Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bsi07 8–10 фф.
  • Библийы 27 чиныг – Данел

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библийы 27 чиныг – Данел
  • Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 15 хай
  • Сӕргӕндтӕ
  • ЦЫ ПАЙДА У
Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 15 хай
bsi07 8–10 фф.

Библийы 27 чиныг – Данел

Ныффыста йӕ: Данел

Кӕм ӕрцыд фыст: Вавилоны

Фыст фӕцис: н. э. агъоммӕ 536 азмӕ ӕв.

Цы рӕстӕгыл дзы цӕуы дзырд: н. э. агъоммӕ 618–536 азтӕ.

АБОН, ӕппӕт адӕмтӕ дӕр се сӕфты къахыл куы ныллӕууыдысты, уӕд нын Данелы чиныг не ’ргом здахы ахсджиаг пехуымпарӕдтӕм. Библийы, Паддзахӕдтӕ ӕмӕ Паралипоменоны чингуыты цы цауты тыххӕй дзырдӕуы, уыдӕттӕ йӕхи цӕстӕй чи уыдта, уыдон фыстой, Хуыцауы хицаудзинад зӕххыл цы паддзахадӕй ӕвдыст уыд (паддзах Давиды хӕдзарвӕндагӕй), уый тыххӕй. Данелы чиныджы та фылдӕр дзырдӕуы дунейы адӕмыхӕттытыл, ӕмӕ дзы пехуымпарадон цӕстылуайӕнтӕй ӕвдыст цӕуы, уыцы рӕстӕгӕй суанг «кӕроны рӕстӕгмӕ» дунеон паддзахӕдты ’хсӕн цы карз тох цӕуы, уый. Уым рагацау фыст у дунейы истори. Фӕстагмӕ дзы дзырдӕуы, «кӕроны рӕстӕджы» цы ’рцӕудзӕн, уый тыххӕй. Навуходоносорау адӕмтӕ бамбардзысты, «адӕмы паддзахадӕн Уӕларвон кӕй у йе стыр хицау», ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг, «адӕймаджы Фырты хуызӕн» чи у, уымӕн, ома Мессийӕ ӕмӕ Разамонӕг Йесо Чырыстийӕн кӕй ратдзӕн (Дан. 12:4; 10:14, НД; 4:22; 7:13, 14; 9:25; Иоан. 3:13–16). Хуыцауы фӕндӕй фыст Данелы чиныджы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уымӕ лӕмбынӕг нӕ хъус куы дарӕм, уӕд фылдӕр аргъ кӕндзыстӕм, Йегъовӕ йӕ пехуымпарӕдтӕ кӕй ӕххӕст кӕны, йӕ адӕмы кӕй хъахъхъӕны ӕмӕ сын кӕй арфӕ кӕны, уымӕн (2 Пет. 1:19).

2 Чиныг хуыйны, чи йӕ ныффыста, уый номӕй. «Данел» (дзуттагау Даниел) нысан кӕны «Мӕ тӕрхонгӕнӕг у Хуыцау». Уыцы дуджы цӕрӕг Иезекил йӕ чиныджы Ной ӕмӕ Иовимӕ иумӕ Данелы кой дӕр кӕй кӕны, уымӕй бӕлвырд кӕны, Данел ӕрымысгӕ адӕймаг кӕй нӕ уыд, уый (Иез. 14:14, 20; 28:3). Данел йӕхӕдӕг куыд дзуры, афтӕмӕй йӕ чиныг фыссын райдыдта «[Иудӕйы] паддзах Иоакимы паддзахдзинады ӕртыккӕгӕм азы». Уый уыди н. э. агъоммӕ 618 азы, Иоаким Навуходоносорыa дӕлбар паддзах куы сси, уый фӕстӕ ӕртыккаг аз. Данел пехуымпарадон цӕстылуайӕнтӕ уыдта суанг Киры паддзахдзинады ӕртыккаг азы онг – н. э. агъоммӕ иу-536 азмӕ (Дан. 1:1; 2:1; 10:1, 4). Цас ӕвирхъау хабӕрттӕ ӕрцыд Данелы рӕстӕджы! Йе ’рыгон бонтӕ арвыста Хуыцауы ӕвзӕрст паддзахад Иудӕйы. Стӕй кънйазы фырт кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ йе ’мбӕлттимӕ, зындгонд дзуттӕгтимӕ, акодтой Вавилонмӕ. Уым фӕцард, уыцы паддзахад йӕ тыхы куы бацыд, уӕдӕй йе сӕфты онг. Библийы историйы Вавилон у ӕртыккаг дунеон паддзахад. Данел удӕгасӕй баззад ӕмӕ ма цыппӕрӕм дунеон паддзахад Мидо-Персы дӕр лӕггад кодта бӕрнон кусӕгӕй. Данел фӕцарди сӕдӕ азы бӕрц.

3 Данелы чиныг алкӕддӕр уыди Хуыцауы фӕндӕй фыст дзуттӕгты Фыстыты номхыгъдӕй. Мард денджызы тыхтонты иннӕ сыгъдӕг чингуыты ’хсӕн Данелы пехуымпарадӕй дӕр уыди скъуыддзӕгтӕ, уыдонӕй иуӕй-иутӕ фыст ӕрцыдысты н. э. агъоммӕ фыццаг ӕнусы райдианы. Фӕлӕ чиныгыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уый ноджы тынгдӕр бӕлвырд кӕны, Данелы чиныгмӕ Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ кӕй амонынц, уымӕй. Йесо «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕроны» тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уым кӕны Данелы кой ӕмӕ йын цалдӕр хатт ӕрхаста йӕ ныхӕстӕ (Матф. 24:3; кӕс ма Дан. 9:27; 11:31 ӕмӕ 12:11 – Матф. 24:15 ӕмӕ Маркы 13:14; Дан. 12:1 – Матф. 24:21; Дан. 7:13, 14 – Матф. 24:30).

4 Библи чи иртасы, уыцы ахуыргӕндтӕй иуӕй-иутӕ Данелы чиныг ӕууӕнчы аккагыл нӕ нымайынц. Фӕлӕ бирӕ азты дӕргъы археологтӕ цы ссардтой, уыдон бӕлвырд кӕнынц, раст кӕй не сты, уый. Цӕвиттон, уыцы ахуыргӕндтӕ худынц Данелы ныхӕстыл, Вавилоны паддзах Валтасар кӕй уыди. Уыдон дзурынц, зӕгъгӕ, дам, бӕрӕг у, уыцы рӕстӕджы Набонид кӕй уыди Вавилоны хицау (Дан. 5:1). Абоны онг археологтӕ цы ссардтой, уымӕй сбӕрӕг, Валтасар ӕцӕгӕйдӕр кӕй царди ӕмӕ Вавилоны паддзахады фӕстаг азты Набониды ӕмпаддзах кӕй уыди, уый. Зӕгъӕм, рагон цуркӕнгӕс фыст «Набониды поэмӕ» бӕлвырд кӕны, Валтасарӕн Вавилоны паддзахы бартӕ кӕй уыд ӕмӕ ӕмбарын кӕны, Набониды ӕмпаддзах куыд сси, уыйb. Ис ма ӕндӕр цуркӕнгӕс фыст дӕр, Валтасар паддзахы хӕстӕ кӕй ӕххӕст кодта, уый чи бӕлвырд кӕны. Уый арӕзт уыд, Набонид 12 азы куы паддзахиуӕг кодта, уӕд, ӕмӕ дзы фыст ис сомыйы ныхӕстӕ паддзах Набонид ӕмӕ паддзахы фырт Валтасары номӕй. Уыцы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Валтасарӕн йӕ фыдимӕ ӕмхуызон бартӕ кӕй уыдc. Уыцы фыст ма цымыдисаг уымӕн у, ӕмӕ къулыл цы къухфыст уыд, уый Данел куы райхӕлдтаид, уӕд ӕй Валтасар «паддзахадӕн ӕртыккаг сӕрдарӕй» ӕвӕрдта. Набонид нымад уыди фыццаг хицауыл, Валтасар – дыккагыл, Данел та ӕвӕрд ӕрцыдаид ӕртыккаг хицауӕй (5:16, 29). Иу иртасӕг дзуры: «Цуркӕнгӕс фыстыты Валтасары тыххӕй цы фыст ис, уый хорз ӕмбарын кӕны, чи уыди, уый, ӕмӕ ныр, историйы цы бынат ахсы, уый сбӕрӕг. Валтасар йӕ бартӕй ӕмӕ йӕ кадӕй Набонидӕй бирӕ дӕлдӕр кӕй нӕ уыд, уый бӕлвырдгӕнӕн тексттӕ бирӕ ис. Ног-Вавилойнаг паддзахады фӕстаг азты дыууӕйӕ паддзахиуӕг кӕныны ӕгъдау кӕй уыд, уый бӕрӕг у. Набонид уыди сӕйраг хицау, йӕ паддзахы галуан уыди Теймы (Арави), ӕмӕ Валтасар та уыди йе ’мпаддзах Вавилоны, сӕхи бӕстӕйы. Бӕрӕг у, Валтасар паддзахӕн хуымӕтӕг хӕдивӕг кӕй нӕ уыди; уымӕн йӕ бӕрны уыд „паддзахад“»d.

5 Иуӕй-иутӕ ӕцӕг хабарыл нӕ нымайынц, Данел судзгӕ пецы тыххӕй цы фыссы (3-аг сӕр), уый, зӕгъгӕ, дам, уый таурӕгъ у. Фӕлӕ иу рагон Вавилойнаг фыстӕджы кӕсӕм: «Афтӕ зӕгъы Рим-Син, дӕ хицау: „Уый цагъар-лӕппуйы пецы кӕй баппӕрста, уый тыххӕй ды баппар уыцы цагъары тӕвд пецы“. Ацы фыстмӕ амонгӕйӕ, Г. Р. Драйвер загъта, зӕгъгӕ, растдӕр ахӕм ӕфхӕрды «кой цӕуы ӕртӕ сыгъдӕг лӕджы тыххӕй радзырды дӕр» (Дан. III, 6, 15, 19–27)»e.

6 Дзуттӕгтӕ Данелы чиныг Пехуымпартӕм нӕ бахастой, фӕлӕ Фыстытӕм. Фӕлӕ уырыссаг ӕвзагыл цы Библи ис, уым Данелы чиныг ӕвӕрд у стыр ӕмӕ чысыл пехуымпарты ’хсӕн, грекъаг Септуагинтӕ ӕмӕ латинаг Вульгатӕйы куыд у, афтӕ. Чиныг конд у дыууӕ хайӕ. Фыццаг хайы, 1–6 сӕрты фыст ис, Данел ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ н. э. агъоммӕ 617 азӕй н. э. агъоммӕ 538 азмӕ паддзахмӕ бӕрнон куыст куы кодтой, уӕд сыл цы хабӕрттӕ цыди, уый тыххӕй (Дан. 1:1, 21). Дыккаг хайы, 7–12 сӕрты, архайд ӕвдыст цӕуы фыццаг цӕсгомӕй, Данелӕн йӕхи номӕй, ӕмӕ дзы ис, н. э. агъоммӕ иу-553–536f азты онг Данел цы цӕстылуайӕнтӕ уыдта, уыдон, афтӕ ма, зӕдтимӕ куыд ныхас кодта, уый дӕр (7:2, 28; 8:2; 9:2; 12:5, 7, 8). Дыууӕ хай иумӕ сты Данелы иу чиныг, ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ кӕрӕдзиимӕ баст сты.

ЦЫ ПАЙДА У

19 Хорз уаид, ацы ӕнӕхуыцау дунейы ӕнаиппӕй баззайын кӕй фӕнды, уый, Данел ӕмӕ йе ’ртӕ хӕлары диссаджы цӕвиттоныл куы ахъуыды кӕнид. Уыдон цыфӕнды уӕззау уавӕрты дӕр цардысты Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Сӕ цардӕн тӕссаг куы уыд, уӕд Данел архайдта «зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ» ӕмӕ кад кодта паддзахӕн (2:14–16). Ӕртӕ дзуттаг лӕппуйы равзарын куы бахъуыд – йе мӕнгхуыцауы цыртӕн бакувой, йе та сӕ пецы басудзой – уӕд равзӕрстой дыккаг; Данел та цӕйнӕфӕлтау Йегъовӕмӕ мауал куывтаид, фӕлтау домбӕйтты хъоргъ равзӕрста. Дыууӕ хатты дӕр сӕ Йегъовӕ фервӕзын кодта (3:4–6, 16–18, 27; 6:10, 11, 23). Йегъовӕмӕ кувын ӕмӕ йыл афтӕмӕй ныфс ӕвӕрӕн куыд ис, уымӕн Данел у диссаджы цӕвиттон (2:19–23; 9:3–23; 10:12).

20 Данел цы цӕстылуайӕнтӕ уыдта, уыдон адӕймаджы дисы ӕфтауынц, ӕмӕ уыдон иртасгӕйӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕны. Фыццаг уал ӕркӕсӕм дунеон паддзахӕдты тыххӕй цыппар цӕстылуайӕнмӕ: 1) стыр гуымирыцырты тыххӕй цӕстылуайӕны сыгъзӕрин сӕр ӕвдыста Вавилоны паддзӕхты, Навуходоносор сӕ фыццаг. Гуымирыцырты иннӕ хӕйттӕ та ӕвдыстой, Вавилоны фӕстӕ цы ӕртӕ паддзахады фӕзынд, уыдон. Уыцы паддзахӕдты ныппырх кодта, «ӕнусмӕ чи нӕ фехӕлдзӕн, ахӕм паддзахад» – Хуыцауы паддзахад чи сси, уыцы «дур» (2:31–45). 2) Уый фӕстӕ дзы ’мбӕлы Данелы цӕстылуайӕнтӕ. Фыццаг у цыппар сырды тыххӕй цӕстылуайӕн. Уыцы сырдтӕ нысан кӕнынц «цыппар паддзахы». Уыдонӕй сӕ иу уыди домбайы хуызӕн, иннӕ – арсы хуызӕн, ӕртыккаг – цыппарсӕрон фыранкы хуызӕн, цыппӕрӕм та уыд ӕнахуыр сырд дӕс ӕфсӕйнаг дӕндагимӕ, дӕс сыкъаимӕ, фӕстӕдӕр ма йыл ӕрзад иу гыццыл сыкъа (7:1–8, 17–28). 3) Иннӕ цӕстылуайӕны та федта фыр (Мидо-Перс), цӕу (Греци) ӕмӕ гыццыл сыкъа (8:1–27). 4) Фӕстагмӕ та – хуссары паддзах ӕмӕ цӕгаты паддзахы тыххӕй цӕстылуайӕн. Данелы 11:5–19 бӕстон фыст ис, н. э. агъоммӕ 323 азы Александры мӕлӕты фӕстӕ грекъаг паддзахад кӕй ныддихтӕ, ӕмӕ уыцы ног паддзахӕдтӕ, Египет ӕмӕ Селевкидтӕ, кӕй тох кодтой, уый тыххӕй. Уыцы сӕры 20-ӕм стихӕй фӕстӕмӕ дзырд цӕуы, хуссар ӕмӕ цӕгаты паддзӕхты бартӕ цы бӕстӕтӕ истой, ууыл. Йесо фӕстаг бонты уӕларвон Паддзахады Паддзах куы уа, уый тыххӕй йӕхӕдӕг цы пехуымпарад загъта, уым бацамыдта, «бӕстӕ чи сафы, уыцы ӕлгъаг цыдӕрмӕ» (11:31), ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, уыцы дыууӕ паддзахы карз тох суанг «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕронмӕ» кӕй ахӕсдзӕн (Матф. 24:3). Куыд нын фидар кӕны нӕ зӕрдӕтӕ пехуымпарады ныфсӕвӕрд, зӕгъгӕ, «адӕм куы сӕвзӕрдысты, уӕдӕй-ардӕм чи никуы ма уыди, [уыцы] тыхст рӕстӕджы», Михаил кӕй растдзӕн, цӕмӕй фесафа ӕнӕхуыцау дзыллӕты ӕмӕ сабырдзинад ӕрхӕсса коммӕгӕс адӕмӕн! (Дан. 11:20–12:1).

21 Дарддӕр Данел пехуымпар-ныхас кӕны «дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз авд азы» тыххӕй. 69 авдазы фӕстӕ хъуамӕ фӕзындаид «Хицау Чырысти». Бафиппайын хъӕуы, Артаксерксы паддзахдзинады 20-ӕм азы йӕ бардзырдмӕ гӕсгӕ Иерусалим ногӕй рацаразыны «дзырд куы рацыди» ӕмӕ Иерусалимы Нееми уыцы дзырд куы сӕххӕст кодта, уымӕй 483 азы фӕстӕ (69 хатт 7 азы), назаретаг Йесо донаргъуыд кӕй райста Иорданы цӕугӕдоны, сыгъдӕг удӕй сӕрст кӕй ӕрцыд, ӕмӕ афтӕмӕй кӕй сси Чырысти, кӕнӕ Мессийӕ (ома, Сӕрст)g. Уый уыди н. э. 29 азы. Уый фӕстӕ, Данел куыд загъта, афтӕ ’рцыд «бынысӕфт», н. э. 70 азы Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд (Дан. 9:24–27; Лук. 3:21–23; 21:20).

22 Данелы чиныджы 4-ӕм сӕры ис фыст Навуходоносоры фын, бӕлас калд куыд ӕрцыд ӕмӕ уыцы фын куыд сӕххӕст, уый тыххӕй. Йӕ ӕнтыстытӕй чи ӕппӕлыд ӕмӕ йӕ ныфс йӕхи хъаруйыл чи дардта, уыцы паддзахӕн Йегъовӕ Хуыцау йӕ бон базонын кодта. Паддзах сырдау быдыры царди, цалынмӕ нӕ бамбӕрста, «адӕмы паддзахадӕн Уӕларвон кӕй у йе стыр хицау ӕмӕ йӕ радты, кӕмӕн ӕй бафӕнды, уымӕн» (Дан. 4:29). Фӕндид нӕ Навуходоносорау не ’нтыстытӕй ӕппӕлын ӕмӕ нӕ ныфс адӕймаджы хъаруйыл дарын, цӕмӕй нӕ уый тыххӕй Хуыцауы фыдӕх баййафа? Хуыздӕр нӕ уаид, куы сразы уаиккам, Хуыцау кӕй у адӕмӕн сӕ Хицау ӕмӕ нӕ ныфс йӕ Паддзахадыл куы ’вӕриккам?

23 Данелы чиныджы сӕрӕй кӕронмӕ бӕрӕг дары Хуыцауы Паддзахады хабар, уый нын фидар кӕны нӕ уырнындзинад. Йегъовӕ дзы ӕвдыст у Дунедарӕг Хуыцауӕй. Уый сӕвӕрдзӕн, чи никуы фехӕлдзӕн ӕмӕ иннӕ паддзахӕдтӕ чи ныппырх кӕндзӕн, ахӕм Паддзахад (2:19–23, 44; 4:22). Суанг ма мӕнгхуыцӕуттӕн кувӕг паддзӕхтӕ Навуходоносор ӕмӕ Дарий дӕр басастысты Йегъовӕйы хицаудзинадыл (3:28, 29, 32, 33; 4:34; 6:25–27). Йегъовӕ у бӕрзонд ӕмӕ кадджын, «Ӕвидигӕнусон», уый тӕрхон хӕссы Паддзахады фӕдыл дзырддаг фарстайы, ӕмӕ «адӕймаджы Фырты хуызӕн» чи у, уымӕн ӕнусон «хицауады тых, стырад ӕмӕ паддзахдзинад дӕтты, цӕмӕй адӕмтӕ, дзыллӕтӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕ иууылдӕр Уымӕн кусой». Уыцы Паддзахады Йесо Чырыстиимӕ – «адӕймаджы Фыртимӕ» – уӕларвыл ӕмгуыст кӕндзысты «Уӕларвоны сыгъдӕджытӕ» (Дан. 7:13, 14, 18, 22; Матф. 24:30; Рарг. 14:14). Йесо Чырысти, Михаил, номдзыд кънйаз, йӕ Паддзахады фӕрцы ацы зӕронд дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ сын кӕрон скӕндзӕн (Дан. 12:1; 2:44; Матф. 24:3, 21; Рарг. 12:7–10). Рӕстдзинад чи уарзы, уыдоны ацы пехуымпарӕдтӕ, ӕмӕ цӕстылуайӕнтӕ кӕй ӕмбарынц, уый хъуамӕ сразӕнгард кӕна Хуыцауы Ныхас зӕрдиагӕй иртасынмӕ, цӕмӕй, Хуыцауы фӕндӕй фыст ӕмӕ пайда чи у, уыцы чиныджы ссарой, Хуыцауы Паддзахадимӕ баст ӕцӕг «диссаг хъуыддӕгтӕ» (Дан. 12:2, 3, 6).

[Фиппаинӕгтӕ]

a «Фыстады ӕмбарынад», 1 том, 1269 ф. (англ.).

b «Фыстады ӕмбарынад», 1 том, 283 ф. (англ.).

c «Археологи ӕмӕ Библи», 1949, Джордж Бартон, 483 ф. (англ.).

d «The Yale Oriental Series Researches», XV том, 1929.

e «Orientforschung», 1957, 1958 азтӕ, 18 том, 129 ф.

f Валтасар Набониды ӕмпаддзах сси, ӕвӕццӕгӕн, Набонид ӕртыккаг аз куы паддзахиуӕг кодта, уӕд. Ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ Набонид паддзах сси н. э. агъоммӕ 556 азы, уымӕ гӕсгӕ йӕ паддзахдзинады ӕртыккаг аз ӕмӕ «Валтасары... фыццаг аз» уыди н. э. агъоммӕ 553 аз (Данел 7:1; кӕс «Фыстады ӕмбарынад», 1 том, 283 ф.; 2 том, 457 ф., англ.).

g Нееми 2:1–8; кӕс ма «Фыстады ӕмбарынад», 2 том, 899–901 ф. (англ.).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын