Сӕ уырнындзинадӕй сты фӕзминаг
Йӕ Хуыцау ын удӕнцой радта
БӔСТӔ ӕрбаталынг, ӕмӕ къӕвда ныккалдта. Кӕд Илийа ӕрыгон нал уыд, уӕддӕр уыцы къӕвдайы суанг Изреелы онг фезгъордта. Уыцы дард фӕндагыл йӕ фӕллад суадзынмӕ иу ран дӕр не ’рлӕууыд, уымӕн ӕмӕ йыл уыд «Йегъовӕйы къух». Йе уӕнгты ӕрыгон лӕппуйы тых хъазыд. Йегъовӕ дзы уыйбӕрц хъару бауагъта, ӕмӕ паддзах Ахавы бӕхуӕрдоны разӕй дӕр фӕци (1 Паддзӕхты 18:46).
Илийа паддзах Ахавы фӕстейӕ ныууагъта ӕмӕ дарддӕр йӕ фӕндагыл размӕ тындзыдта. Къӕвда йӕм нымады дӕр нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уыдысты, уыцы бон цы диссаджы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоныл. Уымӕй ахсджиагдӕр бон йӕ царды никуы уыд. Илийа йӕхи цӕстӕй федта йӕ Хуыцау Йегъовӕйы ӕмӕ раст дины уӕлахиздзинад. Кӕмдӕр фӕстейӕ баззад, бӕстыастӕу иунӕгӕй чи лӕууыд ӕмӕ ныр къӕвда ӕмӕ мигътӕй зынгӕ дӕр чи нал кодта, уыцы хох – Кармилы хох. Раст уым Йегъовӕ йӕ пехуымпар Илийайы уылты равдыста йӕ хъару, ӕмӕ ирдӕй рабӕрӕг, Ваал мӕнг хуыцау кӕй у, Ваалы цалдӕр сӕдӕ пехуымпары цӕстфӕлдахджытӕ кӕй уыдысты ӕмӕ сын мӕлӕты тӕрхон дзӕгъӕлы хаст кӕй не ’рцыд. Уый фӕстӕ Илийа Йегъовӕмӕ скуывта, цӕмӕй, ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг чи ахаста, уыцы хус рӕстӕгӕн кӕрон скодтаид. Ӕмӕ диссагӕй цы кӕныс – къӕвда ныккалдта!a (1 Паддзӕхты 18:18–45).
Илийа уыцы уарыны Изреелмӕ фезгъордта 30 километры. Ӕвӕццӕгӕн хъуыды кодта, зӕгъгӕ, ныр уавӕр фӕивдзӕн: Ахав, цытӕ федта, уый фӕстӕ ӕнӕмӕнгӕй аивдзӕн, Ваалӕн нал кувдзӕн, йӕ ус Йезавелӕн йӕ бартӕ байсдзӕн ӕмӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты фӕдыл нал зилдзӕн.
Хъуыддӕгтӕ, мах куыд фӕнды, афтӕ куы рауайынц, уӕд нӕ ныфс бацӕуы. Афтӕ нӕм фӕкӕсы, нӕ хъизӕмӕрттӕ иууылдӕр фӕстейӕ баззадысты, ӕмӕ ныр алцыдӕр хорз уыдзӕн. Илийа дӕр уыд «мах хуызӕн адӕймаг», ӕмӕ цас диссаг у, кӕд уый дӕр афтӕ хъуыды кодта, уӕд (Иаковы 5:17). Фӕлӕ Илийайӕн йӕ хъизӕмӕрттӕ нырма разӕй уыдысты. Райдианы цы хабӕртты тыххӕй бакастыстӕм, уыдонӕй цалдӕр сахаты фӕстӕ афтӕ тынг фӕтарст, йӕ ныфс афтӕ тынг асаст, ӕмӕ мӕлӕтмӕ бӕллыд. Цымӕ йыл цы ’рцыд? Йегъовӕ йын куыд баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ уырнындзинад фӕфидар уыдаид ӕмӕ дзы ногӕй ныфс бацыдаид? Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.
Уавӕр ӕнӕнхъӕлӕджы фӕивта
Ахав Изреелмӕ йӕ хӕдзармӕ бахӕццӕ. Цымӕ Кармилы хохыл цы диссӕгтӕ федта, уыдоны фӕрцы, мыййаг, ӕцӕг Хуыцаумӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдта? Библийы фыст ис: «Ахав Йезавелӕн радзырдта, Илийа цыдӕриддӕр сарӕзта, уый тыххӕй. Радзырдта йын, пехуымпарты куыд ныццагъта, уый дӕр» (1 Паддзӕхты 19:1). Дӕ хъус-ма ӕрдар, уыцы бон цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоны тыххӕй дзургӕйӕ Ахав Илийайы Хуыцау Йегъовӕйы кой кӕнгӕ дӕр кӕй не скодта. Ахав Хуыцауы хъуыддӕгтӕ ницӕмӕ дардта ӕмӕ, «Илийа цыдӕриддӕр сарӕзта», уыдонмӕ каст адӕймаджы цӕстӕй. Бӕрӕг у, Хуыцау Йегъовӕ йӕ цӕсты нӕ фӕкадджындӕр. Цымӕ уыцы хабӕрттӕ фехъусгӕйӕ паддзахы налат ус Йезавел та цы бакодта?
Йӕ маст рафыхт ӕмӕ Илийамӕ арвыста ахӕм ныхас: «Хуыцӕутты фыдӕх мӕ баййафӕд, ӕз дӕ райсом ацафон сӕ фӕдыл мӕрдтӕм куы нӕ барвитон, уӕд» (1 Паддзӕхты 19:2). Ӕмӕ уыдон ӕрмӕст ӕртхъирӕнтӕ нӕ уыдысты. Йезавел карзӕй расомы кодта, Ваалы пехуымпарты тыххӕй Илийайӕ йӕ маст кӕй райсдзӕн. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: Илийа фынӕй кӕны иу мӕгуыр хӕдзары Изреелы. Уалынмӕ йӕм Йезавелы ’рвыст лӕг бацыд ӕмӕ йӕ райхъал кодта, цӕмӕй йын Йезавелы ныхас фехъусын кодтаид. Куыд бакодта Илийа?
Йӕ ныфс асаст ӕмӕ дзы тас бацыд
Кӕд Илийа афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ иууылдӕр базыдтой, Ваалӕн йӕ бон кӕй ницы у ӕмӕ йын кӕй ничиуал лӕггад кӕндзӕн, уӕд ӕй ныр бамбӕрста, рӕдийгӕ кӕй кодта. Йезавелы ницы басаста. Уымӕй размӕ дӕр йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы иузӕрдион пехуымпартӕй бирӕты амардтой, ӕмӕ Илийа, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, ныр та мӕ рад у, зӕгъгӕ. Библийы кӕсӕм: «Илийа фӕтарст». Чи зоны, Илийайӕн йӕ цӕстытыл ауад, Йезавел ӕй цы ӕвирхъау мардӕй амарынмӕ хъавы, уый. Кӕд ӕм ахӕм хъуыды сӕвзӕрд ӕмӕ уыцы хъуыды йӕ сӕрӕй нӕ хицӕн кодта, уӕд диссаг нӕу, йӕ ныфс бынтондӕр кӕй асаст. Куыдфӕнды ма уыдаид – Илийа алыгъд, цӕмӕй «йӕ цард бахъахъхъӕдтаид» (1 Паддзӕхты 18:4; 19:3).
Афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй Илийайы йеддӕмӕ, тас цы у, уый иу дӕр нӕ зыдта. Илийайы замантӕй бирӕ фӕстӕдӕр апостол Петр дӕр ахӕм уавӕры бахауд. Иухатт ын Йесо Чырысти куы загъта, цӕмӕй йӕм доныл бацыдаид, уӕд ӕм ныфсджынӕй фӕцӕуӕг. Фӕлӕ йӕ алыварс кӕсын куы райдыдта ӕмӕ, «куыд тынг дымы, уый куы федта», уӕд фӕтарст ӕмӕ ныгъуылын райдыдта (Матфейы 14:30). Петр ӕмӕ Илийайы хабарӕй ахуыр кӕнӕм иу ахсджиаг хъуыддагыл: цӕмӕй-иу нӕ ныфс ма асӕтта, уый тыххӕй нӕ сӕрӕй сурӕм, тас нӕ чи уадзы, уыцы хъуыдытӕ. Хъуамӕ алкӕддӕр хъуыды кӕнӕм, ныфс ӕмӕ нын тых чи дӕтты, уыцы Хуыцауыл.
«Мӕ бон нал у!»
Илийа йӕ цардӕн кӕй тарст, уымӕ гӕсгӕ Изреелӕй алыгъд хуссар-ныгуылӕнырдӕм, Иудӕйӕн йӕ хуссайраг арӕнмӕ ’ввахс горӕт Вирсавимӕ. Цӕугӕ та фӕкодта 150 километры. Уым Илийа йӕ лӕггадгӕнӕджы ныууагъта, йӕхӕдӕг та ацыд ӕдзӕрӕг быдырмӕ. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, уыцы ӕдзӕрӕг быдыры «иу бон фӕцыд». Ӕвӕццӕгӕн, райсомӕй раджы сыстад ӕмӕ ацыд, йемӕ ӕппындӕр ницы айста, афтӕмӕй. Илийа бынтондӕр йӕхимӕ ныхъхъуыста. Ӕдзӕрӕг быдыры судзгӕ хуры бын цыд ӕмӕ цыд – йӕ зӕрдӕйы цы тас уыд, уый йӕ размӕ тардта. Хур куыд дӕлдӕр цыди, афтӕ арв сырхӕй-сырхдӕр кодта, Илийайы хъарутӕ та кодтой къаддӕрӕй-къаддӕр. Фӕстагмӕ дзы тыхы мур нал баззад, ӕмӕ къутӕрбӕласы бын ӕрбадт – уыцы ӕдзӕрӕг быдыры йӕ фӕллад ӕндӕр кӕм суагътаид, ахӕм бынат нӕ уыд (1 Паддзӕхты 19:4).
Илийа афтӕ стыхст, ӕмӕ ма Хуыцауӕй мӕлӕт куырдта. Куывта йӕм: «Ӕз мӕ фыдӕлтӕй ницӕмӕй хуыздӕр дӕн». Зыдта йӕ, йӕ фыдӕлтӕй стӕгдар дӕр кӕй нал баззад, ӕмӕ сӕ бон никӕмӕнуал у баххуыс кӕнын (Екклесиаст 9:10). Илийа йӕхимӕ зӕххӕй сисыны аккаг дӕр нал каст, ӕмӕ уымӕн загъта афтӕ дӕр: «Мӕ бон нал у!». Ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, мӕ цард ма цы у, зӕгъгӕ.
Цымӕ нӕм хъуамӕ диссаг кӕса, Хуыцауы лӕггадгӕнӕг йӕхимӕ кӕй ныхъхъуыста ӕмӕ йӕ ныфс кӕй асаст, уый? Уым диссагӕй ницы ис. Библийы фыст ис, Хуыцауӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, уыцы нӕлгоймӕгтӕй ӕмӕ сылгоймӕгтӕй дӕр-иу кӕмӕндӕрты, зӕгъӕм, Ревеккӕйӕн, Иаковӕн, Моисейӕн ӕмӕ Иовӕн сӕ ныфс кӕй асаст, ӕмӕ-иу кӕй хъуыды кодтой, ахӕм царды бӕсты – мӕлӕт хуыздӕр (Райдиан 25:22; 37:35; Нымӕцтӕ 11:13–15; Иов 14:13).
Абон «тынг уӕззау рӕстӕг» кӕй у, уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, бирӕтӕн, суанг Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн дӕр, сӕ ныфс кӕй асӕтты (2 Тимофеймӕ 3:1). Кӕд дӕуӕн дӕр хатт дӕ ныфс асӕтты, уӕд-иу ды дӕр Илийайау Хуыцӕумӕ зӕрдӕбынӕй кув. Рох дӕ ма уӕд, Йегъовӕ «удӕнцойдӕттӕг Хуыцау» кӕй у (2 Коринфӕгтӕм 1:3). Ӕмӕ цымӕ уӕд Илийайӕн удӕнцой радта?
Йегъовӕ Илийайӕн баххуыс кодта
Куыд хъуыды кӕныс, йӕ пехуымпар ӕдзӕрӕг быдыры къутӕрбӕласы бын куыд бадт ӕмӕ мӕлӕт куыд куырдта, уымӕ Йегъовӕ цы зӕрдӕимӕ каст? Уый ӕнцон базонӕн у. Илийа куы бафынӕй, уӕд ӕм Йегъовӕ зӕды арвыста. Зӕд Илийамӕ арӕхстгай бавнӕлдта ӕмӕ йӕ райхъал кодта. Стӕй йын загъта: «Сыст ӕмӕ ахӕр». Илийа сыстад ӕмӕ бахордта, зӕд ын цы хӕринаг ӕрӕвӕрдта, уый – хъарм дзул ӕмӕ дон. Цымӕ йын бузныг загъта? Уый бӕлвырд зӕгъӕн нӕй. Библийы ӕрмӕст фыст ис, зӕгъгӕ, пехуымпар бахордта, банызта ӕмӕ та фӕстӕмӕ бафынӕй. Дзурын дӕр ӕм кӕй нӕ цыд, уый тыххӕй цымӕ бакодта афтӕ? Куыдфӕнды ма уыдаид, зӕд та йӕ дыккаг хатт дӕр райхъал кодта, ӕвӕццӕгӕн, боны цъӕхтыл, ӕмӕ та ногӕй Илийайӕн загъта: «Сыст ӕмӕ бахӕр». Ӕмӕ йын стӕй загъта ацы зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ: «Кӕннод фӕндагыл нӕ бафӕраздзынӕ» (1 Паддзӕхты 19:5–7).
Хуыцау зӕдӕн раргом кодта, Илийайы кӕдӕм цӕуын хъуыди, уый. Раргом ма йын кодта уый дӕр, Илийайӕн йӕхимӕ уыйбӕрц хъару кӕй нӕ уыд, цӕмӕй уыцы дард фӕндагыл цӕуын бафӕрӕзтаид. Куыд ӕхсызгон у ахӕм Хуыцауӕн лӕггад кӕнын, цӕмӕ тырнӕм, стӕй, нӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу, уый нӕхицӕй хуыздӕр чи зоны! (Псалом 103:13, 14). Цымӕ Илийа дарддӕр цы баци?
Библи зӕгъы: «Илийа сыстад, бахордта ӕмӕ банызта. Хъарутӕ та йӕм фӕзынд, ӕмӕ цыппор боны ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы фӕцыд Хоривы онг, ӕцӕг Хуыцауы хохы онг» (1 Паддзӕхты 19:8). Илийа 40 боны ӕмӕ 40 ӕхсӕвы хӕринаджы хъӕстӕ нӕ фӕци. Уыйбӕрц рӕстӕг ма ком дардтой Моисей ӕмӕ Чырысти дӕр (Моисей Илийайӕ цард иу-ӕхсӕз ӕнусы раздӕр, Чырысти та – иу-дӕс ӕнусы фӕстӕдӕр) (Рацыд 34:28; Лукайы 4:1, 2). Илийа хӕринаг кӕй бахордта, уый йӕ йе ’ппӕт бӕллӕхтӕй нӕ фервӕзын кодта, фӕлӕ йын йӕ тыхыл тых бафтыдта. Ахъуыды-ма кӕн, ацӕргӕ Илийайы цас хъарутӕ ӕрӕвӕрын хъуыди, цӕмӕй мӕй ӕмӕ ӕрдӕджы бӕрц, фӕндаг бӕрӕг дӕр кӕм нӕ уыд, ахӕм ӕдзӕрӕг быдыры фӕцыдаид!
Абон дӕр Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кӕны. Ӕрмӕст уый фӕрцы нӕ, ӕмӕ сын диссаджы хуызы хӕринаг дӕтты, фӕлӕ, уырнындзинад чи фидар кӕны, ахӕм хӕринаджы фӕрцы. Ӕмӕ уый та у ноджы ахсджиагдӕр (Матфейы 4:4). Библийӕ ӕмӕ, Библи чи ӕмбарын кӕны, уыцы литературӕйӕ Хуыцауы тыххӕй цы базонӕм, уый руаджы нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм. Уыцы «хӕринаг» кӕй хӕрӕм, уый нӕ ӕппӕт бӕллӕхтӕй нӕ ирвӕзын кӕны, фӕлӕ нын ӕххуыс кӕны, нӕхи бон сфӕразын цы нӕу, уыдӕттӕ сфӕразынӕн. Уымӕй уӕлдай ма нын уыцы хӕринаг фадат дӕтты, цӕмӕй «ӕнустӕм цӕрӕм» (Иоанны 17:3).
Илийа фӕцыд иу-320 километры бӕрц Хоривы хохмӕ, Моисеймӕ кӕддӕр судзгӕ къутӕры Йегъовӕйы зӕд кӕм фӕзынд, ӕмӕ фӕстӕдӕр та Йегъовӕ Израилимӕ Закъоны бадзырд кӕм скодта, уырдӕм. Уыцы ран Илийа лӕгӕтмӕ бацыд, цӕмӕй уым бахсӕвиуат кодтаид.
Йегъовӕ йӕ пехуымпарӕн удӕнцой куыд радта ӕмӕ йӕ куыд бафидар кодта?
Хоривы хохыл Йегъовӕ, ӕвӕццӕгӕн, зӕды уылты, Илийайы бафарста: «Илийа, ам цы кусыс?». Ӕвӕццӕгӕн, ацы ныхӕстӕ афтӕ фӕлмӕнӕй загъта, ӕмӕ Илийайы бафӕндыд, цыдӕриддӕр ӕй тыхсын кодта, уый радзурын. Ӕмӕ Илийа йӕ тыппыртӕ суагъта: «Ӕз ӕнувыдӕй лӕггад кодтон ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕйӕн, фӕлӕ Израилы фырттӕ дӕ бадзырдыл сӕ къух систой, дӕ нывондхӕссӕнтӕ дын ныппырх кодтой, дӕ пехуымпарты та дын ныццагътой, ӕрмӕстдӕр ма дзы ӕз баззадтӕн. Ӕмӕ мӕн дӕр марынмӕ хъавынц» (1 Паддзӕхты 19:9, 10). Илийайы ныхӕстӕй бӕрӕг у, ӕппынкъаддӕр ӕртӕ хъуыддаджы тыххӕй кӕй асаст йӕ ныфс.
Фыццаг: Илийамӕ афтӕ каст, ӕмӕ йӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы уыд. Кӕд Илийа бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйӕн «ӕнувыдӕй лӕггад кодта» ӕмӕ йын йӕ ном рухс кӕнынӕй сӕйрагдӕр ницы уыд, уӕддӕр ӕм афтӕ каст, ӕмӕ уавӕр фыддӕр йеддӕмӕ хуыздӕр нӕ кодта. Израилӕгтӕ Хуыцауы ныхас ницӕмӕ дардтой ӕмӕ ӕдзух йӕ ныхмӕ цыдысты, мӕнг дин та дидинӕг калдта. Дыккаг: Илийамӕ афтӕ каст, ӕмӕ иунӕг у. «Ӕрмӕстдӕр ма дзы ӕз баззадтӕн»,– загъта Илийа, цыма Израилы адӕмӕй уый йеддӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕппындӕр ничи лӕггад кодта, уыйау. Ӕртыккаг: Илийа фӕтарст. Йегъовӕйы пехуымпартӕй бирӕты амардтой, ӕмӕ Илийа загъта, ныр та мӕн мардзысты, зӕгъгӕ. Ӕнцон ын нӕ уыд ӕргомӕй зӕгъын, цы йӕ тыхсын кодта, уый. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр, мӕ кад дӕлӕмӕ ӕрхаудзӕн кӕнӕ фӕхудинаг уыдзынӕн, зӕгъгӕ, уыцы хъуыды нӕ баурӕдта. Илийайӕн йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый Йегъовӕйӕн кӕй раргом кодта, уымӕй фӕзминаг у Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр (Псалом 62:8).
Йегъовӕ Илийайӕн куыд баххуыс кодта? Зӕд Илийайӕн загъта, цӕмӕй лӕгӕты бахизӕны слӕууыдаид. Илийа нӕ зыдта, дарддӕр цы уыдзӕн, уый, фӕлӕ зӕды коммӕ бакаст. Уалынмӕ дын дымгӕ куы сыстид. Дымгӕ ахӕм тыхджын уыд, ӕмӕ хӕхтӕ скъуыдтӕ кодтой, къӕдзӕхтӕ згъӕлдысты. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Илийа йӕ къухӕй йӕ цӕсгом куыд ӕмбӕхсы ӕмӕ йӕ хъисын дарӕсыл куыд хӕцы, цӕмӕй йын ӕй дымгӕ ма аскъӕфа. Уый фӕстӕ зӕхх нынкъуысыд, ӕмӕ Илийа, гыццыл ма бахъӕуа, ӕмӕ ахаудаид. Зӕххӕнкъуысты фӕстӕ йӕхимӕ нӕма ’рцыд, афтӕ ссыгъд стыр арт, ӕмӕ Илийа фӕстӕмӕ лӕгӕтмӕ балыгъд (1 Паддзӕхты 19:11, 12).
