126 сӕр
«Ӕцӕг Уый уыд Хуыцауы Фырт»
ЙЕСОЙЫ куы байтыгътой, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр сихорафон ӕвиппайды арв ӕрбатар, ӕмӕ ӕртӕ сахаты дӕргъы бӕстӕ уыд талынг. Йӕ аххосаг хурдалынг нӕу, уымӕн ӕмӕ хурдалынгтӕ вӕййынц, мӕй ног куы вӕййы, уӕд, Куадзӕны рӕстӕджы та мӕй цалхыдзаг у. Уымӕй уӕлдай хурдалынг цалдӕр минуты йеддӕмӕ нӕ ахӕссы. Уӕдӕ бӕрӕг у, Хуыцау кӕй баталынг кодта бӕстӕ! Куыд зыны, афтӕмӕй уыцы ӕнахуыр фӕзындӕй, Йесойӕ чи хынджылӕг кодта, уыдон сагъдау фесты ӕмӕ дзы дарддӕр хынджылӕг кӕной, уымӕ сӕ ныфс нал хӕссынц.
Кӕд уыцы фыдохы нысан, фыдгӕнджытӕй сӕ иу йе ’мбалӕн куы бауайдзӕф кодта, уый размӕ ’рцыд, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, кӕй ӕрфӕсмон кодта, уымӕн ахъаз уыд. Ӕвӕццӕгӕн уыцы мӕйдары цыппар сылгоймаджы — Йесойы мад ӕмӕ йӕ хо Саломиа, Мариа Магдалинаг ӕмӕ Мариа, Йесойы апостол кӕстӕр Иаковы мад — бацыдысты, Йесо цы цӕджындзыл хъизӕмар кодта, уый цурмӕ. Йесойы уарзон апостол Иоанн дӕр ис семӕ.
Йӕ уарзон фырт, кӕй схаста ӕмӕ кӕй схъомыл кодта, уый цӕджындзыл куыд хъизӕмар кӕны, уымӕ кӕсгӕйӕ, Йесойы мады зӕрдӕйы «цыргъаг» куыннӕ ахызт! Фӕлӕ Йесойӕн йӕхиуыл нӕу йӕ мӕт, уый хъуыды кӕны йӕ мады сомбоныл. Тыххӕй-фыдӕй йӕ сӕрӕй Иоаннмӕ бацамыдта ӕмӕ йӕ мадӕн дзуры: «Усай! мӕнӕ Дӕ фырт». Уый фӕстӕ та Мариамӕ амонгӕйӕ, дзуры Иоаннӕн: «Мӕнӕ дӕ Мад!»
Уыйадыл Йесо йӕ мады (ӕвӕццӕгӕн идӕдзӕй баззад) бафӕдзӕхста, уӕлдай уарзт кӕй кӕны, уыцы апостолӕн. Афтӕ уымӕн сарӕзта, ӕмӕ йыл Мариайы иннӕ фырттӕ нӕма ӕууӕндынц. Уӕдӕ Йесо йӕ мадӕн канд йӕ физикон домӕнтыл нӕ, фӕлӕ ма йӕ духовон домӕнтыл дӕр кӕй тыхсы, уымӕй нын дӕтты диссаджы цӕвиттон.
Фӕссихор, ӕртӕ сахатмӕ ’ввахс Йесо дзуры: «Дойны Мын у». Йесо хаты, йӕ Фыд ын тых кӕй нал дӕтты, цӕмӕй кӕронмӕ фӕлвӕрд ӕрцӕуа йӕ иузӕрдиондзинад. Ӕмӕ тынг хъӕр кӕны: «Мӕ Хуыцау, Мӕ Хуыцау! цӕй тыххӕй Ды Мӕн ныууагътай?» Уый фехъусгӕйӕ йӕм хӕстӕг чи лӕууыд, уыдонӕй иутӕ дзурынц: «Мӕнӕ, Илиамӕ дзуры». Сӕ иу уайтагъд азгъордта, лӕдзӕгыл конд губкӕ туаг сӕнӕй схуылыдз кодта ӕмӕ йӕ Йесойы дзыхмӕ схаста. Фӕлӕ иннӕтӕ дзурынц: «Фӕлӕу; бакӕсӕм, ӕрцӕудзӕн цымӕ Илиа Уымӕ фервӕзын кӕнынмӕ».
Йесо туаг сӕнӕй куы ацаходыдта, уӕд ныхъхъӕр кодта: «Сӕххӕст ис!» О, Йесо кӕронмӕ сӕххӕст кодта, йӕ Фыд ӕй зӕхмӕ цӕй тыххӕй ӕрӕрвыста, уый. Ныр райхъуыстысты йӕ фӕстаг ныхӕстӕ: «Мӕ Фыд! Дӕ къухтӕм дӕттын Мӕ уд». Афтӕмӕй Йесо йӕ царды тых Хуыцауы бар бакодта, йӕ цард ын фӕстӕмӕ кӕй раздахдзӕн, ууыл фидарӕй ӕууӕндгӕйӕ. Уый фӕстӕ йӕ сӕр ӕруагъта ӕмӕ амард.
Йесойы фӕстаг сулӕфтимӕ зӕхх афтӕ тынг нынкъуыст, ӕмӕ хӕхты фӕхстӕ пырх кодтой, суанг ма Иерусалимы ӕдде зӕппӕдзтӕ дӕр фегом сты ӕмӕ сӕ мидӕг цы мӕрдтӕ уыд, уыдон ӕддӕмӕ рахаудысты. Фӕндаггонтӕй мӕрдты буӕрттӕ чи фены, уыдон цӕуынц сахармӕ ӕмӕ уый тыххӕй дзурынц.
Уымӕй уӕлдай, Йесо куы амард, уӕд Хуыцауы кувӕндоны Сыгъдӕг бынат ӕмӕ Сыгъдӕджыты Сыгъдӕг кӕрӕдзийӕ цы стыр ӕмбӕрзӕн хицӕн кодта, уый уӕлейӕ дӕлӕмӕ дыууӕ дихы фӕцис. Уыцы рӕсугъд нывӕфтыд ӕмбӕрзӕн у тынг уӕззау ӕмӕ тынг егъау, йӕ дӕргъ у 18 метры бӕрц. Уыцы диссаг ӕвдисы канд Хуыцауы фыдӕх йӕ Фырты марджытӕм нӕ, фӕлӕ ма Йесойы мӕлӕты руаджы Сыгъдӕджыты Сыгъдӕгмӕ, ома уӕларвмӕ, фӕндаг кӕй байгом, уый дӕр.
Адӕм зӕххӕнкъуыст ӕмӕ иннӕ диссӕгтӕ куы федтой, уӕд сӕ тас бацыд. Йесойы мӕлӕты рӕстӕджы радгӕс чи уыд, уыцы сӕдӕйы хицау кадджын кӕны Хуыцауы. «Ӕцӕг Уый уыд Хуыцауы Фырт»,— дзуры уый. Ӕвӕццӕгӕн, Пилат Йесойы куы фарста, Хуыцауы Фырт дӕ, зӕгъгӕ, уӕд уый дӕр уым уыд. Ныр та йӕ фидарӕй уырны, Йесо кӕй у Хуыцауы Фырт ӕмӕ ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг зӕххыл.
Иннӕ адӕмы дӕр ӕрцӕугӕ хабӕрттӕ дисы бафтыдтой ӕмӕ фырмастӕй ӕмӕ худинагӕй сӕ риутӕ хойгӕйӕ, здӕхынц фӕстӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм. Уыцы ӕвирхъау хабӕрттӕм дардӕй кӕсынц, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ чи систы, уыцы сылгоймӕгтӕй бирӕтӕ. Никуы сӕ ферох уыдзысты ацы ахсджиаг цаутӕ. Уым ис апостол Иоанн дӕр. Матфейы 27:45—56; Маркы 15:33—41; Лукайы 23:44—49; 2:34, 35; Иоанны 19:25—30.
▪ Ӕртӕ сахаты дӕргъы бӕстӕ талынг кӕй уыд, уый хурдалынджы аххосӕй кӕй нӕу, уый цӕмӕй бӕрӕг у?
▪ Йесо йӕ мӕлӕты размӕ цавӕр диссаджы цӕвиттон ратта, ацӕргӕ ныййарджытӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн?
▪ Цавӕр цыппар ныхасы загъта Йесо йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ?
▪ Цӕмӕ ӕркодта зӕххӕнкъуыст ӕмӕ кувӕндоны ӕмбӕрзӕн дыууӕ дихы кӕй фӕцис, уый цы нысан кӕны?
▪ Уыцы диссӕгтӕ радгӕс сӕдӕйы хицауыл куыд бандӕвтой?