Библийы 25 чиныг – Йеремийы хъарӕг
Ныффыста йӕ: Йереми
Кӕм ӕрцыд фыст: Иерусалиммӕ ’ввахс
Фыст фӕцис: н. э. агъоммӕ 607 азы
АЦЫ чиныг у Хуыцауы фӕндӕй фыст ӕмӕ йыл йӕ ном хорз фидауы. Уый у, Хуыцауы ӕвзӕрст адӕмыл цы бӕллӕх ӕрцыд,– Вавилоны паддзах Навуходоносор н. э. агъоммӕ 607 азы Иерусалим кӕй ныппырх кодта,– ууыл зӕрдӕхалӕн хъарӕг. Дзуттаг ӕвзагыл ацы чиныджы ном арӕзт у йӕ фыццаг дзырдӕй – Еха!, ома «Куыд!». Грекъаг Септуагинтӕйы тӕлмацгӕнджытӕ чиныг схуыдтой Треной, уый амоны «дзыназын, хъарджытӕ». Вавилойнаг Талмуд ам пайда кӕны дзырдӕй Кинот, ӕмӕ уый дӕр нысан кӕны «дзыназын, элеги (ӕнкъард ӕмдзӕвгӕ)». Иероним, Библи латинаг ӕвзагмӕ чи ратӕлмац кодта, уый ацы чиныг схуыдта Lamentationes («Хъарӕг»), ӕмӕ йӕ иронау дӕр схуыдтой уымӕ гӕсгӕ.
2 Библийы уырыссаг тӕлмацы Йеремийы хъарӕг ис Йеремийы чиныджы фӕстӕ, фӕлӕ дзуттаг фыстыты арӕхдӕр вӕййы Агиографӕты, кӕнӕ Фыстыты ’хсӕн, уырдӕм хауынц Соломоны зарӕг, Руф, Екклесиаст ӕмӕ Есфиры чингуытӕ, иумӕ сӕ хонынц Мегиллот (Тыхтонтӕ). Иуӕй-иу нырыккон дзуттаг Библиты Йеремийы хъарӕг вӕййы Руф ӕмӕ Екклесиасты ’хсӕн кӕнӕ Есфир ӕмӕ Екклесиасты ’хсӕн. Фӕлӕ рагон къухфыстыты ис Йеремийы чиныджы фӕстӕ, абон нӕ Библиты куыд у, афтӕ.
3 Чиныг чи ныффыста, уый тыххӕй дзы йӕхи мидӕг ницы фыст ис, фӕлӕ уӕддӕр зӕгъӕн ис, Йереми йӕ кӕй ныффыста. Грекъаг Септуагинтӕйы йӕ чиныг райдайы ахӕм разныхасӕй: «Ӕмӕ уый уыдис, Израил уацары куы акодтой ӕмӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уый фӕстӕ, Йереми йӕ цӕссыг калгӕйӕ сбадтис ӕмӕ хъарджытӕ кодта Иерусалимыл, ӕмӕ загъта...». Иерониммӕ ацы ныхӕстӕ раст нӕ фӕкастысты, ӕмӕ сӕ йӕ тӕлмацмӕ нӕ бахаста. Фӕлӕ дзуттӕгтӕ Хъарӕджы фыссӕгыл кӕддӕриддӕр нымадтой Йеремийы; ахӕм хъуыдыйыл разы сты сириаг Библи, латинаг Вульгатӕ, Ионафаны Таргум, Вавилойнаг Талмуд ӕмӕ ӕндӕртӕ.
4 Иуӕй-иу ахуыргӕндты фӕндыд, Хъарӕг Йереми кӕй нӕ ныффыста, уый сбӕлвырд кӕнын. Фӕлӕ, Хъарӕджы чиныг Йеремийы фыст кӕй у, уый бӕлвырд кӕнынӕн хӕссынц иу чиныджы ныхӕстӕ: «2 ӕмӕ 4 сӕрты Иерусалимы тыххӕй куыд бӕстон фыст у, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ йӕхи цӕстӕй чи федта, ахӕм адӕймаг ӕй кӕй ныффыста. Уымӕй уӕлдай, поэмӕты зыны йӕ фыссӕджы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад, ис дзы бирӕ пехуымпарӕдтӕ. Хъарӕг цы ӕвзагӕй фыст у, цы дзырдбӕстытӕ ӕмӕ дзы цы хъуыдытӕ ис, уымӕй дӕр бӕрӕг у, Йеремийы фыст кӕй у, уый»a. Йеремийы чиныджы ӕмӕ Йеремийы хъарӕджы бирӕ ӕмхуызон дзырдбӕстытӕ ис, зӕгъӕм, стыр хъынцъымӕй «цӕстыты дон мизы ’мӕ мизы», зӕгъгӕ (Йер. хъ. 1:16; 2:11; 3:48, 49; Йер. 9:1; 13:17; 14:17), кӕнӕ, фыдхъуыддӕгтыл чи бафтыд, уыцы пехуымпартӕ ӕмӕ сауджынтӕ куыд цъаммар сты, уый тыххӕй (Йер. хъ. 2:14; 4:13, 14; Йер. 2:34; 5:30, 31; 14:13, 14). Йереми 8:18–22 ӕмӕ Йер 14:17, 18 бӕрӕг у, Йереми хорз кӕй зыдта хъарӕджы ӕвзаг.
5 Куыд хъуыды кӕнынц, афтӕмӕй, чиныг ӕрцыд фыст н. э. агъоммӕ 607 азы Иерусалим куы ныппырх кодтой, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр. Йеремийӕн ма йӕ цӕстытыл уади ӕвирхъау ныв: сахарыл ӕрхъула кодтой ӕмӕ йӕ басыгътой. Ууыл йӕ зӕрдӕ куыд рыст, уый ирдӕй ӕвдыст у йӕ ныхӕсты. Библи чи ӕмбарын кӕны, ахӕм ахуыргонд бафиппайдта, зӕгъгӕ, Йеремийы сагъӕстӕй иу дӕр кӕронмӕ ӕвдыст никуы цӕуы, фӕлӕ та ӕндӕр хъарӕджы ногӕй ӕмбӕлы. Стӕй ма загъта: «Чиныджы цы ӕнкъарӕтӕ ис, уыдон сты ӕппӕты хуыздӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕй иу, цы хабӕрттӕ ӕмӕ дзы цы хъуыдытӕ ис, уыдон ӕцӕг кӕй уыдысты»b.
6 Йеремийы хъарӕг куыд арӕзт у, уый тынг цымыдисаг у, Библи чи ӕмбарын кӕны, уыцы ахуыргӕндтӕн. Ис дзы фондз сӕры, кӕнӕ фондз лирикон ӕмдзӕвгӕйы. Уыдонӕй фыццаг цыппар фыст сты акростихтӕй, алы стих дӕр дзы райдайы дзуттаг алфавиты 22 дамгъӕйӕ сӕ иуӕй. Ӕртыккаг сӕры та ис 66 стихы, уыдон дих сты ӕртыгай стихтыл ӕмӕ дзы алы ӕртӕ стихы дӕр райдайынц иу дамгъӕйӕ. Фӕндзӕм сӕр акростих нӕу, фӕлӕ уым дӕр ис 22 стихы.
7 Йеремийы хъарӕджы ӕвдыст цӕуы стыр маст, Навуходоносор Иерусалимыл кӕй ӕртыхст, стӕй йӕ кӕй бацахста ӕмӕ йӕ кӕй ныппырх кодта, ууыл, ӕмӕ иннӕ уацмысты ’хсӕн бӕрӕг дары йӕ аив, бӕрзонд хъуыдытӕй ӕмӕ йе ’нкъарӕнтӕй. Фыссӕг тынг мӕт кӕны, йӕ алыварс бӕстӕ кӕй ныппырх, адӕм кӕй хъизӕмар кӕнынц ӕмӕ тынг тыхст уавӕры кӕй сты, ууыл. Ӕххормагдзинад, хӕст ӕмӕ ма ӕндӕр стыр бӕллӕхтӕ ’рцыд сахарыл – Хуыцауы фыдӕх ӕй баййӕфта йӕ адӕмы, йӕ пехуымпарты ӕмӕ йӕ сауджынты тӕригъӕдты тыххӕй. Фӕлӕ Иудӕ йӕ къахыл кӕй слӕудзӕн, уый тыххӕй уыд Йегъовӕйыл зӕрдӕ дарӕн ӕмӕ йӕм кувын.
ЦЫ ПАЙДА У
13 Хъарӕджы чиныг ӕвдисы, Йереми фидарӕй ӕмӕ ’ппӕт зӕрдӕйӕ кӕй ӕууӕндыд Хуыцауыл. Пехуымпар тынг маст кӕны, Иудӕйы бындзагъд кӕй ныккодтой, ууыл. Стӕй зоны, иу адӕймаг дӕр ын ныфсы ныхас кӕй нӕ зӕгъдзӕн, ӕмӕ ирвӕзындзинадмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы дунескӕнӕг стыр Хуыцау Йегъовӕйӕ. Йеремийы хъарӕг Хуыцауы ӕнувыд лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр разӕнгард кӕны, цӕмӕй йӕм хъусой ӕмӕ йыл иузӕрдион уой. Уыимӕ ма фӕдзӕхсы, Хуыцауы кадджын ном чи ницӕмӕ дары, уыдонмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй. Историйы дӕргъы ӕндӕр никӕцы сахарыл скодтой ахӕм зӕрдӕхалӕн ӕмӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ хъарӕг. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хорз у зонын, Хуыцау кӕй нӕ бары, йӕ ныхмӕ чи цӕуы, ӕнӕсӕттон чи у ӕмӕ фӕсмон чи нӕ кӕны, уыдонӕн.
14 Йеремийы хъарӕг ма ноджы уымӕй дӕр у пайда, ӕмӕ ӕвдисы, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ пехуымпарӕдтӕй цалдӕр куыд сӕххӕст сты, уый (Йер. хъ. 1:2 – Йер. 30:14; Йер. хъ. 2:15 – Йер. 18:16; Йер. хъ. 2:17 – Лев. 26:17; Йер. хъ. 2:20 – Дык. з. 28:53). Йеремийы хъарӕг ма тынг хорз ӕвдисы Дыккаг закъоны 28:63–65 сӕххӕст. Уымӕй уӕлдай ма чиныг арӕх амоны Сыгъдӕг Фыстады иннӕ хӕйттӕм дӕр (Йер. хъ. 2:15 – Пс. 47:3; Йер. хъ. 3:24 – Пс. 118:57). Данелы 9:5–14 бӕлвырд кӕнынц Йеремийы хъарӕджы 1:5 ӕмӕ 3:42 хъуыды, ома адӕмыл уыцы бӕллӕхтӕ сӕхи тӕригъӕдты тыххӕй кӕй ӕрцыдысты.
15 Цӕй кӕуинаг уавӕры ис Иерусалим! Фӕлӕ уӕддӕр Йеремийы хъарӕг дзуры фидар ныфсы тыххӕй, Йегъовӕ та сӕм фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй уыдзӕн, Сионы кӕй ӕрхъуыды кӕндзӕн ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ йӕ зӕхмӕ кӕй ӕркӕндзӕн (Йер. хъ. 3:31, 32; 4:22). Чиныг ныфс ӕвӕры, Иерусалимы ма Давид ӕмӕ Соломон куы паддзахиуӕг кодтой, уӕд куыд уыд, афтӕ та «бонтӕ [кӕй] ысног» уыдзысты. Йегъовӕ Давидимӕ цы ӕнусон паддзахады бадзырд сфидар кодта, уый нырма дӕр йӕ тыхы ис! «Йӕ хорзӕх нӕ фӕуыдзӕн. Уый алы райсом дӕр тыхджынӕй-тыхджындӕр кӕндзӕн». Ӕмӕ Йегъовӕ ауддзӕн, чи йӕ уарзы, уыдоныл, цалынмӕ йӕ рӕстаг Паддзахады рӕстӕджы алы адӕймаг дӕр фырцинӕй ӕмӕ бузныгзӕрдӕйӕ нӕ зӕгъа: «Йегъовӕ у мӕ хай» (5:21; 3:22–24, НД).
[Фиппаинӕгтӕ]
a Дж. Р. Даммлоу, «Commentary on the Holy Bible», 1952 аз, 483 ф.
b Норман Готтвальд, «Studies in the Book of Lamentations», 1954 аз, 31 ф.