Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • gt 59 сӕр
  • Йесо ӕцӕгӕй чи у?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йесо ӕцӕгӕй чи у?
  • Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Чи у Адӕймаджы Фырт?
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Фӕлварӕнты уыд иузӕрдион
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Йӕ Ахуыргӕнӕгӕй сахуыр хатыр кӕнын
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Петр Чырыстийы фӕрцы сси фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
Фылдӕр фенын
Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
gt 59 сӕр

59 сӕр

Йесо ӕцӕгӕй чи у?

ЙЕСО йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ бӕлӕгъы Вифсаидӕмӕ куы бахӕццӕ, уӕд ӕм куырм адӕймаджы ӕрбакодтой ӕмӕ дзы курынц, цӕмӕй йыл аныдзӕва ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кӕна. Йесо йын йӕ къухыл ныххӕцыд ӕмӕ йӕ хъӕуӕй ракодта. Стӕй йын йӕ цӕстытыл бату кодта ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Исты уыныс ӕви нӕ?»

«Уынын цӕуджыты, куыд бӕлӕстӕ»,— дзуапп ратта уый. Йесо йын йӕ цӕстытыл йӕ къухтӕ сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ цӕстырухс ӕххӕстӕй раздӕхта, ӕмӕ уый хорз уынын райдыдта. Стӕй йӕ хӕдзармӕ арвыста ӕмӕ йын бафӕдзӕхста, цӕмӕй хъӕумӕ ма бацӕуа.

Уый фӕстӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ араст Палестинӕйы цӕгатварс Филиппы Кесарийы хъӕутӕм. Денджызы ӕмвӕзӕй 350 метры уӕлдӕр ӕвӕрд рӕсугъд бӕстӕ Филиппы Кесари хӕстӕг нӕу, 50 километры бӕрц ӕм хъӕуы цӕуын. Уӕдӕ, ӕвӕццӕгӕн, цалдӕр боны бахъуыдысты фӕндагыл.

Фӕндагыл Йесо йӕхи ахибар кодта кувынмӕ. Йӕ мӕлӕтмӕ ма ӕрмӕстдӕр фараст-дӕс мӕйы кӕй баззад, уымӕ гӕсгӕ тынг мӕт кӕны йӕ ахуыргӕнинӕгтыл. Бирӕтӕ дзы йемӕ нал сты. Иннӕтӕ та, Йесо адӕмӕн йӕхи паддзахӕй сӕвӕрын кӕй нӕ бауагъта ӕмӕ йе знӕгтӕн, паддзахы бартӕ йын кӕй ис, уый сбӕлвырд кӕнынӕн уӕларвон нысӕнттӕ кӕй нӕ ратта, уымӕ гӕсгӕ стыхстысты ӕмӕ фыдӕнхъӕл фесты. Цымӕ йӕ йӕ апостолтӕ та кӕуыл нымайынц? Йесо кӕм куывта, уырдӕм куы ӕрбацыдысты, уӕд сӕ уый фӕрсы: «Кӕуыл нымайынц Мӕн адӕм?»

«Иутӕ Аргъауӕг Иоанныл, иннӕтӕ Илиайыл, иутӕ та Иеремийыл кӕнӕ пехуымпартӕй иуыл»,— дзуапп раттой уыдон. Ӕцӕгдӕр, адӕм ӕнхъӕлынц, ацы нӕлгоймӕгтӕй кӕцыдӕр кӕй райгас ӕмӕ Йесо уый кӕй у.

«Сымах та кӕуыл нымайут Мӕн?» — фӕрсы сӕ Йесо.

Петр уыцы тӕккӕ дзуапп ратта: «Ды — Чырысти, Ӕгас Хуыцауы Фырт».

Йесойы зӕрдӕмӕ фӕцыд Петры дзуапп ӕмӕ йын дзуры: «Ӕз дӕр зӕгъын дӕуӕн: ды — Петр, ӕмӕ ацы дурыл [«хохыл», НД] Ӕз сараздзынӕн Мӕ Аргъуан, ӕмӕ йӕ зындоны дуӕрттӕ нӕ басӕтдзысты». Ам Йесо фыццаг хатт фехъусын кодта, ӕмбырд кӕй сараздзӕн, ӕмӕ уыцы ӕмбырды уӕнгтӕ Хуыцауӕн ӕнувыдӕй кӕй лӕггад кӕндзысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ сӕ зӕххон царды кӕрон мӕлӕт дӕр кӕй нӕ бауромдзӕн. Уый фӕстӕ Йесо дзуры Петрӕн: «Ратдзынӕн дӕуӕн Уӕларвон Паддзахады дӕгъӕлтӕ».

Йесо Петрӕн раргом кодта, сӕрмагонд бартӕ йын кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ Петрӕн апостолты ’хсӕн фыццаг бынат не ’рцыд лӕвӕрд, стӕй ӕмбырды бындур дӕр уый не сси. Йесо йӕхӕдӕг у, йӕ ӕмбырд цы хохыл ӕрцӕудзӕн арӕзт, уый. Петр та хъуамӕ райса ӕртӕ дӕгъӕлы ӕмӕ уыцы дӕгъӕлтӕй хъуамӕ бирӕ адӕмӕн бакӕна фӕндаг «Уӕларвон Паддзахадмӕ».

Петр фыццаг дӕгъӕлӕй спайда кӕндзӕн н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон, цӕмӕй ӕрфӕсмонгӕнӕг иудейтӕн, ирвӕзындзинады тыххӕй сӕ цы аразын хъӕуы, уый равдиса. Уый фӕстӕ спайда кӕндзӕн дыккаг дӕгъӕлӕй, цӕмӕй Уӕларвон Паддзахадмӕ бацӕуыны фадат ратта уырнӕг самариӕгтӕн. Н. э. 36 азы та спайда кӕндзӕн ӕртыккаг дӕгъӕлӕй, цӕмӕй ахӕм фадат ратта ӕнӕсунӕт муртаттӕн, Корнили ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕн.

Йесо дарддӕр ныхас кӕны йӕ апостолтимӕ. Уый сын дзуры, тагъд рӕстӕджы йӕм Иерусалимы цы хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ мӕлӕт ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй, ӕмӕ уыдон ӕрӕнкъард сты. Петр, Йесо фӕстагмӕ кӕй райгас уыдзӕн, уый кӕй не ’мбары, уымӕ гӕсгӕ Йесойы иуварс акодта ӕмӕ йын дзуры: «Фӕтӕригъӕд кӕн Дӕхицӕн, Хицау! ма уӕд уый Дӕуимӕ!» Фӕлӕ Йесо иннӕрдӕм азылд ӕмӕ йын зӕгъы: «Ацу Мӕнӕй, хӕйрӕг! ды дӕ Мӕнӕн рӕдийынгӕнӕг, уымӕн ӕмӕ хъуыды кӕныс уый тыххӕй нӕ, Хуыцауы цы у, фӕлӕ адӕймаджы цы у».

Ӕвӕццӕгӕн, апостолты уӕлдай Йесоимӕ сты ӕндӕр ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр. Ныр Йесо йе ’ргом уыдонмӕ аздӕхта ӕмӕ сын ӕмбарын кӕны, йӕ фӕдыл цӕуын ӕнцон кӕй нӕ уыдзӕн. «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды,— дзуры Йесо,— уый йӕхиуыл ӕвдисӕн бакӕнӕд, йӕ дзуар райсӕд, ӕмӕ Мӕ фӕдыл цӕуӕд; цӕмӕйдӕриддӕр йӕ уды хъахъхъӕнын кӕй фӕнды, уый йӕ фесафдзӕни; фӕлӕ йӕ уды Мӕн тыххӕй ӕмӕ Евангелийы тыххӕй чи фесафа, уый йӕ бахъахъхъӕндзӕни» (НФ).

О, цӕмӕй Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕй райгонд уа, уый тыххӕй хъуамӕ уой ныфсхаст ӕмӕ ӕнувыд. Уый сын дзуры: «Чи фефсӕрмы уа Мӕнӕй ӕмӕ Мӕн дзырдтӕй ацы хӕтаг ӕмӕ тӕригъӕдджын мыггаджы ӕхсӕн, уымӕй фефсӕрмы уыдзӕн Адӕймаджы Фырт дӕр, куы ӕрцӕуа Йӕ Фыды кады сыгъдӕг Зӕдтимӕ». Маркы 8:22—38; Матфейы 16:13—28; Лукайы 9:18—27.

▪ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтыл цӕмӕн мӕт кӕны?

▪ Кӕуыл нымайынц Йесойы адӕм?

▪ Цавӕр дӕгъӕлтӕ ӕрцӕудзӕн лӕвӕрд Петрӕн ӕмӕ сӕ куыд спайда кӕндзӕн?

▪ Петр Йесойӕ цавӕр уайдзӕф райста ӕмӕ цӕмӕн?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын