Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w10 1/4 30–31 фф.
  • Йесо уыд коммӕгӕс

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йесо уыд коммӕгӕс
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йесо алкӕддӕр уыди коммӕгӕс
    Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут
  • «Ӕз дӕн Йегъовӕйы цагъар»
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • «Хъуыдытӕ кодта, уый цы уа, зӕгъгӕ»
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Марийӕ чындзыцыд нӕ уыд, афтӕмӕй басывӕрджын
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
w10 1/4 30–31 фф.

Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут

Йесо уыд коммӕгӕс

КОММӔ кӕсын дын алыхатт ӕнцон вӕййы?a ~ Кӕд нӕ, уӕд уым диссагӕй ницы ис. Иуӕй-иу хатт не ’ппӕтӕн дӕр зын вӕййы коммӕ кӕсын. Зыдтай йӕ, суанг Йесойӕн дӕр уый ӕнцон кӕй нӕ уыд? ~

Цымӕ сывӕллӕттӕ кӕй коммӕ хъуамӕ кӕсой? ~ Раст зӕгъыс, фыд ӕмӕ мады коммӕ. Библи нын дзуры, цӕмӕй «Хицауы хатырӕй нӕ ныййарджытӕм хъусӕм» (Ефесӕгтӕм 6:1). Куыд хъуыды кӕныс, Йесойы фыд чи у? ~ О, Йегъовӕ Хуыцау. Йегъовӕ у не ’ппӕты Фыд дӕр (Матфейы 6:9, 10). Фӕлӕ афтӕ куы зӕгъай, Иосиф уыд Йесойы фыд, Марийӕ та йӕ мад, уӕд дӕр нӕ фӕрӕдийдзынӕ. Зоныс ӕй, цӕмӕн сӕ ис схонӕн йӕ ныййарджытӕ? ~

Зӕд Гавриил Марийӕйӕн загъта, сывӕллон ын кӕй райгуырдзӕн, кӕд моймӕдзыд нӕ уыд, уӕддӕр. Ахӕм хабарӕн гӕнӕн уыд ӕрмӕстдӕр стыр диссаджы фӕрцы, ӕмӕ ахӕм диссаджы хъуыддаг сарӕзта Йегъовӕ. Гавриил Марийӕйӕн бамбарын кодта: «Иунӕг Стыр Хуыцау дӕ... йӕ тыхы фӕрцы йӕ дӕлбазыр бакӕндзӕн. Гъе уый тыххӕй, цы лӕппу дын райгуыра, уый хондзысты Хуыцауӕй ӕрвыст, Хуыцауы Фырт» (Лукайы 1:30–35).

Хуыцау йӕ Фырты цард уӕлӕрвтӕй рахаста Марийӕйы гуыбынмӕ. Стӕй, алы сывӕллон дӕр йӕ мады гуыбыны куыд фӕрӕзы, афтӕ Йесо дӕр рӕзыд, ӕмӕ иу-фараст мӕйы фӕстӕ райгуырд. Уӕдмӕ Иосиф ракуырдта Марийӕйы ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ адӕм нымадтой йӕ фыдыл. Фӕлӕ Иосиф уыд йӕ кӕнгӕ фыд. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, Йесойӕн кӕй уыд дыууӕ фыды.

Йесойыл 12 азы куы цыд, уӕд иу хабарӕй рабӕрӕг, йӕ уӕларвон Фыды куыд тынг бирӕ уарзта, уый. Йесойы бинонтӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ацыдысты Иерусалиммӕ, Куадзӕн бӕрӕг кӕнынмӕ. Фӕлӕ Иосиф ӕмӕ Марийӕ фӕстӕмӕ Назаретмӕ ӕнӕ Йесойӕ рацыдысты. Нӕ йӕ бамбӕрстой, семӕ кӕй нӕй, уый. Диссаг дӕм нӕ кӕсы, куыд ӕй хъуамӕ ферох кодтаиккой? ~

Иосиф ӕмӕ Марийӕйӕн ма уыди ӕндӕр сывӕллӕттӕ дӕр (Матфейы 13:55, 56). Стӕй, ӕвӕццӕгӕн, фӕндагыл семӕ уыдысты сӕ хӕстӕджытӕ, Иаков ӕмӕ Иоанн, сӕ фыд Зеведей ӕмӕ сӕ мад Саломи (ӕвӕццӕгӕн уыд Марийӕйы хо). Уымӕ гӕсгӕ Марийӕ, чи зоны, хъуыды кодта, Йесо сӕ хӕстӕджытӕй кӕимӕдӕр кӕй ис (Матфейы 27:56; Марчы 15:40; Иоанны 19:25).

Иосиф ӕмӕ Марийӕ куы бамбӕрстой, Йесо семӕ кӕй нӕй, уӕд уайтагъд фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ йӕ агурӕг аздӕхтысты. Бирӕ рацагур-бацагуры фӕстӕ йӕ, ӕппынфӕстаг, ӕртыггаг бон кувӕндоны ссардтой. Марийӕ йын загъта: «Уый нын цы ми бакодтай? Дӕ фыдимӕ дӕу агурынӕй нӕ сӕрӕн куы ницыуал зыдтам». Фӕлӕ сын Йесо дзуапп радта: «Ӕмӕ мӕ цӕмӕн агуырдтат? Нӕ йӕ зыдтат, ӕз мӕ Фыды хӕдзары кӕй дӕн? Ӕндӕр кӕм хъуамӕ уыдаин» (Лукайы 2:45–50).

Куыд дӕм кӕсы, Йесо йӕ мадӕн ахӕм дзуапп кӕй радта, уымӕй раст бакодта? ~ Йӕ ныййарджытӕ йӕ зыдтой, Хуыцауы хӕдзар куыд тынг уарзта, уый (Псалом 122:1). Уӕдӕ Йесо раст уыди, афтӕ кӕй хъуыды кодта, фыццаджыдӕр ӕй Хуыцауы кувӕндоны кӕй хъуамӕ агуырдтаиккой. Фӕстӕдӕр ма Марийӕ Йесойы ныхӕстыл бирӕ фӕхъуыды кодта.

Цымӕ Йесо Иосиф ӕмӕ Марийӕмӕ хъуыста? ~ Библийы фыст ис: «[Йесо] семӕ рацыд ӕмӕ ӕрцыдысты Назаретмӕ, ӕмӕ сын уыд коммӕгӕс» (Лукайы 2:51, 52). Йесо нын фӕзминаг цӕмӕй у? ~ Раст хъуыды кӕныс, мах дӕр хъуамӕ нӕ ныййарджыты коммӕ кӕсӕм.

Фӕлӕ Йесойӕн дӕр алыхатт ӕнцон нӕ уыд коммӕ кӕсын, суанг йӕ уӕларвон Фыдмӕ дӕр.

Йӕ мӕлӕты размӕ ’хсӕв Йесо куывта Йегъовӕмӕ, цӕмӕй йӕ фӕнд аивтаид (Лукайы 22:42). Фӕлӕ йын кӕд тынг зын уыд, уӕддӕр Хуыцаумӕ байхъуыста ӕмӕ йын йӕ фӕнд сӕххӕст кодта. Библи нын дзуры: «Цытӕ бавзӕрста, уый фӕрцы сахуыр коммӕ кӕсыныл» (Дзуттӕгтӕм 5:8). Куыд хъуыды кӕныс, махӕн дӕр коммӕ кӕсын зын куы уа, уӕддӕр хъуамӕ коммӕгӕс ма уӕм? ~

[Фиппаинаг]

a Дӕ сывӕллонимӕ куы кӕсай, уӕд ацы нысан (~) цы хъуыдыйады фӕстӕ лӕууа, уым хъӕуы иу гыццыл ӕрлӕууын, цӕмӕй сывӕллон дзуапп ратта.

ФАРСТАТӔ:

▪ Марийӕ Йесойы мад куыд сси, ӕмӕ Йесойӕн дыууӕ фыды уыд, уый куыд ӕмбаргӕ у?

▪ Йесойы йӕ ныййарджытӕ Иерусалимы цӕмӕн ферох кодтой?

▪ Йесойы ныййарджыты зӕрдӕ цӕуылнӕ фехсайдта, семӕ кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй?

▪ Йесо нын фӕзминаг цӕмӕй у?

[Ныв 31 фарсыл]

Йесойы йӕ ныййарджытӕ фыццаг кувӕндоны цӕмӕн хъуамӕ агуырдтаиккой?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын