Дарддӕр дӕр дзурут Иегъовӕйы диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй
1. Иегъовӕйы диссаджы хъуыддӕгтӕй тынгдӕр цӕмӕн аргъ кӕныс?
1 Никӕй ис абарӕн не стыр Хуыцау Иегъовӕимӕ! Давид фыста: «Бирӕ сарӕзтай Ды, Хицау, мӕ Хуыцау: Дӕ диссӕгты ӕмӕ хъуыдыдзинӕдты мах тыххӕй — чи суыдзӕн Дӕу ӕнгӕс!» (Пс. 39:6). Иегъовӕйы диссаджы хъуыддӕгтӕм хауынц, Дун-дуне кӕй сфӕлдыста, Мессиайы Паддзахад кӕй сфидар кодта, йӕ адӕмыл кӕй ауды ӕмӕ ӕппӕтдунеон уацамынды куыст кӕй цӕуы (Пс. 16:7, 8; 138:14; Дан. 2:44; Матф. 24:14). Иегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ цы сарӕзта, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды уый тыххӕй иннӕтӕн дзурын (Пс. 144:5—7). Мартъи, апрель ӕмӕ нын майы уымӕн уыдзӕн фылдӕр фадӕттӕ.
2. Нӕхицӕн хорз цӕмӕй у ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын?
2 Ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнгӕйӕ. Дӕ бон у дӕ рӕстӕг афтӕ спълан кӕнын, цӕмӕй уыцы мӕйты иу кӕнӕ цалдӕр мӕйы 50 сахаты хъусын кӕнай? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цыфӕнды дӕр дӕ куы бахъӕуа фӕивын, уӕддӕр уый аргъ у (Еф. 5:16). Бирӕтӕ бафиппайдтой, ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггадгӕнгӕйӕ хуыздӕр хъусын кӕнын кӕй райдыдтой. Ныфсджындӕрӕй хъусын кодтой ӕмӕ Библийӕ арӕхстджындӕрӕй пайда кодтой. Фылдӕр кӕй хъусын кодтой, уымӕ гӕсгӕ сын ӕнцондӕр уыд цымыдисгӕнаг адӕмӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ ма раздӕр библион ахуыр кӕмӕн нӕ уыд, уыдон дӕр ссардтой. Пионер фылдӕр иннӕтыл кӕй хъуыды кӕны ӕмӕ кӕй тыхсы, уымӕ гӕсгӕ йын уыцы лӕггад хӕссы циндзинад (Ап. к. 20:35).
3. Иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕ, кӕд зын уавӕрты уыдысты, уӕддӕр сӕ бон куыд бацис ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кӕнын?
3 Развӕлгъау ма дзур, зӕгъгӕ мӕ бон нӕу. Дыууӕ сывӕллоны кӕмӕн ис, ахӕм хистӕр нӕлгоймаг кӕд ӕнӕхъӕн бон куыста, уӕддӕр ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кодта ӕнӕхъӕн афӕдз. Ахӕм ӕнӕвдӕлонӕй йын уый куыд бантыст? Кусгӕ кӕй кодта, уымӕ гӕсгӕ фылдӕр рӕстӕг хъусын кодта улӕфгӕ бонты, сабаты-иу райсомы авд сахатыл уынджы райдыдта хъусын кӕнын. Уыцы ӕмбырды ма ахӕм уавӕры чи уыд, уыдонӕй ноджыдӕр иуӕй-иутӕ лӕггад кодтой пионертӕй, кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кодтой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ныфс уыдысты. Ӕндӕр ӕмбырды та 99-аздзыд хо сфӕнд кодта йӕ чызгимӕ майы ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын. Уыцы ацӕргӕ хойӕн ӕххуыс кодтой иннӕ хъусынгӕнджытӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын ӕмӕ библион ахуыртӕ уадзынӕн, йӕ тулгӕ къӕлӕтджыныл-иу ӕй баластой, афтӕмӕй. Уый ма ноджыдӕр хъусын кодта телефонӕй, уынджы ӕмӕ фыстӕджытӕ фысгӕйӕ. Уыцы хо ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕны, ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын йӕ бон кӕй бацис ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйы фӕрцы (Ис. 40:29—31).
4. Цӕмӕ хъӕуы кӕсын ӕххуысгӕнӕг пионеры график аразгӕйӕ?
4 Бацархай, дӕ уавӕртӕм гӕсгӕ хуыздӕр чи уыдзӕн, ахӕм график скӕнын. Спайдагӕнӕн ис, ацы статьяйы цы графиктӕ ис, уыдонӕй. Ӕнӕхъӕн бон кусыс кӕнӕ скъолайы ахуыр кӕныс? Уӕд дын хуыздӕр уыдзӕн улӕфгӕ бонты графикмӕ гӕсгӕ хъусын кӕнын — фылдӕр сабат-хуыцаубоны. Кӕд дын де ’нӕниздзинады тыххӕй, кӕнӕ дӕ уавӕртӕм гӕсгӕ ӕнӕхъӕн бон зын у хъусын кӕнын, уӕд хуыздӕр уаид бирӕ нӕ, фӕлӕ алы бон дӕр хъусын кӕнын. Иннӕтӕн дӕр зӕгъ, кӕй дӕ фӕнды ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын. Чи зоны, уыдоны дӕр бафӕнда.
5. Цавӕр нысӕнттӕ у сӕ бон сӕвӕрын ӕрыгӕттӕн мартъи, апрель ӕмӕ майы?
5 Ӕрыгӕттӕн сӕ бон куыд у Иегъовӕйы хъуыддӕгты тыххӕй дзурын. Иегъовӕйӕн ӕхсызгон у, ӕрыгӕттӕ йын йӕ диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй куы фӕдзурынц (Пс. 70:17; Матф. 21:16). Кӕд ды ӕрыгон аргъуыд хъусынгӕнӕг дӕ, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, дӕ бон суыдзӕн уалдзыгон каникулты ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын. Кӕд нӕ, уӕд та бацархай уыцы мӕйты дӕ разы сӕрмагонд нысӕнттӕ сӕвӕрын. Зӕгъӕм, дӕ ныййарджытимӕ уацамынды вӕййыс, фӕлӕ нырма ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг нӕ дӕ, уӕд ныр хорз нӕ уаид уыцы къахдзӕф скӕнын? Афтӕ ма хъуыды кӕн, зӕгъгӕ, уый тыххӕй хъуамӕ Библийӕ тынг хорз дзуапп кӕнон, кӕнӕ аргъуыд хъусынгӕнджытау бирӕ зонон. Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ ӕмбарыс? Уагахасты тыххӕй Библийы цы амындтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрыс? Фӕнды дӕ, цӕмӕй Иегъовӕйы Ӕвдисӕн суай? Уӕд аныхас кӕн дӕ ныййарджытимӕ. Уыдон демӕ хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ аныхас кӕндзысты ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сбӕлвырд кӕндзысты, цӕттӕ дӕ ӕви нӕ (Кӕс чиныг «Нӕ лӕггад»-ы, 98, 99 фӕрстӕ уыр.).
6. Куыд у нӕ бон, Библи чи ахуыр кӕны, уымӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй хорз хабар хъусынгӕнӕг суа?
6 Иннӕтӕн ӕххуыс кӕн хъусын кӕнын. Библи ахуыргӕнгӕйӕ хорз ӕнтыстытӕ цы цымыдисгӕнӕг адӕмӕн ис, уыдонӕн дӕр, чи зоны, сӕ бон у уыцы ахсджиаг мӕйты махимӕ хъусын кӕнын райдайын. Кӕд ахӕм цымыдисгӕнаг адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕныс, уӕд уый тыххӕй зӕгъ дӕ чиныгахуыры цӕстдарӕгӕн кӕнӕ уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарӕгӕн. Уыдонӕй исчи демӕ ацӕудзӕн уыцы библион ахуырмӕ, цӕмӕй базона, цас ӕнтыстджын у, уый. Кӕд алцыдӕр нывыл у ӕмӕ адӕймаджы фӕнды, хъусынгӕнӕг суа, уӕд сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг зӕгъдзӕн дыууӕ хистӕр нӕлгоймагӕн, цӕмӕй йемӕ аныхас кӕной (Кӕс «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1989 аз, 15 сентябрь, 13, 14 фф., уыр.). Библи чи ахуыр кӕны, ахӕм адӕймагӕн бар куы раттой, цӕмӕй хъусынгӕнӕг суа, уӕд ӕй цӕттӕ кӕнын райдай хъусын кӕнынмӕ.
7. Куыд ис баххуыс кӕнӕн, рагӕй чи нӕ хъусын кӕны ӕмӕ алы мӕй дӕр уацамынды хыгъд чи нӕ дӕтты, уыдонӕн?
7 Чиныгахуыры цӕстдарджытӕ сӕ хъус тынгдӕр хъуамӕ ӕрдарой, сӕ къорды рагӕй чи нӕ хъусын кӕны кӕнӕ алы мӕй дӕр уацамынды хыгъд чи нӕ дӕтты, ахӕм хъусынгӕнджытӕм. Акӕнут сӕ уемӕ уацамынды. Кӕд тынг рагӕй нӕ хъусын кӕнынц, уӕд хорз уаид, раздӕр уал семӕ дыууӕ хистӕр нӕлгоймаджы куы аныхас кӕниккой, цӕмӕй базоной, хъусын кӕныны бар ма сын ис ӕви нӕ. (Кӕс 2000 азы ноябры «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад»-ы «Фарстыты асыкк».) Гӕнӕн ис, уыцы мӕйты ӕмбырды зӕрдиаг лӕггадмӕ гӕсгӕ та сӕ ногӕй бафӕнда иудадзыг хъусын кӕнын.
8, 9. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у ӕмбырды разӕнгард кӕнын фылдӕр хъусын кӕнынмӕ?
8 Ныридӕгӕн дӕхи цӕттӕ кӕн фылдӕр лӕггад кӕнынмӕ. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, райдайут ӕмбырды хъусынгӕнджыты ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кӕнынмӕ разӕнгард кӕнын. Уӕ бон бирӕ у саразын уӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕй ӕмӕ уӕ хорз цӕвиттонӕй (1 Пет. 5:3). Фарон уыцы мӕйты уе ’мбырды иууыл фылдӕр цал ӕххуысгӕнӕг пионеры уыд? Уыцы нымӕц ацы аз фӕфылдӕргӕнӕн ис? Чиныгахуыры цӕстдарджытӕ ӕмӕ сӕ ӕххуысгӕнджытӕ хъуамӕ архайой, цӕмӕй сӕ къорды алкӕйдӕр разӕнгард кӕной фылдӕр хъусын кӕнынмӕ. Уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарджытӕн сӕ бон у фылдӕр уацамындон фембӕлдтӕ спълан кӕнын. Ӕмбырды развӕлгъау фехъусын кӕнут, цы фембӕлдтӕ спълан кодтат, уыдоны тыххӕй. Уацамындон фембӕлдтӕ уадзын бахӕс кӕнут фӕлтӕрдджын хъусынгӕнджытӕн. Уыцы фембӕлдтӕ-иу хъуамӕ афоныл райдайой ӕмӕ афоныл фӕуой. (Кӕс 2001 азы сентябры «Нӕ Паддзахадон лӕггаддзинад»-ы «Фарстыты асыкк».) Уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарӕг ма ноджы хъуамӕ бацархайа, цӕмӕй участоктӕ, журналтӕ ӕмӕ литературӕ алкӕмӕндӕр фаг уа.
9 Фарон иу ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ развӕлгъау райдыдтой хъусынгӕнджытӕн дзурын ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кӕныны тыххӕй ӕмӕ дзы цалдӕрӕй курдиат дӕр балӕвӕрдтой. Уыдон ноджыдӕр цалдӕр уацамындон фембӕлды скодтой: иу — 5.30, уынджы хъусын кӕнынӕн, иннӕ — 15.00, ахуыр чи фӕвӕййы, уыдонӕн ӕмӕ ӕртыккаг та — 18.00, йӕ куыст чи фӕвӕййы, уыдонӕн. Уымӕй уӕлдай ма сабатбонты скодтой ӕртӕ уацамындон фембӕлды. Ӕмӕ уый руаджы 66 адӕймаджы балӕвӕрдтой курдиӕттӕ апрелы ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кӕнынмӕ!
10. Бинонтӕн сӕ бон куыд у сӕхи фылдӕр хъусын кӕнынмӕ бацӕттӕ кӕнын?
10 Бинонтимӕ Библи куы ахуыр кӕнат, уӕд хорз нӕ уаид аныхас кӕнын, иннӕ мӕйты цавӕр нысӕнттӕ уыдзӕн уӕ бон сӕххӕст кӕнын, ууыл? Алцыдӕр хорз куы спълан кӕнат ӕмӕ кӕрӕдзийӕн куы ӕххуыс кӕнат, уӕд, чи зоны, уӕ бинонтӕй искӕмӕн кӕнӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон суа ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын. Уый гӕнӕн куы нӕ уа, уӕд та сӕвӕрут нысан — фылдӕр лӕггад кӕнын: уацамынды цы бонты фӕцӕут, уыцы бонты фылдӕр хъусын кӕнын кӕнӕ арӕхдӕр цӕуын хъусын кӕнынмӕ. Уый тыххӕй ис ӕнӕхъӕн бинонтӕй дӕр кувӕн. Ныфс уӕ уӕд, Иегъовӕ уын ӕнӕмӕнгдӕр кӕй раарфӕ кӕндзӕн уӕ фыдӕбонӕн (1 Иоан. 3:22).
11. а) Чырыстийы нывонд цавӕр диссаджы хъуыддагӕн байгом кодта фӕндаг? ӕ) Кӕм ӕмӕ кӕд уыдзӕн Ӕрымысӕн изӕр сымахмӕ?
11 Хуыцауы хъуыддӕгтӕй ӕппӕты диссагдӕр. Иегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый ӕппӕты тынгдӕр рабӕрӕг, йӕ Фырты мах тыххӕй нывондӕн кӕй радта, уымӕй (1 Иоан. 4:9, 10). Ӕлхӕнӕг нывонд фадат дӕтты закъонмӕ гӕсгӕ адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй сӕрибар кӕнынӕн (Ром. 3:23, 24). Йесойы тугныккалдӕй сфидар ног фӕдзӕхст, ӕмӕ уый руаджы ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бон сси, цӕмӕй Хуыцауы фырттӕ суой ӕмӕ уӕларвон Паддзахады хицауиуӕг кӕной (Иер. 31:31—34; Мар. 14:24). Фӕлӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр у, Йесо алы хъуыддаджы дӕр Иегъовӕйы коммӕ кӕй касти, уымӕй йын йӕ ном кӕй срухс кодта (Дык. з. 32:4; Ӕмб. 27:11). 4 апрелы хуыцаубоны хурныгуылды фӕстӕ ӕгас дунейы уыдзӕн Чырыстийы мӕлӕты Ӕрымысӕн изӕр.
12. Цӕмӕн хъуамӕ уой цымыдисгӕнаг адӕм Хицауы ӕхсӕвӕры?
12 Хицауы ӕхсӕвӕр бӕрӕггӕнгӕйӕ кадджын кӕнӕм Иегъовӕйы диссаджы хъуыддӕгтӕ. Раныхас нын баххуыс кӕндзӕн, Иегъовӕ ӕлхӕнӕг нывонд ратгӕйӕ цы сарӕзта, уый хуыздӕр бамбарынӕн ӕмӕ йын тынгдӕр аргъ кӕнынӕн. Чи ӕрбацӕуа, уыдон ма фендзысты Иегъовӕйы иннӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ дӕр. Зӕгъӕм, Иегъовӕ йӕ адӕмы куыд ахуыр кӕны иудзинад ӕмӕ уарзондзинадыл (Еф. 4:16, 22—24; Иак. 3:17, 18). Уыцы ахсджиаг цау адӕймаджы зондыл тынг бандавы, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фӕнды, цӕмӕй дзы, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕм уа (2 Кор. 5:14, 15).
13, 14. Кӕй хъуамӕ фӕхонӕм Ӕрысымӕн изӕрмӕ ӕмӕ куыд?
13 Хонӕм Ӕрымысӕн изӕрмӕ. Ӕвӕстиатӕй ныффысс, кӕй хъӕуы фӕхонын, уыдоны нӕмттӕ. Уыцы хыгъдмӕ бахӕссын хъӕуы ӕнӕуырнӕг хӕстӕджыты, сыхӕгты, ӕмкусджыты, ӕмкъласонты, Библи кӕимӕ ахуыр кодтай кӕнӕ ахуыр кӕныс ӕмӕ дыккаг-ӕртыккаг хатт кӕмӕ бацӕуыс, уыдоны иууылдӕр. Чиныгахуыры цӕстдарджытӕ ма хъуамӕ сӕ номхыгъдмӕ бахӕссой, рагӕй чи нӕ хъусын кӕны, уыдоны се ’ппӕты дӕр.
14 Райс мыхуыр хуынды гӕххӕттытӕ ӕмӕ сыл аив ныффысс кӕнӕ ныммыхуыр кӕн, Ӕрымысӕн изӕр кӕд ӕмӕ кӕм уыдзӕн, уый. Кӕнӕ дӕ чи зоны бафӕнда спайда кӕнын 2004 азы 1 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» кӕнӕ 22 мартъийы «Райхъал ут!»-ы (уыр.) фӕстаг фарсыл мыхуыр хуындӕй. 4 апрелмӕ ӕввахс, кӕй фӕхуыдтай, уыдонмӕ бацу, кӕнӕ та сӕм телефонӕй фӕдзур ӕмӕ сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, Ӕрымысӕн изӕр кӕд ӕмӕ кӕм уыдзӕн.
15. Ӕрымысӕн изӕры нӕ бон куыд у уазӕгуарзондзинад равдисын?
15 Ӕрымысӕн изӕры. Бацархай Ӕрымысӕн изӕрмӕ раздӕр ӕрбацӕуын. Ног ӕрбацӕуджытыл зӕрдӕбынӕй бацин кӕн (Ром. 12:13). Дӕхӕдӕг кӕй фӕхуыдтай, уыдоныл тынгдӕр батыхс. Бацин сыл кӕн ӕмӕ сӕ базонгӕ кӕн иннӕ хъусынгӕнджытимӕ. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ сын дӕ цуры бацахс бынат. Искӕмӕ сӕ Библи кӕнӕ зарджыты чиныг куы нӕ уа, уӕд демӕ кӕнӕ ӕндӕр искӕимӕ иу Библийӕ кӕнӕ иу зарджытыты чиныгӕй кӕсӕд. Бӕрӕгбоны фӕстӕ сӕм фарстытӕ куы сӕвзӕра, уӕд сын дзуапп ратт. Кӕд сӕ исчи фыццаг хатт ӕрбацыд, уӕд ӕй бафӕрс, нӕ йӕ фӕнды фылдӕр базонын Хуыцауы Ныхас ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй. Зӕгъ сын хӕдзары Библи ахуыр кӕныны тыххӕй.
16. Цы ис саразӕн, цӕмӕй, кӕддӕр ӕмбырдтӕм чи цыд, уыдонӕн баххуыс кӕнӕм дарддӕр дӕр монон ӕгъдауӕй рӕзынӕн?
16 Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуджытӕн дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕн. Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ӕрбацыд, уыдонӕн уый фӕстӕ къуыриты хъӕуы ӕххуыс кӕнын. Ӕххуыс ма хъӕуы, кӕддӕр ӕмбырдтӕм ӕнӕсцухӕй чи цыд, фӕлӕ ныр стӕм хатт чи ӕрбацӕуы, уыдоны дӕр. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ хъус дардзысты, цӕмӕй ахӕм адӕм рохуаты ма баззайой. Уыдон бацархайдзысты, цӕмӕй базоной, цы сӕ бахъыгдӕрдта монон ӕгъдауӕй рӕзын ӕмӕ сын баххуыс кӕндзысты, рӕстӕг тынг цыбыр кӕй у, уый бамбарынӕн (1 Пет. 4:7). Бамбарын сын кӕнут, цӕмӕн у хорз Библийы уынаффӕмӕ хъусын ӕмӕ Хуыцауы адӕмимӕ ӕмбырд кӕнын (Дзут. 10:24, 25).
17. Дарддӕр дӕр цӕмӕн хъуамӕ хъусын кӕнӕм Иегъовӕйы диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй?
17 Иегъовӕйы диссаджы хъуыддӕгтӕ кӕронмӕ бамбарынӕн махӕн ӕнустӕ дӕр не сфаг уыдзӕн (Иов 42:2, 3; Еккл. 3:11). Уымӕ гӕсгӕ нын алкӕддӕр уыдзӕн фадат уый кадджын кӕнынӕн. Иегъовӕйы диссаджы хъуыддӕгтӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ бон у равдисын Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕджы фылдӕр хъусын кӕнгӕйӕ.
[Таблицӕ 5 фарсыл]
Графиктӕ ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнынӕн
Мартъи Къ Дц* Ӕр* Цп Мб Сб Хц Ӕдӕппӕтӕй
Алы бон дӕр 2 1 1 1 1 1 5 51
Дыууӕ боны 0 5 0 5 0 0 0 50
Ӕрмӕстдӕр
улӕфгӕ бонты 5 0 0 0 0 0 8 52
Улӕфгӕ бонтӕ ӕмӕ
дыууӕ боны къуыри 2 0 0 2 0 2 6 50
Апрель Къ Дц Ӕр Цп* Мб* Сб Хц Ӕдӕппӕтӕй
Алы бон дӕр 2 1 1 1 1 1 5 50
Дыууӕ боны 0 0 0 0 5 5 0 50
Ӕрмӕстдӕр
улӕфгӕ бонты 5 0 0 0 0 0 8 52
Улӕфгӕ бонтӕ ӕмӕ
дыууӕ боны къуыри 2 0 0 2 0 2 6 50
Май Къ* Дц Ӕр Цп Мб Сб* Хц* Ӕдӕппӕтӕй
Алы бон дӕр 2 1 1 1 1 1 4 51
Дыууӕ боны 0 5 0 0 0 0 5 50
Ӕрмӕстдӕр
улӕфгӕ бонты 3 0 0 0 0 0 7 50
Улӕфгӕ бонтӕ ӕмӕ
дыууӕ боны къуыри 2 0 0 2 0 2 5 51
* Мӕй фондз.