«Хъӕздыг кӕнут хорз хъуыддӕгтӕй»
1 Апостол Павел ма фӕстаг азты зӕрдиагӕй куы лӕггад кодта, уӕд ӕнгом куыста Тимофей ӕмӕ Титимӕ. Уый сӕ алкӕмӕдӕр ныффыста ӕмхуызон ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ. Титӕн загъта, зӕгъгӕ, «Хуыцауыл уырнӕджытӕ [хъуамӕ] сӕхи зӕрдиагӕй хъарой хорз митӕм» (Тит. 3:8, НФ). Йӕ фыстӕджы Тимофеймӕ та бахахх кодта, зӕгъгӕ, Хуыцауыл йӕ ныфс чи ӕвӕры, уыдон хъуамӕ «хъӕздыг кӕной хорз хъуыддӕгтӕй» (1 Тим. 6:17, 18). Уый диссаджы уынаффӕ у махӕй алкӕмӕндӕр! Фӕлӕ нӕ цы разӕнгард кӕндзӕн хорз хъуыддӕгтӕм? Ӕмӕ нӕ тагъд рӕстӕджы цавӕр хъуыддӕгтӕ хъӕудзӕн аразын?
2 Хорз хъуыддӕгтӕй хъӕздыг кӕнынмӕ нӕ разӕнгард кӕндзӕн, Иегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм, кӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ нын диссаджы ныфс кӕй радта, уый (1 Тим. 6:19; Тит. 2:11). Уӕлдайдӕр та ацы рӕстӕджы махӕн нӕ зӕрдыл ӕрлӕууы, Иегъовӕ йӕ Фырты зӕхмӕ кӕй ӕрӕрвыста, цӕмӕй Йесо йӕ Фыды рӕстдзинад сбӕлвырд кодтаид ӕмӕ аккаг чи разына, уыдонӕй алкӕмӕндӕр ӕнусон цардмӕ фӕндаг бакодтаид (Матф. 20:28; Иоан. 3:16). Уый тыххӕй фылдӕр дзырд цӕудзӕн 28 мартъийы Чырыстийы мӕлӕты Ӕрымысӕн изӕры. Ӕнусон царды ныфсӕй бузныг кӕй стӕм, уый нӕ нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй ӕппӕт тыхтӕй «хъӕздыг кӕнӕм хорз хъуыддӕгтӕй»? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, о! Фӕлӕ цавӕр хъуыддӕгтӕ у нӕ бон аразын?
3 Хорз хъуыддӕгтӕ мартъийы ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр. Мах ӕнӕмӕнгдӕр ацӕудзыстӕм Ӕрымысӕн изӕрмӕ. Уый алы аз дӕр ӕгас дунейы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн вӕййы ӕппӕты ахсджиагдӕр цау (Лук. 22:19). Фӕлӕ мах фӕнды, цӕмӕй ма уыцы цау, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ барухс кӕна. 2002 азы 1 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» лӕггаддзинады хыгъдмӕ куы ӕркӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, фарон бирӕ бӕстӕты Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ӕрбацыд, уыдоны нымӕц хъусынгӕджыты нымӕцӕй ӕртӕ, цыппар, фондз хатты фылдӕр кӕй уыд, кӕнӕ та ноджы фылдӕр. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕмбырдӕй алчидӕр зӕрдӕбынӕй кӕй бакуыста, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕры хуынды гӕххӕттытӕ сӕ территорийы апарахат кодтаиккой. Уымӕ гӕсгӕ мах дӕр фӕнды рӕстӕг рахицӕн кӕнын, цӕмӕй адӕмы хонын райдайӕм Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнӕм ирвӕзындзинады ныфсы тыххӕй базонынӕн.
4 Апрелы бон фӕдаргъдӕр уыдзӕн, боныгъӕд та фӕхуыздӕр уыдзӕн. Уымӕй куыд ис спайда кӕнӕн, цӕмӕй «хорз хъуыддӕгтӕй хъӕздыг кӕнӕм»? Дарддӕр дӕр хорз хабар зӕрдиагӕй хъусын кӕндзыстӕм ӕмӕ «ӕнувыд [уыдзыстӕм] хорз хъуыддӕгтӕм» (Тит. 2:14; Матф. 24:14). Кӕд мартъийы дӕ бон нӕу ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын, уӕд апрелы кӕнӕ майы дӕ бон не суаид? Йе та дыууӕ мӕйы дӕр? Кӕд мартъийы пионерӕй лӕггад кӕныс, уӕд дӕ бон нӕу дарддӕр дӕр афтӕ лӕггад кӕнын?
5 Кусгӕ чи кӕны, уыдонӕй иуӕй-иутӕ бафиппайдтой, куыстмӕ цӕугӕйӕ сӕ бон кӕй у сахаты бӕрц хъусын кӕнын уынджы кӕнӕ та райсом раджы кусын чи райдайы, уыдонӕн. Иннӕтӕ та сихоры улӕфтӕй цасдӕр рахицӕн кӕнынц хъусын кӕнынӕн. Аннӕтӕ та уыцы рӕстӕг се ’мкусджытимӕ фӕахуыр кӕнынц Библи. Нӕ хотӕй кусгӕ чи нӕ кӕны, уыдонӕй бирӕтӕ уацамындмӕ фӕцӕуынц, цалынмӕ сӕ сывӕллӕттӕ скъолайы вӕййынц, уӕдмӕ. Кӕцыдӕр бонты уыдон раздӕр сыстынц, хӕдзары куыстытӕ бакӕнынц, ӕмӕ сын афтӕмӕй фылдӕр рӕстӕг вӕййы хъусын кӕнынӕн ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн (Еф. 5:15, 16).
6 Кӕд ӕххуысгӕнӕг пионерӕй дӕ бон нӕ уа лӕггад кӕнын, уӕддӕр дӕ бон у дӕхицӕн график саразын, цӕмӕй уацамынды фылдӕр архайай ӕмӕ дӕ бон цы у, уымӕй «хӕрзгӕнӕг уай, хъӕздыг кӕнай хорз хъуыддӕгтӕй, уай рӕдау» ӕмӕ цӕттӕ ӕцӕгад иннӕтӕн хъусын кӕнынмӕ (1 Тим. 6:18).
7 Дӕ зӕрдыл дар ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хорз хъуыддаг. Алы аз дӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуы цымыдисгӕнӕг адӕм. Уыдонӕй кӕд исчи нырма Библи нӕ ахуыр кӕны, уӕд хъусынгӕнджытӕй йӕ бон никӕмӕн суаид уыдонмӕ йӕ хъус тынгдӕр ӕрдарын? Цымӕ сӕм нӕй дыккаг хатт бацӕуӕн ӕмӕ сын баххуыс кӕнӕн сӕ уырнындзинад бафидар кӕнынӕн? Гӕнӕн ис, Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ӕрбацӕуы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты хӕстӕджытӕ уой. Иннӕтӕ та, чи зоны, раздӕр ахуыр кодтой Библи ӕмӕ сын хъӕуы ӕрмӕстдӕр зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ зӕгъын, цӕмӕй та райдайой ахуыр кӕнын ӕмӕ иудадзыг ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕуын. Куыд ӕхсызгон нын уыдзӕн, уыдон та немӕ Иегъовӕйӕн зӕрдиагӕй куы лӕггад кӕной!
8 Мартъийы ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр фылдӕр кӕй лӕггад кӕндзыстӕм, уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, ссарӕм, дыккаг хатт бацӕуын кӕмӕ хъӕуа, бирӕ ахӕм цымыдисгӕнаг адӕмы. Дӕ ныхас куы фӕуд кӕнай, уӕд-иу сӕм радт фарст ӕмӕ-иу сын зӕгъ, ӕндӕр хатт ыл кӕй аныхас кӕндзыстут. Афтӕмӕй нын уыдзӕн фадат дыккаг бацыдӕн. Дыккаг хатт сӕм цас раздӕр бацӕуӕм, уыйас хуыздӕр. Фыццаг бацыдӕй нӕ бон куы нӕ суа Библи ахуыр кӕнын райдайын, уӕд, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, хъуамӕ бацархайӕм, цӕмӕй йӕ иннӕ бацыдӕй райдайӕм.
9 Уынджы куы хъусын кӕнӕм, уӕд хъуамӕ архайӕм адӕмимӕ ныхас кӕныныл. Уынджы хъусынгӕнгӕйӕ хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕн цымыдисгӕнаг адӕм загътой сӕ нӕмттӕ, ныууагътой сын сӕ адристӕ ӕмӕ сӕ телефоны номыртӕ. Адӕймаг куы бацымыдис кӕна ӕмӕ де ’мбырды территорийы куы нӕ цӕра, уӕд Паддзахады залы райс бланк «Пожалуйста, позаботься о том, чтобы подходящий возвещатель посетил этого человека» (S-70), байдзаг ӕй кӕн ӕмӕ йӕ радт де ’мбырды секретармӕ, ӕмӕ йӕ уый арвитдзӕн, уыцы адӕймаг кӕм цӕры, уым хӕстӕг цы ӕмбырд ис, уырдӕм. Секретарӕн уый йӕ бон куы нӕ уа саразын, уӕд ӕй арвитдзӕн филиалмӕ. Афтӕмӕй адӕймагӕн баххуыс кӕндзысты фылдӕр базонынӕн.
10 Адӕймаг дын ӕрмӕст йӕ телефоны номыр куы ныууадза, уӕд дыккаг хатт йемӕ аныхасгӕнӕн ис телефонӕй. Рагацау бацӕттӕ кӕн, цӕуыл дзурдзынӕ, уый. Иуӕй-иутӕ ӕнтыстджынӕй ахуыр кӕнынц адӕмимӕ телефонӕй, уыимӕ ма хӕдзары зын баййафӕн чи у, уыдонимӕ дӕр. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусынгӕнгӕйӕ-иу нӕ хо сылгоймӕгтӕй куырдта сӕ телефоны номыртӕ, ӕмӕ афтӕмӕй дыууӕимӕ райдыдта Библи ахуыр кӕнын.
11 Рагӕй чи нӕ хъусын кӕны, уыдонӕн хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ ӕххуыс кӕн. Хистӕр нӕлгоймӕгты зӕрдиагӕй фӕнды ахӕм хъусынгӕнджытӕн баххуыс кӕнын. Ахӕм хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕ ныридӕгӕн сӕхӕдӕг райдыдтой фӕстӕмӕ ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕуын. Уыдон ӕмбарынц, 90-ӕм псалмы цы монон ӕдасдзинады тыххӕй дзырдӕуы, уый кӕй ис ссарӕн ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйы организацийы. Уыдонӕй иуӕй-иутӕ ныр дӕр цӕттӕ сты ногӕй уацамындмӕ цӕуынмӕ. Ӕрымысӕн изӕрмӕ ацы мӕй, рагӕй чи нӕ хъусын кӕны, ӕндӕр ахӕм хъусынгӕнджытӕ куы ӕрбацӕуа, уӕд, гӕнӕн ис, сразы уой Библи ахуыр кӕныныл. Афтӕ куы уа, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ искӕмӕн бахӕс кӕндзысты уыдонӕн баххуыс кӕнын. Ахӕм хъусынгӕнджытимӕ Библи ахуыр кӕныны тыххӕй дӕуӕн куы зӕгъой, уӕд сын тынг баххуыс кӕндзынӕ (Ром. 15:1, 2).
12 Дарддӕр дӕр дӕхи «зӕрдиагӕй хъар хорз митӕм». Ӕххуысгӕнӕг пионерӕй иу мӕй кӕнӕ фылдӕр чи балӕггад кодта, уыдонӕй бирӕтӕ бафиппайдтой, иннӕ мӕйты дӕр фылдӕр кӕй хъусын кодтой. Уыдон сӕмбӕлдысты, дыккаг хатт бацӕуын кӕмӕ хъуыд, ахӕм цымыдисгӕнӕг адӕмыл. Уый руаджы ӕппӕт тыхтӕй архайдтой ӕмӕ уацамынды арӕхдӕр цыдысты, цӕмӕй ма уыцы цымыдисгӕнаг адӕммӕ ногӕй бацыдаиккой. Бирӕтӕн та сӕ бон сси Библи ахуыр кӕнын райдайын ӕмӕ афтӕмӕй фылдӕр хъусын кӕнын.
13 Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддагӕй сӕ зӕрдӕтӕ кӕй радысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ бафӕндыд сӕ царды ивддзинӕдтӕ скӕнын. Иуӕй-иутӕ сӕ бацархайдтой, цӕмӕй къаддӕр рӕстӕг куыстаиккой ӕмӕ дарддӕр дӕр ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кодтаиккой. Иннӕтӕ та райдыдтой ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй лӕггад кӕнын. Уыдон сахуыр сты сӕ ныфс фылдӕр Хуыцауыл ӕвӕрын, дуне цы хъары, уыдӕттыл нӕ, фӕлӕ. Уыдон бамбӕрстой, «рӕдау» куы уой ӕмӕ иннӕтӕн ӕцӕгады тыххӕй ӕхсызгонӕй куы дзурой, уӕд Иегъовӕйӕ стыр арфӕгонд кӕй уыдзысты ӕмӕ сӕ ныфс «ӕцӕг цардыл» (НД) кӕй фидар кӕндзӕн (1 Тим. 6:18, 19). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕмбырды фылдӕр пионертӕ куы уа, уӕд уый ӕгас ӕмбырдӕн дӕр ӕххуыс кӕны. Пионертӕ ӕхсызгонӕй фӕдзурынц цымыдисаг цаутӕ уацамындӕй, иннӕты кӕнынц семӕ хъусын кӕнынмӕ, ӕмӕ афтӕмӕй ӕххуыс кӕнынц ӕмбырдӕн фылдӕр Хуыцауы хъуыддӕгтыл хъуыды кӕнынӕн.
14 Цӕй уӕдӕ Ӕрымысӕн изӕры размӕ ӕмӕ йӕ фӕстӕ дӕр чырыстон лӕггаддзинады фылдӕр архайӕм ӕмӕ афтӕмӕй «хъӕздыг кӕнӕм хорз хъуыддӕгтӕй». Ӕмӕ равдисӕм, Иегъовӕ нын рӕстаг ног дунейы ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕй радта, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм, уый (2 Пет. 3:13).