Хорз нысан ног лӕггады азы
1. Ног лӕггады аз нӕ бон цавӕр нысан у сӕвӕрын?
1 Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕна, уӕд хъуамӕ нӕ разы ӕвӕрӕм нысӕнттӕ. Ды та цӕмӕ тырныс ног лӕггады азы? Хорз нысан у ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын иу кӕнӕ цалдӕр мӕйы. Цӕмӕй нӕ бон уа ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын, уый тыххӕй фӕхъӕуы хъуыддӕгтӕ рагацау пълан кӕнын. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ууыл хъӕуы ныр ахъуыды кӕнын. Фӕлӕ хорз цӕмӕй у ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын?
2. Хорз цӕмӕй у ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын?
2 Хорз цӕмӕй у ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын. Ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнгӕйӕ фылдӕр кӕй хъусын кӕндзыстӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ уӕларвон Фыдӕн стыр циндзинад ӕрхӕсдзыстӕм (1 Фес. 4:1). Йегъовӕ нын цы хорздзинӕдтӕ сарӕзта, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бафӕнды иннӕтӕн хъусын кӕнын (Пс. 33:1, 2). Йегъовӕ уыны ӕмӕ нын аргъ кӕны, фылдӕр хъусын кӕныны тыххӕй нӕхиуыл кӕй нӕ ауӕрдӕм (Дзут. 6:10). Йегъовӕйы зӕрдӕ нӕ фыдӕбонӕй кӕй рухс кӕны, уый зонгӕйӕ нӕхи зӕрдӕтӕ дӕр цинӕй байдзаг вӕййынц (1 Пар. 29:9).
3, 4. Цы пайда хӕссы ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын?
3 Арӕхдӕр цы хъуыддаг фӕаразӕм, уый нын ӕнцондӕр кӕнӕн вӕййы ӕмӕ нын фылдӕр цин фӕхӕссы. Уӕдӕ цас фылдӕр цӕуай уацамынды, уыйас дын ӕнцондӕр уыдзӕн хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнын дӕр. Афтӕмӕй хуыздӕр арӕхсдзынӕ адӕмимӕ ныхас кӕнын райдайынмӕ ӕмӕ Библийӕ пайда кӕнынмӕ. Цас фылдӕр дзурай дӕ уырнындзинады тыххӕй, уыйас дын фидардӕр кӕндзӕн. Ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнгӕйӕ бирӕтӕ райдыдтой адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын, кӕд уӕдмӕ никӕимӕ ахуыр кодтой, уӕд.
4 Ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнгӕйӕ адӕймаг «райхъал вӕййы» ӕмӕ йӕ бафӕнды фылдӕр аразын. Кӕддӕр ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй чи лӕггад кодта, уыцы ӕфсымӕр ӕмбӕрста, йӕ куыстыл бирӕ рӕстӕг кӕй хардз кӕны, уый. Ӕмӕ сфӕнд кодта иу мӕй ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын. Уыцы ӕфсымӕр дзуры: «Диссаг у, иу мӕймӕ мӕ уырнындзинад куыд бафидар! Мӕхицӕн загътон, дарддӕр кӕй лӕггад кӕндзынӕн ӕххуысгӕнӕг пионерӕй, цӕмӕй та ногӕй ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын райдайон».
5. Кӕд нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ нӕ бон нӕ бауыдзӕн ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн?
5 Ӕнӕкъуылымпыйӕ размӕ. Иуӕй-иутӕ, чи зоны, уый тыххӕй нӕ фӕлӕггад кӕнынц ӕххуысгӕнӕг пионерӕй, ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсы, хъусын кӕнынмӕ хорз кӕй нӕ арӕхсынц. Кӕд ды дӕр уымӕй тӕрсыс, уӕд дын Йегъовӕ баххуыс кӕндзӕн, Йеремийӕн куыд баххуыс кодта, афтӕ (Йер. 1:6–10). Кӕд Моисей «къӕзӕнӕг уыд ӕмӕ зынтӕй дзырдта», уӕддӕр Йегъовӕ уый уылты йӕ фӕндон сӕххӕст кодта (Рац. 4:10–12). Кӕд дӕумӕ дӕр афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ бон нӕ бауыдзӕн, уӕд кув Йегъовӕмӕ, цӕмӕй дӕ ныфс бауадза.
6. Рынчын кӕнӕ ӕнӕвдӕлон чи у, уыдонӕн дӕр сӕ бон цӕй фӕрцы уаид ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кӕнын?
6 Мыййаг, дызӕрдыг кӕныс, ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын дӕ бон бауыдзӕн ӕви нӕ, уымӕн ӕмӕ рынчын кӕнӕ ӕнӕвдӕлон дӕ? Кӕд рынчын дӕ, уӕддӕр дӕ уавӕртыл куы ахъуыды кӕнай, уӕд дын, чи зоны, ӕмӕ рауайа. Кӕд ӕнӕвдӕлон дӕ, уӕд та дӕ, гӕнӕн ис, бафӕнда тынг ахсджиаг чи нӕу, уыцы хъуыддӕгтӕ иннӕ мӕймӕ ныууадзын. Ӕнӕхъӕн бон чи кусы, уыдон та иу кӕнӕ дыууӕ боны отпуск куы райсой, уӕд, чи зоны, сӕ бон суа ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын (Кол. 4:5).
7. Ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын нӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй кувын хорз цӕмӕн у?
7 Цы нын баххуыс кӕндзӕн. Кув Йегъовӕмӕ, ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын дӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй. Кув, цӕмӕй дын раарфӕ кӕна (Ром. 12:11, 12). Хуыцау дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ фӕивай дӕ график (Иак. 1:5). Кӕд дӕ фӕнды ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын, уӕд Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын хъусын кӕныны хъуыддаг дӕ зӕрдӕ рухс кӕна (Лук. 10:1, 17).
8. Ӕмбисӕндты 15:22 цы уынаффӕ ис, уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнай?
8 Дӕ бинонтимӕ иумӕ аныхас кӕн, ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕныны тыххӕй (Ӕмб. 15:22). Гӕнӕн ис, бинонтӕй иуы бон суа иннӕты фӕрцы ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын. Дӕ фӕнды тыххӕй ӕмбырды иннӕтимӕ дӕр аныхас кӕн, уӕлдайдӕр та дӕ уавӕрты чи ис, уыдонимӕ. Уӕд дӕ, чи зоны, тынгдӕр бафӕнда ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын.
9. Кӕцы мӕйты ис лӕггад кӕнӕн ӕххуысгӕнӕг пионерӕй?
9 Ног лӕггады аз куыд хъусын кӕндзынӕ, уый пълан кӕнгӕйӕ, ахъуыды кодтай, ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын дӕ бон кӕд уыдзӕн, ууыл? Кӕд ӕнӕхъӕн бон кусыс кӕнӕ скъоладзау дӕ, уӕд дӕ, чи зоны бафӕнда отпусчы йе та каникулты рӕстӕг, кӕнӕ та фондз сабат ӕмӕ фондз хуыцаубоны цы мӕйты ис, уӕд балӕггад кӕнын. Ахӕм мӕйтӕ сты сентябрь, декабрь, мартъи ӕмӕ август. Майы та ис фондз сабаты, июны та – фондз хуыцаубоны. Кӕд рынчынтӕгӕнаг дӕ, уӕд дӕ, ӕвӕццӕгӕн, бафӕнддзӕн, хорз боныхъӕд цы мӕйты вӕййы, уӕд балӕггад кӕнын. Кӕнӕ та уе ’мбырд районон цӕстдарӕг куы бӕрӕг кӕна, уыцы мӕй. Ӕрымысӕн изӕр иннӕ аз 22 мартъимӕ кӕй хауы, уымӕ гӕсгӕ мартъи, апрель ӕмӕ май хорз мӕйтӕ сты ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнынӕн. Цы мӕй кӕнӕ дӕ мӕйты фӕнды балӕггад кӕнын, уый куы равзарай, уӕд-иу райдай хъусын кӕнынӕн график аразын, цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафта.
10. Кӕд дӕ бон ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын нӕу, уӕд цы ис аразӕн?
10 Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ бон не суыдзӕн ног лӕггады азы ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын, уӕддӕр дӕ бон у уацамынды зӕрдиагӕй архайын. Хъусын кӕныны хъуыддаджы дӕ бон цы у, уый куы аразай, уӕд ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй рухс кӕныс, ууыл (Гал. 6:4). Ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын йӕ бон кӕмӕн у, уыдонӕн ӕххуыс кӕн, ныфсы хос сын у. Чи зоны, дӕ бон суа дӕ график афтӕ фӕивын, цӕмӕй къуырийы мидӕг семӕ фылдӕр балӕггад кӕнай.
11. Цӕмӕн хъӕуы ӕвӕстиатӕй архайын?
11 Йегъовӕйы адӕм ӕмбарынц, ӕвӕстиатӕй архайын кӕй хъӕуы, уый. Хъусын кӕныны хъуыддаг йӕ кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны. Адӕмы цардӕн у тынг тӕссаг, рӕстӕг та бирӕ нал баззад (1 Кор. 7:29–31). Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнынмӕ. Куы бацархайӕм ӕмӕ алцыдӕр хорз куы спълан кӕнӕм, уӕд ног лӕггады аз нӕ бон суыдзӕн, ӕппынкъаддӕр, иу мӕй ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын. Уый ӕцӕгдӕр у хорз нысан!