ӔСТДӔСӔМ СӔР
«Хъуыдытӕ кодта, уый цы уа, зӕгъгӕ»
1, 2. Радзур Марийӕйы балцы тыххӕй ӕмӕ йын фӕндагыл цӕуын ӕнцон цӕуылнӕ уыд, уый бамбарын кӕн.
МАРИЙӔ ныр цалдӕр сахаты ис фӕндагыл. Хӕрӕгыл бадгӕйӕ тынг бафӕллад. Йӕ разӕй цӕуы йӕ сӕрыхицау Иосиф. Фӕндаг цыбыр нӕу. Цӕуын сӕ хъӕуы Вифлееммӕ. Иуафон та Марийӕйӕн йӕ гуыбыны сывӕллон сызмӕлыд.
2 Марийӕ йӕхи бар нӕу. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй йын «тагъд хъуамӕ сывӕллон райгуыра» (Лук. 2:5). Сӕ фӕндаг кӕуылты цӕуы, уым сӕ алыварс ис быдыртӕ, хуымтӕ. Адӕм сӕ быдыртӕ хуым кӕнынц, хор тауынц. Ӕмӕ сӕ чи фены, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, сӕ куыст ныууадзынц ӕмӕ сӕм кӕсгӕйӕ баззайынц, ацы сылгоймагыл цы мӕгуыры бон ис, уыцы хуызӕнӕй кӕдӕм цӕуы, зӕгъгӕ. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Марийӕ афтӕ дард кӕдӕм цӕуы?
3. Хуыцау Марийӕйӕн цавӕр хъуыддаг бахӕс кодта ӕмӕ Марийӕйы тыххӕй цы базондзыстӕм?
3 Куыд ӕй базыдтам, афтӕмӕй цалдӕр мӕйы размӕ ацы ӕрыгон дзуттаг сылгоймагӕн Хуыцау ахӕм хъуыддаг бахӕс кодта, ӕмӕ зӕххыл ахӕм хӕс ӕндӕр никӕмӕн ӕрцыд лӕвӕрд. Марийӕ хъуамӕ ныййардтаид сывӕллон, ӕмӕ уыцы сывӕллон хъуамӕ суыдаид Мессийӕ, Хуыцауы Фырт! (Лук. 1:35). Фӕлӕ Марийӕйӕн йӕ арыны афон куы ӕрбахӕстӕг, уӕд ӕй бахъуыд фӕндагыл цӕуын. Уыцы балцы Марийӕ цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлд, уыдон уыдысты йӕ уырнындзинадӕн фӕлварӕн. Ӕркӕсӕм, йӕ уырнындзинад цӕй фӕрцы нӕ фӕцудыдта, уымӕ.
Цӕуынц Вифлееммӕ
4, 5. а) Иосиф ӕмӕ Марийӕ Вифлееммӕ цӕмӕн ацыдысты? ӕ) Ромы паддзах цы бардзырд радта, уымӕй цавӕр пехуымпарад сӕххӕст?
4 Иосиф ӕмӕ Марийӕ фӕндагыл иунӕг нӕ уыдысты. Ромы паддзах Август бардзырд радта, цӕмӕй, йӕ паддзахады цы адӕм цард, уыдонӕй алчидӕр ацыдаид, цы горӕты райгуырд, уырдӕм ӕмӕ йӕхи ныффыстаид. Цымӕ Иосиф куыд бакодта? Мах кӕсӕм: «Гъемӕ Иосиф дӕр рараст Галилейӕйӕ, горӕт Назаретӕй, ӕмӕ ӕрцыд Иудейӕмӕ, Давиды горӕт Вифлееммӕ, уымӕн ӕмӕ уыди Давиды мыггаг ӕмӕ хӕдзарвӕндагӕй» (Лук. 2:1–4).
5 Ромы паддзах ахӕм бардзырд растдӕр уыцы рӕстӕг кӕй радта, уый афтӕ хуымӕтӕджы нӕ рауад. Авд ӕнусы раздӕр Библийы фыст ӕрцыд пехуымпарад, зӕгъгӕ, Мессийӕ райгуырдзӕн Вифлеемы. Ныр хабар та афтӕ уыди, ӕмӕ ма Назаретӕй 11 километры дарддӕр уыди ноджыдӕр иу горӕт Вифлеем. Фӕлӕ Хуыцауы Ныхасы бӕлвырд фыст уыд, Мессийӕ кӕй райгуырдзӕн «Вифлеем Ефрафӕйы». (Бакӕс Михейы 5:2.) Назаретӕй уыцы гыццыл хъӕумӕ адӕймаджы цӕуын хъуыди 130 километры бӕрц Самарийы хӕххон фӕндӕгтыл. Ӕмӕ Иосифы хъуыди уырдӕм ацӕуын, уымӕн ӕмӕ паддзах Давид уырдыгӕй уыд, ӕмӕ Иосиф ӕмӕ Марийӕ та сӕ дыууӕ дӕр уыдысты Давиды хӕдзарвӕндагӕй.
6, 7. а) Марийӕйӕн Вифлееммӕ ацӕуын ӕнцон цӕуылнӕ уыдаид? ӕ) Марийӕ Иосифы ус кӕй сси, уый йӕ уынаффӕтыл куыд фӕзынд? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.)
6 Цымӕ Марийӕ Иосифы уынаффӕимӕ сразы уыдзӕн? Уыцы дард балцы куыд фӕцӕудзӕн? Ӕвӕццӕгӕн, фӕззӕг райдыдта ӕмӕ хус рӕстӕг йӕ кӕронмӕ хӕццӕ кодта, ӕмӕ-иу къӕвдатӕ дӕр рауарыдаид. Уымӕй уӕлдай, Вифлеем денджызӕй 760 метры бӕрзонддӕр уыди. Ӕмӕ цалдӕр боны куы фӕцыдаиккой, уӕд ма сӕ уыцы фӕлладӕй бахъуыдаид хӕрдмӕ цӕуын дӕр. Стӕй уыцы фӕндагыл фылдӕр дӕр бахъуыдаиккой, уымӕн ӕмӕ-иу Марийӕйы арӕх хъуыдаид аулӕфын. Кӕцы сылгоймаджы нӕ фӕндыдаид, цӕмӕй йӕ йӕ арыны афон хӕдзары ӕрӕййӕфтаид ӕмӕ уыцы рӕстӕг йӕ бинонтӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ йӕ фарсмӕ уыдаиккой? Уӕдӕ Марийӕйы уыцы балцы ацӕуынӕн бӕгуыдӕр стыр хъӕбатырдзинад хъуыди.
Вифлееммӕ цӕуын ӕнцон нӕ уыд
7 Фӕлӕ уӕддӕр Лука Иосифы тыххӕй ныффыста, зӕгъгӕ, «йемӕ ракодта Марийӕйы дӕр». Стӕй ма ноджыдӕр ныффыста, уӕдмӕ Иосиф Марийӕйы кӕй ракуырдта, уый дӕр (Лук. 2:4, 5). Марийӕ ныр уыди Иосифы ус, ӕмӕ уынаффӕтӕ дӕр ӕндӕрхуызон хаста. Йӕ лӕджы нымадта йӕ сӕрыхицауыл ӕмӕ йын ӕххуыс кодта, цы уынаффӕтӕ хаста, уыдон ӕххӕст кӕнынӕн. Афтӕмӕй Марийӕ ӕвдыста, бинонты ’хсӕн ын Хуыцау цы бынат саккаг кодта, уымӕн кӕй аргъ кодтаa. Марийӕ йӕ сӕрыхицауы ныхасыл дыууӕ кӕй нӕ загъта, уымӕй равдыста йӕ уырнындзинад.
8. а) Марийӕ ма Иосифимӕ Вифлееммӕ ноджыдӕр цӕмӕн ацыдаид? ӕ) Марийӕйы цӕвиттон Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн абон уӕлдай ӕххуыс цӕмӕн у?
8 Цымӕ, Марийӕ Вифлееммӕ ацӕуыныл кӕй сразы, уымӕн ма ӕндӕр аххосаг дӕр уыди? Фыстадмӕ гӕсгӕ Мессийӕ Вифлеемы кӕй хъуамӕ райгуырдаид, уый, мыййаг, зыдта? Библийы уый тыххӕй ницы ис фыст. Фӕлӕ афтӕ зӕгъӕн дӕр нӕй, ӕмӕ йӕ нӕ зыдтаид, уымӕн ӕмӕ уыцы хабар дины разамонджытӕ ӕмӕ хуымӕтӕг адӕм дӕр зыдтой (Матф. 2:1–7; Иоан. 7:40–42). Ӕмӕ Марийӕ та Фыстад хорз зыдта (Лук. 1:46–55). Уӕдӕ Марийӕ уыцы балцы ацӕуыныл, чи зоны, уый тыххӕй сразы, ӕмӕ йӕ йӕ сӕрыхицауы ныхасы сӕрты ахизын нӕ фӕндыд йе та, чи зоны, паддзах ахӕм бардзырд кӕй радта, уый тыххӕй кӕнӕ та, уыцы хабар Йегъовӕ рагацау кӕй загъта, уый тыххӕй. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уыдаид,– афтӕ кӕй бакодта, уымӕй нын ныууагъта диссаджы цӕвиттон. Йегъовӕйӕн тынг зынаргъ сты ахӕм сӕрныллӕг ӕмӕ коммӕгӕс адӕймӕгтӕ, нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр. Марийӕйы цӕвиттон уӕлдай ӕххуыс у абон махӕн, уымӕн ӕмӕ, адӕймаг искӕй коммӕ кӕса, уый бирӕтӕм ӕгад кӕсы.
Чырысти райгуырд
9, 10. а) Иосиф ӕмӕ Марийӕ Вифлееммӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодтой, уӕд цӕуылты хъуыды кодтаиккой? ӕ) Иосиф ӕмӕ Марийӕ кӕм бахсӕвиуат кодтой ӕмӕ цӕмӕн?
9 Марийӕ Вифлеем дардмӕ куы ауыдта, уӕд, хӕрзаг, сулӕфыд, кӕдӕй-уӕдӕй ӕрбахӕццӕ стӕм, зӕгъгӕ. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: Иосиф ӕмӕ Марийӕ фӕцӕуынц къуыбыртыл, оливӕбӕлӕсты дыргъдӕтты рӕзты. Оливӕтӕ нырма сты бӕлӕстыл, уымӕн ӕмӕ фӕззыгон дыргътӕй ӕппӕты фӕстаг уыдон сцӕттӕ вӕййынц. Ӕмӕ Иосиф ӕмӕ Марийӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыдытӕ кӕнынц уыцы гыццыл хъӕуы хабӕрттыл. Пехуымпар Михей куыд загъта, афтӕ Вифлеем ӕгӕр гыццыл уыди, цӕмӕй Иудӕйы горӕттимӕ нымад ӕрцыдаид. Фӕлӕ кӕддӕр, иу-миназы размӕ, уым райгуырдысты зындгонд адӕймӕгтӕ, зӕгъӕм, Вооз ӕмӕ Ноемин, фӕстӕдӕр та – Давид.
10 Иосиф ӕмӕ Марийӕ хъӕумӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд дзы адӕмӕй азмӕлӕнтӕ нӕ уыд. Бирӕтӕ уыдонӕй раздӕр ӕрцыдысты, ӕмӕ Иосифитӕ, ӕхсӕвы кӕм ӕрлӕууыдаиккой, ахӕм бынат не ссардтойb. Гъемӕ скъӕты бахсӕвиуат кодтой. Иуафон Марийӕйӕн йӕ рыстытӕ райдыдтой. Уӕды онг афтӕ ӕвзӕр никуы уыд. Ахъуыды-ма кӕн, Иосифӕн куыд зын уыдаид, йӕ бинойнаг куыд тухӕн кӕны, уымӕ кӕсын. Ам, скъӕты, ӕрцыд йӕ арыны афон.
11. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ сылгоймӕгтӕй бирӕтӕ бамбардзысты, Марийӕ цы уавӕры уыд, уый? ӕ) Йесо фыццаг хъӕбул кӕмӕн уыди?
11 Марийӕ уӕд цы уавӕры уыд, уый сылгоймӕгтӕй бирӕтӕ бамбардзысты. Уыцы хабарӕй 4 000 азы раздӕр Йегъовӕ загъта, алы сылгоймаг дӕр аргӕ-арын тухитӕ кӕй ӕвзардзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ туджы рахаста тӕригъӕд (Райд. 3:16). Уӕдӕ Марийӕ дӕр, ӕвӕццӕгӕн, иннӕ сылгоймӕгтау тухӕн кодта. Ӕцӕг, Марийӕ цы рыстытӕ ӕвзӕрста, Лука уый тыххӕй ницы фыссы. Ӕрмӕст цыбыртӕй загъта, зӕгъгӕ «йын райгуырд лӕппу, йӕ фыццаг хъӕбул» (Лук. 2:7). Царды рухс федта Марийӕйӕн йӕ бирӕ сывӕллӕттӕй фыццаг. Йесоимӕ йын ӕппынкъаддӕр авд уыдысты (Мар. 6:3). Фӕлӕ йын ацы хъӕбул иннӕты хуызӕн нӕ уыд. Уый ӕрмӕст Марийӕйӕн нӕ уыд йӕ фыццаг хъӕбул – уый Йегъовӕйӕн дӕр уыди йӕ иунӕг Фырт, «цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг»! (Кол. 1:15).
12. Марийӕ сывӕллоны кӕм нывӕрдта? Чырыстийы райгуырды хабӕрттӕ киноты ӕмӕ нывтыл куыд ӕвдыст вӕййынц, ӕцӕгӕй афтӕ уыдысты?
12 Дарддӕр фыст сты, бирӕтӕ кӕй зонынц, уыцы ныхӕстӕ: «Марийӕ йӕ батыхта ӕмӕ йӕ нывӕрдта кӕвдӕсы» (Лук. 2:7). Чырыстийы райгуырды хабӕрттӕ киноты ӕмӕ нывтыл рӕсугъд ӕвдыст вӕййынц. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕнӕм, ӕцӕгӕй та куыд уыдаид. Кӕвдӕсы вӕййы фосӕн сӕ холлаг. Стӕй скъӕты цас сыгъдӕг уыдаид, тӕф дӕр дзы куыннӕ кодтаид. Уӕдӕ кӕцы ныййарӕг сразы уыдзӕн, цӕмӕй йӕ сывӕллон скъӕты райгуыра, хуыздӕр бынат куы уа ссарӕн, уӕд? Ныййарджыты фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ цотӕн уа, хуыздӕрӕй цы ис, уый. Ӕмӕ Иосиф ӕмӕ Марийӕйы та ноджы тынгдӕр фӕндыдаид, цӕмӕй Хуыцауы Фыртӕн, сӕ бон хуыздӕрӕй цы уыд, уый сарӕзтаиккой.
13. а) Иосиф ӕмӕ Марийӕ куыд архайдтой, сӕ уавӕрты сӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый аразыныл? ӕ) Абон ныййарджытӕн сӕ бон куыд у Иосиф ӕмӕ Марийӕйы бафӕзмын?
13 Иосиф ӕмӕ Марийӕ сӕхимӕ нӕ ныхъхъуыстой, сӕ сывӕллон ахӕм уавӕрты кӕй райгуырд, уый тыххӕй. Фӕлӕ сӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый сарӕзтой. Зӕгъӕм, Марийӕ сывӕллонмӕ йӕхӕдӕг каст: хӕцъилты йӕ дзӕбӕх батыхта ӕмӕ йӕ кӕвдӕсы хъавгӕ нывӕрдта, цӕмӕй бафынӕй уыдаид. Ӕмбӕрста йӕ, афтӕмӕй йын хъармдӕр кӕй уыдзӕн. Марийӕ афтӕ нӕ хъуыдытӕ кодта, ныр куыд кӕнон, зӕгъгӕ, фӕлӕ йӕ бон куыд уыд, афтӕ сывӕллоныл батыхст. Марийӕ дӕр ӕмӕ Иосиф дӕр ӕмбӕрстой, ӕппӕты сӕйрагдӕр уый кӕй у, цӕмӕй сӕ лӕппуйӕн Йегъовӕйы бауарзын кӕной. (Бакӕс Дыккаг закъон 6:6–8.) Абон дӕр ӕмбаргӕ ныййарджытӕн сӕ сӕйраг мӕт у, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты Хуыцауы хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты ӕвӕрын сахуыр кӕной, кӕд уый ацы ӕнӕхуыцау дунейы ӕнцон нӕу, уӕддӕр.
Сӕ ныфсыл сын ныфс бафтыдтой
14, 15. а) Фыййӕутты цӕмӕн фӕндыд сывӕллоны тагъддӕр фенын? ӕ) Фыййӕуттӕ кӕвдӕсы ноггуырд сывӕллоны куы федтой, уӕд уый фӕстӕ куыд бакодтой?
14 Бӕстӕ уыд сабыр, фӕлӕ ӕвиппайды цыдӕр хъӕлӕба райхъуыст. Скъӕтмӕ базгъордтой фыййӕуттӕ. Тагъддӕр сӕ фӕндыд ацы бинонты, ӕмӕ уӕлдайдӕр та ноггуырд сывӕллоны, фенын. Сӕ дисӕн ӕмӕ сӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уыд. Иосиф ӕмӕ сӕм Марийӕ, ӕвӕццӕгӕн, дисгӕнгӕ кастысты. Куыд разынд, афтӕмӕй ацы фыййӕуттӕ ӕрбазгъордтой къуыбырты ’рдыгӕй – уыцы афон сӕ дзугтимӕ быдыры уыдыстыc. Ӕмӕ сыл цы диссаг ӕрцыд, уый Иосиф ӕмӕ Марийӕйӕн радзырдтой. Сӕ дзугтӕ куыд хъахъхъӕдтой, афтӕ сӕм ӕмбисӕхсӕв зӕд фӕзынд. Йегъовӕйы кадӕй сӕ алыварс бӕстӕ ныррухс, ӕмӕ сын зӕд фехъусын кодта, зӕгъгӕ, ныртӕккӕ Вифлеемы райгуырд Чырысти, кӕнӕ Мессийӕ. Загъта ма сын, сывӕллоны, дам, ссардзыстут кӕвдӕсы, хӕцъилты тыхтӕй. Уый фӕстӕ та ноджы стырдӕр диссаг ӕрцыд: сӕ разы февзӕрд дуне зӕдтӕ ӕмӕ Хуыцауы кадджын кӕнын райдыдтой! (Лук. 2:8–14).
15 Уӕдӕ ахӕм диссӕгтӕ фенгӕйӕ уыцы сӕрныллӕг фыййӕуттӕ Вифлееммӕ куыннӕ хъуамӕ фӕтагъд кодтаиккой! Ӕмӕ сын зӕд куыд загъта, афтӕ кӕвдӕсы ноггуырд сывӕллоны куы федтой, уӕд фырцинӕй зӕххыл дӕр нал лӕууыдысты. Ӕмӕ уыцы хорз хабар иннӕтӕй дӕр нӕ басусӕг кодтой. Библийы фыст ис: «Фыййӕуттӕ... рахабар кодтой, сывӕллоны тыххӕй сын цы уыд загъд, уый. Ӕмӕ цы радзырдтой, ууыл иууылдӕр тынг дис кодтой» (Лук. 2:17, 18). Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй уыцы заман дины разамонджытӕ фыййӕутты сӕ сӕрмӕ нӕ хастой. Фӕлӕ Йегъовӕ уыцы сӕрныллӕг, иузӕрдион адӕймӕгтӕн тынг аргъ кодта. Цымӕ Марийӕ та ӕппӕт уыцы хабӕртты тыххӕй цы хъуыды кодта?
Йегъовӕ аргъ кодта сӕрныллӕг, иузӕрдион фыййӕуттӕн
16. Марийӕ хабӕрттӕм уӕлӕнгай цӕстӕй кӕй нӕ каст, уый цӕмӕй у бӕрӕг? Йӕ уырнындзинад фидар цӕй фӕрцы уыд?
16 Марийӕ сывӕллоны райгуырды фӕстӕ нырма лӕмӕгъ уыдаид. Фӕлӕ уӕддӕр фыййӕуттӕн сӕ алы ныхасмӕ дӕр лӕмбынӕг хъуыста. Ӕмӕ ӕрмӕст хъусгӕ нӕ кодта, фӕлӕ «сын сӕ ныхӕстӕ йӕ зӕрдыл бадардта ӕмӕ хъуыдытӕ кодта, уый цы уа, зӕгъгӕ» (Лук. 2:19). Марийӕ хабӕрттӕм уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ каст. Ӕмбӕрста йӕ, зӕд цы загъта, уый ахсджиаг кӕй у. Йӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй зыдтаид ӕмӕ хорз ӕмбӕрстаид, йӕ фырт чи у ӕмӕ цавӕр бынат ахсдзӕн, уый. Гъемӕ уыцы ныхӕстӕ иууылдӕр йӕ зӕрдыл бадардта, цӕмӕй сыл уый фӕстӕ, мӕйтӕ ӕмӕ азтӕ куыд цыдаиккой, афтӕ, ногӕй ӕмӕ ногӕй хъуыды кодтаид. Ӕмӕ цард-цӕрӕнбонты йӕ уырнындзинад дӕр афтӕ фидар уый фӕрцы уыд. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:1.)
Марийӕ фыййӕуттӕм лӕмбынӕг хъуыста ӕмӕ сын сӕ ныхӕстӕ йӕ зӕрдыл бадардта
17. Нӕ бон цавӕр хъуыддаджы у Марийӕйы бафӕзмын?
17 Ды дӕр Марийӕйы бафӕзмдзынӕ? Йегъовӕ йӕ Ныхасы ныффыссын кодта тынг бирӕ ахсджиаг хабӕрттӕ. Фӕлӕ нын ницы пайда ӕрхӕсдзысты, фыццаг уал сӕм нӕ хъус лӕмбынӕг куы не ’рдарӕм, уӕд. Уый тыххӕй та нӕ хъӕуы Библи алы бон дӕр кӕсын. Ӕмӕ йӕ хъуамӕ, ӕнӕуи чиныг куыд фӕкӕсӕм, афтӕ ма кӕсӕм, уымӕн ӕмӕ уый у Хуыцауы Ныхас (2 Тим. 3:16). Стӕй-иу мах дӕр хъуамӕ уыцы ныхӕстӕ нӕ зӕрдыл бадарӕм ӕмӕ-иу сыл арф хъуыды кӕнӕм. Библийы цы бакӕсӕм, стӕй, Йегъовӕйы уынаффӕтӕм гӕсгӕ нӕ бон куыд у ноджы хуыздӕр архайын, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд уыдӕтты фӕрцы нӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кӕндзӕн.
Йӕ зӕрдыл ма бадардта ӕндӕр ныхӕстӕ дӕр
18. а) Иосиф ӕмӕ Марийӕ Моисейы закъон куыд сӕххӕст кодтой? ӕ) Иосиф ӕмӕ Марийӕ нывондӕн цы ’рхастой, уымӕй цы ис базонӕн?
18 Сывӕллоныл аст боны куы сӕххӕст, уӕд ын Иосиф ӕмӕ Марийӕ Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ сунӕт скодтой. Ӕмӕ, зӕд куыд загъта, афтӕ йӕ схуыдтой Йесо (Лук. 1:31). Дыууиссӕдз боны куы рацыд, уӕд ӕй ахастой Иерусалимы кувӕндонмӕ (Вифлеемӕй иу-10 километры дарддӕр) ӕмӕ дзы ӕрхастой нывӕндтӕ сыгъдӕг кӕныны номыл. Закъонмӕ гӕсгӕ мӕгуыртӕн сӕ бон уыди нывондӕн дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕлоны ӕрхӕссын. Иосиф ӕмӕ Марийӕйӕн иннӕ ныййарджытау нывондӕн фыркъа ӕмӕ ӕхсинӕг ӕрхӕссын сӕ бон кӕй нӕ уыд, уымӕй, чи зоны, ӕфсӕрмы дӕр кодтой. Фӕлӕ уыдӕттыл ӕгӕр нӕ хъуыды кодтой. Куыдфӕнды ма уыдаид,– кувӕндоны тынг бафидар сты (Лук. 2:21–24).
19. а) Симеон сывӕллоны тыххӕй цы загъта? ӕ) Аннӕ Йесойы куы федта, уӕд куыд бакодта?
19 Уым сӕм бацыд ацӕргӕ нӕлгоймаг, Симеон, зӕгъгӕ. Ӕмӕ, сывӕллоны тыххӕй цы загъта, уый дӕр Марийӕ йӕ зӕрдыл бадардта. Уый размӕ Хуыцау Симеонӕн зӕрдӕ бавӕрдта, зӕгъгӕ, цалынмӕ Мессийӕйы нӕ фенай, уӕдмӕ нӕ амӕлдзынӕ. Ӕмӕ йын ныр Йегъовӕйы сыгъдӕг тых раргом кодта, гыццыл Йесо кӕй у зӕрдӕвӕрд Ирвӕзынгӕнӕг. Симеон ма Марийӕйӕн загъта, иу бон стыр маст кӕй бавзардзӕн. Афтӕ, дам, фӕуыдзынӕ, цыма дӕ зӕрдӕйы стыр кард ахызт (Лук. 2:25–35). Ӕмӕ кӕд уый хорз хабар нӕ уыд, уӕддӕр Марийӕйӕн уыцы ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, кӕмдӕр ӕххуыс дӕр фесты – 33 азы фӕстӕ йын йӕ хъӕбулы куы амардтой, уӕд ын уыцы маст сфӕразын ӕнцондӕр уыд. Симеоны фӕстӕ та гыццыл Йесомӕ бацыд ус-пехуымпар Аннӕ ӕмӕ, Иерусалимы ирвӕзындзинадмӕ чи ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр сывӕллоны тыххӕй дзырдта. (Бакӕс Лукайы 2:36–38.)
Иосиф ӕмӕ Марийӕ Йегъовӕйы кувӕндоны куы уыдысты, уӕд тынг бафидар сты
20. Йесойы йӕ ныййарджытӕ Иерусалимы кувӕндонмӕ кӕй ӕрбахастой, уый хорз цӕмӕн уыд?
20 Куыд хорз уыди, Иосиф ӕмӕ Марийӕ сӕ гыццыл лӕппуйы Иерусалиммӕ Йегъовӕйы кувӕндонмӕ кӕй ӕрбахастой! Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йесо уӕд райдыдта Йегъовӕйы кувӕндонмӕ цӕуын, ӕмӕ куы сыстыр, уӕд дӕр дзы уыцы бынат рох никуы уыд. Иосиф ӕмӕ Марийӕ кувӕндоны куы уыдысты, уӕд Хуыцауӕн радтой, хуыздӕрӕй сӕм цы уыд, уый. Ӕмӕ сӕхицӕн дӕр сӕ ныфсыл ныфс бафтыд, стӕй ноджы хуыздӕр бамбӕрстой, дарддӕр сӕ цы аразын хъӕуы, уый. Уыцы бон Марийӕйӕн йӕ уырнындзинад ӕнӕмӕнгӕй ноджы фидардӕр сси. Йӕ зӕрдӕ дзаг уыд Хуыцауы ныхӕстӕй, ӕмӕ сыл, ӕвӕццӕгӕн, уый фӕстӕ йӕхӕдӕг дӕр хъуыды кодта ӕмӕ ма сӕ иннӕтӕн дӕр дзырдта.
21. Нӕ уырнындзинад цӕй фӕрцы фидар кӕндзӕн?
21 Абон дӕр Марийӕйау чи архайы, уыцы ныййарджытӕм кӕсгӕйӕ зӕрдӕ барухс вӕййы. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ сывӕллӕтты сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ семӕ ӕмбырдтӕм фӕкӕнынц. Ахӕм ныййарджытӕ иннӕтӕн дӕттынц, сӕ бон цы у, уый, ӕмӕ се ’фсымӕртӕ ӕмӕ сӕ хоты ныфсыл ныфс бафтауынц. Афтӕмӕй ӕмбырды сӕхи уырнындзинад дӕр сфидар вӕййы, сӕ циндзинадыл дӕр бафты ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ байдзаг вӕййынц, иннӕтӕн дӕр кӕмӕй фӕхай кӕнынц, ахӕм хорздзинӕдтӕй. Тынг ӕхсызгон нын вӕййы, семӕ куы вӕййӕм, уӕд. Дарддӕр дӕр афтӕ куы кӕнӕм, уӕд махӕн дӕр нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн, Марийӕйы уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр куыд кодта, афтӕ.
a Ӕрхъуыды-ма кӕн, Марийӕ ма цалдӕр мӕйы размӕ дӕр кӕй уыди балцы, уый. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «Марийӕ йӕхи арӕвдз кодта ӕмӕ атындзыдта» Елизаветӕйы бабӕрӕг кӕнынмӕ (Лук. 1:39). Уӕд Иосифимӕ фидыд уыди, фӕлӕ йӕм мой нӕма скодта, ӕмӕ йемӕ нӕ уынаффӕ кодта. Фӕлӕ сӕ цард куы баиу кодтой, уӕд уавӕр фӕивта. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «Иосиф дӕр рараст Галилейӕйӕ» (Лук. 2:4). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Марийӕ нӕ, фӕлӕ Иосиф аскъуыддзаг кодта, Вифлееммӕ кӕй ацӕудзысты, уый.
b Уӕды заманты афтӕ уыди, ӕмӕ-иу хъӕуты ӕмӕ горӕтты бӕлццӕттӕн рахицӕн кодтой, кӕм бахсӕвиуат кодтаиккой, ахӕм бынат.
c Фыййӕуттӕ уыцы рӕстӕг ӕхсӕвы дӕр сӕ дзугтимӕ быдыры кӕй уыдысты, уый у бӕлвырдгӕнӕн, Библийы нымад раст кӕй у, уымӕн: Чырысти декабры нӕ райгуырд, фӕлӕ октябры райдианты. Декабры-иу фос сӕ хицӕутты хӕдзӕрттӕм хӕстӕгдӕр ӕртардтой, ӕмӕ-иу уыдысты скъӕтты.