ федта ӕмӕ хъус дӕр нӕ фехъуыста, ӕмӕ йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр никӕмӕн ӕрцыд»+. 10 Уыцы хабӕрттӕ Хуыцау махӕн раргом кодта+ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы+, уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг тых+ алцыдӕр иртасы, суанг Хуыцауы арф+ зонд дӕр.
11 Адӕймаджы мидӕг цы ис, уый адӕмӕй чи зоны, адӕймагӕн йӕхи уд*+ йеддӕмӕ? Афтӕ, Хуыцауы мидӕг цы ис, уый дӕр Хуыцауӕн йӕ сыгъдӕг тых+ йеддӕмӕ ничи базыдта. 12 Ӕмӕ мах та ацы дунейы зондӕй*+ не схайджын стӕм, фӕлӕ, Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы сыгъдӕг тыхӕй+, цӕмӕй ӕмбарӕм, Хуыцау нын цӕстуарзонӕй цы радта, уыдӕттӕ+. 13 Ӕмӕ уын дзургӕ дӕр уыдӕтты тыххӕй кӕнӕм, ӕрмӕст, адӕймаджы зонды+ фӕрцы кӕй базыдтам, ахӕм зондджын ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ, сыгъдӕг тыхы+ фӕрцы кӕй базыдтам, ахӕм ныхӕстӕй – Хуыцауимӕ баст хъуыддӕгтӕ ӕмбарын кӕнӕм, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй чи цӕуы, ахӕм ныхӕстӕй+.
14 Фӕлӕ, йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, ахӕм адӕймагӕн йӕ бон нӕу, ӕмӕ, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй цы цӕуы, уыдӕттыл сразы уа, уымӕн ӕмӕ сӕ ӕнӕзонддзинадыл нымайы. Ӕмӕ сӕ йӕ бон нӕу бамбарын дӕр+, уымӕн ӕмӕ цӕмӕй адӕймаг уыцы хъуыддӕгтӕ раиртаса, уый тыххӕй хъуамӕ хайджын уа Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй. 15 Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ чи архайы+, уыцы адӕймагӕн та йӕ бон у алцыдӕр раиртасын. Фӕлӕ, йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, уымӕн йӕ бон нӕу, уыцы адӕймаг цавӕр адӕймаг у, уый раиртасын+. 16 Сыгъдӕг Фыстад афтӕ зӕгъы: «Чи базыдта Йегъовӕйы хъуыдытӕ+, цӕмӕй йын зонд амона?»+ Мах та хъуыды кӕнӕм, Чырысти куыд хъуыды кӕны, афтӕ+.