«Кӕнӕм хорздзинад алкӕмӕндӕр»
1 2002 азы «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад»-ы февраль ӕмӕ мартъийы номырты уӕлӕмхасӕн сыфты уыд ахӕм темӕтӕ: «Биноныгӕй хъусын кӕн Хуыцауы ныхас» ӕмӕ «Хъӕздыг кӕнут хорз хъуыддӕгтӕй» (Кол. 1:25; 1 Тим. 6:18). Уым нӕ разӕнгард кодтой, цӕмӕй ӕппӕт тыхтӕй бацархайӕм ӕмӕ баххуыс кӕнӕм цымыдисгӕнаг адӕмӕн Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуынӕн ӕмӕ рагӕй чи нӕ хъусын кӕны, уыдонӕн ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхынӕн, афтӕ ма нӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ цӕттӕ чи у, уыцы цымыдисгӕнаг адӕмӕн та хорз хабары хъусынгӕнджытӕ суӕвынӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ зӕрдӕбын архайд ӕнӕхъуаджы нӕ уыд. Уӕдӕ нын «цалынмӕ рӕстӕг ис, [уӕдмӕ дарддӕр дӕр] кӕндзыстӕм хорздзинад алкӕмӕн дӕр» (Гал. 6:10).
2 Зӕгъ сын, цӕмӕй та ӕрбацӕуой. Уӕрӕсейы алы аз дӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ӕрбацӕуы, уыдонӕй 150 000 адӕймагӕй фылдӕр ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнджытӕ дӕр нӕ вӕййынц. Се ’рбацыдӕй бӕрӕг вӕййы, кӕй цымыдис кӕнынц, уый. Ӕмӕ, уымӕ гӕсгӕ, мах цы хъуамӕ саразӕм, цӕмӕй «ӕнусон цардмӕ раст ахаст кӕмӕн ис, уыдон» уырнджытӕ суой? (Ап. к. 13:48, НД). Зӕгъ сын, цӕмӕй та ногӕй ӕрбацӕуой ӕмбырды фембӕлдтӕм, куыддӕр сын фадат фӕзына, афтӕ.
3 Цӕуылнӕ ис цымыдисгӕнаг адӕймаджы ӕмбырды чиныгахуыркӕнынадмӕ фӕхонӕн, цӕмӕй байхъуса, брошюрӕ «Цы домы» куыд ӕвзарынц, уымӕ? Цымыдисгӕнаг адӕймаг дӕ хӕстӕг кӕнӕ дӕ зонгӕ куы уа ӕмӕ дын Теократон лӕггаддзинады скъолайы хӕслӕвӕрд куы уа, уӕд ӕй фӕхон, цӕмӕй дӕм байхъуса. Зӕгъ ын, цавӕр библион раныхӕстӕ уӕм уыдзӕн. (Ног раныхӕсты расписани хъуамӕ ауыгъд уа хъусинӕгты фӕйнӕгыл.) Архай, цӕмӕй адӕймаг Иегъовӕйӕн кувын райдайа. Ӕмӕ, кӕд йемӕ нырма Библи ничи ахуыр кӕны, уӕд ын уый тыххӕй зӕгъ.
4 Рагӕй чи нӕ хъусын кӕны, уыдонӕн дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕн. Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ӕрбацӕуы, уыдонӕй бирӕтӕ Иегъовӕйӕн нывонддзырд радтой. Фӕлӕ цавӕрдӕр аххосӕгты тыххӕй хорз хабар иудадзыг нал хъусын кӕнынц. Павел нӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй «кӕнӕм хорздзинад... уӕлдайдӕр та нӕхионтӕн уырнындзинады иу кӕимӕ стӕм» (Гал. 6:10). Уымӕ гӕсгӕ, сӕйраджыдӕр, хъуамӕ батыхсӕм, рагӕй чи нӕ хъусын кӕны, уыдоныл.
5 Ӕвӕццӕгӕн сӕ иуӕй-иутӕн сӕ зӕрдӕмӕ бахъардтой хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ иннӕ хъусынгӕнджыты ныхӕстӕ ӕмӕ та райдыдтой хъусын кӕнын. Кӕд дын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бахӕс кодтой, рагӕй чи нӕ хъусын кӕны, ахӕм хъусынгӕнӕгӕн баххуыс кӕнын, уӕд ӕй фыццаджыдӕр бафидар кӕндзӕн дӕ уарзондзинад Иегъовӕмӕ ӕмӕ уацамындмӕ. Равдис ын, куыд ис уацамынды алы хуызты дӕр архайӕн, цӕмӕй уыцы хъуыддаг йӕ зӕрдӕмӕ цӕуа, ныфсджынӕй хъусын кӕна ӕмӕ Иегъовӕйы хорзӕхӕй хайджын уа.
6 Ног хъусынгӕнджытӕн баххуыс кӕн, цӕмӕй ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнын райдайой. Иу сылгоймаг ӕцӕгады тыххӕй фыццаг хатт куы фехъуыста ӕмӕ куы бамбӕрста, Хуыцауы ӕцӕг организаци кӕй ссардта, уӕд ӕй бафӕндыд уайтагъд лӕггад кӕнын. Куы базыдта, цы дзы домдӕуы, уӕд загъта: «Мӕ каст ма цӕмӕ у?». Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдонӕй исчи уацамынды цӕуынмӕ цӕттӕ куы уа, уӕд ын бамбарын кӕн, йӕ бон кӕй у уыцы хъуыддаджы архайын ӕмӕ афтӕмӕй ног хъусынгӕнӕг ӕнтыстджынӕй райдайдзӕн хъусын кӕнын. Баххуыс ын кӕн, цӕмӕй алы къуыри дӕр хицӕн кӕна рӕстӕг уацамындмӕ цӕттӕ кӕнынӕн ӕмӕ дзы архайынӕн.
7 Дӕ сывӕллон ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг куы суа, уӕд ӕй уацамынды демӕ кӕн ӕмӕ йӕ ахуыр кӕн йӕ кар ӕмӕ йӕ курдиатмӕ гӕсгӕ. Гыццыл ын куы баххуыс кӕнай, уӕд, чи зоны, дӕхӕдӕг дӕр бадис кӕнай, ныхас куыд хорз райдайы, Библийӕ куыд кӕсы кӕнӕ литературӕ куыд парахат кӕны, ууыл. Уацамынды искӕимӕ хорз куы аныхас кӕна, уӕд ын бацамон, куыд ис адӕймагмӕ дыккаг хатт бацӕуӕн ӕмӕ йын Библи хуыздӕр базонынӕн баххуыс кӕнӕн.
8 Фылдӕр лӕггад кӕн. Дӕ бон у Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ дӕр фылдӕр хъусын кӕнын? Алы къуыри дӕр уацамындӕн цы рӕстӕг хицӕн кӕныс, уымӕй иу кӕнӕ дыууӕ сахаты фылдӕр хъусын кӕнын дӕ бон у? Рагацау пълан кӕныс, ӕххуысгӕнӕг пионерӕй та кӕд лӕггад кӕндзынӕ, уый? Кӕнӕ та дӕ бон у дӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ саразын, цӕмӕй ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнай? Уацамынды цасфӕнды ма саразӕм, уый уӕддӕр баххуыс кӕндзӕн искӕмӕн ӕцӕгад базонынӕн (Ап. к. 8:26—39). Уӕдӕ нӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл фидарӕй ӕууӕндгӕйӕ, «ӕдзухдӕр агурӕм хорздзинад [«хорз кӕнӕм», НФ] кӕрӕдзийӕн ӕмӕ ӕппӕтӕн дӕр» (1 Фес. 5:15).
[Рамкӕ 3 фарсыл]
Ӕххуыс кӕн:
□✔ Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ӕрбацӕуа, уыдонӕн
□✔ рагӕй чи нӕ хъусын кӕны, уыцы хъусынгӕнджытӕн
□✔ ног ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнджытӕн