Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 3/03 3–5 фф.
  • Хорз хъуыддӕгтӕм тындз!

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хорз хъуыддӕгтӕм тындз!
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Биноныгӕй хъусын кӕн Хуыцауы ныхас»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
  • «Хорз хабар адӕмӕн бӕстон хъусын кӕнӕм»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2008
  • Дарддӕр дӕр дзурут Иегъовӕйы диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2004
  • Нӕ бон у 2000-ӕм азы апрелы мӕй ӕппӕты ӕнтыстджындӕр мӕй скӕнын?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
km 3/03 3–5 фф.

Хорз хъуыддӕгтӕм тындз!

1 2003 азы Ӕрымысӕн изӕр ӕрхӕстӕг кӕны, ӕмӕ нӕ бирӕ цыдӕртӕ разӕнгард кӕны «хорз хъуыддӕгтӕм тындзынмӕ» (1 Пет. 3:13, НФ). Сӕйрагдӕр — Йесо Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывонд (Матф. 20:28; Иоан. 3:16). Уый тыххӕй апостол Петр ныффыста: «Ӕмбийгӕ ӕвзист кӕнӕ сызгъӕринӕй ӕлхӕд кӕй не стут сымах, уӕ... тыхст цардӕй, фӕлӕ Чырыстийы зынаргъ Тугӕй, куыд ӕнаипп ӕмӕ сыгъдӕг уӕрыккӕй» (1 Пет. 1:18, 19). Уыцы удуӕлдай уарзондзинады тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм ӕмӕ кӕй ӕмбарӕм, Йесо «Йӕхи [кӕй] ратта мах сӕрыл, алы тӕригъӕдӕй мах фервӕзын кӕнынӕн, ӕмӕ Йӕхицӕн, хорз митӕм рӕвдз чи уа, ахӕм ӕвзаргӕ адӕм быныхайӕн ссыгъдӕг кӕнынӕн», уый нӕ разӕнгард кӕны хорз хъуыддӕгтӕм (Тит. 2:14, НФ; 2 Кор. 5:14, 15).

2 Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ хъуыддӕгтӕ куы фӕаразӕм, уӕд нын йемӕ хорз ахастытӕ вӕййы ӕмӕ ныл хӕрзаудӕн фӕкӕны. Петр ма дарддӕр загъта: «Цард чи уарзы ӕмӕ хорз бонтӕ фенын кӕй фӕнды, уый... аздӕх фыддзинадӕй, ӕмӕ хорздзинад кӕн, агур фидыддзинад ӕмӕ йӕм тырн. Уымӕн ӕмӕ Хицауы цӕстытӕ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм ӕмӕ Йӕ хъустӕ сӕ куывдмӕ» (1 Пет. 3:10—12). Ацы тӕссаг рӕстӕджы куыд хорз у зонын, Иегъовӕ нӕм йӕ хъус лӕмбынӕг кӕй дары ӕмӕ нын ӕххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у, «йӕ цӕсты гагуыйау нӕ кӕй хъахъхъӕны» (Дык. з. 32:10; 2 Пар. 16:9).

3 Петр кӕмӕ фыста, уыцы рагон чырыстӕттӕн кӕд фӕлварӕнтӕ уыд, уӕддӕр сӕ удтӕй арт цагътой ӕмӕ зындзинӕдтӕм нӕкӕсгӕйӕ алы ран хорз хабар хъусын кодтой (1 Пет. 1:6; 4:12). Афтӕ кӕнынц Хуыцауы адӕм абон дӕр. Кӕд «ӕнахуыр уӕззау рӕстӕджыты» цӕрӕм, уӕддӕр нӕ Иегъовӕйы хорздзинад разӕнгард кӕны Хуыцауы фӕндон зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнынмӕ (2 Тим. 3:1, НД; Пс. 144:7). Уӕдӕ ӕркӕсӕм, ацы уалдзыгон мӕйты цы хорз хъуыддӕгтӕ ис саразӕн, уыдонӕй иуӕй-иутӕм.

4 Адӕмы Ӕрымысӕн изӕрмӕ хон. Ӕппӕты зынаргъдӕр лӕварӕй — ахӕстаргъӕй — бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон у равдисын, Йесойы мӕлӕты мысӕн изӕрмӕ бацӕугӕйӕ. Ацы аз ӕй бӕрӕг кӕндзыстӕм 16 апрелы, ӕртыццӕджы, хурныгуылды фӕстӕ (Лук. 22:19, 20). Фарон ӕгас дунейы 94600 ӕмбырды Ӕрымысӕн изӕры уыд тынг бирӕ адӕм — 15597746 адӕймаджы! Ӕндӕр азимӕ абаргӕйӕ фарон 220000 адӕймагӕй фылдӕр ӕрбацыд.

5 Ацы аз та цал адӕймаджы ӕрбацӕудзӕн? Бирӕ баст у, цал адӕймаджы фӕхондзыстӕм, ууыл. Уый тыххӕй уал фыццаг сараз номхыгъд, фӕхонын дӕ кӕй фӕнды, уыдонӕн. Сӕрӕй дзы ныффысс дӕхи бинонты. Де ’мкъай кӕд уырнӕг нӕу, уӕд ын зӕгъ, тынг дӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй демӕ фембӕлдмӕ ацӕуа. Иу ӕнӕуырнӕг лӕг загъта, зӕгъгӕ, фарон Ӕрымысӕн изӕрмӕ уый тыххӕй ацыдтӕн, ӕмӕ мӕ усы уый тынг фӕндыд. Дарддӕр дӕ номхыгъды дӕ бон у ныффыссын дӕ хӕстӕджыты, дӕ сыхӕгты, де ’мкусджыты кӕнӕ та кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдоны. Ӕнӕмӕнгдӕр фӕхон, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдоны.

6 Номхыгъд куы саразай, уӕд снысан кӕн рӕстӕг ӕмӕ алкӕй дӕр сӕрмагондӕй фӕхон. Ратт сын Ӕрымысӕн изӕры хуынды гӕххӕттытӕ. Цӕмӕй адӕймаг бахъуыды кӕна, Ӕрымысӕн изӕр кӕд ӕмӕ кӕм уыдзӕн, уый тыххӕй хуынды гӕххӕттыл бынӕй машинкӕйыл ныммыхуыр кӕн кӕнӕ та къухӕй аив ныффысс рӕстӕг ӕмӕ бынат. 16 апрелмӕ ӕввахс ногӕй бацу, кӕнӕ та телефонӕй фӕдзур, дӕ номхыгъды чи ис, уыдонмӕ, ӕмӕ сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, Ӕрымысӕн изӕр кӕм ӕмӕ цал сахатыл уыдзӕн, уый. Цӕй уӕдӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмӕн баххуыс кӕнӕм ӕппӕты стырдӕр бӕрӕгбонмӕ ӕрбацӕуынӕн.

7 Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ӕрбацыд, уыдонӕн баххуыс кӕн. Ӕрымысӕн изӕр алы хатт дӕр ӕхсызгон хабар вӕййы. Махӕн ис фадат, иннӕ фембӕлдтӕм чи нӕ цӕуы, ахӕм адӕмы фӕхонынӕн. Дӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ сараз, цӕмӕй рагацау бацӕуай ӕмӕ фембӕлды фӕстӕ дӕр, уавӕртӕ куы амоной, уӕд цӕуыныл ма тагъд кӕнай. Ногӕрбацӕуджытӕм дӕхӕдӕг фыццаг бацу ӕмӕ семӕ базонгӕ у. У зӕрдӕхӕлар ӕмӕ уазӕгуарзон (Ром. 12:13).

8 Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ӕрбацыд, уыдонӕй искӕмӕн йӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн йемӕ хӕдзары Библи ахуыр кӕнӕн ис? Уазджытӕй кӕд искӕмӕ Ӕвдисӕнтӕй ныртӕккӕ ничи цӕуы, уӕд сын сӕ нӕмттӕ ӕмӕ адристӕ ныффысс, цӕмӕй сын дарддӕр ӕххуыс кӕнай. Зӕрдӕбынӕй сын куы ӕххуыс кӕнай, уӕд сӕ исчи гӕнӕн ис иннӕ азы Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг дӕр суа. Уыцы фембӕлдмӕ чи ӕрбацыд, уыдонмӕ уый фӕстӕ куы цӕуай, уӕд-иу сӕ фӕхон, 27 апрелы цы сӕрмагонд раныхас уыдзӕн, уымӕ.

9 Ацы уалдзӕг ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕндзынӕ? Иегъовӕйы зынгзӕрдӕ лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уый нӕ алы аз дӕр разӕнгард кӕны, цӕмӕй ацы ахсджиаг мӕйты — фылдӕр хъусын кӕнын нӕ цы мӕйты хъӕуы, уыцы мӕйты — зӕрдӕргъӕвдӕй лӕггад кӕнӕм. Зӕгъӕм, фарон мартъи ӕмӕ апрелы Уӕрӕсейы ӕххуысгӕнӕг пионертӕй рӕстӕмбисӕй лӕггад кодтой 13 712 адӕймаджы. Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕджы ӕнӕхъӕн ӕмбырд иумӕ зӕрдиагӕй хорз хабар куы хъусын кӕной, уӕд сӕ къухы бафтдзӕн бирӕ ӕнтыстытӕ.

10 Иу ӕмбырд, 107 хъусынгӕнӕджы ӕмӕ 9 пионеры кӕм ис, уый фехъусын кодта, зӕгъгӕ, сӕм фароны апрелы хуызӕн мӕй нырма никуы уыди — 53 адӕймагӕй лӕггад кодтой ӕххуысгӕнӕг пионертӕй, уыдонимӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ иууылдӕр. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд сси хъусынгӕнджыты зӕрдӕтыл афтӕ бандавын ӕмӕ ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кӕной? Сӕ бон кӕй уыд, уыдоны иууылдӕр рагацау разӕнгард кӕнын райдыдтой курдиат бадӕттынмӕ. Уацамындон фембӕлдтӕ уагъд цыдысты алыхуызон рӕстӕджыты, цӕмӕй ӕмбырдӕй алкӕмӕндӕр йӕ бон уыдаид бацӕуын. Уӕлдай фылдӕр хъусын кодтой телефонӕй, сӕйраджыдӕр та ацӕргӕ ӕмӕ рынчын хъусынгӕнджытӕ.

11 Иу 86-аздзыд хо, йӕ бон цӕуын кӕмӕн нӕу, уый балӕвӕрдта курдиат ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнынӕн. Райсомӕй-иу кухнӕйы стъолы фарсмӕ бадгӕйӕ телефонӕй хъусын кодта дыууӕ сахаты бӕрц, уый фӕстӕ-иу цалдӕр сахаты баулӕфыд, стӕй та-иу ногӕй уырдӕм бацыд ӕмӕ та-иу ноджы иуцасдӕр хъусын кодта. Уый фӕдзырдта иу усмӕ ӕмӕ базыдта, фӕстаг дыууӕ азы мидӕг йӕ лӕг ӕмӕ йӕ дыууӕ ӕнахъом фырты кӕй амардысты. Уыцы сылгоймаг не ’мбӕрста, Хуыцау ахӕм ӕвирхъау хъуыддӕгтӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы, уый. Нӕ хо сылгоймагимӕ хорз аныхас кодта ӕмӕ райдыдта йемӕ Библи ахуыр кӕнын. Изӕрыгӕтты кӕнӕ ӕндӕр рӕстӕджы телефонӕй хъусын кӕнын хорз амал у, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ бацӕуӕн кӕдӕм нӕй, уыцы хӕдзӕртты кӕнӕ бынӕтты цӕрӕг адӕмимӕ ныхас кӕнынӕн. Уый ма хъусынгӕнджытӕн ӕххуыс кӕны, бонӕй хӕдзары чи нӕ вӕййы, ахӕм адӕмимӕ ныхас кӕнынӕн дӕр.

12 Уыцы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ма сӕ фыстӕджы кӕрон ныффыстой: «Уый уыд замманайы рӕстӕг, ӕмӕ Иегъовӕйӕ бузныг стӕм, лӕггад кӕнынӕн нын ахӕм стыр фадӕттӕ кӕй радта ӕмӕ нӕ алкӕмӕндӕр кӕй раарфӕ кодта, уый тыххӕй». Алцыдӕр лӕмбынӕг куы спълан кӕнат, уӕд уе ’мбырд дӕр ахӕм арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзӕн.

13 Бацархайут, цӕмӕй алы хъусынгӕнӕг дӕр хъусын кӕна. Хуыцау ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ алы мӕй дӕр ӕлхӕнӕм ӕмбӕлон рӕстӕг, цӕмӕй иннӕтӕн хорз хабар хъусын кӕнӕм (Матф. 22:37—39). Чиныгахуыры цӕстдарджытӕ ӕмӕ се ’ххуысгӕнджытӕ хъуамӕ сӕ къордӕй алкӕмӕндӕр ӕххуыс кӕной алы мӕй дӕр уацамынды цӕуынӕн. Уымӕн хорз мадзал у къордӕй искӕимӕ хъусын кӕнынмӕ ацӕуын. Уый тыххӕй мӕйы кӕронмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ хъӕуы, раздӕр дӕр ӕй ис саразӕн. Афтӕмӕй уын уыдзӕн фылдӕр фадӕттӕ зӕрдӕбынӕй ӕххуыс кӕнынӕн.

14 Хъусын кӕнын тынг зын кӕмӕн у, ахӕм ацӕргӕ кӕнӕ рынчын хъусынгӕнджытӕ уӕ чиныгахуыры ис? Исчи сӕ зӕрӕдты хӕдзары куы цӕра кӕнӕ та йӕ хӕдзарӕй ӕддӕмӕ куы нӕ цӕуа, уӕд бӕрӕг у, хъусын кӕныны йӕ гӕнӕнтӕ арӕнвӕрд кӕй сты. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ рухсӕн ӕрттивыны бар куы дӕттой, уӕд сын сӕ хорз хъуыддӕгтӕ чи уына, уыдоны, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕцӕгад ӕцӕгдӕр бацымыдис кӕна (Матф. 5:16). Чиныгахуыры цӕстдарӕг хъуамӕ сбӕлвырд кӕна, ахӕм хъусынгӕнджытӕн уацамынды хыгъд 15 минуты бӕрц дӕр сӕ бон кӕй у дӕттын, уый зонынц ӕви нӕ. Уыцы иузӕрдион хъусынгӕнджытӕ иудадзыг уацамынды хыгъд куы дӕттой, уӕд сӕ уый бафидар кӕндзӕн ӕмӕ уыдзысты зӕрдӕрухс. Афтӕмӕй ма Хуыцауы адӕмы хъусын кӕныны ӕппӕтдунеон хыгъд дӕр уыдзӕн раст.

15 Хорз хъуыддӕгтӕм чи тындзы, уыцы фӕсивӕд. Куыд ӕхсызгон у, чырыстон фӕсивӕд сӕ тых ӕмӕ сӕ хъарутӕ Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн кӕй дӕттынц! (Ӕмб. 20:29). Кӕд ӕрыгон дӕ, уӕд ацы ахсджиаг мӕйты Иегъовӕйӕн дӕ бон куыд у зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын?

16 Кӕд нырма ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг нӕ дӕ, уӕд дӕ бон нӕу, ӕмӕ суай? Ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ зонын? Паддзахады хъуыддаджы мӕ архайын фӕнды? Мӕ уагахаст хорз у? Иннӕтӕн хорз хабары тыххӕй дзургӕйӕ, мӕ бон у мӕ уырнындзинад бӕлвырд кӕнын? Уый зӕрдӕйӕ аразын? Кӕд сын разыйы дзуапп ратдзынӕ, уӕд дӕ ныййарджытимӕ аныхас кӕн, хъусын кӕнын дӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй. Ӕмӕ дӕ ныййарджытӕн сӕ бон уыдзӕн ӕмбырды комитеты хистӕр нӕлгоймӕгтӕй искӕимӕ аныхас кӕнын.

17 Кӕд хорз хабар хъусынгӕнӕг дӕ, уӕд та дӕ бон нӕу каникулты рӕстӕджы фылдӕр хъусын кӕнын? Бирӕ аргъуыд ӕрыгон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ алцыдӕр хорз кӕй спълан кодтой ӕмӕ сын сӕ ныййарджытӕ кӕнӕ ӕндӕр хъусынгӕнджытӕ кӕй баххуыс кодтой, уымӕ гӕсгӕ лӕггад кодтой ӕххуысгӕнӕг пионертӕй. Кӕд дын ахӕм фадат нӕй, уӕддӕр бацархай, цӕмӕй фылдӕр хъусын кӕнай. Дӕ разы бӕлвырд нысан сӕвӕр. Уыцы нысан гӕнӕн ис уа, ӕрмӕст сахӕттӕ нӕ, фӕлӕ ма хуыздӕр хъусын кӕнын дӕр. Дӕ бон ма у ахӕм нысӕнттӕ дӕр сӕвӕрын, зӕгъӕм: алы дуары цур дӕр Библийӕ иу стих кӕсын, дыккаг бацыдтӕ хуыздӕр аразын, искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын, йе та райдайын телефонӕй хъусын кӕнын, кӕнӕ ма ӕндӕр искуыд. Ис ма сӕвӕрӕн ахӕм нысан, зӕгъӕм, ацы азы Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбакӕн дӕ сыхаджы, де ’мкъласоны кӕнӕ дӕ хӕстӕджы. Ацы хъуыддӕгты фылдӕр куы архайӕм, уӕд арфӕгонд уыдзыстӕм ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕмбырды иннӕты дӕр бафидар кӕндзыстӕм (1 Фес. 5:11).

18 Ногтӕн ӕххуыс кӕн рӕзынӕн. Фароны лӕггады азы Уӕрӕсейы алы мӕй дӕр иу 104 893 адӕймагимӕ хӕдзары Библи ахуыр кодтой. Уыдонӕй бирӕтӕ фӕстӕдӕр цӕттӕ уыдзысты Хуыцауӕн сӕхи снывонд кӕнынмӕ ӕмӕ донаргъуыд райсынмӕ. Фӕлӕ сӕ уый размӕ хъуамӕ бацӕттӕ кӕнӕм, цӕмӕй хорз хабар хъусынгӕнджытӕ суой. Уый ахсджиаг къахдзӕф у Йесо Чырыстийы ног фӕдылдзӕуджытӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы (Матф. 9:9; Лук. 6:40). Ды кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдон уыцы къахдзӕф саразынмӕ цӕттӕ сты?

19 Дӕ ахуыргӕнинаджы рӕзтыл куы дызӕрдыг кӕнай, уӕд ӕххуыс ракур дӕ чиныгахуыры цӕстдарӕгӕй, кӕнӕ та уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарӕгӕй. Искӕй сӕ демӕ дӕ библион ахуырмӕ акӕн. Уыцы ӕфсымӕртӕ фӕлтӕрдджын сты ӕмӕ ахуыргӕнинаджы монон рӕзты тыххӕй раст хатдзӕгтӕ скӕндзысты. Уыдон дын, чи зоны, зӕгъой, дарддӕр дын цы кӕнгӕ у, цӕмӕй ахуыргӕнинагӕн рӕзынӕн баххуыс кӕнай.

20 Кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг суӕвын куы фӕнда ӕмӕ уымӕ цӕттӕ кӕй у, уый ды дӕр куы уынай, уӕд сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕгимӕ аныхас кӕн. Уый зӕгъдзӕн дыууӕ хистӕр нӕлгоймагӕн, цӕмӕй уемӕ фембӕлой ӕмӕ сбӕлвырд кӕной ахуыргӕнинаг цӕттӕ у ӕви нӕ. Уыдон ныхас кӕндзысты, чиныг «Цӕттӕ стӕм нӕ лӕггаддзинадмӕ»-йы 98, 99 фӕрстыл цы ӕрмӕг ис, уый бындурыл. (Кӕс «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1989 аз, 15 сентябрь, 13, 14 фф., уыр.). Ахуыргӕнинаг цӕттӕ куы уа, уӕд ын дӕ бон у амонын, хъусын кӕнын куыд хъӕуы, уый. Фыццаг хатт уацамынды хыгъд куы ратта, уӕд ӕмбырды фехъусын кӕндзысты, уыцы ахуыргӕнинаг ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг кӕй сси, уый тыххӕй. Ныфс нӕ ис, ацы ахсджиаг мӕйты мингай ног хъусынгӕнджытӕ, ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕ дӕр нӕ фарсмӕ кӕй ӕрбалӕудзысты.

21 Ӕппӕты хуыздӕр хъуыддаг сӕххӕст кӕнынӕн хъӕуы алцыдӕр спълан кӕнын. Ацы уалдзыгон мӕйты цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы ӕнтыстджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ алцыдӕр рагацау пълан кӕнӕм (Ӕмб. 21:5). Хистӕр нӕлгоймӕгты бирӕ цӕмӕдӕрты хъӕудзӕн сӕ хъус ӕрдарын.

22 Ӕмбырд цӕмӕй ноджы фылдӕр хъусын кӕна, уый тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгты хъӕуы снысан кӕнын къуырийы дӕргъы ӕмӕ улӕфгӕ бонты дӕр уацамындон фембӕлдтӕ. Уый сараздзӕн уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарӕг. Нысангонд фембӕлдтӕй дарддӕр ма цымӕ фембӕлдтӕ ауадзӕн уыдзӕн райсомӕй раджы, фӕссихор ӕмӕ изӕрӕй? Уыцы фембӕлдты тыххӕй хъӕудзӕн фехъусын кӕнын ӕмбырды. Хорз уыдзӕн, сӕ расписани дӕр сын хъусинӕгты фӕйнӕгыл бакӕнын.

23 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ 16 апрелы размӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ алцыдӕр хорз бацӕттӕ кӕной. Зӕгъӕм, иу Паддзахады залы цалдӕр ӕмбырды куы ӕмбӕлой, уӕд бадзурын хъӕуы, фембӕлдтӕ куыд ацӕудзысты, Паддзахады зал чи бафснайдзӕн, уагдартӕ чи уыдзысты, нысӕнттӕ чи бацӕттӕ кӕндзӕн ӕмӕ сӕ чи дӕтдзӕн. Ӕмбырды хъӕудзӕн фехъусын кӕнын, Ӕрымысӕн изӕр цал сахатыл ӕмӕ кӕм бӕрӕг кӕндзыстут ӕмӕ уыцы къуыри ӕмбырды фембӕлдты кӕд исты ивындзинӕдтӕ ӕрцӕуа, уӕд уыдон тыххӕй дӕр. Ацы хъуыддӕгтӕ лӕмбынӕг куы бацӕттӕ кӕнӕм, уӕд бӕрӕгбон ацӕудзӕн «ӕфсармимӕ ӕмӕ ӕгъдауыл» (1 Кор. 14:40).

24 Бинонты хистӕртӕ, чи зоны, сӕ бинонты ахуыры рӕстӕгӕй рахицӕн кӕной, цӕмӕй аныхас кӕной, ацы уалдзыгон мӕйты сӕ бон куыд у фылдӕр хъусын кӕнын. Ӕнӕхъӕн бинонтӕй уӕ бон у ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кӕнын? Кӕд нӕ, уӕд гӕнӕн нӕй, цӕмӕй уӕ бинонтӕй иу адӕймаг кӕнӕ та цалдӕрӕй лӕггад кӕной пионертӕй, иннӕтӕ та сын ӕххуыс кӕной? Уымӕн гӕнӕн куы нӕ уа, уӕд дӕ бинонты раз сӕвӕр нысан фылдӕр хъусын кӕнын. Уӕ хӕдзары ахӕм кӕстӕртӕ ис, кӕцыты куы сразӕнгард кӕнат, куы сын баххуыс кӕнат, уӕд сӕ бон суыдзӕн ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнджытӕй лӕггад кӕнын? Уӕ бинонтӕ ацы аз Ӕрымысӕн изӕрмӕ цал адӕймаджы фӕхондзысты? Алцыдӕр хорз куы спълан кӕнат, уӕд дӕ бинонтӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕ ссардзысты ӕмӕ стыр циндзинад банкъардзысты.

25 Цы рӕстӕг ма баззад, уымӕй раст пайда кӕн. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕм апостол Петр куы фыста, уӕд сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, ӕвӕстиатӕй архайын кӕй хъуыд, уымӕн ӕмӕ иудейаг цардӕвӕрды кӕрон хӕстӕг уыд (1 Пет. 4:7). Абон ӕппӕт бӕлвырдгӕнӕнтӕй дӕр бӕрӕг у, ацы дунейы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон къӕсӕрыл кӕй ис. Ӕмӕ ууыл дызӕрдыг кӕй нӕ кӕнӕм, уый хъуамӕ алы бон дӕр нӕ уагахастӕй ӕвдисӕм. Иегъовӕйы зынгзӕрдӕ лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, аргъӕвӕн кӕмӕн нӕй, уыцы хъуыддаджы — хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы (Тит. 2:13, 14).

26 Ныр хъуамӕ тырнӕм хорз хъуыддӕгтӕм! Хъуыды кӕн, Иегъовӕ дӕу тыххӕй, дӕ бинонтӕ ӕмӕ ӕмбырды тыххӕй цы сарӕзта, ууыл. Иегъовӕйы бирӕ хорздзинӕдтӕ мах кӕд никуы бафиддзыстӕм, уӕддӕр ын нӕ бон у ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын (Пс. 115:3—5). Нӕ зӕрдӕбын архайдӕн нын Стыр Хуыцау раарфӕ кӕндзӕн (Ӕмб. 10:22). Цӕй уӕдӕ ацы ахсджиаг мӕйты — фылдӕр хъусын кӕнын цы мӕйты хъӕуы, уыцы мӕйты — иууылдӕр «хорз хъуыддӕгтӕм тындзӕм», цӕмӕй «ӕппӕтӕй дӕр кадджынгонд уа Хуыцау Йесо Чырыстийы сӕрты» (1 Пет. 3:13, НФ; 4:11).

[Рамкӕ 3 фарсыл]

Ӕппӕт дунейы Ӕрымысӕн изӕрмӕ цал адӕймаджы ӕрбацыд

1999 14 088 751

2000 14 872 086

2001 15 374 986

2002 15 597 746

[Рамкӕ 4 фарсыл]

Кӕй фӕхондзынӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ?

□ Дӕ бинонты ӕмӕ дӕ хӕстӕджыты.

□ Дӕ сыхӕгты ӕмӕ дӕ зонгӕты.

□ Де ’мкусджыты ӕмӕ кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдоны.

□ Литературӕ кӕмӕн хӕссыс ӕмӕ Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдоны.

[Рамкӕ 5 фарсыл]

Баххуыс кӕн, Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ӕрбацыд, уыдонӕн

□ Зӕрдӕбынӕй сыл бацин кӕн.

□ Бӕрӕгбоны фӕстӕ сӕм бацу.

□ Зӕгъ сын Библи ахуыр кӕныны тыххӕй.

□ Фӕхон сӕ сӕрмагонд раныхасмӕ.

[Рамкӕ 5 фарсыл]

Цавӕр нысӕнттӕ сӕвӕрдзынӕ дӕ разы ацы мӕйты?

□ Ӕрымысӕн изӕрмӕ искӕй ӕрбакӕнын.

□ Хорз хабар хъусынгӕнӕг суын.

□ Цал сахаты хъусын кӕндзынӕ, уый снысан кӕнын.

□ Уацамынды иуӕй-иу фадгуыты хуыздӕр хъусын кӕнын.

□ Ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын