«Ут рӕдау ӕмӕ уӕм цы ис, уымӕй зӕрдиагӕй хай кӕнут»
1 Цалдӕр ӕнусы размӕ апостол Павел Тимофейӕн бафӕдзӕхста йе ’муырнджыты разӕнгард кӕнын, цӕмӕй «кодтаиккой хорздзинад, хорз хъуыддӕгтӕй хъӕздыг кодтаиккой, уыдаиккой рӕдау ӕмӕ сӕм цы уыд, уымӕй зӕрдиагӕй хай кодтаиккой» (1 Тим. 6:18, НД). Павел ма, дзуттӕгтӕй чырыстӕттӕ чи уыд, уыдонӕн дӕр сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, цӕмӕй «хорздзинад кодтаиккой ӕмӕ сӕм цы уыд, уымӕй иннӕтӕн хай кодтаиккой» (Дзут. 13:16, НД). Цымӕ цӕмӕн ныффыста ахӕм амындтӕ? Уымӕн ӕмӕ уый зыдта, кӕй уыдзӕн «кад ӕмӕ намыс ӕмӕ фарн алкӕмӕн, хорз чи ракӕна» (Ром. 2:10, НФ).
2 Иегъовӕ Хуыцау Сфӕлдисӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ уый у, зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уыдоны Хицау (Рарг. 4:11). Мах ӕцӕгӕй дӕр аргъ кӕнӕм, уыдӕттӕй мах тыххӕй куыд пайда кӕны, уымӕн. Кӕд адӕмӕй бирӕтӕ бузныгдзинад не ’вдисынц, уӕддӕр Дунескӕнӕг, нӕ цардӕн нын ахъаз цы у, уымӕй пайда кӕныны бар дӕтты се ’ппӕтӕн дӕр (Мтф. 5:45). Уый ма суанг йӕ уарзон Фырты дӕр ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй махӕн нӕ бон ӕнустӕм цӕрын уа. Уӕдӕ нӕм ахӕм уарзондзинад кӕй равдыстой, уый нӕ хъуамӕ ма разӕнгард кӕна, цӕмӕй рӕдау уӕм ӕмӕ уымӕй нӕ бузныгдзинад ӕвдисӕм? (2 Кор. 5:14, 15).
3 Цӕмӕй у нӕ бон хай кӕнын? Цыдӕриддӕр нӕм ис, уымӕй, Хуыцауӕн ӕхсызгон куыд уа, афтӕ пайда кӕнын уыдзӕн тынг раст. Мах ӕнӕмӕнгӕй фӕнды ӕппӕтдунеон Паддзахады хъуыддагӕн ӕхцайӕ дӕр ӕмӕ йын нӕ хъарутӕ ӕмӕ нӕ рӕстӕг кӕй дӕттӕм, уымӕй дӕр ӕххуыс кӕнын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хорз уацхъуыд у ӕппӕты зынаргъдӕр хӕзна, уымӕн ӕмӕ уый у «Хуыцауы тых ирвӕзындзинадмӕ» (Ром. 1:16). Алы мӕй дӕр нӕ рӕстӕгӕй ӕмӕ нӕм цы ис, уымӕй ӕнауӕрдгӕйӕ хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы куы пайда кӕнӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн уыцы хӕзнайӕ иннӕтӕн хай кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр ӕнустӕм цӕрой.
4 Иегъовӕйӕн тынг ӕхсызгон вӕййы, мӕгуыртӕн куы феххуыс кӕнӕм, уӕд. Хуыцау нын зӕрдӕ ӕвӕры, уый тыххӕй нӕ кӕй схорзӕхджын кӕндзӕн, уымӕй. Стӕй ма нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны: «Масты бон зынаргъ дзаумӕттӕ нӕ баххуыс кӕндзысты, фӕлӕ рӕстдзинад фервӕзын кӕндзӕн мӕлӕтӕй» (Фӕс. н. 11:4, НД; 19:17). Паддзахады хъуыддагӕн ӕхцайӕ ӕххуыс кӕнгӕйӕ ӕмӕ хорз уацхъуыд хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕнӕзивӕгӕй архайгӕйӕ, нӕ бон у равдисын, ӕцӕгӕй дӕр рӕдау кӕй стӕм ӕмӕ нӕм цы ис, уымӕй зӕрдиагӕй кӕй хай кӕнӕм, уый.