Иннӕтӕн хорзы цӕут ӕмӕ уӕм цы ис, уымӕй сын хай кӕнут
1 Дорка «бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ бирӕ хорзӕхтӕ кодта» (Ап. к. 9:36, 39). Йӕ рӕдаудзинады тыххӕй йӕ уарзтой, чи йӕ зыдта, уыцы адӕм дӕр ӕмӕ Иегъовӕ Хуыцау дӕр. Дзуттытӕм 13:16 (НТ) дзырдӕуы: «Рохуаты ма ныууадзут хорзы цӕуын дӕр, цы уӕм ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕнын – ахӕм нывондтӕ Хуыцауӕн ӕхцон сты». Куыд у нӕ бон иннӕтӕн хорзы цӕуын ӕмӕ нӕм цы ис, уымӕй сын хай кӕнын?
2 Иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынӕн иу мадзал – «зынаргъӕй нӕм цы ис», уымӕй сын хай кӕнын (Ӕмб. 3:9). Ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ кӕй дӕттӕм, уый фӕрцы ӕгас дунейы алы рӕтты арӕзт цӕуы Паддзахады залтӕ, Конгрессты залтӕ ӕмӕ филиалты бӕстыхӕйттӕ. Нӕ рӕдаудзинады фӕрцы милуангай адӕм ӕмбырдты Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ахуыр кӕнынц ӕмӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауынц.
3 Рыстзӕрдӕты фидар кӕнӕм. Исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд Иегъовӕйы адӕм фӕстӕ нӕ фӕкӕнынц се ’муырнджытӕн, ӕмӕ нӕ диныл хӕст чи нӕу, уыдонӕн дӕр, хорздзинад ракӕныныл (Гал. 6:10). Францы химзавод куы срӕмыгъта, уый фӕстӕ заводмӕ хӕстӕг цӕрӕг бинонтӕ загътой: «Нӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ уайтагъд фӕзындысты, цӕмӕй нын баххуыс кӕной нӕ хӕдзӕрттӕ пырхӕнтӕй ссыгъдӕг кӕнынӕн. Махӕй дарддӕр ма фӕкастысты иннӕтӕм дӕр. Нӕ сыхӕгтӕ тынг дис кодтой, афтӕ бирӕ адӕм кӕй ӕрбацыд ӕххуысмӕ». Иу хо та ма загъта: «Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нӕ уӕлхъус ӕрбалӕууыдысты, цӕмӕй нӕ ӕрсабыр, бафидар кӕной. Куы зӕгъӕм, уӕд нӕ ахӕм ӕххуыс ӕнӕуи ӕххуысӕй тынгдӕр хъуыдис».
4 Бирӕ фадӕттӕ ис адӕмӕн хорздзинад кӕнынӕн, фӕлӕ сын ӕппӕты стырдӕр ӕххуыс бакӕндзыстӕм, ӕцӕгады тыххӕй сын куы дзурӕм, уӕд. Зӕгъӕм, Иегъовӕ Хуыцау кӕй дӕтты, уыцы «мыггагмӕйы царды ныфсы» тыххӕй (Тит. 1:1, 2). Дунейы фыдуавӕртӕй чи тыхсы ӕмӕ, йӕхӕдӕг тӕригъӕдджын кӕй у, ууыл чи хъынцъым кӕны, уыдонӕн Библийы хорз хабар дӕтты ӕцӕг ныфс ӕмӕ рӕвдыд (Матф. 5:4). Цӕй уӕдӕ иннӕтӕн хорздзинад кӕнӕм ӕмӕ нӕм цы ис, уымӕй сын хай кӕнӕм, нӕ къух нӕ куы амона, уӕд (Ӕмб. 3:27).