Амос
6 «Додой сӕ къона, Сионыл ӕнӕмӕт+ цард чи кӕны ӕмӕ йӕ ныфс Самарийы хохыл чи дары, уыдонӕн! Уыдон сты, адӕмты ’хсӕн ӕппӕты номдзыддӕр чи у, уыцы адӕмӕн сӕ кадджындӕртӕ, ӕмӕ уыдонмӕ цӕуынц Израилы адӕм. 2 Ацӕут Халнемӕ ӕмӕ акӕсут, уырдыгӕй ацӕут стыр горӕт Хаматмӕ+ ӕмӕ уырдыгӕй та – филистимӕгты горӕт Гефмӕ+. Мыййаг уыдон ацы паддзахӕдтӕй хуыздӕр сты кӕнӕ сӕ зӕххытӕ уӕ зӕххытӕй стырдӕр сты?+ 3 Цы бӕллӕхы бон уыл акӕндзӕн, ууыл хъуыды кӕнын уӕ нӕ фӕнды+, ӕмӕ тыхгӕнӕджы уӕ зӕхмӕ хонут?+ 4 Пылыстӕгӕй конд тъахтинтыл хуыссут+, фӕлмӕн хуыссӕнтыл уӕхи ауагътат ӕмӕ дзуджы хуыздӕр фырытӕ ӕмӕ хӕрзхаст уӕнгуытӕ хӕрут+. 5 Хъисфӕндырты цагъдмӕ зарджытӕ мысут+ ӕмӕ Давидау уӕхицӕн ног музыкалон инструменттӕ ӕрхъуыды кӕнут+, 6 сӕн къустӕй нуазут+, уӕхи хуыздӕр сойтӕй сӕрдут+ ӕмӕ, Иосифыл цы бӕллӕх ӕрцыд, ууыл нӕ риссут+.
7 Ӕмӕ уый тыххӕй, сӕ зӕххӕй хауӕггаг чи фӕци, уыдоны разӕй ацӕудзысты уацары+, ӕмӕ минасы бонтӕ фӕуыдзысты.
8 „Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ йӕхицӕй* сомы кӕны+,– зӕгъы ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕ,– Иаковы хъал митыл ӕлгъ кӕнын+ ӕмӕ йын йӕ цӕрӕн мӕсгуытӕй ме сӕфт уынын+. Горӕт дӕр ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уый дӕр знаджы къухмӕ ратдзынӕн+. 9 Хӕдзары ма дӕс адӕймаджы куы баззайа, уӕд уыдон дӕр амӕлдзысты+. 10 Ӕмӕ сӕ йӕ фыды ӕфсымӕр иугай хӕсдзӕн ӕмӕ сӕ судздзӕн, цӕмӕй стджытӕ хӕдзарӕй рахӕсса+. Хӕдзары тӕккӕ рӕбыны чи уа, уый бафӕрсдзӕн: „Уым ма демӕ исчи ис?“ Уый йын дзуапп ратдзӕн, нӕй, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уӕд зӕгъдзӕн: „Ӕнцад! Ныртӕккӕ Йегъовӕйы ном дзурыны рӕстӕг нӕу“+.
11 Йегъовӕ бардзырд дӕтты+, ӕмӕ стыр хӕдзар хӕлддзӕгтӕ фестын кӕндзӕн, гыццыл хӕдзар та фестын кӕндзӕн фӕнык+.
12 Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ бӕхтӕ къӕдзӕхыл дугъы уайой? Кӕнӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ йыл галтӕй хуым кӕной? Сымах та раст тӕрхон маргджын кӕрдӕг фестын кодтат+, ӕмӕ рӕстдзинады тыллӕг адӕмӕн сӕ дзыхы маст ад скодта. 13 Цы нӕй, уыдӕттыл цин кӕнут+ ӕмӕ дзурут: „Нӕхи хъаруйӕ не стыхджын стӕм*?“+ 14 Кӕсут, Израилы адӕм! – зӕгъы ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕ.– Ӕз уын уӕ ныхмӕ иу адӕмы+ сыстын кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕ уыдон Хаматы+ арӕнтӕй суанг Аравӕйы дӕлвӕзы онг хӕрдмӕ скӕсын нӕ уадздзысты“».