2 Писыртӕ Хуыцауы ном ӕндӕр дзырдтӕй куыд баивтой
134 ивындзинады
Дзуттаг тексты ЙХВХ (ома тетраграмматон) кӕм уыди, уыцы бынӕттӕй 134 раны дзуттаг соферимтӕ (ома писыртӕ) тетраграмматоны бӕсты ныффыстой Адона́й. Гинсбургы уагъд масорӕйы фыст ис: «Ныртӕккӕ нӕ къухы цы текст ис, уым ацы масорӕмӕ гӕсгӕ Адона́й цы 134 бынаты ис, уыцы бынӕттӕй бирӕты ӕппӕты хуыздӕр къухфыстыты ӕмӕ рагон тӕлмацты ис тетраграмматон. Уымӕ гӕсгӕ ӕвзӕры фарста: ахӕм хицӕндзинӕдтӕ куыд фӕзындысты? Дзуапп зын ссарӕн нӕу. Незамантӕй фӕстӕмӕ дзуттаг закъӕттӕм гӕсгӕ, дзурӕн кӕй нӕй, уыцы ном хъуыди кӕсын куыд Адона́й, цыма тексты יהוה [ЙХВХ] фыст нӕй, фӕлӕ אדני [Адона́й]. Уӕдӕ къухфыстытӕй къопитӕ чи кодта, уыдонмӕ ӕппӕты хуыздӕр фӕкаст, дзурӕн сын кӕй нӕ уыд, уыцы тетраграмматоны бӕсты ӕндӕр дзырд ныффыссын» (Gins.Mas, 4 т., 28 ф., § 115).
Дӕлдӕр фыст сты уыцы 134 бынаты, Гинсбургы масорӕмӕ гӕсгӕ (Gins.Mas, 1 т., 25, 26 фф., § 115).
Рд 18:3, 27, 30, 31, 32; 19:18; 20:4; Рц 4:10, 13; 5:22; 15:17; 34:9, 9; Нм 14:17; ЙсН 7:8; Трх 6:15; 13:8; 1Пд 3:10, 15; 22:6; 2Пд 7:6; 19:23; Езд 10:3; Не 1:11; 4:14; Иов 28:28; Пс 2:4; 16:2; 22:30; 30:8; 35:17, 22, 23; 37:13; 38:9, 15, 22; 39:7; 40:17; 44:23; 51:15; 54:4; 55:9; 57:9; 59:11; 62:12; 66:18; 68:11, 17, 19, 22, 26, 32; 73:20; 77:2, 7; 78:65; 79:12; 86:3, 4, 5, 8, 9, 12, 15; 89:49, 50; 90:1, 17; 110:5; 130:2, 3, 6; Ис 3:17, 18; 4:4; 6:1, 8, 11; 7:14, 20; 8:7; 9:8, 17; 10:12; 11:11; 21:6, 8, 16; 28:2; 29:13; 30:20; 37:24; 38:14, 16; 49:14; Хър 1:14, 15, 15; 2:1, 2, 5, 7, 18, 19, 20; 3:31, 36, 37, 58; Йез 18:25, 29; 21:9; 33:17, 20; Дан 1:2; 9:3, 4, 7, 9, 15, 16, 17, 19, 19, 19; Ам 5:16; 7:7, 8; 9:1; Мх 1:2; Зх 9:4; Мл 1:12, 14.
133 бынаты, фыццаг куыд уыди, афтӕ фӕстӕмӕ ныффыстам Хуыцауы ном ӕмӕ йӕ ныффыстам «Йегъовӕ». Ӕрмӕст ӕй Пс 68:26 нӕ хъуыди фӕстӕмӕ фыссын, уымӕн ӕмӕ BHK ӕмӕ BHS-йы уыцы ран ӕнӕуи дӕр уыди тетраграмматон.
Ноджыдӕр ма 8 ивындзинады
Гинсбургы уагъд куыстытӕй иумӕ гӕсгӕ (Gins.Int, 368, 369 фф.), дзуттаг соферимтӕ иуӕй-иу рӕтты тетраграмматоны бӕсты ныффыстой дзырд Елохи́м. Ӕмӕ мах аст бынаты, бӕлвырдӕй та Пс 14:1, 2, 5; 53:1, 2, 4, 5, 6, фыццаг куыд уыди, афтӕ фӕстӕмӕ ныффыстам Хуыцауы ном ӕмӕ йӕ ныффыстам «Йегъовӕ».
Афтӕмӕй, уӕлдӕр кӕй ранымадтам, уыцы 141 бынаты фӕстӕмӕ ныффыстам Хуыцауы ном ӕмӕ йӕ ныффыстам «Йегъовӕ».