Библи ивы адӕймаджы цард
Ӕндӕр бӕстӕмӕ сусӕгӕй бриллианттӕ чи уӕй кодта ӕмӕ йӕ куыстӕй чи давта, уыцы сылгоймаджы цӕмӕн бафӕндыд йӕ цард фӕивын ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй кусын? Дыууӕ хатты йӕхи амарынмӕ чи хъавыд, уыцы сылгоймагӕн та цы баххуыс кодта цардмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсынӕн? Наркоман чи уыд ӕмӕ фыднозт чи кодта, уыцы лӕппу хъарутӕ кӕм ссардта, цӕмӕй йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагътаид? Ӕркӕсӕм, сӕхӕдӕг цы зӕгъынц, уымӕ.
ЙӔ НОМ МАРГАРЕТ ДИБРЕЙН
ЦӔУЫ ЙЫЛ 45 АЗЫ
ЦӔРЫ БОТСВАНӔЙЫ
РАЗДӔР ДАВТА ӔМӔ ӔНДӔР БӔСТӔМӔ СУСӔГӔЙ БРИЛЛИАНТТӔ УӔЙ КОДТА
Мӕ фыд уыд немыцаг, фӕлӕ ӕрцарди Хуссар-Ныгуылӕн Африкӕйы (ныр Намиби). Мӕ мад та уыди Ботсванӕйӕ, мангологӕйы адӕмыхаттӕй. Ӕз райгуырдтӕн горӕт Гобабисы, Намибийы.
1970 азты Намиби уыди Хуссар Африкӕйы дӕлбар ӕмӕ хицауад адӕмӕн йӕ закъӕттӕ ӕххӕст кӕнын кодта: горӕтты ӕмӕ хъӕуты цӕрӕг урс ӕмӕ сау адӕмӕн хъуамӕ кӕрӕдзиимӕ иумӕйагӕй мацы уыдаид. Мӕ ныййарджытӕ иу адӕмыхаттӕй кӕй нӕ уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ бахъуыд хицӕн кӕнын. Ӕмӕ мӕ мад дӕр ӕд сывӕллӕттӕ ацыд Ганзимӕ цӕрынмӕ (Ботсванӕ).
1979 азы ӕрцардтӕн Лобацейы (Ботсванӕ), ӕмӕ цалынмӕ скъола нӕ фӕдӕн, уӕдмӕ цардтӕн, сӕхимӕ мӕ чи райста, уыцы бинонтӕм. Фӕстӕдӕр кусын райдыдтон гаражы къанторы. Гыццылӕй нырмӕ хъуыды кодтон, Хуыцаумӕ адӕм нымады дӕр кӕй не сты ӕмӕ алы адӕймаг дӕр хъуамӕ йӕхи ӕмӕ йӕ бинонты дара, куыд ӕмӕ цы мадзӕлттӕй, уый та уӕлдай нӕу.
Куысты мын стыр бартӕ уыд, ӕмӕ ӕз дӕр машинӕйы запчасттӕ давтон. Стӕй-иу ӕхсӕвыгон нӕ горӕты уылты цы поезд цыд, уырдыгӕй ме ’мбӕлттимӕ давтам, цӕуылдӕриддӕр ӕмбӕлыдыстӕм, уый. Стӕй-ма райдыдтон фӕсарӕнтӕм бриллианттӕ, сызгъӕрин ӕмӕ бронзӕ уӕй кӕнын дӕр. Наркотиктыл фӕцахуыр дӕн, сдӕн мӕстыгӕр ӕмӕ ӕнӕгъдау цард кӕнын райдыдтон.
Ӕппынфӕстаг мӕ 1993 азы давгӕ-давын ӕрцахстой ӕмӕ мӕ куыстӕй асырдтой. Ме «’мбӕлттӕ» сӕхицӕн старстысты ӕмӕ мӕ фӕуагътой. Уый мын мӕ зӕрдӕ тынг фӕриссын кодта ӕмӕ мӕхицӕн загътон, иу адӕймагыл дӕр кӕй нал баууӕнддзынӕн.
БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. 1994 азы базонгӕ дӕн Тим ӕмӕ Вирджиниимӕ. Уыдон уыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ лӕггад кодтой миссионертӕй. Куыстмӕ-иу мӕм сихорафон ӕрбацыдысты ӕмӕ-иу ныхас кодтам Библийыл. Фӕстӕдӕр сыл ӕууӕндын куы райдыдтон, уӕд сӕ хӕдзармӕ фӕхуыдтон ӕмӕ уым дарддӕр ахуыр кодтам Библи.
Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ бамбӕрстон: кӕд мӕ фӕнды, цӕмӕй мӕ Хуыцау райгонд уа, уӕд хъуамӕ мӕ цард фӕивон. Библийӕ 1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10 стихтӕй базыдтон: «Нӕдӕр хӕтаг адӕм... нӕдӕр давджытӕ, нӕдӕр зыд адӕймӕгтӕ, нӕдӕр расыггӕнджытӕ; нӕдӕр, иннӕты чи ӕлгъиты ӕмӕ адӕмы чи стигъы, уыдон – Хуыцауы паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты». Сабыргай ме ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагътон. Нал давтон ӕмӕ гыццылӕй нырмӕ кӕй зыдтон, уыцы бандиттимӕ дӕр мын иумӕйагӕй ницыуал уыд. Стӕй Йегъовӕйы ӕххуысӕй ме ’нӕгъдау цард дӕр ныууагътон.
МӔ ЦАРД ФӔХУЫЗДӔР. Бирӕ фыдӕбон кӕнын мӕ бахъуыд, цӕмӕй мӕхиуыл хӕцын сахуыр уыдаин ӕмӕ мӕ сывӕллӕттыл мӕ пырх ма калдтаин, истӕмӕй-иу куы тыхстӕн, уӕд (Ефесӕгтӕм 4:31). Архайын, цӕмӕй алцӕуыл дӕр сабырӕй ныхас кӕнӕм. Уый фӕрцы кӕрӕдзийы хуыздӕр ӕмбарӕм.
Ныр мӕ раздӕры ӕмбӕлттӕ ӕмӕ суанг мӕ сыхӕгтӕ дӕр зонынц, ӕууӕндӕн мыл кӕй ис, уый. Давгӕ кӕй нал кӕнын, уымӕ гӕсгӕ мыл кусты дӕр ӕууӕндынц. Уый фӕрцы мӕ бон у мӕхи дарын ӕмӕ мын бирӕ рӕстӕг зайы, цӕмӕй иннӕтимӕ Библийыл ныхас кӕнон. Ӕз ӕппӕт зӕрдӕйӕ разы дӕн, Ӕмбисӕндты 10:22 цы фыст ис, уыимӕ: «Йегъовӕйы арфӕдзинад адӕймаджы кӕны хъӕздыг ӕмӕ йемӕ маст нӕ хӕссы».
ЙӔ НОМ ГЛОРИЯ ЭЛИСАРРАРАС-ДЕ-ЧОПЕРЕНА
ЦӔУЫ ЙЫЛ 37 АЗЫ
ЦӔРЫ МЕКСИКӔЙЫ
РАЗДӔР ЙӔХИ МАРЫНМӔ ХЪАВЫД
Ӕз схъомыл дӕн Наукальпаны, хъӕздыг адӕм кӕм цард, ахӕм районы (штат Мехико). Тынг фыдзонд сывӕллон уыдтӕн ӕмӕ уарзтон мӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвитын. 12-аздзыдӕй райдыдтон тамако дымын, 14-аздзыдӕй та нуазын, 16 азы мыл куы цыди, уӕд та наркотиктыл бафтыдтӕн. Цалдӕр азы фӕстӕ хӕдзарӕй ацыдтӕн. Ме ’мбӕлттӕн сӕ фылдӕр цы бинонты ’хсӕн хъомыл кодтой, уыдон хорз схонӕн нӕ уыд – ӕфхӕрӕн ныхас ӕмӕ надӕй цух нӕ уыдысты. Мӕ цард мӕм ницӕйаг каст ӕмӕ дыууӕ хатты мӕхи амарынмӕ хъавыдтӕн.
19-аздзыдӕй куыстмӕ бацыдтӕн – модӕтӕ ӕвдыстон. Мӕ зонгӕтӕ уыдысты политиктӕ, артисттӕ ӕмӕ алыхуызон зындгонд адӕм. Фӕстӕдӕр смой кодтон, цот мын рацыди, фӕлӕ уӕддӕр уынаффӕтӕ мӕхӕдӕг хастон. Мӕ тамако ӕмӕ нуӕзт нӕ ныууагътон ӕмӕ мӕ царды уаг дӕр нӕ фӕивтон. Ӕвзӕр дзыхӕй дзырдтон ӕмӕ уарзтон ӕнӕгъдау хъазӕн ныхӕстӕ кӕнын. Иудзырдӕй, уыдтӕн фыдсыл.
Мӕ рӕстӕг цы адӕмимӕ ӕрвыстон, уыдон дӕр ахӕм цард кодтой. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, царды алцӕмӕй дӕр ӕххӕст уыдтӕн. Фӕлӕ мӕм уӕддӕр мӕ цард ницы касти, не ’мбӕрстон, цӕмӕн цӕрын, уый.
БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. 1998 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ райдыдтон Библи ахуыр кӕнын. Библийӕ базыдтон, адӕймаг цӕмӕн цӕры, Йегъовӕ Хуыцауы кӕй фӕнды зӕххӕй дзӕнӕт саразын, мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн ӕмӕ мӕнӕн дӕр фадат кӕй ис, цӕмӕй уыцы ног дунейы цӕрон.
Стӕй ма бамбӕрстон: кӕд Хуыцауы уарзын, уӕд хъуамӕ йӕ коммӕ кӕсон (1 Иоанны 5:3). Уый ӕнцон нӕ уыди, уымӕн ӕмӕ раздӕр никуы никӕмӕ хъуыстон. Фӕлӕ ӕппынфӕстаг бамбӕрстон, мӕхи зондӕй куы цӕрон, уӕд амондджын кӕй нӕ уыдзынӕн (Йереми 10:23). Йегъовӕмӕ куывтон, цӕмӕй мын царды фӕндаг амыдтаид. Куырдтон дзы, цӕмӕй мын баххуыс кодтаид йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрын ӕмӕ мӕ сывӕллӕтты афтӕ хъомыл кӕнын, цӕмӕй мын мӕ раздӕры цард ма бафӕзмыдтаиккой.
Тынг зын мын уыди мӕ цард фӕивын, фӕлӕ Ефесӕгтӕм 4:22–24 стихтӕм гӕсгӕ архайын райдыдтон. Уым фыст ис, зӕгъгӕ, «уӕ раздӕры митӕй бӕрӕг чи у... уыцы зӕронд адӕймаджы удыхъӕд кӕй хъуамӕ ныууадзат... ӕмӕ уӕ удыхъӕд ногмӕ кӕй хъуамӕ раиват – уыцы удыхъӕд та конд у Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕг рӕстдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинадмӕ гӕсгӕ». Цӕмӕй мӕ удыхъӕд ногмӕ раивтаин, уый тыххӕй хъуамӕ мӕ чъизи хъуыддӕгтӕ ныууагътаин, зӕгъӕм, тамако дымын ӕмӕ ӕвзӕр дзыхӕй дзурын. Ӕртӕ азы бӕрц мӕ бахъуыди, цӕмӕй мӕ цард фӕивтаин ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суыдаин.
Стӕй ма бамбӕрстон, мӕ лӕг ӕмӕ мыл мӕ сывӕллӕтты раз цы хӕс ис, уый. 1 Петры 3:1, 2 стихтӕм гӕсгӕ цӕрын райдыдтон: «Афтӕ сымах дӕр, устытӕ, уӕ лӕгты коммӕ кӕсут, цӕмӕй сӕ Хуыцауы ныхасмӕ чи нӕ хъусы, уыдон ӕнӕ ныхӕстӕй дӕр сӕ устыты уаг ӕмӕ ӕгъдауы фӕрцы басӕттой, хӕдӕфсарм кӕй стут ӕмӕ сӕ кӕй нымайут, уый уынгӕйӕ».
МӔ ЦАРД ФӔХУЫЗДӔР. Йегъовӕ Хуыцауӕй стыр бузныг дӕн, уымӕн ӕмӕ ныр зонын, цӕмӕн цӕрын, уый. Хуыздӕрырдӕм аивтон, ӕмӕ мӕ бон у мӕ сывӕллӕтты хорз хъомыл кӕнын. Иуӕй-иу хатт мыл мӕ зӕрдӕ фӕхуды мӕ раздӕры царды тыххӕй, фӕлӕ мын Йегъовӕ мӕ зӕрдӕ зоны (1 Иоанны 3:19, 20). Мӕ бон у фидарӕй зӕгъын, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрын, уый мӕ ӕвзӕрдзинадӕй кӕй бахъахъхъӕдта ӕмӕ мын стыр удӕнцой кӕй ӕрхаста.
ЙӔ НОМ ЖАЙЛСОН КОРРЕА-ДИ-ОЛИВЕЙРА
ЦӔУЫ ЙЫЛ 33 АЗЫ
ЦӔРЫ БРАЗИЛИЙЫ
РАЗДӔР УЫДИ НАРКОМАН ӔМӔ ФЫДНОЗТ КОДТА
Ӕз райгуырдтӕн Бразилийы, Уругваймӕ ’ввахс горӕт Бажейы, цӕры дзы 100 000 бӕрц адӕймаджы. Уым адӕмӕн сӕ фылдӕр зӕххы куыст кӕнынц ӕмӕ фос дарынц. Схъомыл дӕн, фыдракӕндтӕ арӕх кӕм уыди, ахӕм мӕгуыр районы. Уым ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ уыдысты наркомантӕ ӕмӕ расыггӕнджытӕ.
Скъола куы фӕдӕн, уӕд райдыдтон нуазын, марихуанӕ дымын ӕмӕ хэви-металмӕ хъусын. Хуыцауыл не ’ууӕндыдтӕн. Афтӕ мӕм каст, дунейы цы зындзинӕдтӕ ис ӕмӕ дзы цы бӕллӕхтӕ цӕуы, уыдон дӕр ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Хуыцау нӕй.
Цагътон гитарӕйыл ӕмӕ фыстон зарджытӕ. Арӕх-иу мӕ зарджытӕн ныхӕстӕ ӕрхъуыды кодтон, Библийы чиныг Раргомады цы бакастӕн, уымӕ гӕсгӕ. Нӕ музыкалон группӕ, куыд ӕнхъӕл уыдтӕн, афтӕ ӕнтыстджын нӕ разынд, ӕмӕ ӕз дӕр тыхджындӕр наркотиктӕм рахызтӕн. Куы мын фегӕр уа ӕмӕ куы амӕлон, уый мӕт дӕр нӕ кодтон. Мӕ зӕрдӕмӕ цы зарӕггӕнджытӕ цыдысты, уыдонӕн дӕр сӕ фылдӕр наркотиктӕй амардысты.
Наркотиктӕн ӕхца ӕфстау истон мӕ мадымадӕй, хъомыл дӕр мӕ уый скодта. Куы-иу мӕ бафарста, ӕхца дӕ цӕмӕн хъӕуы, зӕгъгӕ, уыд-иу ӕй асайдтон. Уымӕй фыддӕр та уыди, спиритизмыл кӕй бафтыдтӕн, уый. Афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ уый фӕрцы хорз зарджытӕ фысдзынӕн.
БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд мӕ зондахаст ивын райдыдта. Рӕстӕг куыд цыди, афтӕ мӕм цӕрын ӕрцыд ӕмӕ мӕ фӕндыд, цӕмӕй амондджын уон. Мӕ зондахаст кӕй фӕивта, уымӕ гӕсгӕ мӕ даргъ сӕрыхъуынтӕ алвыдтон. Уадзгӕ та сӕ ракодтон фыдӕнӕн. Стӕй бамбӕрстон: цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнон, уый тыххӕй хъуамӕ ныууадзон мӕ нозт, наркотиктӕ, тамако ӕмӕ хъуамӕ хъусон ӕндӕр музыкӕмӕ.
Фыццаг хатт Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдмӕ куы бацыдтӕн, уӕд къулыл федтон Библийы ныхӕстӕ фыст. Уыдон уыдысты Ӕмбисӕндты 3:5, 6 стихтӕ: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн». Уыцы ныхӕстӕ мӕ ныфс бауагътой: куы мӕ бафӕнда, уӕд Йегъовӕйы ’ххуысӕй мӕ бон уыдзӕн мӕ цард аивын.
Фӕлӕ афтӕ тынг кӕуыл сахуыр дӕн, уыцы хъуыддӕгтӕ ныууадзын мын мӕ къух акъуырынӕй уӕлдай нӕ уыд (Матфейы 18:8, 9). Уыцы хъуыддӕгтӕ сабыргай ныууадзын мӕ бон кӕй нӕ бауыдзӕн, уый ӕмбӕрстон, уымӕ гӕсгӕ сфӕнд кодтон ӕвиппайды сӕ ныууадзын. Мӕхи хызтон, мӕ раздӕры цардмӕ мӕ чи раздӕхтаид, уыцы адӕмӕй ӕмӕ бынӕттӕй.
Мӕхи ивыныл архайдтон, ӕмӕ-иу мын исты куы нӕ рауад, уӕд-иу мӕхимӕ нӕ ныхъхъуыстон. Фӕлӕ-иу мын гыццыл дӕр исты куы бантыст, уӕд та цин кодтон. Тынг мӕ фӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕйы цӕсты алы хъуыддаджы дӕр сыгъдӕг уыдаин. Йегъовӕмӕ куывтон, цӕмӕй мӕ раздӕры цардмӕ мӕ зӕрдӕ ма ’хсайдтаид, фӕлӕ размӕ цыдаин, ӕмӕ мын ӕххуыс кодта. Хатт-иу мӕхиуыл нӕ фӕхӕцыдтӕн ӕмӕ-иу мӕ зӕронд хъуыддӕгтӕ кӕнын райдыдтон. Фӕлӕ мемӕ Библи чи ахуыр кодта, уымӕн-иу загътон, цӕмӕй-иу фӕснозт дӕр ахуыр кодтаиккам.
Библийӕ базыдтон, Хуыцау алы адӕймагыл дӕр кӕй тыхсы, мӕнг динтӕ кӕй фесафдзӕн ӕмӕ абон йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕппӕт дунейы дӕр йӕ Паддзахады тыххӕй кӕй хъусын кӕнынц. Уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд (Матфейы 7:21–23; 24:14; 1 Петры 5:6, 7). Уыцы зонындзинӕдты руаджы, нырмӕ цы не ’мбӕрстон, уыдӕттӕ бамбӕрстон. Ӕппынфӕстаг мӕ бафӕндыд Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ равдисын, йе ’ппӕт хорздзинӕдты тыххӕй дзы бузныг кӕй дӕн.
МӔ ЦАРД ФӔХУЫЗДӔР. Ныр ӕй зонын, цӕмӕн цӕрын, уый (Екклесиаст 12:13). Мӕ бинонтӕн уаргъы хуызӕн нал дӕн, фӕлӕ сын мӕ бон у ӕххуыс кӕнын дӕр. Библийӕ цы базыдтон, уый радзырдтон мӕ мадымадӕн ӕмӕ абон уый дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕны. Нӕ бинонтӕй цалдӕрӕй ӕмӕ мӕ музыкалон группӕйӕ иу адӕймаг систы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
Ныр мӕхицӕн ис бинонтӕ. Мӕ цардӕмбалимӕ бирӕ рӕстӕг хардз кӕнӕм, цӕмӕй иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм Библийы тыххӕй базонынӕн. Мӕ цардӕй тынг райгонд дӕн, уымӕн ӕмӕ сахуыр дӕн мӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дарын.
[Хицӕнгонд текст 27 фарсыл]
«Рӕстӕг куыд цыди, афтӕ мӕм цӕрын ӕрцыд ӕмӕ мӕ фӕндыд, цӕмӕй амондджын уон»