Разныхас 14 хаймӕ
Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар фӕхӕццӕ кодтой суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр. Йесо сын бацамыдта, кӕм хъуамӕ хъусын кӕной, уый ӕмӕ сӕ ахӕм курдиатӕй схайджын кодта, цӕмӕй сӕ бон уыдаид алыхуызон адӕмимӕ сӕ мадӕлон ӕвзӕгтыл дзурын. Йегъовӕ сын радта хъӕбатырдзинад ӕмӕ хъару, цӕмӕй, сӕ ныхмӕ куы цыдаиккой, уӕд сӕ бон уыдаид фидар фӕлӕууын.
Йесо апостол Иоаннӕн цӕстылуайӕны равдыста Йегъовӕйы кад. Иннӕ цӕстылуайӕны та Иоанн федта, уӕларвон Паддзахад Хӕйрӕгыл куыд фӕуӕлахиз ӕмӕ йын йӕ хицаудзинадӕн кӕрон куыд скодта, уый. Федта ма, Паддзах Йесо ӕмӕ йын чи ӕххуыс кӕны, уыцы 144 000 паддзахы уӕлӕрвты цы аразынц, уый. Стӕй ма федта, ӕнӕхъӕн зӕхх дзӕнӕт куыд сси, адӕм дзы фӕрнӕй куыд цӕрынц ӕмӕ иумӕ Йегъовӕйӕн куыд лӕггад кӕныц.