Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w11 1/8 14–15 фф.
  • Доркӕйы тынг цӕмӕн уарзтой?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Доркӕйы тынг цӕмӕн уарзтой?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Мӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарын, уый фӕрцы цӕрын ӕдасӕй
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
  • Чырыстӕттӕ кӕрӕдзи фӕрцы сты
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2002
  • Дӕ лӕварӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Иннӕтӕн хорзы цӕут ӕмӕ уӕм цы ис, уымӕй сын хай кӕнут
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
w11 1/8 14–15 фф.

Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут

Доркӕйы тынг цӕмӕн уарзтой?

АЛЫ адӕймаджы дӕр фӕнды, цӕмӕй йӕ иннӕтӕ уарзой. Дӕу дӕр фӕнды?~a. Библийы фыст ис иу сылгоймаджы тыххӕй. Йӕ ном хуынди Доркӕ. Адӕм ӕй бирӕ уарзтой.

Доркӕ царди Иоппийы, Зӕххастӕу денджызмӕ ’ввахс. Иоппийӕ Иерусалиммӕ уыд 56 километры бӕрц. Доркӕ уыди Чырыстийы фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕй иу.

Куыд хъуыды кӕныс, Доркӕйы афтӕ тынг цӕмӕн уарзтой?~ Библийы фыст ис, Доркӕ адӕмӕн бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ кӕй арӕзта ӕмӕ-иу сын лӕвӕрттӕ дӕр кӕй скодта. Ӕвӕццӕгӕн-иу идӕдз сылгоймӕгтӕн, ома сӕ лӕгтӕ кӕмӕн амардысты, уыдонӕн, рӕсугъд дзаумӕттӕ бахуыдта. Стӕй-иу Чырыстийау ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйы тыххӕй иннӕтӕн дзырдта.

Доркӕйыл цы ’рцыд, уый зоныс?~ Иухатт Доркӕ фӕрынчын ӕмӕ амард. Йе ’мбӕлттӕ йын йӕ мӕлӕтыл тынг маст кодтой ӕмӕ кӕйдӕрты апостол Петрмӕ арвыстой, зӕгъгӕ ма нӕм тагъддӕр ӕрцу. Уыцы рӕстӕг Петр Иоппийӕ уыди 16 километры дарддӕр. Ӕмӕ куы ӕрхӕццӕ, уӕд, Доркӕ цы уаты уыд, уырдӕм ссыд. Уым сылгоймӕгтӕ куыдтой, ӕмӕ сын Доркӕ цы дзаумӕттӕ бахуыдта, уыдон Петрӕн равдыстой.

Уӕд Петр се ’ппӕтӕн дӕр загъта, цӕмӕй ӕддӕмӕ ахызтаиккой. Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ дӕр уымӕй размӕ арӕзтой диссӕгтӕ, фӕлӕ марды нырма никуы райгас кодтой. Петр цы сарӕзта, уый зоныс?~

Марды раз йӕ зонгуытыл ӕрлӕууыд ӕмӕ Йегъовӕмӕ скуывта. Уый фӕстӕ Доркӕйӕн загъта, сыст, зӕгъгӕ. Ӕмӕ ’рцыд стыр диссаг – ӕцӕгдӕр сыстад! Петр ын йӕ къух райста ӕмӕ йыл уӕлӕмӕ схӕцыд. Уый фӕстӕ идӕдз сылгоймӕгтӕм ӕмӕ иннӕтӕм дӕр фӕдзырдта. Дӕ бон дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын у, иууылдӕр куыд тынг цин кодтой, уый?~

Ныр та ахъуыды кӕнӕм, Доркӕ кӕй райгас, уыцы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, ууыл. Иу уый, ӕмӕ адӕмӕн куы ӕххуыс кӕнай, уӕд дӕ уарздзысты. Фӕлӕ ноджы ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ дӕ уарздзӕн Хуыцау ӕмӕ дын аргъ кӕндзӕн дӕ хорз хъуыддӕгтӕн. Иннӕтӕн цы хорздзинӕдтӕ аразыс, уый дзы никуы ферох уыдзӕн ӕмӕ йӕ ног дунейы ӕнустӕм амондджынӕй цӕрдзынӕ.

Дӕ Библийы бакӕс

Хъуыддӕгтӕ 9:36–43

Раргомад 21:3–5

[Фиппаинаг]

a Сывӕллонимӕ йӕ куы кӕсай, уӕд ацы нысан (~) цы хъуыдыйады фӕстӕ лӕууа, уым хъӕуы иу гыццыл ӕрлӕууын, цӕмӕй сывӕллон йӕ хъуыды зӕгъа.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын