3 Хуыцауы ном (יהוה) Грекъаг Фыстытӕм цӕмӕн ӕрцыд хаст
(ӕмӕ уый бӕлвырдгӕнӕг 12 скъуыддзаджы)
Абон нӕм рагон грекъаг тексты къухфыстытӕй цы ис, стӕй ма йын цы тӕлмацтӕ ис,– рагон ӕмӕ нырыкконтӕ,– уыдонӕй бирӕты иумӕйаг у уый, ӕмӕ дзы Хуыцауы ном нӕй. Рагон Дзуттаг Фыстыты уыцы ном ӕмбӕлд иу-7 000 хатты, фыст-иу уыди цыппар дзуттаг дамгъӕйӕ – יהוה (хонынц сӕ тетраграмматон), ирон дамгъӕтӕй сӕ ныффыссӕн ис ЙХВХ. Ацы ном бӕлвырдӕй куыд дзурын хъӕуы, уый абон нӕ зонӕм, фӕлӕ фылдӕр хатт тӕлмац вӕййы «Йегъовӕ» кӕнӕ «Иегъовӕ». Ацы ном цыбыртӕй у «Йагъ» (кӕнӕ «Йах»), ӕмӕ Чырыстон Грекъаг Фыстыты цы нӕмттӕ ис, уыдонӕй бирӕтӕ арӕзт сты уый бындурыл. Ацы ном ма цыбыртӕй ис сидӕн ныхасы, «Аллилуия!», зӕгъгӕ (кӕнӕ «Аллилуйа!»), ома «Кадджын кӕнут Йагъы!» (Рар 19:1, 3, 4, 6).
Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ Хуыцауы фӕндӕй фыст кӕй сты ӕмӕ Дзуттаг Фыстытимӕ иу чиныг кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ ӕнахуыр у, Хуыцауы ном дзы афтӕ ӕнӕнхъӕлӕджы кӕй ӕрбайсӕфти, уый, уӕлдайдӕр та, н. э. 1 ӕнусы ӕмбисмӕ ’ввахс Иерусалимы Иаков апостолтӕн ӕмӕ хистӕр ахуыргӕнинӕгтӕн цы загъта, уый куы ӕрхъуыды кӕнӕм: «Симеон радзырдта, Хуыцау иннӕ адӕмтӕм фыццаг хатт куыд ӕркаст, цӕмӕй уыдонӕй йӕхицӕн скӕна, йӕ ном ын чи хӕсса, ахӕм адӕм» (Хъд 15:14). Уый фӕстӕ, йӕ ныхас бафидар кӕнынӕн, Иаков загъта Ам 9:11, 12 фыст ныхӕстӕ, ӕмӕ уым та ис Хуыцауы ном. Уӕдӕ кӕд чырыстӕттӕ, Хуыцауы ном чи хӕсса, ахӕм адӕм хъуамӕ уой, уӕд йӕ ном,– тетраграмматонӕй фыст чи уыди, уый,– Чырыстон Грекъаг Фыстытӕй ист цӕмӕн хъуамӕ ’рцӕуа? Ацы хабар арӕхдӕр цӕмӕй бӕлвырд кодтой, уый ныртӕккӕ бӕлвырдгӕнӕныл нымайӕн нал ис. Бирӕ рӕстӕджы дӕргъы афтӕ нымад уыд, зӕгъгӕ нӕм ныртӕккӕ цы къухфыстытӕ ис, уыдоны Хуыцауы ном уымӕн нӕй, ӕмӕ уыцы ном нӕ уыди грекъаг Септуагинтӕйы (LXX) – Дзуттаг Фыстыты фыццаг тӕлмацы (кусын ыл райдыдтой н. э. р. 3 ӕнусы). Ӕмӕ уыцы хъуыды бӕлвырд кодтой LXX-йы къопитӕй, н. э. 4 ӕмӕ 5 ӕнустӕм чи хауы, уыцы зындгонд къухфыстытӕй: Ватикайнаг кодекс 1209, Синайаг кодекс ӕмӕ Александриаг кодексӕй. Уым Хуыцауы номы бӕсты фыст уыди грекъаг дзырдтӕ Κύριος (Ки́риос) ӕмӕ θεός (Тео́с). Афтӕ нымадтой, ӕмӕ, дам, къухфыстыты Хуыцауы ном кӕй нӕй, уый фӕрцы ӕнцондӕр у, Хуыцау иу у, зӕгъгӕ, уый амонын.
