Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w08 1/1 5–7 фф.
  • Цы у Хуыцауы Паддзахад?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цы у Хуыцауы Паддзахад?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Цы у Хуыцауы Паддзахад?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Цы у Хуыцауы Паддзахад?
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
  • Чырысти Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы дзырдта?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Цы у Хуыцауы Паддзахад?
    Хуыцау нӕ цы домы?
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
w08 1/1 5–7 фф.

Цы у Хуыцауы Паддзахад?

СӔЙРАДЖЫДӔР цӕй тыххӕй хъусын кодта Йесо Чырысти? Йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй (Лукайы 4:43). Адӕмимӕ ныхас кӕнгӕйӕ, Йесо арӕх дзырдта уыцы Паддзахады тыххӕй. Цымӕ сын зын бамбарӕн уыдысты йӕ ныхӕстӕ? Мыййаг ӕй фарстой, уыцы Паддзахад цы у, зӕгъгӕ? Нӕ, Евангелиты уый тыххӕй ницы ис фыст. Уӕдӕ цымӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ адӕм ӕмбӕрстой, Хуыцауы Паддзахад цы у, уый?

Дзуттӕгтӕ кӕуыл ӕууӕндыдысты, уыцы сыгъдӕг Фыстытӕ бӕлвырд ӕмбарын кодтой, Хуыцауы Паддзахад цы у ӕмӕ цы сараздзӕн, уый. Абон Библийы руаджы махӕн нӕ бон у ноджы фылдӕр базонын уыцы Паддзахады тыххӕй. Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, Библи Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы дзуры, уымӕ. Сты авд ахуырады. Фыццаг ӕртӕ ахуырады зыдтой, Йесойы рӕстӕджы ӕмӕ уый размӕ дӕр цы дзуттӕгтӕ цард, уыдон. Иннӕ ӕртӕ та бамбарын кодтой Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ фыццаг ӕнусы. Фӕстаг та раргом нӕ рӕстӕджы.

1. Хуыцауы Паддзахад у ӕцӕг хицауад ӕмӕ уыдзӕн ӕнустӕм. Библийы фыццаг пехуымпарад раргом кодта, Хуыцау кӕй рарвитдзӕн ирвӕзынгӕнӕджы, цӕмӕй рӕстгӕнджыты фервӕзын кӕна. Уыцы ирвӕзынгӕнӕджы Библи хоны «байзӕддаг», ӕмӕ уый кӕрон скӕндзӕн, Адам, Евӕ ӕмӕ Сайтаны ӕгоммӕгӕсдзинад цы бӕллӕхтӕ расайдта, уыдонӕн (Райдиан 3:15). Бирӕ фӕстӕдӕр Хуыцау иузӕрдион паддзах Давидӕн загъта ахсджиаг хабар уыцы «байзӕддаджы», кӕнӕ Мессийӕйы тыххӕй – кӕй хъуамӕ суа уыцы Паддзахады Паддзах. Уыцы Паддзахад хицӕн кӕндзӕн иннӕ паддзахӕдтӕй ӕмӕ уыдзӕн ӕнустӕм (2 Самуилы 7:12–14).

