Дӕу фӕнды ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын?
1. Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг нӕ бон цӕмӕн вӕййы фылдӕр балӕггад кӕнын?
1 Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг нӕ бон вӕййы фылдӕр балӕггад кӕнын. Уыцы рӕстӕг арӕх фӕхъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ куыд тынг уарзы, ууыл – мах тыххӕй йӕ Фырты нӕ бавгъау кодта (Иоан. 3:16). Йегъовӕ ныл афтӕ кӕй тыхсы, уый тыххӕй дзы бузныг куыннӕ стӕм! Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды фылдӕр адӕмӕн Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ, адӕмӕн цы хорздзинӕдтӕ аразы, уый тыххӕй дзурын (Ис. 12:4, 5; Лук. 6:45). Стӕй ма нын Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг вӕййы зиу дӕр – фӕхонӕм нӕ зонгӕты ӕмӕ, нӕ участокты чи цӕры, уыдоны дӕр. Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ фӕархайӕм, чи ’рбацыд, уыцы адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайыныл. Дӕу фӕнды мартъи, апрель кӕнӕ майы ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын?
2. Мартъийы ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын ӕнцондӕр цӕмӕн уыдзӕн?
2 Мартъи – ахсджиагдӕр мӕй. Мартъийы ӕнцондӕр уыдзӕн ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын. Уыцы мӕй ӕххуысгӕнӕг пионертӕн сӕ бон уыдзӕн 30 кӕнӕ 50 сахаты хъусын кӕнын. Районон цӕстдарӕг уыцы мӕй цы ӕмбырдтӕ бӕрӕг кӕна, уым ӕххуысгӕнӕг пионертӕн сӕ бон уыдзӕн ӕнӕхъӕнӕй дӕр байхъусын, ӕххӕстрӕстӕг ӕмӕ йын сӕрмагонд пионертимӕ цы фембӕлд уыдзӕн, уымӕ. 2013 азы Ӕрымысӕн изӕр уыдзӕн 26 мартъийы, дыццӕджы. Ацы аз зиу фылдӕр рӕстӕг ахӕсдзӕн – райдайдзӕн 1 мартъийы. Стӕй ма мартъийы уыдзӕн 5 сабат ӕмӕ хуыцаубоны. Уымӕ гӕсгӕ дӕ бон у лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын, цӕмӕй мартъийы, ӕппӕты ахсджиагдӕр мӕйы, зӕрдиагӕй балӕггад кӕнай.
3. Нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй фылдӕр балӕггад кӕнӕм?
3 Дӕ хъуыддӕгтӕ ныр спълан кӕн. Дӕ графикыл ныр ахъуыды кӕн, цӕмӕй базонай, цы дӕ хъӕуы фӕивын, цӕмӕй пионерӕй балӕггад кӕнай. Ахсджиаг у, цӕмӕй бинонтӕ ацы хъуыддаджы кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕной. Уымӕ гӕсгӕ-иу уӕ бинонты ахуыры рӕстӕг аныхас кӕнут, уӕ разы цавӕр нысӕнттӕ сӕвӕрдзыстут, ӕмӕ уӕхицӕн график саразут (Ӕмб. 15:22). Кӕд дӕ бон нӕу ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд. Дӕ график афтӕ сараз, цӕмӕй-иу, уацамынды цы бонты ацӕуыс, уыцы бонты фылдӕр рӕстӕг хъусын кӕнай кӕнӕ къуырийы мидӕг иу бон фылдӕр хъусын кӕнай.
4. Мартъи, апрель ӕмӕ майы фылдӕр балӕггад кӕнын хорз цӕмӕн уыдзӕн?
4 Мартъи, апрель ӕмӕ майы Йегъовӕйӕн фылдӕр куы балӕггад кӕнӕм ӕмӕ иннӕтӕн куы ӕххуыс кӕнӕм, уӕд уыдзыстӕм ноджы амондджындӕр ӕмӕ зӕрдӕрухсдӕр (Иоан. 4:34; Хъуыд. 20:35). Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ нӕ хъарутыл куы нӕ ауӕрдӕм, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй барухс кӕндзыстӕм (Ӕмб. 27:11).