Мӕгуыртӕ цы уавӕрты цӕрынц?
БИРӔТӔ цӕрынц тынг мӕгуыр. Нӕй сын фаг хӕринаг, дон, арт цӕмӕй скӕной ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕ цӕмӕй схъарм кӕной, уый. Уӕвгӕ сын рӕстмӕ хӕдзӕрттӕ дӕр нӕй. Нӕй сын фадӕттӕ сӕхи дзӕбӕх кӕнынӕн ӕмӕ ахуыр кӕнынӕн. Ахӕм уавӕры сты миллиард адӕймаджы – Африкӕйы цал адӕймаджы цӕры, уыйбӕрц. Фӕлӕ, зӕгъӕм, Ныгуылӕн Европӕйы ӕмӕ Цӕгат Америкӕйы бирӕтӕ мӕгуыр адӕймаг уынгӕ дӕр никуы фӕкодтой. Ӕркӕсӕм, ахӕм мӕгуыр адӕмӕй иуӕй-иутӕ куыд цӕрынц, уымӕ.
Мбарушиманӕ йӕ ус ӕмӕ йӕ фондз сывӕллонимӕ цӕры Руандӕйы, Африкӕйы. Йе ’хсӕзӕм сывӕллон амард тӕфсӕгӕй (малярия). Мбарушиманӕ дзуры: «Мӕ фыд йӕ зӕхх ӕхсӕз хайыл адих кодта. Мӕнмӕ дзы ӕрхауд тынг гыццыл хай, ӕмӕ мӕ бахъуыд мӕ бинонтимӕ горӕтмӕ алидзын. Цӕмӕй къӕбӕры фаг бакусӕм, уый тыххӕй мӕ усимӕ дуртӕ ӕмӕ змисы голджытӕ фӕхӕссӕм. Нӕ хӕдзары рудзгуытӕ дӕр нӕй. Дон та хӕссӕм, пъӕлицӕйы фарсмӕ цы цъай ис, уырдыгӕй. Арӕхдӕр бон иу хатт йеддӕмӕ нӕ бахӕрӕм, фӕлӕ нын куыст куы нӕ вӕййы, уӕд та ӕххормаг вӕййӕм ӕнӕхъӕн бон дӕр. Ахӕм бонты хӕдзарӕй ацӕуын, уымӕн ӕмӕ мӕ сывӕллӕттӕ фырӕххормӕгӕй куыд фӕкӕуынц, уымӕ хъусын мӕ бон нӕ вӕййы».
Виктор ӕмӕ Кармен сты дзабырхуыйджытӕ. Сӕ фондз сывӕллонимӕ цӕрынц Боливийы, иннӕ горӕттӕй дӕрддзӕфгомау чи у, иу ахӕм гыццыл горӕты. Ӕххуырсынц иу гыццыл агъуыст, йӕ цар кӕмӕн тӕдзы ӕмӕ рухс кӕм нӕй, ахӕм кӕлӕддзаг самандур хӕдзары. Хӕстӕгдӕр сӕм цы скъола ис, уым уыйбӕрц сывӕллӕттӕ ахуыр кодта, ӕмӕ Викторы йӕ чызгӕн бахъуыд партӕ саразын, кӕннод ын ӕй скъоламӕ нӕ айстаиккой. Виктор ӕмӕ Кармен фӕцӕуынц 10 километры, цӕмӕй-иу хӕринаг кӕнынӕн ӕмӕ нуазыны дон фыцынӕн сугтӕ ӕрбахӕссой. Кармен дзуры: «Уазӕгдон нӕм кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ фӕцӕуӕм доны былмӕ. Уыцы доны та адӕм сӕхи найгӕ дӕр фӕкӕнынц ӕмӕ дзы бырӕттӕ дӕр фӕкалынц. Ӕмӕ уый тыххӕй нӕ сывӕллӕттӕ арӕх рынчынтӕ кӕнынц».
Франсишку ӕмӕ Илидийӕ цӕрынц иу хъӕуы Мозамбикы. Сӕ фондз сывӕллонӕй иу амард тӕфсӕгӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ дохтыртӕ рынчындоны нӕ сӕвӕрдтой. Цы зӕххы гӕбаз сын ис, уым ныссадзынц пырындз ӕмӕ адджын картоф, ӕмӕ сын ӕртӕ мӕйы фаг свӕййы. Франсишку зӕгъы: «Хатт скӕны хус рӕстӕг кӕнӕ та нын нӕ тыллӕг къӕрныхтӕ адавынц, ӕмӕ уӕд фӕуӕй кӕнын бамбукы хъӕдтӕ хӕдзӕрттӕ аразынӕн, цӕмӕй иу гыццыл ӕхца бакусон. Стӕй ма мӕ бинойнагимӕ алы къуыри дӕр хъӕдӕй ӕрхӕссӕм сугтӕ. Хъӕдмӕ у дыууӕ сахаты цыд. Алчидӕр нӕ йе ’ккой ’рхӕссы, цас афӕразы, уыйбӕрц. Ӕрдӕг дзы уӕй акӕнӕм, ӕрдӕг та ныууадзӕм хӕринаг фыцынӕн».
Абон дунейы алы ӕвдӕм адӕймаг дӕр цӕры, уӕлдӕр кӕй кой ракодтам, уыцы адӕмы хуызӕн. Миллиардгай адӕм та сты тынг хъӕздыг. Бирӕтӕм уый раст нӕ кӕсы. Чидӕртӕ бӕргӕ архайынц, цӕмӕй мӕгуырдзинад мауал уа. Иннӕ статьяйӕ базонӕн ис, уыцы адӕм цы аразынц ӕмӕ сӕ ныфс цӕуыл дарынц, уый тыххӕй.
[Ныв 2, 3 фӕрстыл]
Кармен йӕ дыууӕ сывӕллонимӕ дон хӕссы