Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bsi07 17–19 фф.
  • Библийы 32 чиныг – Ионӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библийы 32 чиныг – Ионӕ
  • Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 15 хай
  • Сӕргӕндтӕ
  • ЦЫ ПАЙДА У
Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 15 хай
bsi07 17–19 фф.

Библийы 32 чиныг – Ионӕ

Ныффыста йӕ: Ионӕ

Фыст фӕцис: н. э. агъоммӕ 844 азмӕ ӕв.

ИОНӔЙЫ ис схонӕн миссионер, лӕггад кодта н. э. агъоммӕ 9 ӕнусы. Йегъовӕ йын цы бахӕс кодта, уымӕ цы цӕстӕй каст? Цы бавзӕрста? Адӕм ӕм куыд хъуыстой? Цы йын бантыст Хуыцауы ныхас хъусын кӕнгӕйӕ? Ионӕйы чиныджы цы зӕрдӕмӕхъаргӕ хабар ис, уый нын дзуапп дӕтты ацы фарстатӕн. Пехуымпар йӕ радзырд ныффыста, Йегъовӕйӕн йе ’взӕрст адӕм йемӕ цы бадзырд скодтой, уый куы фехӕлдтой ӕмӕ иннӕ адӕмы мӕнгхуыцӕуттӕн кувын куы райдыдтой, уӕд. Уый ӕвдисы, Йегъовӕ ӕрмӕстдӕр иу адӕмыхаттмӕ, Израилмӕ, кӕй нӕу фӕлмӕнзӕрдӕ, фӕлӕ ӕппӕт адӕмтӕм дӕр. Ацы чиныджы ма пехуымпар кадджын кӕны Йегъовӕйы йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ ӕнувыд уарзты тыххӕй. Ӕвдисы, куыд тынг хицӕн кӕны уый, ӕнӕххӕст адӕймагмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад, фӕразондзинад ӕмӕ уырнындзинад кӕй нӕ фаг кӕны, уымӕй.

2 Ном Ионӕ (рагон дзуттаг ӕвзагыл Йогънӕгъ) нысан кӕны «бӕлон». Уый уыд пехуымпар Амафийы фырт, Завулоны бӕстӕйӕ Гафхеферӕй рацӕугӕ. 2 Паддзахӕдты 14:23, 24 кӕсӕм, Израилы паддзах Иеровоам йӕ бӕстӕйы арӕнтӕ кӕй фӕуӕрӕхдӕр кодта, куыддӕриддӕр Йегъовӕ Ионӕйы уылты загъта, афтӕ. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Ионӕ пехуымпарӕй лӕггад кӕнын райдыдта н. э. агъоммӕ 844 азы, Израилы Иеровоам II паддзах куы сси, уӕд, ӕмӕ Ассири, Израилы йӕ дӕлбар куы бакодта, уымӕй бирӕ раздӕр.

3 Гуырысхойаг нӕу, Ионӕйы чиныгыл ӕууӕндӕн кӕй ис. Йесо Чырысти, «уырнындзинады фӕндагыл нӕ чи кӕны», уый дзырдта, Ионӕ ӕцӕгӕйдӕр кӕй цард. Уый Хуыцауы ӕххуысӕй райхӕлдта Ионӕйы чиныгӕй дыууӕ пехуымпарадон цауы ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, Ионӕйы чиныг ӕцӕгӕйдӕр пехуымпарӕдты чиныг кӕй у (Дзут. 12:2; Матф. 12:39–41; 16:4; Лук. 11:29–32). Ионӕйы чиныг дзуттӕгтӕ кӕддӕриддӕр нымадтой, Хуыцауы фӕндӕй фыст чи ’рцыд ӕмӕ бӕлвырд хабӕрттӕ кӕм ис, ахӕм чиныгыл. Ионӕ йӕ рӕдыдтыты ӕмӕ йӕ лӕмӕгъдзинӕдты тыххӕй ӕргом кӕй фыссы, уый дӕр бӕлвырд кӕны, чиныгыл ӕууӕндӕн кӕй ис.

4 Цы зӕгъӕн ис, Ионӕйы цавӕр «кӕф» аныхъуырдта, уый тыххӕй та? Цавӕр кӕф уыд, уый тыххӕй бирӕ алыхуызон хъуыдытӕ уыд. Кашалотӕн ӕмӕ урс акулӕйӕн дӕр сӕ бон у адӕймаджы аныхъуырын. Библи уый фӕдыл хуымӕтӕгӕй дзуры: «Йегъовӕ рарвыста кӕф, цӕмӕй Ионӕйы аныхъуыра» (Ионӕ 1:17). Цавӕр кӕф уыд, уый бӕрӕг нӕу. Бӕлвырдӕй зӕгъӕн нӕй, уый кашалот уыд кӕнӕ стыр урс акулӕ, ӕви денджызы цавӕрдӕр ӕбӕрӕг цӕрӕгойa. Уӕдӕ, Библи кӕй дзуры, зӕгъгӕ, «кӕф» уыд, уый дӕр нын фаг у.

ЦЫ ПАЙДА У

9 Ионӕ йӕхи куыд дардта ӕмӕ йӕ уый цӕмӕ ’ркодта, уый нын у зондзонӕн. Хуыцау ын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уымӕй йӕхи айста. Хъуамӕ фӕстӕмӕ фӕкӕс-фӕкӕс ма кодтаид ӕмӕ ӕххӕст кодтаид Хуыцауы фӕнд, ӕмӕ ӕууӕндыдаид, кӕй йын баххуыс кӕндзӕн, ууыл (Ионӕ 1:3; Лук. 9:62; Ӕмб. 14:26; Ис. 6: 8). Иннӕрдӕм кӕй ацыд, уымӕй равдыста ӕвзӕр зондахаст. Наутӕрджытӕн йӕхи не схъӕр кодта, «уӕлӕрвты Хуыцау Йегъовӕйы» лӕггадгӕнӕг кӕй у, уый. Йӕ ныфс фесӕфт (Ионӕ 1:7–9; Еф. 6:19, 20). Йегъовӕ ниневийӕгтӕн кӕй ныххатыр кодта, уый Ионӕйӕн уыд тынг хъыг, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр йӕхиуыл хъуыды кодта. Йӕхи рӕстытӕ кодта, ӕмӕ Йегъовӕйӕн афтӕ загъта, зӕгъгӕ, хъуыддаг цӕуыл ахицӕн уыдзӕн, уый ӕнӕуи дӕр зыдтон ӕмӕ ма мӕ уӕд цӕмӕн ӕрвыстай пехуымпарӕй? Ионӕ хивӕнд кӕй разынд ӕмӕ Хуыцауыл бустӕ кӕй кодта, уый тыххӕй уайдзӕф баййӕфта. Цы зондахаст ын уыд, уый нын у хорз зондзонӕн. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: Йегъовӕйы нӕ хъӕуы аххосджын кӕнын, фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у кӕнӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ куыд лыг кӕны, уый тыххӕй (Ионӕ 4:1–4, 7–9; Фил. 2:13, 14; 1 Кор. 10: 10).

10 Ионӕ ма йӕ чиныджы рӕсугъд ӕвзагӕй фыссы Йегъовӕйы диссаджы миниуджыты тыххӕй, йе ’нувыд уарзт ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинады тыххӕй. Йегъовӕ Ниневимӕ равдыста ӕнувыд уарзт, йӕ пехуымпары куы арвыста адӕмы бафӕдзӕхсынмӕ, цы бӕллӕх сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уӕд. Хуыцау цӕттӕ уыд сахары цӕрджытӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисынмӕ, куы ’рфӕсмон кодтаиккой, уӕд. Йегъовӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый руаджы ма Ниневи фӕлӕууыд 200 азы, цалынмӕ йӕ н. э. агъоммӕ 632 азмӕ ’ввахс мидиӕгтӕ ӕмӕ вавилойнӕгтӕ нӕ ныппырх кодтой, уӕдмӕ. Хуыцау Ионӕмӕ дӕр уыд фӕлмӕнзӕрдӕ, денджызы уад куы сыстад, уӕд ӕй удӕгасӕй ныууагъта, ӕмӕ сзайын кодта дӕргъӕццон нас, цӕмӕй йӕ «фервӕзын кодтаид йӕ мастӕй». Насы сыфтӕры аууоны йын бамбӕхсыны фадат кӕй радта ӕмӕ уый фӕстӕ зайӕгой кӕй бахус кодта, уымӕй Йегъовӕ Ионӕйӕн бамбарын кодта, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад дӕр ӕмӕ ’нувыд уарзт дӕр кӕй февдисы, куы йӕ бафӕнды, уӕд (Ионӕ 1:2; 3:2–4, 10; 2:10 [2:11]; 4:6, 10, 11).

11 Йесо дины разамонджытӕн загъта, зӕгъгӕ, уын ӕрмӕстдӕр «Ионӕйы нысан» лӕвӕрд уыдзӕн (Матфейы 12:38–41, НФ). Ионӕ ӕртӕ бон ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы куы фӕцис «Шеолы хуылфы», уӕд уый фӕстӕ араст Хуыцауы ныхас хъусын кӕнынмӕ Ниневимӕ, афтӕмӕй сси ниневийӕгтӕн «нысан» (Ионӕ 1:17 [2:1]; 2:2 [2:3]; 3:1–4). Йесо дӕр раст афтӕ ӕртӕ боны фӕцис зӕппадзы ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ Хуыцау райгас кодта. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы хабары тыххӕй куы хъусын кодтой, уӕд Йесо уыцы фӕлтӕрӕн сси нысан. Дзуттӕгтӕ рӕстӕг куыд нымадтой ӕмӕ, Йесойы тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ уыд загъд, уыдон кӕй сӕххӕст сты, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы рӕстӕг, «ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ӕхсӕвы» сты ӕртӕ ӕнӕхъӕн бонӕй къаддӕрb.

12 Йесо ма, фӕсмон кӕмӕ ’рцыд, уыцы ниневийӕгты фӕстӕдӕр абарста, дзуттӕгтӕ йӕм цы саузӕрдӕ ӕмӕ ӕнӕуынон ахаст дардтой, уыимӕ: «Тӕрхоны бон Ниневийы адӕм ацы дуджы адӕмимӕ мӕрдтӕй сыстдзысты ӕмӕ сын стӕрхон кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон Ионӕйы ныхӕсты фӕстӕ ӕрфӕсмон кодтой. Ӕмӕ ам та ис, Ионӕйӕ дӕр уӕлдӕр чи у, уый» (Кӕс ма Матфейы 16:4 ӕмӕ Лукайы 11:30, 32). Йесо цы зӕгъынмӕ хъавыд ацы ныхӕстӕй, «Ионӕйӕ дӕр уӕлдӕр чи у, уый», зӕгъгӕ? Уый дзырдта ӕппӕты зындгонддӕр пехуымпары тыххӕй, ома йӕхи тыххӕй. Йегъовӕ йӕ арвыста хъусын кӕнынмӕ ахӕм хабар: «Ӕрфӕсмон кӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕларвон паддзахад ӕрхӕстӕг» (Матф. 4:17). Уӕддӕр уыцы дуджы цӕрӕг дзуттӕгтӕй бирӕтӕ нӕ райстой «Ионӕйы нысан». Абон та хъуыддаг куыд у? Кӕд бирӕтӕ нӕ хъусынц Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм, уӕддӕр мингӕйттӕ пайда кӕнынц диссаджы фадатӕй ӕмӕ хъусынц Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабармӕ. Уыцы хабар фыццаг хъусын кодта «Адӕймаджы Фырт», Йесо Чырысти. Ионӕйы уацамынды фӕрцы чи ’рфӕсмон кодта ӕмӕ арфӕдзинӕдтӕ чи райста, уыцы ниневийӕгтау, уыдонӕн дӕр сӕ бон у райсын Йегъовӕйы рӕдау лӕвар – ӕнусон цард. О, ӕцӕгӕйдӕр «ирвӕзындзинад Йегъовӕйӕ у» (Ионӕ 2:9).

[Фиппаинӕгтӕ]

a «Фыстады ӕмбарынад», 2 том, 99, 100 ф. (англ.).

b «Фыстады ӕмбарынад», 1 том, 593 ф., (англ.).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын