alfa27/stock.adobe.com
Йесо Чырысти фыдракӕндтӕн кӕрон скӕндзӕн
Йесо Чырысти хорз зоны, фыдракӕндтӕ ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ адӕймагӕн цы стыр маст бавзарын кӕнынц, уый. Йесойӕн йӕхи дӕр ӕнаххосӕй фӕаххосджын кодтой, фӕнадтой йӕ, раст тӕрхон ын нӕ рахастой ӕмӕ йӕ хъӕдыл байтыгътой. Ӕмӕ кӕд ницы аххосджын уыд, уӕддӕр «йӕ уд радта бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матфейы 20:28; Иоанны 15:13). Ныр Йесо у Хуыцауы Паддзахады Паддзах ӕмӕ тагъд фыдракӕндтӕн кӕрон скӕндзӕн ӕмӕ ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр рӕстдзинад ӕнустӕм ӕрфидар кӕндзӕн (Исай 42:3).
Библийы фыст ис, Йесо хъуыддӕгтӕм куы бавнала, уӕд цард цыхуызӕн уыдзӕн, уый тыххӕй.
«Фыдгӕнӕг нал уыдзӕн, кӕм уыди, уырдӕм бакастӕ, ӕмӕ нал ис. Сабыр адӕм та зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты» (Псалом 37:10, 11).
Йесо мах тыххӕй цы сарӕзта ӕмӕ ма ноджыдӕр цы сараздзӕн, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын? Зӕгъӕм, Йесо «Хуыцауы паддзахады тыххӕй» цы хорз хабар хъусын кодта, уый тыххӕй фылдӕр базон (Лукайы 4:43). Бакӕс статья «Цы у Хуыцауы Паддзахад?».