Фӕлӕ, Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй Йегъовӕ нӕ уыд нӕдӕр дымгӕйы, нӕдӕр зӕххӕнкъуысты, нӕдӕр арты. Илийа зыдта, Йегъовӕ, иуӕй-иу ӕрымысгӕ хуыцӕуттӕй уӕлдай, цавӕрдӕр ӕрдзон тыхты хуыцау кӕй нӕу. Зӕгъӕм, Ваалы йӕ лӕггадгӕнджытӕ хуыдтой «Мигътыл цӕуӕг» ӕмӕ йӕ нымадтой къӕвдайы бардуагыл. Адӕймаг кӕмӕй баризы, уыцы ӕрдзон тыхтӕ иууылдӕр Йегъовӕ сфӕлдыста. Фӕлӕ, цы сфӕлдыста, уыдон йемӕ абаргӕйӕ ӕппындӕр ницы сты. Йегъовӕ суанг уӕлӕрвты дӕр нӕ цӕуы! (1 Паддзӕхты 8:27). Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттӕ Илийайӕн куыд баххуыс кодтой? Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, куыд тынг тарст, уый. Йӕ фарсмӕ уыд Йегъовӕ, йӕ тых ӕгӕрон кӕмӕн у, уыцы Хуыцау. Уӕдӕ ма уӕд хъуамӕ Ахавӕй ӕмӕ Йезавелӕй тарстаид? (Псалом 118:6).
Арт куы ахуыссыд, уӕд бӕстӕ ’рсабыр, ӕмӕ Илийа фехъуыста, чидӕр та йӕ куыд бафарста «фӕлмӕн, сабыр хъӕлӕсӕй», ам цы кусыс, зӕгъгӕb. Ӕмӕ Илийа дыккаг хатт дӕр радзырдта, цы йӕ тыхсын кодта, уый. Ӕвӕццӕгӕн, уый фӕстӕ Илийайӕн фенцондӕр. Фӕлӕ йын ноджы ӕнцондӕр та фӕци, фӕстӕдӕр кӕй фехъуыста, уыцы ныхӕстӕй. Йегъовӕ йын бамбарын кодта, стыр аргъ ын кӕй кӕны. Цымӕ куыд? Загъта йын, дарддӕр куыд тох кӕндзӕн, цӕмӕй Израилы адӕм Ваалӕн мауал кувой. Илийайы фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ йын Йегъовӕ бамбарын кодта, йӕ фӕнд ӕнӕмӕнгӕй кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Ӕмӕ уыцы фӕнд хъуамӕ сӕххӕст кодтаид Илийайы ӕххуысӕй дӕр. Уый бӕрӕг у, йӕ бар ын цыдӕр хӕстӕ кӕй бакодта, уымӕй (1 Паддзӕхты 19:12–17).
Цӕмӕй Илийамӕ афтӕ ма кастаид, ӕмӕ иунӕг у, уый тыххӕй та Йегъовӕ цы бакодта? Фыццаг уый, ӕмӕ Илийайӕн загъта, цӕмӕй Елисейы пехуымпарӕй сӕвӕрдтаид, ӕмӕ Елисей фӕстӕдӕр йӕ бӕсты пехуымпарӕй лӕггад кодтаид. Елисей уый фӕстӕ бирӕ азты дӕргъы уыд Илийайы фарсмӕ ӕмӕ йын ӕххуыс кодта. Уый йын, ӕцӕгдӕр, стыр ӕххуыс куыннӕ уыд! Дыккаг та уый, ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта иу диссаджы хабар: «Ӕз Израилы ныууагътон авд мин адӕймаджы – уыдон Ваалы раз сӕ зонгуытыл нӕ лӕууыдысты ӕмӕ йын нӕ пъатӕ кодтой» (1 Паддзӕхты 19:18). Уӕдӕ Илийа иунӕг нӕ уыд! Ӕхсызгон ын куыннӕ уыдаид фехъусын, цалдӕр мин рӕстгӕнӕджы Ваалӕн кӕй нӕ бакуывтой, уый. Илийа уыцы уӕззау рӕстӕджы Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кодта, уымӕй сын уыд фӕзминаг. Илийайы зӕрдӕ тынг бацагайдта Хуыцауы «фӕлмӕн, сабыр хъӕлӕс», ома йын Йегъовӕ йӕ минӕвары уылты цы загъта, уый.
Илийайау мах дӕр, ӕвӕццӕгӕн, дисы бафтауынц ӕрдзы тыхтӕ. Ӕмӕ, уӕвгӕ, ӕндӕр куыд хъуамӕ уа! Сфӕлдисӕджы тых ирдӕй зыны йе сконд хъуыддӕгты (Ромӕгтӕм 1:20). Йегъовӕ алы хатт дӕр цӕттӕ вӕййы йе ’гӕрон тыхӕй йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн баххуыс кӕнынмӕ (2 Азфыстыты 16:9). Фӕлӕ ныхас та немӕ кӕны Библийы уылты (Исай 30:21). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Библи у уыцы «фӕлмӕн, сабыр хъӕлӕс», ӕмӕ нын уый уылты Йегъовӕ абон разамынд дӕтты, раст нӕ кӕны, нӕ ныфсыл нын ныфс ӕфтауы ӕмӕ нын дзуры, тынг нӕ кӕй уарзы.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Илийайӕн тынг баххуыс кодта, Йегъовӕ йын Хоривы хохыл удӕнцой кӕй радта, уый. Гыццыл фӕстӕдӕр та Илийа ногӕй хъӕбатырӕй ӕмӕ ныфсджынӕй мӕнг дины ныхмӕ тох кодта. Кӕд мах дӕр, «Фыстад цы удӕнцой дӕтты», уый, ома Хуыцауы ныхӕстӕ, нӕ зӕрдӕмӕ исӕм, уӕд махӕн дӕр нӕ уырнындзинад Илийайы уырнындзинадау фидар уыдзӕн (Ромӕгтӕм 15:4).
[Фиппаинӕгтӕ]
a Кӕс 2008 азы 1 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», статья «Уый хӕцыд раст дины фарс» рубрикӕйӕ «Сӕ уырнындзинадӕй сты фӕзминаг» ӕмӕ 2008 азы 1 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», статья «Он был бдительным и ждал».
b Ӕвӕццӕгӕн, уыцы «фӕлмӕн, сабыр хъӕлӕс» уыд, Илийа ма уымӕй размӕ дӕр кӕй фехъуыста, уыцы хъӕлӕс. Ацы хабары кой ис 1 Паддзӕхты 19:9 стихы. 15 стихы та ногӕй кӕсӕм, «Йегъовӕ» Илийаимӕ кӕй ныхас кодта. Ацы стихтӕ кӕсгӕйӕ, чи зоны, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Израилы адӕмы ӕдзӕрӕг быдыры чи кодта ӕмӕ Хуыцау афтӕ кӕмӕй загъта, «уый мӕ ном хӕссы», зӕгъгӕ, уыцы зӕд (Рацыд 23:21). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фидарӕй афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Йегъовӕ Илийаимӕ цы зӕды уылты ныхас кодта, уый, Рацыды чиныджы кӕй кой цӕуы, уыцы зӕд у. Фӕлӕ бафиппайын хъӕуы, Чырысти зӕхмӕ ӕрцӕуыны размӕ кӕй уыд «Дзырд», ома Йегъовӕйы сӕрмагонд Минӕвар (Иоанны 1:1).
[Ныв 19 фарсыл]
Йегъовӕ Илийайы фарсмӕ уыд йӕ зын сахат дӕр ӕмӕ йӕ цины рӕстӕг дӕр
[Ныв 20 фарсыл]
Илийайӕн йӕ ныфс куы асаст, уӕд Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕйы маст раргом кодта
[Ныв 21 фарсыл]
Йегъовӕ йӕ ӕгӕрон тыхы фӕрцы Илийайӕн удӕнцой радта ӕмӕ йӕ бафидар кодта