LXX-йы Хуыцауы ном нӕ уыди, зӕгъгӕ, уыцы хъуыды раст кӕй нӕу, уый сбӕлвырд, LXX-йӕн цы папирус-тыхтон ссардтой, уымӕй,– фыст дзы уыди Дыккаг закъоны чиныджы дыккаг хай. Уым Хуыцауы номы бӕсты иу ран дӕр никуы ис фыст Ки́риос кӕнӕ Тео́с. Алы ран дӕр дзы расткъуымон дзуттаг дамгъӕтӕй ис фыст тетраграмматон.
1944 азы В. Г. Уоддел (W. G. Waddell) уыцы папирусы иу скъуыддзаг ныммыхуыр кодта журналы («Journal of Theological Studies», 45 т., 158–161 фф.). 1948 азы Каиры (Египет) Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы Ӕхсӕнады дыууӕ миссионеры (фесты Галаады скъола) уыцы папирусы 18 скъуыддзаджы къамтӕ балхӕдтой ӕмӕ бар райстой, цӕмӕй сӕ мыхуыр кӕной. Фӕстӕдӕр уыцы скъуыддзӕгты къамтӕй 12 фӕзындысты, англисаг ӕвзагыл чи рацыд, уыцы «Чырыстон Грекъаг Фыстыты – Ног дунейы тӕлмац»-ы (1950, 13, 14 фф.). Уыцы къамтӕм гӕсгӕ скодтой ӕртӕ иртасӕн куысты: 1) А. Ваккари (A. Vaccari), «Papiro Fuad, Inv. 266. Analisi critica dei Frammenti pubblicati in: „New World Translation of the Christian Greek Scriptures.“ Brooklyn (N.Y.) 1950, 13 ф.», ныммыхуыр ӕй кодтой «Studia Patristica»-йы, 1 т., 1 хай, мыхуырмӕ йӕ бацӕттӕ кодтой Курт Аланд (Kurt Aland) ӕмӕ Ф. Л. Кросс (F. L. Cross), Берлин, 1957, 339–342 фф.; 2) В. Баарс (W. Baars), «Papyrus Fouad Inv. No. 266», ныммыхуыр ӕй кодтой журналы «Nederlands Theologisch Tijdschrift», 13 т., Вагенинген, 1959, 442–446 фф.; 3) Джордж Ховард (George Howard), «The Oldest Greek Text of Deuteronomy», ныммыхуыр ӕй кодтой «Hebrew Union College Annual»-ы, 42 т., Цинциннати, 1971, 125–131 фф.a
Уыцы папирусы тыххӕй Пауль Кале (Paul Kahle) ныффыста: «Ацы папирусы иннӕ хӕйттӕ конд ӕрцыдысты, Хъахъхъӕнӕн мӕсыг, Библитӕ ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнад англисаг ӕвзагмӕ кӕй ратӕлмац кодта, уыцы Ног Фӕдзӕхсты разныхасы мыхуыр къамтӕм гӕсгӕ (Бруклин, Нью-Йорк, 1950). Уыцы папирус цымыдисаг уымӕй у, ӕмӕ дзы Хуыцауы ном фыст у тетраграмматонӕй, цыппар дзуттаг расткъуымон дамгъӕйӕ. Мӕ курдиатмӕ гӕсгӕ патер Ваккари лӕмбынӕг ӕркаст папирусы мыхуыргонд скъуыддзӕгтӕм ӕмӕ ахӕм хатдзӕгмӕ ’рцыд, зӕгъгӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ ацы папирусы цы текст ис, ома Дыккаг закъоны чиныджы текст, уый у, Септуагинтӕйы тексттӕй ма нӕм ныртӕккӕ чи ис, уыдонӕй ӕппӕты растдӕр, ӕмӕ фыст та ӕрцыдаид Ватиканы кодексӕй иу-400 азы раздӕр («Studia Evangelica», мыхуырмӕ йӕ бацӕттӕ кодтой Курт Аланд, Ф. Л. Кросс, Жан Даньелу [Jean Danielou], Гаральд Ризенфельд [Harald Riesenfeld] ӕмӕ В. К. ван Унник [W. C. van Unnik], Берлин, 1959, 614 ф.).
Ӕндӕр ран та мыхуыр ӕрцыдысты ӕдӕппӕтӕй 117 хайы Фуады папирусӕй 226 (LXXP. Fouad Inv. 266) («Études de Papyrologie», 9 т., Каир, 1971, 81–150, 227, 228 фф.). Заки Али (Zaki Aly) ӕмӕ Людвиг Кёнен (Ludwig Koenen) ныммыхуыр кодтой уыцы папирусы скъуыддзӕгтӕн се ’ппӕты къамтӕ дӕр, ӕмӕ сын скодтой ахӕм сӕргонд: «Рагон Септуагинтӕйы ӕртӕ тыхтоны: Райдиан ӕмӕ Дыккаг закъон» («Three Rolls of the Early Septuagint: Genesis and Deuteronomy», сери «Papyrologische Texte und Abhandlungen», 27 т., Бонн, 1980).
Ацы папирус-тыхтоны 12 скъуыддзаджы къамтӕм гӕсгӕ нӕ кӕсджытӕн сӕ бон у фенын, LXX-йы ахӕм рагон къопийы кӕй ис тетраграмматон. Ахуыргӕндтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй ацы папирус фыст ӕрцыд н. э. р. 1 ӕнусы, ома, LXX-йыл кусын куы райдыдтой, уымӕй иу-дыууӕ ӕнусы фӕстӕдӕр. Ӕмӕ уымӕй зыны, LXX-йы райдианы кӕй уыд Хуыцауы ном – тӕлмац кӕцӕй кодтой, уыцы дзуттаг фыстыты кӕмдӕриддӕр ӕмбӕлдис, уым. Хуыцауы ном ис иннӕ фараст грекъаг къухфысты дӕр. (Кӕс «Ног дунейы тӕлмац» фиппаинӕгтимӕ [НД фип.], 1562–1564 фф., англ.)
Цымӕ Йесо Чырыстийӕн ӕмӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ чи фыста, уыдонӕн уый фадат уыди, ӕмӕ грекъаг Септуагинтӕйы къопитӕй, Хуыцауы ном тетраграмматонӕй фыстӕй кӕм ӕмбӕлы, уыдонӕй пайда кодтаиккой? Бӕгуыдӕр! LXX-йы къопиты тетраграмматон ӕмбӕлд Чырысти ӕмӕ йӕ апостолты фӕстӕ цалдӕр ӕнусы дӕргъы дӕр. Н. э. 2 ӕнусы фыццаг ӕмбисмӕ ’ввахс Аквилӕйы грекъаг тӕлмац куы рацыд, уӕд уым дӕр уыд тетраграмматон, рагон дзуттаг дамгъӕтӕй фыст.
Иероним (царди н. э. 4–5 ӕнусты) Самуилы ӕмӕ Паддзӕхты чингуытӕм цы разныхас ныффыста, уым загъта: «Ӕмӕ мах суанг абон дӕр иуӕй-иу грекъаг тыхтӕтты уынӕм Хуыцауы ном – тетраграмматон [יהוה], рагон дамгъӕтӕй фыстӕй». Уӕдӕ Иеронимы рӕстӕджы дӕр (уый та уыди латинаг Вульгатӕйы сӕйраг тӕлмацгӕнӕг) Дзуттаг Фыстытӕн уыдис ахӕм грекъаг тӕлмацтӕ, ӕмӕ дзы ӕмбӕлди Хуыцауы ном, цыппар дзуттаг дамгъӕйӕ фыстӕй.
Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ Фыстытӕй куы кастысты,– дзуттаг ӕвзагыл уыдаиккой ӕви грекъаг Септуагинтӕйы тӕлмацы,– уӕд дзы ай-гъайдӕр ӕмбӕлдаиккой Хуыцауы номыл тетраграмматонӕй фыстӕй. Цымӕ-иу Йесо, уыцы рӕстӕджы дзуттӕгтӕм цы ӕгъдау уыд, уымӕ гӕсгӕ ахӕм бынӕтты Адона́й бакасти, Хуыцауы ном фӕчъизи кӕнын ӕмӕ ӕртыккаг фӕдзӕхст фехалыны тӕссӕй? (Рц 20:7). Цымӕ Назареты дзуттӕгты ӕмбырдгӕнӕны куы сыстад ӕмӕ Исайы чиныг куы райста ӕмӕ дзы тетраграмматон кӕм ӕмбӕлд, ахӕм бынат куы бакаст (61:1, 2), уӕд дзы Хуыцауы ном нӕ загъта? Нӕ, Йесо афтӕ нӕ бакодтаид, уымӕн ӕмӕ уый ӕнӕуи дӕр, Фыстадмӕ гӕсгӕ чи нӕ уыд, фӕлӕ дзуттаг чиныджыдӕснытӕ кӕй ӕрымысыдысты, уыцы ӕгъдӕутты ныхмӕ уыди. Мф 7:29 фыст ис: «Уый [сӕ] чиныджыдӕснытау нӕ ахуыр кодта – уый кодта барджын ныхас». Йесо йӕ апостолты раз Йегъовӕ Хуыцаумӕ куы куывта, уӕд загъта: «Дунейӕ мын кӕй радтай, уыдонӕн ӕз дӕ ном раргом кодтон. [...] Ӕмӕ сын ӕз дӕ ном раргом кодтон ӕмӕ сын ӕй ноджыдӕр раргом кӕндзынӕн» (Ин 17:6, 26).
Ныр та ӕвзӕры ахӕм фарста: Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы цы ныффыстой, уым Хуыцауы ном фыстой? Ома, Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ ӕппӕты фыццаг куыд ӕрцыдысты фыст, афтӕмӕй дзы Хуыцауы ном ӕмбӕлди? Нӕ бон у фидарӕй зӕгъын «о». Матфейы Евангели фыццаг фыст ӕрцыд грекъаг ӕвзагыл нӕ, фӕлӕ дзуттаг ӕвзагыл. Уый фӕдыл Иероним (н. э. 4–5 ӕнустӕ) загъта:
«Чырыстийы Евангели фыццаг ныффыста Матфей, уый у Леви дӕр, хъалонисӕг чи уыд ӕмӕ апостол чи сси, уый. Ныффыста йӕ Иудейӕйы, дзуттаг ӕвзагыл ӕмӕ дзуттаг дамгъӕтӕй, сунӕтгӕндтӕй уырнӕг чи сси, уыдоны тыххӕй. Уый фӕстӕ йӕ грекъаг ӕвзагмӕ чи ратӕлмац кодта, уый бынтон бӕлвырд нӕу. Дзуттаг ӕвзагыл фыст Евангели ныр дӕр ма ис Кесарийы чиныгдоны, Памфил-хъизӕмаргӕнӕг афтӕ зӕрдиагӕй кӕй фембырд кодта, уыцы чиныгдоны. Афтӕ ма, Сириаг горӕт Верейӕйы ацы чиныгӕй чи пайда кӕны, уыцы Назорейтӕ мӕнӕн бар радтой, цӕмӕй йӕ рафыстаин» («О знаменитых мужах» – «Библиотека творений святых отцов и учителей церкви западных», 8-ӕм чиныг, «Творения блаженного Иеронима Стридонского», 5 хай, Киев, 1879).
Матфей йӕ Евангелийы сӕдӕ хаттӕй фылдӕр фыссы Дзуттаг Фыстытӕй ист ныхӕстӕ. Ӕмӕ уыцы скъуыддзӕгты Хуыцауы ном кӕмдӕриддӕр ӕмбӕлди, уым Матфей, дзуттаг ӕвзагыл кӕй фыста, уыцы Евангелийы дӕр ӕнӕмӕнгдӕр хъуамӕ ныффыстаид тетраграмматон. Матфейы дзуттаг Евангели бирӕ цӕмӕйдӕрты уыдаид, н. э. 19 ӕнусы Ф. Делич (F. Delitzsch) кӕй скодта, уыцы дзуттаг тӕлмацы хуызӕн,– уыцы тӕлмацы Матфейы чиныджы Йегъовӕйы ном ис 18 хатты. Кӕд ӕмӕ Матфей цавӕрдӕр ныхӕстӕ фылдӕр хатт LXX-йӕ нӕ, фӕлӕ комкоммӕ Дзуттаг Фыстытӕй хаста, уӕддӕр йӕ бон уыд, ӕмӕ сӕ LXX-йӕ дӕр райстаид ӕмӕ дзы Хуыцауы ном ныффыстаид, грекъаг тексты дӕр кӕм хъуамӕ уыдаид, уыцы бынӕтты. Чырыстон Грекъаг Фыстыты иннӕ фысджытӕ дӕр се ’ппӕт дӕр спайда кодтой Дзуттаг Фыстытӕй кӕнӕ LXX-йӕ ист скъуыддзӕгтӕй, Хуыцауы ном кӕм ис, ахӕмтӕй.
Чырыстон Грекъаг Фыстыты тетраграмматон кӕм куыд фыстой, уый тыххӕй Джордж Ховард, штат Джорджийы университетӕй (АИШ), иу журналы фыста: «Ӕрӕджы Египеты ӕмӕ Иудейӕйы ӕдзӕрӕг быдыры цы къухфыстытӕ ссардтам, уыдоны руаджы нӕ бон у нӕхи цӕстӕй фенын, чырыстӕттӕ куы нӕма уыд, уӕд Хуыцауы ном кӕм куыд фыстой, уый. Уыцы къухфыстытӕ стыр ӕххуыс сты Н[ог] Ф[ӕдзӕхст] иртасынӕн, уымӕн ӕмӕ тынг ӕмхуызон сты ӕппӕты рагондӕр чырыстон къухфыстытимӕ ӕмӕ уыдоны фӕрцы ис бамбарӕн, НФ-ы фысджытӕ Хуыцауы номӕй куыд пайда кодтой, уый. Дарддӕр иннӕ фӕрстыл аныхас кӕндзыстӕм ахӕм хъуыдыйыл, зӕгъгӕ, Хуыцауы ном, יהוה (ӕмӕ, гӕнӕн ис, уыцы номы цыбыргонд формӕтӕ), НФ-ы тексты райдианы фыст уыд, З[ӕронд] Ф[ӕдзӕхстӕй] дзы цы ныхӕстӕ уыд ӕмӕ дзы цы ныхӕстӕм амынд уыди, уыцы бынӕтты, фӕлӕ рӕстӕг куыд цыд, афтӕ уыцы ном баивтой ӕнӕуи дзырдӕй – κς [Ки́риос-ы, ома «Хицауы», цыбыргонд формӕйӕ]. Нӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, афтӕ кӕй бакодтой, ома тетраграмм[атон] кӕй айстой, уый тыххӕй, н. э. 1 ӕнусы ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чырыстон чи сси, уыдонӕн зын бамбарӕн уыд, „Хицау Хуыцау“ ӕмӕ „Хицау Чырысти“ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый. Хабар афтӕ кӕй уыд, уый бӕрӕг у, НФ-ы текстӕн къопитӕ куыд кодтой, уымӕй» («Journal of Biblical Literature», 96 т., 1977, 63 ф.).
Уӕлдӕр цы ныхӕстӕ ис фыст, уыдонимӕ мах разы стӕм, ӕрмӕст нӕ фӕнды зӕгъын: махмӕ гӕсгӕ, уым дзырд цӕуыл цӕуы, уый хуымӕтӕджы «хъуыды» нӕу. Уый у, Библийы къухфыстыты тексты хабар ӕцӕг куыд уыдис, уый.
[Фиппаинаг]
a Фуады папирус 226 (P. Fouad Inv. No. 266) скъуыддзӕгты къамтӕ Дыккаг закъоны LXX-йы тӕлмацӕй сты 2056, 2057 фф. Уыцы 12 хайӕ алкӕцымӕ дӕр бацамыдтам хицӕн номырӕй; иуӕй-иуты дзы тетраграмматтон (йӕ алыварс хахгонд у) ӕмбӕлы иу хаттӕй фылдӕр. Фыццаг скъуыддзаджы (№1), Д.з 31:28–32:7 кӕм ис фыст, уым, тетраграмматон ис 7-ӕм ӕмӕ 15-ӕм рӕнхъытыл; №2 (Д.з 31:29, 30) – 6-ӕм рӕнхъыл; №3 (Д.з 20:12–14, 17–19) – 3-аг ӕмӕ 7-ӕм рӕнхъытыл; №4 (Д.з 31:26) – 1-аг рӕнхъыл; №5 (Д.з 31:27, 28) – 5-ӕм рӕнхъыл; №6 (Д.з 27:1–3) – 5-ӕм рӕнхъыл; №7 (Д.з 25:15–17) – 3-аг рӕнхъыл; №8 (Д.з 24:4) – 5-ӕм рӕнхъыл; №9 (Д.з 24:8–10) – 3-аг рӕнхъыл; №10 (Д.з 26:2, 3) – 1-аг рӕнхъыл; №11 дыууӕ хайы (Д.з 18:4–6) – 5-ӕм ӕмӕ 6-ӕм рӕнхъытыл; №12 (Д.з 18:15, 16) – 3-аг рӕнхъыл.
[Нывтӕ 2056, 2057 фарсыл]