Нееми
7 Куыддӕр къул арӕзт фӕци+, афтӕ йын йӕ дуӕрттӕ сӕвӕрдтон+. Стӕй дуаргӕстӕ+, зарӕггӕнджытӕ+ ӕмӕ левиттӕ+ дӕр ӕвӕрд ӕрцыдысты. 2 Ме ’фсымӕр Ананийы+ ӕмӕ Галуаны+ хицау Ананийӕйы Иерусалимы сӕргъы сӕвӕрдтон, уымӕн ӕмӕ Ананийӕ тынг ӕууӕнкджын+ адӕймаг уыд ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕй бирӕтӕй тынгдӕр тарст+. 3 Ӕмӕ сын ӕз загътон: «Цалынмӕ хур не ’рӕндава, уӕдмӕ-иу Иерусалимы кулдуӕрттӕ+ ма бакӕнут. Ӕхгӕд та-иу хъуамӕ ӕрцӕуой, цалынмӕ дуаргӕстӕ уым лӕууой, уӕдмӕ+. Стӕй ма Иерусалимы цӕрджытӕй дӕр хъӕуы хъахъхъӕнджытӕ сӕвӕрын, сӕ иуты – хъахъхъӕнӕн бынӕтты, иннӕты та – сӕ хӕдзӕртты раз»+. 4 Фӕлӕ горӕт стыр ӕмӕ уӕрӕх уыд, адӕм та дзы гыццыл уыд+. Стӕй хӕдзӕрттӕ дӕр арӕзт нӕма уыдысты.
5 Гъемӕ мын мӕ Хуыцау мӕ зӕрдӕйы+ ахӕм хъуыды сӕвӕрдта, цӕмӕй кадджын лӕгты, дӕлбар хицӕутты ӕмӕ адӕмы ӕрӕмбырд кодтаин, ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм+ гӕсгӕ фыст ӕрцыдаиккой. Уӕд ссардтон, фыццаг чи ’рцыд, уыдоны хӕдзарвӕндӕгтӕ фыст кӕм уыдысты, уыцы чиныг+ дӕр. Фыст дзы уыд:
6 «Мӕнӕ адон сты дӕлбар бӕстӕйы+ цӕрджытӕ, Вавилоны паддзах Навуходоносор+ уацары+ кӕй акодта ӕмӕ фӕстӕдӕр Иерусалиммӕ ӕмӕ Иудӕйы зӕхмӕ чи ӕрыздӕхт, уыдон. Алчидӕр сӕ ӕрыздӕхт йӕхи горӕтмӕ+. 7 Уыдон ӕрцыдысты Зоровавел+, Йесо+, Нееми, Азари, Раами, Нахмани, Мардохей+, Билшан, Мисфереф, Бигвай, Нехум ӕмӕ Ваанӕимӕ.
Израилы нӕлгоймӕгтӕ нымадӕй уыдысты: 8 Парошы+ фырттӕ – дыууӕ мин сӕдӕ ӕвдай дыууӕ, 9 Сафатийы+ фырттӕ – ӕртӕсӕдӕ ӕвдай дыууӕ, 10 Арахы+ фырттӕ – ӕхсӕзсӕдӕ фӕндзай дыууӕ, 11 Пахаф-Моавы+ фырттӕ, Йешуа ӕмӕ Иоавы+ фырттӕй,– дыууӕ мин астсӕдӕ ӕстдӕс, 12 Еламы+ фырттӕ – иу мин дыууӕсӕдӕ фӕндзай цыппар, 13 Заффуйы+ фырттӕ – астсӕдӕ цыппор фондз, 14 Закхайы+ фырттӕ – авдсӕдӕ ӕхсай, 15 Биннуйы+ фырттӕ – ӕхсӕзсӕдӕ цыппор аст, 16 Бевайы+ фырттӕ – ӕхсӕзсӕдӕ дыууын аст, 17 Азгады+ фырттӕ – дыууӕ мин ӕртӕсӕдӕ дыууын дыууӕ, 18 Адоникамы+ фырттӕ – ӕхсӕзсӕдӕ ӕхсай авд, 19 Бигвайы+ фырттӕ – дыууӕ мин ӕхсай авд, 20 Адины+ фырттӕ – ӕхсӕзсӕдӕ фӕндзай фондз, 21 Езекийы хӕдзарвӕндагӕй Атеры+ фырттӕ – нӕуӕдз аст, 22 Хашумы+ фырттӕ – ӕртӕсӕдӕ дыууын аст, 23 Бецайы+ фырттӕ – ӕртӕсӕдӕ дыууын цыппар, 24 Харифы+ фырттӕ – сӕдӕ дыууадӕс, 25 Гаваоны+ цӕрджытӕ – нӕуӕдз фондз, 26 Вифлеемы+ ӕмӕ Нетофӕйы+ цӕрджытӕ – сӕдӕ ӕстай аст, 27 Анафофы+ цӕрджытӕ – сӕдӕ дыууын аст, 28 Беф-Азмавефы+ цӕрджытӕ – цыппор дыууӕ, 29 Кириаф-Иаримы+, Кефирӕйы+ ӕмӕ Беерофы+ цӕрджытӕ – авдсӕдӕ цыппор ӕртӕ, 30 Рамӕйы+ ӕмӕ Гевӕйы+ цӕрджытӕ – ӕхсӕзсӕдӕ дыууын иу, 31 Михмасы+ цӕрджытӕ – сӕдӕ дыууын дыууӕ, 32 Вефилы+ ӕмӕ Гайы+ цӕрджытӕ – сӕдӕ дыууын ӕртӕ, 33 иннӕ Невойы+ цӕрджытӕ – фӕндзай дыууӕ, 34 иннӕ Еламы+ фырттӕ – иу мин дыууӕсӕдӕ фӕндзай цыппар, 35 Харимы+ фырттӕ – ӕртӕсӕдӕ дыууын, 36 Иерихоны+ цӕрджытӕ – ӕртӕсӕдӕ цыппор фондз, 37 Лоды+, Хадиды+ ӕмӕ Онойы+ цӕрджытӕ – авдсӕдӕ дыууын иу, 38 Сенайы+ фырттӕ – ӕртӕ мин фарастсӕдӕ ӕртын.
39 Сауджынтӕ: Йешуайы хӕдзарвӕндагӕй Йедайӕйы+ фырттӕ – фарастсӕдӕ ӕвдай ӕртӕ, 40 Иммеры+ фырттӕ – иу мин фӕндзай дыууӕ, 41 Пашхуры+ фырттӕ – иу мин дыууӕсӕдӕ цыппор авд, 42 Харимы+ фырттӕ – иу мин ӕвддӕс.
43 Левиттӕ: Годевӕйы+ фырттӕй Кадмиилы+ хӕдзарвӕндагӕй Йешуайы фырттӕ – ӕвдай цыппар. 44 Зарӕггӕнджытӕ+, Асафы+ фырттӕ,– сӕдӕ цыппор аст. 45 Дуаргӕстӕ+: Шаллумы+ фырттӕ, Атеры фырттӕ, Талмоны+ фырттӕ, Аккувы+ фырттӕ, Хатиты фырттӕ ӕмӕ Шовайы+ фырттӕ – сӕдӕ ӕртын аст.
46 Нефинейтӕ+: Цихӕйы фырттӕ, Хасуфы фырттӕ, Таббаофы+ фырттӕ, 47 Керосы фырттӕ, Сиайы фырттӕ, Фадоны+ фырттӕ, 48 Леванӕйы фырттӕ, Хагавӕйы+ фырттӕ, Салмайы фырттӕ, 49 Хананы+ фырттӕ, Гидделы фырттӕ, Гахары фырттӕ, 50 Реайӕйы+ фырттӕ, Рецины+ фырттӕ, Некоды фырттӕ, 51 Газзамы фырттӕ, Уззӕйы фырттӕ, Пасеахы фырттӕ, 52 Бесайы+ фырттӕ, меунимӕгты фырттӕ, Нефишсимы+ фырттӕ, 53 Бакбукы фырттӕ, Хакуфы фырттӕ, Хархуры+ фырттӕ, 54 Бацлифы фырттӕ, Мехидӕйы фырттӕ, Харшӕйы+ фырттӕ, 55 Баркосы фырттӕ, Сисарӕйы фырттӕ, Фамахы+ фырттӕ, 56 Нециахы фырттӕ ӕмӕ Хатифӕйы+ фырттӕ.
57 Соломоны+ лӕггадгӕнджыты фырттӕ: Сотайы фырттӕ, Соферефы фырттӕ, Феридӕйы+ фырттӕ, 58 Иаалы фырттӕ, Дарконы фырттӕ, Гидделы+ фырттӕ, 59 Сафатийы фырттӕ, Хаттилы фырттӕ, Похереф-Гаццеваимы фырттӕ ӕмӕ Амоны+ фырттӕ. 60 Нефинейтӕ+ ӕмӕ Соломоны лӕггадгӕнджыты фырттӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕртӕсӕдӕ нӕуӕдз дыууӕ адӕймаджы.
61 Тел-Мелахӕй, Тел-Харшийӕ, Херувӕй, Аддонӕй ӕмӕ Иммерӕй+ чи ӕрцыд ӕмӕ, кӕцы хӕдзарвӕндагӕй уыдысты, стӕй уӕвгӕ Израилӕй равзӕрдысты ӕви нӕ, уый бӕлвырдӕй зӕгъын йӕ бон кӕмӕн нӕ уыд, уыдон уыдысты: 62 Делайӕйы фырттӕ, Товийы фырттӕ, Некоды+ фырттӕ – ӕхсӕзсӕдӕ цыппор дыууӕ адӕймаджы. 63 Сауджынтӕй+: Ховайы фырттӕ, Гаккоцы+ фырттӕ ӕмӕ, галаадаг Верзелийы+ чызджытӕй иуы чи ракуырдта ӕмӕ сын сӕ ном чи райста, уыцы Верзелийы+ фырттӕ. 64 Кӕцы мыггагӕй равзӕрдысты, уый сбӕлвырд кӕнынӕн мыггӕгты равзӕрды чиныджы сӕ нӕмттӕ агуырдтой, фӕлӕ сӕ не ссардтой+, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ сыгъдӕг адӕймӕгтыл нӕ банымадтой ӕмӕ сӕ сауджынтӕй+ лӕггад кӕнын нӕ бауагътой. 65 Тиршафӕ*+ дӕр сын уый тыххӕй загъта, цалынмӕ сауджын урим+ ӕмӕ туммимимӕ+ нӕ рацӕуа, уӕдмӕ уӕлдай табуйаг кувинӕгтӕй хъуамӕ ма хӕрат+, зӕгъгӕ.
66 Ӕнӕхъӕн ӕмбырд, адӕм ӕдӕппӕтӕй, уыдысты цыппор дыууӕ мин ӕртӕсӕдӕ ӕхсай адӕймаджы+. 67 Уыдонӕй уӕлдай ма дзы уыд цагъар-нӕлгоймӕгтӕ+ ӕмӕ цагъар-сылгоймӕгтӕ – авд мин ӕртӕсӕдӕ ӕртын авд адӕймаджы+. Семӕ ма уыди дыууӕсӕдӕ цыппор фондз зарӕггӕнӕджы дӕр – нӕлгоймӕгтӕ+ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ+. 68 Бӕхтӕ сӕм уыд авдсӕдӕ ӕртын ӕхсӕз, хӕргӕфстӕ – дыууӕсӕдӕ цыппор фондз+, 69 теуатӕ – цыппарсӕдӕ ӕртын фондз ӕмӕ хӕрджытӕ+ та – ӕхсӕз мин авдсӕдӕ дыууын+.
70 Хӕдзарвӕндӕгты+ хистӕртӕй+ иуӕй-иутӕ ӕппӕт куыстытӕ бакӕнынӕн радтой мысайнӕгтӕ+. Тиршафӕ+ хӕзнадонмӕ радта иу мин сызгъӕрин драхмӕйы*, фӕндзай къусы, ӕмӕ фондзсӕдӕ ӕртын даргъ хӕдоны та сауджынтӕн+. 71 Хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕй чидӕртӕ та куыстытӕ бакӕнынӕн хӕзнадонмӕ радтой дыууын мин сызгъӕрин драхмӕйы ӕмӕ дыууӕ мин дыууӕсӕдӕ ӕвзист минӕйы*+. 72 Иннӕ адӕм та радтой дыууын мин сызгъӕрин драхмӕйы, дыууӕ мин ӕвзист минӕйы ӕмӕ ӕхсай авд даргъ хӕдоны сауджынтӕн.
73 Гъемӕ сауджынтӕ+, левиттӕ, дуаргӕстӕ, зарӕггӕнджытӕ+, адӕмӕй иуӕй-иутӕ, стӕй нефинейтӕ+ ӕмӕ Израилы адӕм се ’ппӕт дӕр сӕ горӕтты ӕрцардысты+. Ӕвдӕм мӕймӕ+ Израилы фырттӕ сӕхи горӕтты цӕрын райдыдтой+.