panitan/stock.adobe.com
Йесо Чырысти мӕгуырдзинадӕн кӕрон скӕндзӕн
Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд хъуыддагӕй равдыста, адӕмы кӕй уарзы, уый, уӕлдайдӕр мӕгуыр ӕмӕ, ныфссаст чи уыд, уыдоны (Матфейы 9:36). Мах тыххӕй ма суанг йӕ цард дӕр радта (Матфейы 20:28; Иоанны 15:13). Тагъд та Йесо ногӕй йӕ уарзондзинад равдисдзӕн. Ныр Йесо у Хуыцауы Паддзахады Паддзах ӕмӕ ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр мӕгуырдзинадӕн кӕрон скӕндзӕн.
Библийы фыст ис, Йесо Чырысти цы сараздзӕн, уый:
«Уадз тӕрхон кӕнӕд ӕфхӕрд адӕмӕн, мӕгуыр адӕймаджы фыртты фервӕзын кӕнӕд» (Псалом 72:4).
Йесо мах тыххӕй цы сарӕзта ӕмӕ ма ноджыдӕр цы сараздзӕн, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын? Зӕгъӕм, Йесо «Хуыцауы паддзахады тыххӕй» цы хорз хабар хъусын кодта, уый тыххӕй фылдӕр базон (Лукайы 4:43). Бакӕс статья «Цы у Хуыцауы Паддзахад?».