Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг дын цины хос уӕд!
1. Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг дын фылдӕр циндзинад цы ӕрхӕсдзӕн?
1 Фӕнды дӕ, цӕмӕй дын мартъи, апрель ӕмӕ май фылдӕр циндзинад ӕрхӕссой? Уымӕн хорз фадат у фылдӕр балӕггад кӕнын, ӕмӕ, гӕнӕн куы уа, уӕд ӕххуысгӕнӕг пионерӕй дӕр. Уый дын дӕ циныл цин куыд бафтаудзӕн?
2. Фылдӕр куы лӕггад кӕнӕм, уӕд фылдӕр цӕмӕн цин кӕндзыстӕм?
2 Дӕ циныл цин бафтау. Йегъовӕ нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нын Хуыцауӕн лӕггад кӕнын хӕссы циндзинад ӕмӕ ӕхсызгондзинад, стӕй ма ӕмбарӕм, ӕнӕ уымӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый дӕр (Матф. 5:3). Хуыцау ма нӕ афтӕ скодта, цӕмӕй нын цины хос уа иннӕтӕн исты дӕттын дӕр (Хъуыд. 20:35). Уацамынды фӕрцы нӕ бон у Хуыцауӕн дӕр лӕггад кӕнын ӕмӕ адӕмӕн дӕр ӕххуыс кӕнын. Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фылдӕр куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нӕ циндзинад дӕр фылдӕр уыдзӕн. Уымӕй уӕлдай ма, цас фылдӕр хъусын кӕнӕм, уыйас фӕлтӕрдджындӕр кӕнӕм. Фӕлтӕрдджындӕр куы уӕм, уӕд ныфсджындӕр уыдзыстӕм ӕмӕ къаддӕр тыхсдзыстӕм. Афтӕмӕй нын фылдӕр фадӕттӕ уыдзӕн адӕмимӕ ныхас кӕнынӕн ӕмӕ семӕ Библи ахуыр кӕнын райдайынӕн. Ӕппӕт уыдӕтты фӕрцы нын нӕ лӕггад фылдӕр циндзинад хӕсдзӕн.
3. Мартъийы ӕмӕ апрелы хорз фадат цӕмӕн уыдзӕн ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнынӕн?
3 Мартъи ӕмӕ апрель хорз фадат сты ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнынӕн, уымӕн ӕмӕ нӕ бон уыдзӕн 30 кӕнӕ 50 сахаты хъусын кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма 22 мартъийӕ, сабатӕй, суанг 14 апрелмӕ, къуырисӕрмӕ, уыдзӕн зиу – адӕмы зӕрдиагӕй хондзыстӕм Ӕрымысӕн изӕрмӕ. Ӕмбырдтӕ сӕ удӕй арт уадздзысты, «уӕхски-уӕхск» лӕггад кӕндзысты, цӕмӕй нысангонд рӕстӕгмӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр участоктыл ӕрзилой (Соф. 3:9).
4. Ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын нӕ куы фӕнда, уӕд цы хъуамӕ бакӕнӕм?
4 Абон райдай цӕттӕ кӕнын. Кӕд нырма цӕттӕ кӕнын нӕ райдыдтай, уӕд рӕстӕг рахицӕн кӕн, цӕмӕй дӕ графикмӕ ӕркӕсай ӕмӕ фенай, цы дӕ хъӕуы бакӕнын, цӕмӕй иу кӕнӕ цалдӕр мӕйы дӕ бон уа фылдӕр балӕггад кӕнын. Уый тыххӕй Хуыцаумӕ кув (Иак. 1:5). Аныхас кӕн дӕ бинонтимӕ ӕмӕ ӕмбырды иннӕтимӕ дӕр (Ӕмб. 15:22). Кӕд дӕ де ’нӕниздзинад хъыгдары кӕнӕ алы бон дӕр кусыс, уӕддӕр, чи зоны, дӕуӕн дӕр дӕ бон суа ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ стыр циндзинад банкъарын.
5. Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг фылдӕр балӕггад кӕнын цы пайда уыдзӕн?
5 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ цин кӕной (Пс. 32:11). Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг фылдӕр куы лӕггад кӕнӕм, уӕд ӕрмӕст нӕ циныл цин нӕ бафтдзӕн, фӕлӕ ма нӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ дӕр барухс кӕндзыстӕм (Ӕмб. 23:24; 27:11).