Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w09 1/7 8 ф.
  • Цымӕ мыл Хуыцау тыхсы?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цымӕ мыл Хуыцау тыхсы?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Адӕм уыйбӕрц зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц?
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
  • Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕмӕн цӕуы ӕмӕ адӕм зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Цӕмӕн уадзы Хуыцау фыдӕбӕттӕ?
    Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
w09 1/7 8 ф.

Цымӕ мыл Хуыцау тыхсы?

Арӕх фӕзӕгъынц:

▪ «Хуыцауы мӕнмӕ не ’вдӕлы».

▪ «Мӕнмӕ гӕсгӕ Хуыцаумӕ нымады дӕр нӕ дӕн».

Чырысти та цы загъта?

▪ «Фондз сырддонцъиуы дыууӕ лыстӕг ӕхцайыл нӕ уӕй кӕнынц? Фӕлӕ дзы Хуыцауӕй иу дӕр рох нӕу. Сымахӕн та уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр иууылдӕр нымад сты. Уӕдӕ ма тӕрсут: сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут» (Лукайы 12:6, 7). Чырысти фидарӕй дзырдта, Хуыцау ныл кӕй тыхсы.

▪ «Мӕт макуы кӕнут ӕмӕ ма дзурут, зӕгъгӕ, цы хӕрӕм, цы нуазӕм, кӕнӕ, нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм. Ӕппӕт уыдӕттыл ацы дунейы адӕм тыхсынц. Сымахӕн та уӕ уӕларвон Фыд зоны, уыдон уӕ иууылдӕр кӕй хъӕуынц» (Матфейы 6:31, 32). Чырысти нӕ дызӕрдыг кодта, Хуыцау кӕй зоны, цӕуыл тыхсӕм, уый.

БИБЛИ нын ӕмбарын кӕны, Хуыцау ныл кӕй тыхсы, уый (Псалом 55:22; 1 Петры 5:7). Фӕлӕ кӕд ӕцӕгдӕр афтӕ у, уӕд абон уыйбӕрц зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарӕм? Кӕд нӕ Хуыцау уарзы ӕмӕ йӕ бон алцыдӕр у, уӕд сын кӕрон цӕуылнӕ скӕны?

Цӕмӕй ацы фарстатӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй хъӕуы иу хъуыддаг зонын, ӕмӕ уый бирӕтӕ нӕ зонынц – ацы дунейы хицау у Сайтан Хӕйрӕг. Хӕйрӕг Чырыстийы куы рӕдийын кодта, уӕд ын лӕвӕрдта ацы дунейы паддзахӕдтӕ иууылдӕр: «Ӕппӕт ацы паддзахӕдтӕ дын сӕ кады фидыцимӕ ратдзынӕн, уымӕн ӕмӕ мӕнӕн лӕвӕрд сты, ӕмӕ мӕ кӕмӕн фӕнды, уымӕн сӕ дӕттын» (Лукайы 4:5–7).

Хӕйрӕджы ацы дунейы хицауӕй чи сӕвӕрдта? Нӕ фыдӕлтӕ, Адам ӕмӕ Евӕ, Хӕйрӕджы зондыл куы ацыдысты ӕмӕ Хуыцауы фӕдзӕхст куы ницӕмӕ ӕрдардтой, уӕд, зӕгъӕн ис, уымӕй равдыстой, Хӕйрӕджы сӕ хицауыл кӕй нымайынц. Йегъовӕ Хуыцау афтӕ фӕразон уыд ӕмӕ рӕстӕг радта, цӕмӕй сбӕрӕг уыдаид, Хӕйрӕг ницӕйаг хицау кӕй у. Йегъовӕ адӕмы йӕхицӕн тыххӕй никуы лӕггад кӕнын кодта, фӕлӕ нын фадат радта, цӕмӕй йемӕ бафидауам ӕмӕ йӕ арфӕйӕ хайджын уӕм (Ромӕгтӕм 5:10).

Хуыцау ныл кӕй тыхсы, уый тыххӕй Чырыстийӕн бахӕс кодта, цӕмӕй нӕ Хӕйрӕджы дзӕмбытӕй фервӕзын кодтаид. Тагъд рӕстӕджы Чырысти «йӕ мӕлӕты руаджы йӕ тых асӕтдзӕн, мӕлӕт хӕссыны хъомыс кӕмӕ ис, уымӕн, ома Хӕйрӕгӕн» (Дзуттӕгтӕм 2:14). Афтӕмӕй «Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ фехалдзӕн» (1 Иоанны 3:8).

Зӕххыл та ногӕй уыдзӕн дзӕнӕт ӕмӕ Хуыцау «ныссӕрфдзӕн [адӕмы] цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта» (Раргомад 21:4, 5)a.

[Фиппаинаг]

a Хуыцау зындзинӕдтӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 11 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Хицӕнгонд текст 8 фарсыл]

Зӕххыл та ногӕй уыдзӕн дзӕнӕт

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын