Ӕмбисӕндтӕ
23 Паддзахимӕ фынгыл куы бадай, уӕд лӕмбынӕг кӕс, дӕ разы цы ис, уымӕ+, 2 ӕмӕ кӕд дӕ уд ӕфсис нӕ зоны, уӕд дӕ хъуырыл кард сӕвӕр+. 3 Йӕ адджын хӕринӕгтӕм ын дӕ былыцъӕрттӕ ма хӕр, уымӕн ӕмӕ дӕ йӕ хӕринӕгтӕ фӕсайдзысты+.
4 Хъӕздыгдзинад скӕныны тыххӕй ма фыдӕбон кӕн+. Дӕхи зондӕй мауал у ныфсджын+. 5 Хъӕздыгдзинад куы ницы у, уӕд ӕм цы кӕсыс?+ Уый йӕхицӕн цӕргӕсы базыртӕ акӕндзӕн ӕмӕ арвы бӕрзӕндмӕ атӕхдзӕн+.
6 Чъынды адӕймагӕн йӕ фынгыл ма ӕрбад+ ӕмӕ йын йӕ адджын хӕринӕгтӕм дӕ былыцъӕрттӕ ма хӕр+. 7 Уый ахӕм адӕймаг у, ӕмӕ йын алцыдӕр нымад у+. Дзурдзӕн дын, ахӕр, ануаз, зӕгъгӕ, фӕлӕ дын йӕ зӕрдӕ та уый нӕ зӕгъы+. 8 Цы къӕбӕр бахордтай, уый фӕстӕмӕ скалдзынӕ, ӕмӕ дӕ дзӕбӕх ныхӕстӕ дӕр дзӕгъӕлы фӕуыдзысты+.
9 Ӕнӕзондӕн мацы дзур+, уымӕн ӕмӕ дын дӕ зондджын ныхӕстыл былысчъилтӕ кӕндзӕн+.
10 Зӕххӕн раджы заман цы арӕн скодтой, ууыл фалдӕр ма ахӕц+, ӕмӕ сидзӕрты* зӕхмӕ дӕ къах ма бавӕр+, 11 уымӕн ӕмӕ сӕ Ӕлхӕнӕг тыхджын у, ӕмӕ уый йӕхӕдӕг рахӕцдзӕн сӕ сӕрыл, хъаст дыл куы кӕной, уӕд+.
12 Дӕ зӕрдӕ сараз зондамындмӕ ӕмӕ дӕ хъус ӕрдар зонды ныхӕстӕм+.
13 Сывӕллоны ӕнӕбафхӕргӕ* ма ныууадз+. Уисӕй йӕ куы ныццӕвай, уӕд нӕ амӕлдзӕн. 14 Фӕнӕм ӕй уисӕй, цӕмӕй йын йӕ уд ингӕнӕй* фервӕзын кӕнай+.
15 Мӕ хъӕбул, дӕ зӕрдӕ зондджын куы суа+, уӕд цин кӕндзӕн мӕ зӕрдӕ дӕр+. 16 Дӕ дзыхӕй рӕстдзинад куы цӕуа, уӕд мӕ* цинӕн кӕрон нал уыдзӕн+.
17 Дӕ зӕрдӕ ма бахӕлӕг кӕнӕд тӕригъӕдджынтӕм+, фӕлӕ дӕ мидӕг ӕдзухдӕр уӕд Йегъовӕйы тас+. 18 Уӕд дын уыдзӕн фидӕн+ ӕмӕ дӕ ныфсӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдзынӕ+.
19 Мӕ хъӕбул, байхъус мӕм, ӕмӕ суыдзынӕ зондджын. Дӕ зӕрдӕ араз раст фӕндагыл+.
20 Сӕнӕй бӕрц чи нӕ зоны+ ӕмӕ дзидзайӕ ӕфсис кӕмӕн нӕй, уыдонимӕ ма у+, 21 уымӕн ӕмӕ расыггӕнаг ӕмӕ гуыбындзӕл смӕгуыр уыдзысты+, ӕмӕ хуыссӕг адӕймагыл бызгъуыртӕ скӕндзӕн+.
22 Дӕ ныййарӕг фыдмӕ хъус+ ӕмӕ, дӕ мад кӕй базӕронд, уый тыххӕй йыл былысчъилтӕ ма кӕн+. 23 Балхӕн рӕстдзинад*+ ӕмӕ йӕ ма ауӕй кӕн. Балхӕн зонд, зондамынд ӕмӕ ӕмбарындзинад+. 24 Рӕстгӕнӕджы фыд цин кӕндзӕн+, ӕмӕ, зондджынӕн цард чи радта, уыцы фыд дӕр ӕфсӕст уыдзӕн йӕ цинӕй+. 25 Цин кӕндзысты дӕ фыд ӕмӕ дӕ мад, дӕ ныййарӕджы зӕрдӕ цинӕй райдзӕн+.
26 Мӕ хъӕбул, дӕ зӕрдӕ мӕнӕн ратт ӕмӕ мӕ фӕндӕгтӕ дӕ цӕстытӕн ӕхсызгон уӕнт+. 27 Хӕтаг сылгоймаг у арф дзыхъхъ+, хӕлд сылгоймаг* у нарӕг цъай. 28 Абырӕгау ӕрӕмбӕхсы ӕмӕ фенхъӕлмӕ кӕсы, кӕй ӕрцахса, уымӕ+, ӕмӕ, гадзрахатӕй чи цӕуы, уыцы нӕлгоймӕгтӕн сӕ нымӕц фылдӕр кӕны+.
29 Йӕ сӕр додойаг кӕмӕн у? Тыхст чи у? Хылтӕ чи кӕны?+ Катайы чи бацӕуы? Ницӕй тыххӕй цъӕхтӕй чи цӕуы? Йӕ цӕстытӕ сырх кӕмӕн сты? 30 Бон-изӕрмӕ сӕн чи нуазы+, хъӕбӕр сӕн агурӕг чи зилы, уыдонӕн у афтӕ сӕ хабар+. 31 Сӕн куыд сырх у, къусы куыд тыбар-тыбур кӕны, хъуыры куыд лӕгъзӕй цӕуы, уымӕ ма кӕс. 32 Фӕстагмӕ дыл калмау фӕхӕцдзӕн+, маргджын калмау дӕ йӕ марг бауадздзӕн+. 33 Дӕ цӕстытыл ӕнахуыр нывтӕ уайдзӕн ӕмӕ дӕ зӕрдӕ хӕлд митӕ ӕрцагурдзӕн+. 34 Ӕмӕ афтӕ уыдзынӕ, цыма хуыссыс денджызы астӕу, наупӕлӕзы хъӕды цъуппыл+. 35 Ӕмӕ зӕгъдзынӕ: «Цавтой мӕ, фӕлӕ мын нӕ рысти. Надтой мӕ, фӕлӕ йӕ не ’мбӕрстон. Кӕд райхъал уыдзынӕн+, цӕмӕй та ногӕй нозт агурон?»+