Исай
14 Йегъовӕ Иаковмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисдзӕн+ ӕмӕ та ногӕй Израилы равзардзӕн+. Уый сын сӕ зӕххыл ратдзӕн ӕнцойдзинад+, ӕмӕ сӕм ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕрбаиу уыдзысты, баиу уыдзысты Иаковы хӕдзарвӕндагимӕ+. 2 Адӕмтӕ сӕ фӕстӕмӕ сӕхи бӕстӕмӕ ӕркӕндзысты. Израилы адӕм уыцы адӕмты Йегъовӕйы зӕххыл сӕхи бакӕндзысты, ӕмӕ сын уыдон уыдзысты лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгтӕ+. Сӕхӕдӕг уацары кӕмӕ уыдысты+, уыдон уыдзысты сӕ уацайрӕгтӕ, цӕстдарджытӕ сын чи уыди, уыдон уыдзысты сӕ дӕлбар+.
3 Йегъовӕ дын ӕнцойдзинад цы бон ратта, дӕ рыстӕй, дӕ мӕстытӕй ӕмӕ дыл цы уӕззау цагъары ӕфсондз сӕвӕрдтой, уымӕй дӕ цы бон фервӕзын кӕна+, 4 уыцы бон-иу Вавилоны паддзахы тыххӕй ракӕн ахӕм ӕмбисонд:
«Мӕнӕ диссаг, цӕстдарӕг тыхкуыст кӕнын никӕйуал кӕны! Никӕйуал ссӕнды!+ 5 Йегъовӕ асаста фыдгӕнджыты лӕдзӕг, хицӕутты хъил+, 6 фесӕфта, мӕстӕй цӕхӕртӕ калгӕйӕ-иу адӕмтыл йӕхи чи ныццавта+, мӕстӕй судзгӕйӕ адӕмты йӕ дӕлбар чи кодта, ӕгъатырӕй сӕ чи ӕфхӕрдта, уый+. 7 Ӕгас зӕхх дӕр сулӕфыд+, ӕрсабыр. Адӕм цин кӕнынц, фырцинӕй хъӕр кӕнынц+. 8 Цы дыл ӕрцыд, уый фенгӕйӕ ӕхсӕлыбӕлӕстӕ+ ӕмӕ Ливаны кедртӕ сцин кодтой ӕмӕ загътой: „Де сӕфт цы бон ӕрцыд, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ нӕм хъӕддзау нал ӕрбацыд“+.
9 Дӕу фенгӕйӕ суанг ингӕн*+ дӕр зӕххы бын базмӕлыд, цӕмӕй, куы ’рбацӕйхизай, уӕд дӕ размӕ рацӕуа. Уый дӕу тыххӕй райхъал кодта мӕрдты+, сӕгъы хуызӕн хивӕнд зӕххон хицӕутты се ’ппӕты дӕр+. Адӕмты паддзӕхты се ’ппӕты дӕр сӕ паддзахбадӕнтӕй сыстын кодта+. 10 Иууылдӕр дын дзурынц: „Дӕумӕ дӕр махау хъару нал и, ӕви?+ Ды дӕр мах хуызӕн сдӕ?+ 11 Дӕ сӕрбӕрзонддзинад ӕмӕ дӕ хъисфӕндырты цагъд ингӕнмӕ* ӕппӕрст ӕрцыдысты+. Къуыдыркӕлмытӕ дын уыдзысты хуыссӕны бӕсты, уаллӕттӕ – ӕмбӕрзӕны бӕсты“+.
12 Мӕнӕ куыд ӕрхаудтӕ уӕларвӕй+, ӕрттиваг стъалы, сӕуӕхсиды фырт! Мӕнӕ дӕ куыд ӕрӕппӕрстой зӕхмӕ+ – дӕу, адӕмтӕн-иу сӕ тых чи басаста, уый!+ 13 Ды дӕхицӕн дзырдтай: „Ӕз ссӕудзынӕн уӕларвмӕ+. Мӕ паддзахбадӕн+ Хуыцауы стъалытӕй+ уӕлдӕр сӕвӕрдзынӕн ӕмӕ ӕрбаддзынӕн ӕмбырды хохыл+, цӕгаты кӕрӕтты+. 14 Ссӕудзынӕн мигътӕй дӕр уӕлдӕр+ ӕмӕ Иунӕг Стыр Хуыцауы хуызӕн суыдзынӕн“+.
15 Фӕлӕ ды ингӕнмӕ*, дзыхъхъы арфдӕр къуымтӕм+, ӕппӕрст ӕрцӕудзынӕ+. 16 Чи дӕ фена, уыдон дӕм ӕдзынӕг кӕсдзысты, ракӕс-бакӕс дӕм кӕндзысты ӕмӕ дзурдзысты: „Ай мӕнӕ, зӕхх-иу чи базмӕлын кодта, паддзахӕдтӕ-иу чи банкъуысын кодта+, 17 зӕхх-иу ӕдзӕрӕг бӕстӕ чи фестын кодта, йӕ горӕттӕ-иу ын чи ныппырх кодта+, йӕ уацайрӕгты-иу сӕхимӕ чи нӕ уагъта, уый нӕу?“+ 18 Иннӕ адӕмты паддзӕхты се ’ппӕты дӕр кадимӕ бавӕрдтой, алкӕй дӕр йӕхи ингӕны+. 19 Дӕу та ныгӕнгӕ дӕр нӕ бакодтой+, ницӕйаг тауы хуызӕн дӕ аппӕрстой, хъамайӕ чи фӕмард, дзыхъхъы, дуртыл, кӕй ныккалдтой, уыцы мӕрдты бын фӕдӕ+. Ды дӕ, къӕхты бын кӕй ныккодтой, ахӕм марды хуызӕн+. 20 Дӕу паддзӕхтимӕ нӕ бавӕрдзысты, уымӕн ӕмӕ ды дӕ зӕхх бабын кодтай, дӕ адӕмы ныццагътай. Фыдгӕнджыты байзӕддӕгтӕн сӕ кой ӕнустӕм дӕр нал уыдзӕн+.
21 Йӕ фырттӕн ын бынат ӕрцӕттӕ кӕнут, сӕ фыдӕлты тӕригъӕдты тыххӕй сӕ мӕлӕт кӕм ссардзысты, ахӕм бынат+, цӕмӕй мауал сыстой ӕмӕ уыцы зӕхх ма бацахсой ӕмӕ зӕххы цъар горӕттӕй ма байдзаг кӕной»+.
22 «Ӕз рацӕудзынӕн сӕ ныхмӕ»+,– зӕгъы Йегъовӕ.
«Ӕз фесафдзынӕн Вавилонӕн йӕ ном+ ӕмӕ ма дзы чи баззайа, уыдоны, йӕ байзӕддӕгты ӕмӕ йӕ цоты»+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ.
23 «Скӕндзынӕн дзы уызынты* цӕрӕнбынат, иууылдӕр ӕй цадтӕ фестын кӕндзынӕн, амӕрздзынӕн ӕй бындзагъдгӕнӕн уисойӕ»+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ.
24 Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ расомы кодта+: «Куыддӕриддӕр сфӕнд кодтон, афтӕ уыдзӕн. Куыддӕриддӕр аскъуыддзаг кодтон, афтӕ рауайдзӕн+. 25 Мӕ зӕххыл ассириаджы ныппырх кӕндзынӕн+, мӕ хӕхтыл ӕй ныссӕнддзынӕн+, цӕмӕй йе ’фсондз ахауа мӕ адӕмы бӕрзӕйӕ ӕмӕ йӕ уаргъ – се ’ккойӕ»+.
26 Ацы уынаффӕ хаст у ӕнӕхъӕн зӕххы тыххӕй дӕр, йӕ къух ист у ӕппӕт адӕмтӕм дӕр. 27 Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ йӕхӕдӕг уынаффӕ рахаста+, ӕмӕ йӕ чи аивдзӕн?+ Йӕ къух систа, ӕмӕ йын ӕй чи аиуварс кӕндзӕн?+
28 Паддзах Ахаз куы амард+, уыцы аз хъуыстгонд ӕрцыд ахӕм ныхас: 29 «Филисти+ ӕмӕ дӕ адӕм иууылдӕр, ма цин кӕнут+, чи дӕ цавта, уымӕн йӕ хъил саст кӕй ӕрцыд, ууыл+. Уымӕн ӕмӕ калмы уидагӕй+ рацӕудзӕн маргджын калм+, йӕ дыргъ уыдзӕн, йӕ марг чи уадзы, йӕхи ӕваст чи ныццӕвы, ахӕм калм+. 30 Хуымӕтӕг адӕмы фыццаггуырдтӕ хиздзысты сӕрвӕтты ӕмӕ мӕгуыртӕ ӕдасӕй хуысдзысты+. Ӕз дын дӕ уидаг ӕххормагӕй амардзынӕн, ӕмӕ ма дӕ чи баззайа, уыдон фӕцагъды уыдзысты+. 31 Ӕрдиаг кӕн, кулдуар! Хъӕр кӕн, горӕт! Уе ’ппӕтӕн дӕр уӕ ныфс асӕтдзӕн, Филисти! Уымӕн ӕмӕ цӕгатырдыгӕй фӕздӕг ӕрбацӕуы, знагӕн йе ’фсады рӕнхъытӕй иу ӕфсӕддон дӕр фӕстейӕ нӕ аззайы»+.
32 Адӕмты минӕвӕрттӕн цы дзуапп ратдзысты?+ Зӕгъдзысты сын, Йегъовӕ Сионӕн бындур кӕй ӕрӕвӕрдта+. Ӕмӕ, йӕ адӕмӕй ӕфхӕрд чи у, уыдонӕн уый уыдзӕн се ’мбӕхсӕн.