2. Хуыцауы Паддзахад фесафдзӕн адӕмы хицауӕдтӕ иууылдӕр. Пехуымпар Данел цы цӕстылуайӕн федта, уым дунеон паддзахӕдтӕ кӕрӕдзи ивгӕ цыдысты, ӕмӕ цы федта, уый амыдта суанг нӕ рӕстӕгмӕ. Дӕ хъус-ма ӕрдар, уыцы цӕстылуайӕны фӕстагмӕ цы диссаджы хабар федта, уымӕ: «Уыцы [фӕстаг] паддзӕхты дуджы уӕларвон Хуыцау сараздзӕн, ӕнусмӕ чи нӕ фехӕла, ахӕм паддзахад; ӕмӕ йӕ паддзахдзинад ӕндӕр адӕммӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн; уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ бынысӕфт фӕкӕндзӕн паддзахӕдты иууылдӕр, йӕхӕдӕг та ныллӕудзӕн ӕнусмӕ». Уӕдӕ ацы дунейы паддзахӕдтӕн, кӕнӕ хицауӕдтӕн, се ’ппӕтӕн дӕр, ӕмӕ сӕ аххосӕй цы хӕстытӕ, ӕнӕзакъондзинад ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдонӕн ӕнустӕм ӕрцӕудзӕн кӕрон. Данелы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, тагъд Хуыцауы Паддзахадӕн йӕ бар цӕудзӕн ӕгас зӕххыл дӕр (Данел 2:44, 45). Фидарӕй зӕгъӕн ис: хицауӕдтӕй баззайдзӕн ӕрмӕст Хуыцауы Паддзахадa.

3. Хуыцауы Паддзахад кӕрон скӕндзӕн хӕстытӕн, низтӕн, ӕххормагдзинадӕн ӕмӕ суанг мӕлӕтӕн дӕр. Библийы цы диссаджы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон нын ӕргом кӕнынц, Хуыцауы Паддзахад зӕххыл цы сараздзӕн, уый. Уыцы Паддзахадӕн цы бантысдзӕн, уый иу хицауад дӕр нырмӕ не скодта ӕмӕ нӕдӕр скӕндзӕн. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: хӕцӕнгарз никуыуал уыдзӕн! «Уый ӕгас зӕххыл дӕр хӕстытӕн кӕрон скӕндзӕн» (Псалом 46:9). Нал уыдзӕн дохтыртӕ, рынчындӕттӕ ӕмӕ низтӕ. «Иу адӕймаг дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“» (Исай 33:24). Ӕххормагдзинад нал уыдзӕн ӕмӕ хӕрдцух ничиуал ӕййафдзӕн. «Зӕхх хорӕй хъӕздыг уыдзӕн» (Псалом 72:16). Нал цӕудзыстӕм зиӕнттӕм, нал уыдзӕн ӕхсӕвбадӕнтӕ, уӕлмӕрдтӕ, моргтӕ. Ӕппынфӕстаг фесӕфдзӕн нӕ ӕгъатыр знаг, мӕлӕт. Хуыцау «ӕнустӕм фесафдзӕн мӕлӕт, ӕмӕ Иунӕг Кадджын Хуыцау Йегъовӕ адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ цӕссыгтӕ ныссӕрфдзӕн» (Исай 25:8).

4. Хуыцауы Паддзахады Паддзах ӕвӕрд у Хуыцауӕй. Мессийӕ йӕхӕдӕг йӕхи нӕ сӕвӕрдта Разамонӕгӕй, нӕдӕр ӕй ӕнӕххӕст адӕмӕй чидӕр равзӕрста. Йегъовӕ Хуыцау ӕй йӕхӕдӕг равзӕрста. Нӕмттӕ «Мессийӕ» ӕмӕ «Чырысти» дӕр уымӕ амонынц. Дыууӕ дзырды дӕр нысан кӕнынц «Сӕрст». Уӕдӕ ацы Паддзах у сӕрст, ома йӕ Йегъовӕ равзӕрста бӕлвырд хъуыддагӕн. Уыцы паддзахы тыххӕй Хуыцау дзуры: «Мӕнӕ, мӕ арфӕ кӕуыл ис, уыцы лӕггадгӕнӕг! Райгонд кӕмӕй дӕн, мӕ уыцы ’взӕрст! Ӕз ӕй схайджын кодтон мӕ тыхӕй. Уый ӕрхӕсдзӕн адӕмӕн рӕстдзинад» (Исай 42:1; Матфейы 12:17, 18). Уӕдӕ йӕ не Сфӕлдисӕгӕй хуыздӕр чи зоны, цавӕр Разамонӕг нӕ хъӕуы, уый?

5. Йесо Чырысти равдыста, Паддзах уа, уый аккаг кӕй у. Куыд сбӕрӕг, афтӕмӕй назаретаг Йесо уыд, пехуымпартӕ кӕй тыххӕй фыстой, уыцы Мессийӕ. Ӕмӕ райгуырд, Хуыцау цы хӕдзарвӕндагӕй загъта, уым (Райдиан 22:18; 1 Азфыст 17:11; Матфейы 1:1). Зӕххыл куы уыд, уӕд сӕххӕст кодта, Мессийӕйы тыххӕй сӕдӕгай азтӕ раздӕр фыст чи ’рцыд, уыцы бирӕ пехуымпарӕдтӕ. Уӕлӕрвтӕй дӕр загъд уыд, Мессийӕ кӕй у, уый. Куыд? Хуыцау уӕлӕрвтӕй ӕрдзырдта, ай у мӕ Фырт, зӕгъгӕ. Зӕдтӕ дӕр дзырдтой, Мессийӕ кӕй у. Стӕй Йесо цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдон-иу федтой сӕдӕгай, йе та суанг мингай адӕм дӕр, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг уыд, уыцы хъару йын Хуыцау кӕй лӕвӕрдтаb. Йесо бирӕ хӕттыты равдыста, цавӕр Разамонӕг уыдзӕн, уый. Адӕмӕн ӕххуыс кӕнынӕн ӕм ӕрмӕст тых нӕ уыд, фӕлӕ ма йӕ фӕндгӕ дӕр кодта, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид (Матфейы 8:1–3). Йӕхи пайдайӕн ницы арӕзта, уыд фӕлмӕнзӕрдӕ, ныфсджын, хъӕбатыр ӕмӕ сӕрныллӕг. Йӕ царды хабӕртты тыххӕй бакӕсӕн ис Библийы.

6. Хуыцауы Паддзахады Чырыстиимӕ хицӕуттӕ уыдзысты 144 мин адӕймаджы. Йесо загъта, йемӕ уӕлӕрвты хицӕуттӕ кӕй уыдзысты йӕ апостолтӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ дӕр, схуыдта сӕ «гыццыл дзуг» (Лукайы 12:32). Фӕстӕдӕр апостол Иоаннӕн загъд уыд, гыццыл дзуджы кӕй уыдзӕн 144 мины. Уыдонӕн уӕлӕрвты уыдзӕн диссаджы куыст – Чырыстиимӕ уыдзысты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ (Раргомад 5:9, 10; 14:1, 3).

7. Хуыцауы Паддзахад ныр уӕлӕрвты йӕ куыст кӕны ӕмӕ тагъд йӕ бар цӕудзӕн ӕгас зӕххыл дӕр. Ацы хъуыддаг у ӕппӕты диссагдӕр. Библийы бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, Йесойӕн уӕлӕрвты Паддзахы бартӕ лӕвӕрд кӕй ӕрцыд, уымӕн. Ныр у Паддзах ӕмӕ тынг тагъд йӕ бар цӕудзӕн ӕгас зӕххыл дӕр ӕмӕ сӕххӕст кӕндзӕн, уӕлдӕр цы диссаджы пехуымпарӕдты кой кодтам, уыдон. Фӕлӕ нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна, Хуыцауы Паддзахад ныр йӕ куыст кӕй кӕны, уый? Ӕмӕ зӕххыл бартӕ йӕ къухтӕм кӕд райсдзӕн?

[Фиппаинӕгтӕ]

a Ахӕм пехуымпарӕдтӕ ӕвдисынц, Хуыцауы Паддзахад адӕймаджы зӕрдӕйы кӕй нӕй, бирӕты куыд ахуыр кодтой, афтӕ, фӕлӕ ӕцӕг хицауад кӕй у. Кӕс статья «Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц», 13 фарс.

b Зӕгъӕм, бакӕс Матфейы 3:17; Лукайы 2:10–14; Иоанны 6:5–14.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын