Хъусын кӕнут ӕмӕ бӕстон ӕвдисӕнад дӕттут
1 Йесо — «разамонӕг ӕмӕ хицау» — йӕ ахуыргӕнинӕгты бацӕттӕ кодта, хъусын кӕныны хъуыддаджы сӕм цы бирӕ куыст ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕ (Ис. 55:4; Лук. 10:1—12; Ап. к. 1:8). Апостол Петр Йесойы хӕслӕвӕрд мӕнӕ афтӕ афыста: «Уый бафӕдзӕхста махӕн хъусын кӕнын ӕмӕ ӕвдисӕн лӕууын [«бӕстон ӕвдисӕнад дӕттын», НД] адӕмӕн, Уый кӕй у Хуыцауӕй ӕвӕрд Тӕрхонгӕнӕг ӕгастӕн ӕмӕ мӕрдтӕн» (Ап. к. 10:42). Цы нысан кӕны «бӕстон ӕвдисӕнад дӕттын»?
2 Уый тыххӕй мах фылдӕр базондзыстӕм, апостол Павелы цӕвиттон равзаргӕйӕ. Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ сӕмбӕлгӕйӕ, уый загъта: «Ӕз... ницы ауагътон пайдайагӕй, цӕй тыххӕй уын нӕ хъусын кодтаин ӕмӕ цӕуыл нӕ ахуыр кодтаин сымах ӕппӕт адӕмы ӕхсӕн ӕмӕ хӕдзӕртты, Иудейтӕн ӕмӕ Еллинтӕн хъусын кӕнгӕйӕ [«бӕстон ӕвдисӕнад дӕтгӕйӕ», НД] фӕсмондзинад Хуыцауы раз ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийыл уырнындзинад». Кӕд Павел йӕхӕдӕг зындзинӕдтӕ ӕвзӕрста, уӕддӕр йӕ удӕй арт уагъта, цӕмӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмӕн хорз хабар фехъусын кодтаид. Йӕ хъусджытӕн ӕрмӕст сӕйраг ахуырӕдтӕ нӕ дзырдта, фӕлӕ «Хуыцауы фӕндон ӕгасӕйдӕр» (НФ). Уый сӕххӕст кӕнынӕн ӕппӕт тыхтӕй архайдта ӕмӕ йӕхиуыл нӕ ауӕрста. Уый ма дарддӕр загъта: «Ӕз ницӕмӕ уал кӕсын, мӕ цардыл дӕр нал ауӕрдын, ӕрмӕст ма райгӕйӕ фӕуон мӕ цардыцыд, ӕмӕ, Хицау Йесойӕ цы куыст ӕрбайстон, уый: ома, Хуыцауы хорзӕхы фарны уац, ӕргом айхъусын кӕнын [«хорз хабары тыххӕй бӕстон ӕвдисӕнад раттын», НД]» (Ап. к. 20:20, 21; 24, НФ; 27).
3 Абон нӕ бон куыд у Павелы фӕзмынын? (1 Кор. 11:1) Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы куы агурӕм, алы адӕмыхӕттыты ӕмӕ алы ӕвзӕгты адӕммӕ дӕр хорз хабар куы хӕссӕм ӕмӕ, чи бацымыдис кодта, уыдонӕн зӕрдӕбынӕй куы ӕххуыс кӕнӕм, кӕд нӕхӕдӕг зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, уӕддӕр (Матф. 10:12, 13). Уымӕн та хъӕуы рӕстӕг, хъарутӕ ӕмӕ адӕмы уарзын.
4 Дӕ бон у ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын? Мартъи ӕмӕ нын апрелы уыдзӕн диссаджы фадат бӕстон ӕвдисӕнад раттынӕн, ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггадгӕнгӕйӕ. Куыд ӕхсызгон нын уыд, фарон тынг бирӕтӕ уӕлдай хъарутӕ кӕй бахардз кодтой ӕмӕ ӕххуысгӕнӕг пионертӕй кӕй балӕггад кодтой!
5 Иу 80-аздзыд, тынг рынчын хо Иегъовӕйы организаци уыйбӕрц уарзы, ӕмӕ аскъуыддзаг кодта иу хъуыддаг саразын. Уый ныффыста: «Мӕ зӕрдӕйы никуы бамынӕг ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕныны фӕндон, ӕмӕ аскъуыддзаг кодтон, иу хатт ма кӕй бафӕлвардзынӕн». Уый равзӕрста мартъийы мӕй. «Иуыл фыццаг уал,— дзуры уый,— сбадтӕн ӕмӕ „хӕрдзтӕ банымадтон“. Мӕ фӕндоны тыххӕй аныхас кодтон мӕ чызгимӕ, уымӕн ӕмӕ мӕ хъуыди йе ’ххуыс. Тынг ӕхсызгон мын уыд, уый дӕр ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕныны тыххӕй курдиат куы балӕвӕрдта». Уыцы мӕйы нӕ ацӕргӕ хо хъусын кодта 52 сахаты. «Бирӕ хӕттыты-иу мӕ бон бынтондӕр ницыуал уыд, ӕмӕ-иу куывтон Иегъовӕмӕ, цӕмӕй мӕ бафидар кодтаид. Мӕйы кӕрон ӕз тынг амондджын ӕмӕ райгонд уыдтӕн, ӕмӕ Иегъовӕйӕн йе ’ххуысы тыххӕй бузныг дзурынӕй нал ӕфсӕстӕн. Ӕз ма ноджыдӕр балӕггад кӕнин пионерӕй». Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ хойы диссаджы цӕвиттонӕй, ӕххуысгӕнӕг пионерӕй кӕй фӕнды лӕггад кӕнын, фӕлӕ алыхуызон низтӕ кӕй тыхсын кӕнынц, уыдон дӕр сӕ ныфс бахӕссой уыцы хъуыддагмӕ.
6 Иу ӕфсымӕр ӕнӕнхъӕлӕджы ӕнӕ куыстӕй баззад, ӕмӕ уый дӕр, бирӕ нӕ рахъуыды-бахъуыдыгӕнгӕйӕ, ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта. Бонтӕ куыд цыдысты, афтӕ йӕ хъусын кӕнын ноджы тынгдӕр фӕндыд ӕмӕ мӕйы кӕрон Библи ахуыр кӕнын райдыдта ног адӕймагимӕ. Не ’фсымӕр дзуры: «Уыцы мӕй мӕ никуы ферох уыдзӕн!» Уый куыд амондджын уыди Иегъовӕйы разамынд ӕмӕ ӕххуыс хатгӕйӕ! О, не ’фсымӕр пионерӕй зӕрдиагӕй кӕй лӕггад кодта, уый тыххӕй йыл Иегъовӕ йӕ хорзӕхтӕ кӕлгӕуӕлдайӕ ӕруагъта ӕмӕ дзы дӕу дӕр цух нӕ ныууадздзӕн (Мал. 3:10).
7 Бирӕтӕн ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ иу ӕмӕ дыууӕ не сты уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ, куысты дӕр ӕмӕ бинонты раз дӕр бирӕ хӕстӕ кӕуыл ис, зындзинӕдтӕй дӕр цух чи нӕу, ӕмӕ уӕддӕр пионертӕй лӕггад кӕнын сӕ бон кӕмӕн сси. Бӕстон ӕвдисӕнад дӕттыны тыххӕй нӕхицӕй хъуамӕ ратона кӕнӕм рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ, фӕлӕ цы арфӕдзинӕдтӕ райсӕм, уыдонӕн ницӕимӕ абарӕн ис (Ӕмб. 10:22).
8 Мартъи ӕмӕ апрелы уыдзӕн замманайы рӕстӕг ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнынӕн. Мартъийы ис фондз сабат ӕмӕ фондз хуыцаубоны. Уыцы улӕфты бонты ӕмӕ изӕрыгӕтты ӕнтыстджынӕй куы хъусын кӕной, уӕд ӕххуысгӕнӕг пионертӕй балӕггад кӕнын сӕ бон суыдзӕн, ӕнӕхъӕн бон чи кусы, уыдонӕй иуӕй-иутӕн дӕр. Ацы статьяйы амынд графиктӕм куы ӕркӕсай, уӕд дӕ бон не суаид мартъи кӕнӕ апрелы дӕ рӕстӕг афтӕ спълан кӕнын, цӕмӕй 50 сахаты хъусын кӕнай? Дӕ графикы тыххӕй хъусынгӕнджытӕй искӕимӕ аныхас кӕн; афтӕмӕй чи зоны уыдоны дӕр бафӕнда пионертӕй лӕггад кӕнын. Ӕххуысгӕнӕг пионерӕй дӕ бон куы нӕ уа балӕггад кӕнын, уӕддӕр ацы мӕй дӕ разы стырдӕр нысан сӕвӕр, афтӕ ма-иу ӕххуыс кӕн пионертӕн дӕр. Йеныр спълан кӕн, цӕмӕй мартъи ӕмӕ апрелы фылдӕр хъусын кӕнай.
9 Ӕрымысӕн изӕрӕн аргъ кӕн. Алы аз дӕр Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕджы мингӕйттӕ, Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывонды тыххӕй бузныг кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ «ӕмбӕлон рӕстӕг балхӕнынц» ӕххуысгӕнӕг пионертӕй балӕггад кӕнынӕн (Еф. 5:15, 16, НД). Уӕрӕсейы фарон мартъийы уыди 17 612 ӕххуысгӕнӕг пионеры ӕмӕ апрелы та — 9 812. Уыцы дыууӕ мӕйы сӕ рӕстӕмбис нымӕц уыди 13 712. Ацы нымӕц бирӕ фылдӕр у, уыцы лӕггады азы раздӕры мӕйты ӕххуысгӕнӕг пионерӕй чи лӕггад кодта, уыдоны рӕстӕмбис нымӕцӕй — 5 095. Ацы аз дӕр та нын ис ноджы иу хорз фадат, цӕмӕй равдисӕм, Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывондӕн сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй аргъ кӕнӕм, уый, ӕмӕ фылдӕр хъусын кӕнӕм.
10 16 апрель куыд хӕстӕг кӕны, афтӕ хъуыды кӕн, Ӕрымысӕн изӕр дӕуӕн цы нысан кӕны, ууыл. Дӕ зӕрдыл лӕууын кӕн, Чырыстийы мӕлӕты размӕ цы цаутӕ ӕрцыд ӕмӕ йын йӕ зонд ӕмӕ зӕрдӕйӕн ӕнцой цы хъуыдытӕ нӕ лӕвӕрдтой, уыдон. Ноджы ма хъуыды кӕн, Йесомӕ цы циндзинад ӕнхъӕлмӕ каст, ӕмӕ йын уый куыд ӕххуыс кодта ахӕм фыдмитӕ сфӕразынӕн, ууыл. Дӕ зӕрдыл ма дар, абон ын цы бынат ис, уый дӕр — ӕмбырды Хистӕр у, йӕ хъус дары хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддагмӕ (1 Кор. 11:3; Дзут. 12:2; Рарг. 14:14—16). Уый фӕстӕ равдис, Чырысти цыдӕриддӕр сарӕзта, уымӕн кӕй аргъ кӕныс — дӕ уавӕртӕ дӕ куыд амонынц, афтӕ ӕппӕт тыхтӕй хъусын кӕн.
11 Иннӕты разӕнгард кӕн бӕстон ӕвдисӕнад дӕттынмӕ. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ ӕххуысгӕнӕг пионертӕй куы лӕггад кӕной, уӕд ӕмбырды иннӕтӕн дӕр фылдӕр баххуыс кӕндзысты. Ӕмбырдӕй искӕимӕ куы хъусын кӕной кӕнӕ та сӕ хӕдзары куы бӕрӕг кӕной, уӕд сын ӕххуыс кӕндзысты ацы ахсджиаг цауы рӕстӕджы зӕрдиагдӕрӕй архайынӕн. Цӕй уӕдӕ иууылдӕр кувӕм, цӕмӕй нӕм мартъи ӕмӕ апрелы фылдӕр тых уа ӕмвӕндӕй бӕстон ӕвдисӕнад дӕттынӕн.
12 Цӕмӕй мартъи ӕмӕ апрелы ӕмбырд фылдӕр хъусын кӕна, уый тыххӕй цыдӕртӕ бацӕттӕ кӕнын хъӕуы. Ӕмӕ уыцы хъуыддӕгты кӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ иууылдӕр архайдзысты, уӕддӕр уацамындӕн дзуапдӕттӕг ӕфсымӕр хъуамӕ уӕлдай тынгдӕр бацархайа. Уый хъуамӕ ссара уацамындон фембӕлдтӕ уадзынӕн бынӕттӕ, равзара ахӕм бонтӕ ӕмӕ рӕстӕг, хъусынгӕнджытӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ бон куыд уа ӕрбацӕуын. Афтӕ ма хъуамӕ бацархайа, цӕмӕй-иу уыцы фембӕлдты тыххӕй иудадзыг уа хъусинӕгтӕ. Уацамындон фембӕлдтӕ афтӕ хъӕуы снысан кӕнын, цӕмӕй уыцы иу рӕстӕджы ма уой фӕлӕ алыхуызон, ӕмӕ ӕмбырдӕй алкӕмӕндӕр йӕ бон суа уацамынды алы хуызты дӕр архайын. Уырдӕм хауы хъусын кӕнын ӕхсӕнадон бынӕтты, уынджы, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ, дыккаг бацыдтӕ кӕнын ӕмӕ телефонӕй хъусын кӕнын. Уый ма хъуамӕ бацархайа, цӕмӕй уыцы мӕйты дӕргъы ӕмбырд ма фӕцух уа литературӕ ӕмӕ журналтӕй, афтӕ ма участоктӕ дӕр фаг уа.
13 Мартъийы парахат кӕндзыстӕм чиныг «Базонынад» ӕмӕ нӕ нысан уыдзӕн искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын. Чиныг «Базонынад» куыд дӕттын хъӕуы, уымӕн хорз уынаффӕтӕ ис 2002 азы январы «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад»-ы уӕлӕмхасӕн сыфы. Апрелы парахат кӕндзыстӕм журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Пайда кӕнут рамкӕ «Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн»-ӕй. Цӕмӕй бӕстон ӕвдисӕнад дӕттӕм, уый тыххӕй хъуамӕ рӕстӕг арӕм нӕхи хорз цӕттӕ кӕнынӕн.
14 Куыд амондджын стӕм, ӕмбырды Хистӕр, Йесо Чырыстийы разамындӕй кӕй кусӕм ӕмӕ хорз хабар адӕммӕ кӕй хӕссӕм! Уӕдӕ мартъи ӕмӕ апрель скӕнӕм ӕппӕты ӕнтыстджындӕр мӕйтӕ ӕмӕ зӕрдӕбынӕй ӕххӕст кӕнӕм Чырыстийы уынаффӕ — хъусын кӕнын ӕмӕ бӕстон ӕвдисӕнад дӕттын.
[Рамкӕ 4 фарсыл]
2003 азы мартъи ӕмӕ апрелы куыд ис ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггадгӕнӕн
Бон Сахӕттӕ
Къуырисӕр 1 2 — — 2 —
Дыццӕг 1 — 3 — — —
Ӕртыццӕг 1 2 — 5 — —
Цыппӕрӕм 1 — 3 — — —
Майрӕмбон 1 2 — — — —
Сабат 5 4 3 5 6 7
Хуыцаубон 2 2 3 2 2 3
Мартъи 56 56 54 55 50 50
Апрель 50 50 51 53 — —
Ацы графиктӕй дын искӕцы сбӕздзӕн?