Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w15 1/10 16 ф.
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Архайынц мӕгуырдзинадӕн кӕрон скӕныныл
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Хорз хабар мӕгуыртӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Йесо Чырысти мӕгуырдзинадӕн кӕрон скӕндзӕн
    Ӕндӕр темӕтӕ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
w15 1/10 16 ф.

БИБЛИ: ФАРСТАТӔ ӔМӔ ДЗУАППЫТӔ

Искуы мӕгуырдзинадӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн?

Сылгоймаджы къухы афтид къус, иннӕмӕй та ӕрбахъӕбыс кодта гыццыл чызджы

Хуыцау куыд скӕндзӕн, мӕгуырдзинад кӕм нӕ уыдзӕн, ахӕм цард? (Матфейы 6:9, 10)

Адӕм мӕгуыр кӕй цӕрынц, уый тыххӕй хӕринагхъуаг ӕййафынц ӕмӕ сыл низтӕ стых вӕййынц. Уый аххосӕй алы аз дӕр амӕлы милуангай адӕм. Кӕд иуӕй-иу бӕстӕты адӕм тынг хъӕздыг цӕрынц, уӕддӕр адӕмӕн сӕ фылдӕр сты тынг мӕгуыр. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй мӕгуыртӕ уыд алкӕддӕр. (Бакӕс Иоанны 12:8.)

Цӕмӕй адӕм мӕгуыр мауал уой, уый тыххӕй ӕппӕт зӕххӕн дӕр хъуамӕ иу хицауад уа. Уыцы хицауадӕн хъуамӕ йӕ бон уа Зӕххы хъӕздыгдзинӕдтӕ адӕмыл ӕмхуызон уарын, стӕй хӕстытӕн дӕр кӕрон скӕнын, уымӕн ӕмӕ адӕм сӕйраджыдӕр хӕстыты аххосӕй смӕгуыр вӕййынц. Ӕмӕ раст ахӕм хицауадӕй бавӕрдта зӕрдӕ Хуыцау. (Бакӕс Данелы 2:44.)

Мӕгуырдзинадӕн кӕрон чи скӕндзӕн?

Хуыцау йӕ Фырт Йесо Чырыстийы ӕппӕт адӕмӕн дӕр сӕвӕрдта хицауӕй (Псалом 2:4–8). Йесо мӕгуырты сӕ мӕгуыр цардӕй фервӕзын кӕндзӕн, нал уыдзӕн фыддзинад ӕмӕ ничи никӕйуал ӕфхӕрдзӕн. (Бакӕс Псалом 72:8, 12–14.)

Библийы загъд куыд уыди, афтӕмӕй «Фарны кънйаз», Йесо, дунемӕ ӕрхӕсдзӕн фарн ӕмӕ сабыр цард. Уӕд алчидӕр цӕрдзӕн йӕхи хӕдзары, алкӕмӕн дӕр йӕ куыстӕй йӕ зӕрдӕ райдзӕн ӕмӕ хӕринагцух ничи уыдзӕн. (Бакӕс Исайы 9:6, 7; 65:21–23.)

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын