Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w00 1/10 31–32 фф.
  • «Диссаджы рӕсугъд дзӕбидыр»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Диссаджы рӕсугъд дзӕбидыр»
  • Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
w00 1/10 31–32 фф.

«Диссаджы рӕсугъд дзӕбидыр»

ӔВӔЦЦӔГӔН сӕгъӕй рӕсугъд стӕм адӕймаг зӕгъдзӕн. Сӕгъыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ цӕстыты раз сысты пайдадӕттӕг цӕрӕгой: ис ын тынг хӕрзад фыд ӕмӕ сойджын ӕхсыр. Фӕлӕ рӕсугъд? Зын зӕгъӕн у.

Фӕлӕ уӕддӕр Библийы бинойнаг барст цӕуы «алӕмӕты саг ӕмӕ диссаджы рӕсугъд дзӕбидыримӕ» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 5:18, 19). Фӕсномыг ныхӕстӕ ныффыссӕг Соломон уарзта йӕ райгуырӕн бӕсты ӕрдзыл фӕлгӕсын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ фидарӕй ис зӕгъӕн, уыцы абарст ӕнӕбындур кӕй нӕу, уый (3 Паддзахӕдты 4:30—33). Чи зоны-иу йӕ фыд Давидау Соломон дӕр каст, Мард денджызмӕ хӕстӕг-иу Ен-Гаддийы арӕх цы дзӕбидыртӕ фӕзынд, уыдонмӕ.

Иудейы ӕдзӕрӕгран дзӕбидыртӕ гыццыл дзугтӕй арӕх ӕрцӕуынц Ен-Гаддийы суадонмӕ. Уыцы бӕсты ӕрмӕстдӕр Ен-Гаддийы ис ссарӕн дон ӕгас афӕдзы дӕргъы. Уымӕ гӕсгӕ рагӕй дӕр дзӕбидыртӕ уырдӕм фӕцӕуынц дон нуазынмӕ. Гӕнӕн ис, «Ен-Гадди» нысан кӕны «сӕныччы суадон», ӕмӕ уымӕн бӕлвырдгӕнӕн у, ам арӕх дзӕбидырты лӕппынтӕ кӕй вӕййы, уый. Паддзах Саул Давиды фӕдыл куы зылд, уӕд Давид алыгъд ӕмӕ бамбӕхст Ен-Гаддийы, «дзӕбидыртӕ кӕм цӕрынц, уыцы айнӕг къӕдзӕхты астӕу» (1 Паддзахӕдты 24:1, 2).

Ен-Гаддийы абон дӕр ис фенӕн мадӕл дзӕбидыр, къӕдзӕхтыл йӕ къӕхтӕ хъавгӕ исгӕ, цӕуы фӕдыл доннуазӕнмӕ куыд фӕцӕйцӕуы, уый. Уый уынгӕйӕ, адӕймаг ӕмбарын райдайы, ӕнувыд бинойнаджы Соломон мадӕл дзӕбидыримӕ цӕмӕн абарста, уый. Дзӕбидыр сабыр ӕмӕ уӕздан кӕй у, уый дӕр хорз ӕвдисы сылгоймаджы хӕдӕфсармдзинад. Куыд зыны, афтӕмӕй дзырд «диссаджы рӕсугъд» амоны дзӕбидырӕн йӕ гуыры аив змӕлдмӕ ӕмӕ йӕ уӕздандзинадмӕa.

Фӕлӕ кӕд мадӕл дзӕбидыр тынг уӕздан ӕмӕ фидыцджын у, уӕддӕр уый у тынг фӕразон. Иегъовӕ Иовимӕ куы ныхас кодта, уӕд ын йӕ хъус ӕрдардта дзӕбидыртӕм, уыдон кӕй ныззайынц хӕхты, ахизӕн кӕм нӕй, хӕринаг ссарын тынг зын кӕм у ӕмӕ уӕлдӕфы хъарм ӕвиппайды кӕм фӕивы, ахӕм бынӕтты (Иов 39:1). Фӕлӕ ахӕм зын уавӕрты дӕр мадӕл дзӕбидыр нӕ ныууадзы йӕ лӕппыны, схъомыл ӕй кӕны ӕмӕ хӕххон царды уавӕрты йӕхӕдӕг куыд арӕхстджын у, афтӕ уый дӕр сахуыр кӕны къӕдзӕхтыл хизын ӕмӕ иу дурӕй иннӕ дурмӕ гӕпп кӕнын. Уый ӕддейӕ дзӕбидыртӕ хъӕбатырӕй фӕхъахъхъӕнынц сӕ лӕппынты тугдзых сырдтӕй. Дзӕбидыртӕм йӕ хъус чи дардта, иу ахӕм адӕймаг радзырдта, иу хатт дзӕбидыр сахаты ӕрдӕджы бӕрц цӕргӕсы ныхмӕ куыд лӕууыд ӕмӕ куыд хъахъхъӕдта, йӕ быны фыртӕссӕй цы лӕппын стымбылтӕ, уый.

Чырыстон устытӕ ӕмӕ мадӕлтӕ дӕр арӕх сӕ сывӕллӕтты фӕхъомыл кӕнынц зын уавӕрты. Хуыцауы раз сыл цы хӕс ис, уый ӕххӕст кӕнгӕйӕ, уыдон дӕр дзӕбидыртау сты удуӕлдай, сӕхиуыл нӕ хъуыды кӕнынц ӕмӕ сын ӕнцон куыд у, афтӕ нӕ кӕнынц. Уыдон хъӕбатырӕй хъахъхъӕнынц сӕ сывӕллӕтты, сӕ уырнындзинадӕн дунейы тӕссаг цы хъуыддӕгтӕй у, уыдонӕй. Уӕдӕ Соломон ахӕм абарст кӕй скодта, уымӕй сылгоймагыл дӕлӕмӕ ницы хуызы хӕцы. Нӕ, уымӕй Соломон равдыста сылгоймаджы уӕздандзинад ӕмӕ хӕдӕфсармдзинад — цыфӕнды зын уавӕрты дӕр цӕхӕр чи калы, ахӕм чырыстон миниуджытӕ.

[Фиппаинаг]

a Иу дзырдуатмӕ гӕсгӕ ацы стихы «диссаджы рӕсугъд»-ӕй тӕлмац дзуттаг дзырд чен амоны «фидауц ӕмӕ уӕздандзинадмӕ» («The New Brown-Driver-Briggs-Gesenius Hebrew and English Lexicon»).

[Нывтӕ 31, 32 фарсыл]

Чырыстон устытӕ ӕмӕ мадӕлтыл Хуыцауы раз цы хӕстӕ ис, уыдон куы феххӕст кӕнынц, уӕд февдисынц диссаджы рӕсугъд чырыстон миниуджытӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын