Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • yc 10 радз., 22–23 фф.
  • Йесо алкӕддӕр уыди коммӕгӕс

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йесо алкӕддӕр уыди коммӕгӕс
  • Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йесо уыд коммӕгӕс
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • «Хъуыдытӕ кодта, уый цы уа, зӕгъгӕ»
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • «Ай у мӕ Фырт»
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
  • Ӕрыгон Йесо
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
Фылдӕр фенын
Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут
yc 10 радз., 22–23 фф.
Иосиф ӕмӕ Марийӕ гыццыл Йесойы кувӕндоны ссардтой

10 РАДЗЫРД

Йесо алкӕддӕр уыди коммӕгӕс

Дӕ мад ӕмӕ дын дӕ фыды коммӕ кӕсын алы хатт дӕр ӕнцон вӕййы? ~ Иуӕй-иу хатт уый зын вӕййы. Зоныс, Йесо Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ ныййарджыты коммӕ алкӕддӕр кӕй каст? ~ Йесойы хабар дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу дӕ ныййарджыты коммӕ бакӕсай, зын дын-иу куы уа, уӕд дӕр. Ууыл-ма фылдӕр аныхас кӕнӕм.

Зӕхмӕ ӕрцӕуыны размӕ Йесо уыд уӕлӕрвты йӕ Фыдимӕ, Йегъовӕимӕ. Фӕлӕ йын ам, зӕххыл дӕр, уыд ныййарджытӕ. Йӕ фыд хуынди Иосиф, йӕ мад та Марийӕ. Зоныс, йӕ ныййарджытӕ куыд систы? ~

Йегъовӕ диссаг сарӕзта, ӕмӕ Йесо Марийӕйы гуыбыны рӕзыд, иннӕ сывӕллӕттӕ сӕ мады гуыбыны куыд фӕрӕзынц, афтӕ. Ӕмӕ, фараст мӕйы бӕрц куы рацыд, уӕд райгуырд. Афтӕмӕй Марийӕ сси Йесойы мад, Иосиф та сси йӕ фыд.

Йесойыл 12 азы куы цыд, уӕд цы сарӕзта, уымӕй рабӕрӕг, йӕ Фыд Йегъовӕйы тынг кӕй уарзта. Иухатт ӕнӕхъӕн бинонтӕй ацыдысты Иерусалиммӕ, бӕрӕгбонмӕ. Цӕуын сӕ бирӕ хъуыд. Ӕмӕ фӕстӕмӕ хӕдзармӕ куы цыдысты, уӕд Иосиф ӕмӕ Марийӕ Йесойы нал ардтой. Кӕм уыд, уый зоныс? ~

Йесо кувӕндоны цӕмӕн уыд?

Иосиф ӕмӕ Марийӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ аздӕхтысты ӕмӕ Йесойы агурын райдыдтой. Тынг мӕт кодтой, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ ардтой. Фӕлӕ йӕ ӕртӕ боны фӕстӕ кувӕндоны ссардтой! Зоныс, Йесо кувӕндоны цӕмӕн уыд, уый? ~ Уымӕн ӕмӕ уым йӕ бон уыд фылдӕр базонын йӕ Фыд Йегъовӕйы тыххӕй. Йесо Йегъовӕйы тынг уарзта ӕмӕ йӕ фӕндыд базонын, цы йӕ хъуыд аразын, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кодтаид. Йесо стыр лӕг куы сси, уӕд дӕр ӕдзух касти Йегъовӕйы коммӕ. Йесо коммӕ каст, суанг ын-иу зын куы уыди ӕмӕ йӕ стӕй амӕлын куы бахъуыд, уӕд дӕр. Цымӕ Йесо Иосифы ӕмӕ Марийӕйы коммӕ дӕр каст? ~ О, Библийы фыст ис, афтӕ кӕй кодта.

Йесойӕ цӕуыл ахуыр кӕныс? ~ Ды дӕр хъуамӕ дӕ мад ӕмӕ дӕ фыды коммӕ кӕсай, зын дын-иу куы уа, уӕд дӕр. Сӕ коммӕ кӕсдзынӕ? ~

ДӔ БИБЛИЙЫ БАКӔС

  • Лукайы 1:30–35; 2:45–52

  • Ефесӕгтӕм 6:1

  • Дзуттӕгтӕм 5:8

ФАРСТАТӔ

  • Иосиф ӕмӕ Марийӕ Йесойы ныййарджытӕ куыд систы?

  • Иосиф ӕмӕ Марийӕ Йесойы Иерусалимы куы агуырдтой, уӕд ӕй кӕм ссардтой?

  • Йесойӕ цӕуыл ахуыр кӕныс?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын