Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w11 1/3 2–3 фф.
  • Ахсджиаг пехуымпарад

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ахсджиаг пехуымпарад
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Ӕцӕгдӕр «фӕстаг бонты» цӕрӕм?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Ацы дунейӕн йӕ кӕрон хӕстӕг у?
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
  • Апостолтӕ Йесойы фӕрсынц йе ’рцыды тыххӕй
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Чырысти Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы дзырдта?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
w11 1/3 2–3 фф.

Ахсджиаг пехуымпарад

«Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (МАТФЕЙЫ 24:14).

БИБЛИ чи иртасы, уыцы ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ ацы стих у тынг ахсджиаг. Ахсджиаг та уымӕн у, ӕмӕ дзы цы куысты кой ис, уый хъуамӕ цӕуа ӕнӕхъӕн зӕххыл. Уымӕй уӕлдай ма дзы ныхас цӕуы, чырыстӕттӕ цы куыст хъуамӕ кӕной, ууыл – хъуамӕ хъусын кӕной хорз хабар. Уыцы хъуыддаг хъуамӕ кӕной, стыр нысаниуӕг кӕмӕн ис, уыцы хабары размӕ, Чырысти йӕ схуыдта «кӕрон».

Матфейы 24:14 стихы фыст ныхӕстӕ ӕххӕст кӕнынц абон, ӕмӕ дӕумӕ дӕр хауынц, уымӕн ӕмӕ ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Хуыцау дӕ хонгӕ дӕр кӕй кӕны ӕмӕ фӕдзӕхсгӕ дӕр. Дӕ бон у равзарын, йӕ Паддзахады фарс слӕууай ӕви йӕ ныхмӕ рацӕуай. Цы равзардзынӕ, уый фӕзындзӕн дӕ цардыл.

Ӕркӕсӕм, Чырысти ацы ныхӕстӕ кӕд загъта, уымӕ. Хъӕдыл ӕй куы байтыгътой, уымӕй йӕм цалдӕр боны размӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты ӕмӕ йӕ бафарстой, фидӕны цы уыдзӕн, уымӕй. Фӕндыди сӕ базонын, Чырысти афтӕ арӕх кӕй кой кодта, уыцы Паддзахад кӕд ӕрцӕудзӕн, уый. Стӕй ма сӕ фӕндыд базонын «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕроны» тыххӕй дӕр, кӕнӕ, ӕндӕр тӕлмацы куыд фыст ис, «дунейы фӕуды» тыххӕй (Матфейы 24:3, «Ног Фӕдзӕхст», 2004).

Чырысти сын загъта, зӕгъгӕ, уыдзӕн стыр хӕстытӕ, адӕм хӕринагхъуаг ӕййафдзысты, сыстдзӕн фыднизтӕ ӕмӕ уыдзӕн стыр зӕххӕнкъуыстытӕ. Уымӕй уӕлдай ма загъта, фыдхъуыддӕгтӕ кӕй сарӕх уыдзысты, мӕнг динты разамонджытӕ бирӕты кӕй сайдзысты, ӕцӕг чырыстӕттӕй та адӕм се сӕфт кӕй уындзысты ӕмӕ сӕ кӕй ӕфхӕрдзысты. Адӕттӕй иу дӕр хорз хабар схонӕн нӕй (Матфейы 24:4–13; Лукайы 21:11).

Фӕлӕ Чырысти хорз хабар дӕр загъта. Цы ӕвзӕр хабӕрттӕ хъуамӕ ӕрцыдаид, уыдон куы ранымадта, уӕд загъта, статьяйы райдианы цы ныхӕстӕ ис, уыдон. Уыцы ныхӕстӕ бирӕ ӕнусты дӕргъы адӕмы хъуыдытыл дӕр ӕфтауынц ӕмӕ сын ныфс дӕр дӕттынц. Кӕд адӕм разы сты, ацы ныхӕстӕ тынг ахсджиаг кӕй сты, уыимӕ, уӕддӕр, куыд ӕмбарын сӕ хъӕуы, уый фӕдыл иу хъуыдыйыл хӕст не сты. Цымӕ цы у уыцы хорз хабар? Цы у Паддзахад? Ацы ныхӕстӕ, цымӕ, кӕд хъуамӕ сӕххӕст уой ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕндзӕн? Ӕмӕ «кӕрон» та цы у? Цӕй ӕмӕ ацы фарстатӕ фӕд-фӕдыл равзарӕм.

[Ныв 2, 3 фӕрстыл]

Цыппар Евангелийы къухфыстыты къопи. Вашингтон. Тардӕрӕй фыст у Матфейы 24:14

[Барлӕвӕрдӕй]

From the book Facsimile of the Washington Manuscript of the Four Gospels in the Freer Collection 1912

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын