Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 2/02 3–6 фф.
  • «Биноныгӕй хъусын кӕн Хуыцауы ныхас»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Биноныгӕй хъусын кӕн Хуыцауы ныхас»
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Хорз хабар адӕмӕн бӕстон хъусын кӕнӕм»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2008
  • Дарддӕр дӕр дзурут Иегъовӕйы диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2004
  • Хъусын кӕнут ӕмӕ бӕстон ӕвдисӕнад дӕттут
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
  • Дӕу фӕнды ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2013
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
km 2/02 3–6 фф.

«Биноныгӕй хъусын кӕн Хуыцауы ныхас»

1 Исчи дын исты хорздзинад куы саразы, уӕд дӕу дӕр зӕрдӕбынӕй нӕ бафӕнды исты хорздзинад ын саразын? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, о! Дӕ хъус ма ӕрдар, Павелыл куыд бандӕвта, Иегъовӕйы хӕларзӕрдӕдзинад адӕммӕ. Павел загъта: «Бузныг Хуыцауӕй, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, Йӕ уыцы лӕвары тыххӕй»! Цы у уыцы «лӕвар»? «Хуыцауы хорз лӕвар [«хорзӕх», НФ]... уӕлдайджынтӕй» кӕй райстам, уый. Уымӕн иууыл стырдӕр бӕлвырдгӕнӕн уыд, Йӕ Фырты мах тыххӕй ахӕстаргъӕн кӕй радта (2 Кор. 9:14, 15; Иоан. 3:16).

2 Павел ӕрмӕст ныхасӕй уыд бузныг? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Хуыцауы хорзӕхӕн тынг кӕй аргъ кодта, уый ӕвдыста алыхуызон хъуыддӕгтӕй. Уый тынг тыхстис йе ’мчырыстӕтты уырнындзинадыл ӕмӕ цыдӕриддӕр йӕ бон уыд, уый арӕзта, цӕмӕй уыдонӕн дӕр Хуыцауы хорзӕх пайда ӕрхастаид. Уыдонмӕ Павел ныффыста: «Мах ӕнувыдӕй бафӕндыд радтын сымахӕн ӕрмӕст Хуыцауы хорз уацхъуыд нӕ, фӕлӕ нӕ удтӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ сымах систут махӕн уарзон» (1 Фес. 2:8). Ӕмбырды уӕнгтӕн ирвӕзындзинады аккаг баззайынӕн кӕй ӕххуыс кодта, уымӕй уӕлдай ма Павел ӕвӕллайгӕйӕ хъусын кодта хорз хабар ӕмӕ мингай километртӕ цыди сурзӕхх ӕмӕ денджызыл, цӕмӕй ссардтаид, «ӕнусон цардмӕ раст ахаст кӕмӕн уыдис», уыдоны (Ап. к. 13:48, НД). Иегъовӕ йын хорзӕй цыдӕриддӕр сарӕзта, уымӕй Павел тынг бузныг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕндыд «биноныгӕй хъусын кӕнын Хуыцауы ныхас» (Кол. 1:25, НД).

3 Ӕмӕ мах Иегъовӕйӕ бузныг не стӕм йе ’ппӕт хорздзинӕдты тыххӕй, нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй не ’мбырды ӕххуыс кӕй хъӕуы, уыдонӕн сӕ уырнындзинад фӕфидардӕр кӕнынӕн баххуыс кӕнӕм? (Гал. 6:10). Ӕмӕ нӕ ӕцӕг нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ бон цас у, уыйас хъусын кӕнӕм нӕ территорийы Паддзахады хорз хабар? (Матф. 24:14).

4 Бузныг кӕй стӕм, уый равдисыны фадат. Алы аз дӕр нын Чырыстийы мӕлӕты Ӕрымысӕн изӕр вӕййы диссаджы фадат, цӕмӕй равдисӕм, Иегъовӕ ӕмӕ Йесо мах тыххӕй цыдӕриддӕр сарӕзтой, уымӕй бузныг кӕй стӕм. Уый хуымӕтӕджы фембӕлд нӕу, нӕдӕр цавӕрдӕр цау ӕрымысыны тыххӕй. Йесо загъта: «Уый кӕнут Мӕн ӕрымысыны тыххӕй» (Лук. 22:19). Чырыстийы мӕлӕты Ӕрымысӕн изӕры нӕ бон у дзӕбӕх ахъуыды кӕнын, Йесо цавӕр удыхъӕды хицау у, ууыл. Уый хорз фадат у бамбарынӕн, абон Йесо удӕгас кӕй у ӕмӕ йӕ Хуыцау кӕй скадджын кодта ӕмӕ йӕ паддзахӕй кӕй сӕвӕрдта, уымӕн ӕмӕ зӕххыл цӕргӕйӕ иузӕрдионӕй баззад ӕмӕ йӕ цард нывондӕн радта. Уымӕй уӕлдай ма нӕ бон у равдисын, Чырыстийӕн кӕй уисӕн кӕнӕм, чырыстон ӕмбырды разамонӕг кӕй у, уый тыххӕй (Кол. 1:17—20). Хуыцауы адӕмӕй алчидӕр ӕнӕмӕнг хъуамӕ уа Чырыстийы мӕлӕты Ӕрымысӕн изӕры. Ацы аз уыдзӕн 28 мартъийы цыппӕрӕмы, хурныгуылды фӕстӕ.

5 Фарон Ӕрымысӕн изӕры размӕ ӕппӕт тыхтӕй кӕй архайдтам, уымӕ гӕсгӕ Уӕрӕсейы Ӕрымысӕн изӕрмӕ фыццаг хатт ӕрбацыд афтӕ бирӕ адӕм — 275 525 адӕймаджы. Ацы аз та цас адӕм ӕрбацӕудзӕн? Махӕй бирӕ кӕнгӕ у, куыд «зӕрдиагӕй кусдзыстӕм ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй [куыд] архайдзыстӕм», цӕмӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмӕн баххуыс кӕнӕм ӕрбацӕуын (1 Тим. 4:10, НД).

6 Хицауы Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуыны йедтӕмӕ ма нӕ бон у фылдӕр хъусын кӕнын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мингай ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ иу мӕй кӕнӕ фылдӕр лӕггад кӕндзысты ӕххуысгӕнӕг пионертӕй. Фарон уалдзӕджы Уӕрӕсейы ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кодтой 25 810 адӕймаджы. Дӕ бон нӕу дӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕнын, цӕмӕй ацы аз ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнай? Уый дын уыдзӕн хорз фадат, цӕмӕй равдисай, Хуыцау йӕ хӕларзӕрдӕйӕ Чырыстийы нывондӕн кӕй радта, уымӕй тынг бузныг кӕй дӕ. Дӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Иегъовӕ дын кӕй раарфӕ кӕндзӕн. Уый бӕлвырд кӕнынц мӕнӕ ацы цаутӕ.

7 Ӕнӕхъӕн бон чи кусы, иу ахӕм хо ныффыста, фарон мартъийы ӕххуысгӕнӕг пионерӕй куыд лӕггад кодта, уый тыххӕй: «2001 азы февралы «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад» разӕнгард кодта, йӕ уавӕртӕ кӕй амонынц, уыдонӕй алкӕйдӕр, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕры размӕ ӕмӕ уый фӕстӕ мӕйты балӕггад кодтаиккой ӕххуысгӕнӕг пионертӕй. Мартъийы фондз сабаты кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ мӕнӕн дӕр мӕ бон уыд уый саразын. Уыйадыл аскъуыддзаг кодтон бланк байдзаг кӕнын». Мӕйы райдианы йӕ разы сӕвӕрдта нысан искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын. Цымӕ йын бантыст? О, уыцы мӕй 52-ӕм сахат куы хъусын кодта, уӕд! Цавӕр хатдзӕг скодта? «Зӕрдӕбынӕй куы бацархайӕм, уӕд ӕнӕмӕнг диссаджы арфӕдзинӕдтӕ ссарӕм».

8 Цӕмӕй у хорз бинонтӕн иумӕ ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кӕнын? Иу бинонтӕ фарон апрелы цыппарӕй иумӕ лӕггад кодтой пионертӕй ӕмӕ загътой, уыцы мӕй кӕй никуы ферох кӕндзысты. Мад загъта: «Цӕй ӕхсызгонӕй-иу райдыдтам алы бон дӕр, уымӕн ӕмӕ-иу иууылдӕр цыдыстӕм хъусын кӕнынмӕ! Тынг ӕхсызгон-иу нын уыд сихор хӕргӕйӕ ныхас кӕнын, уыцы бон куыд хъусын кодтам, уый тыххӕй». Сӕ лӕппу та загъта: «Мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдис мӕ фыдимӕ уацамынды цӕуын кусгӕ бонты, куыстмӕ куы фӕцӕуы, уӕд». Йӕ фырты ныхӕстӕм ма фыд бафтыдта: «Куыд бинонты хистӕр, афтӕ мын тынг ӕхсызгон уыд, абон иууыл ахсджиагдӕр цы куыст у, уым иумӕ кӕй архайдтам». Дӕ бинонтӕн сӕ бон нӕу иумӕ пионертӕй лӕггад кӕнын? Хорз нӕ уаид ууыл бинонтимӕ аныхас кӕнын ӕмӕ ахъуыды кӕнын, уӕ бон у ӕви нӕ ацы аз уалдзӕджы ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кӕнын?

9 Нӕ бон у мартъийы мӕй ӕппӕты ӕнтыстджындӕр мӕй скӕнын? 2000 азы мартъийы «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинады» ис ахӕм фарст: «Нӕ бон у 2000 азы апрелы мӕй ӕппӕты ӕнтыстджындӕр мӕй скӕнын?» Ӕмӕ йын цавӕр дзуапп уыд? Цалдӕр хъуыддаджы нын фаронӕй фылдӕр бантыст. Зӕгъӕм, Уӕрӕсейы ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кодтой 13 644 адӕймаджы. Фӕфылдӕр ма сты уацамынды сахӕттӕ ӕмӕ дыккаг бацыдтӕ дӕр, журналтӕ дӕр фылдӕр байуӕрстам. Хъуыды ма кӕныс, апрелы уе ’мбырды хъусынгӕнджытӕн цас циндзинад хаста, фылдӕр кӕй райдыдтой лӕггад кӕнын, уый? Нӕ бон у, цӕмӕй ацы аз дӕр уыйас, кӕнӕ та уымӕй фылдӕр саразӕм? Иууылдӕр куы бацархайӕм, уӕд нын 2002 азы мартъи гӕнӕн ис, суа «ӕппӕты ӕнтыстджындӕр мӕй». Фӕлӕ мартъи цӕмӕн?

10 Мартъи уӕлдай ӕнтыстджындӕр мӕй цӕмӕн хъуамӕ уа, уымӕн ис дыууӕ аххосаджы. Фыццаг, Ӕрымысӕн изӕр мартъийы кӕрон кӕй уыдзӕн, уымӕ гӕсгӕ нын уыдзӕн хорз фадат, цӕмӕй рагацау, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмы ӕрбахонӕм. Дыккаг та уый, ӕмӕ ацы аз мартъийы фондз сабат ӕмӕ фондз хуыцаубоны кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ, кусгӕ чи кӕны кӕнӕ скъоламӕ чи цӕуы, уыдонӕн ӕнцондӕр уыдзӕн ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кӕнын. Уӕдӕ хорз нӕ уаид, ныртӕккӕ куы ӕрбадис ӕмӕ дӕ уавӕртӕм гӕсгӕ уацамынды график куы саразис, ацы уӕлӕмхасӕн сыфыл цы къӕлиндар ис, уымӕй спайдагӕнгӕйӕ? Ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын, дӕумӕ куыд кӕсы, афтӕ зын нӕу. Цӕвиттон, алы къуыри дӕр сабат ӕмӕ хуыцаубоны 8 сахаты хъусын кӕнын куы спълан кӕнай, уӕд ма дӕ хъӕудзӕн мӕйы иннӕ бонтӕм 10 сахаты спълан кӕнын, ӕмӕ афтӕмӕй 50 сахаты нормӕ сӕххӕст кӕндзынӕ.

11 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у ӕмбырды алкӕмӕндӕр баххуыс кӕнын, цӕмӕй «биноныгӕй хъусын кӕной Хуыцауы ныхас»? Куы сӕ разӕнгард кӕной фембӕлдты раныхӕстӕй ӕмӕ хицӕнӕй семӕ ныхасгӕнгӕйӕ. Ӕмбырды чиныгахуыркӕнынады разамонджытӕн сӕ бон у сӕ къордты алкӕимӕдӕр аныхас кӕнын ӕмӕ сын, цӕмӕй хъӕуы, уымӕй баххуыс кӕнын. Иуӕй-иу хатт цалдӕр ныфсдӕттӕн ныхасы кӕнӕ хорз уынаффӕйы дӕр фаг вӕййынц (Ӕмб. 25:11). Бирӕтӕ, гӕнӕн ис, бамбарой, сӕ графикы гыццыл исты куы фӕивой, уӕд сӕ бон кӕй бауыдзӕн ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кӕнын. Бирӕ ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ службӕйон ӕххуысгӕнджытӕ иууылдӕр кӕнӕ та сӕ фылдӕр сӕ устытимӕ иумӕ уалдзӕджы ӕххуысгӕнӕг пионертӕй кӕй фӕлӕггад кӕнынц, уымӕй сты фӕзминаг. Афтӕмӕй бирӕ хъусынгӕнджыты сразӕнгард кӕнынц фылдӕр лӕггад кӕнынмӕ. Иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕн сӕ бон нӕу пионертӕй лӕггад кӕнын, се ’нӕниздзинад сӕ кӕй хъыгдары кӕнӕ сын ӕндӕр зындзинӕдтӕ кӕй ис, уый тыххӕй. Фӕлӕ уыдоны гӕнӕн ис разӕнгард кӕнын, цӕмӕй сӕ бон цас у, уыйас хъусын кӕной ӕмбырдимӕ иумӕ, ӕмӕ афтӕмӕй равдисой, Хуыцауӕй бузныг кӕй сты, уый.

12 Ӕмбырд цас ӕнтыстджын уыдзӕн, уый хистӕр нӕлгоймӕгты хорз разамындӕй кӕнгӕ у. Уацамынды фембӕлдтӕн кусгӕ бонты ахӕм рӕстӕг хъӕуы снысан кӕнын, цӕмӕй алкӕмӕндӕр йӕ бон уа ӕрбацӕуын. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ службӕйон цӕстдарӕг уацамынды фембӕлдтӕ уадзынӕн рагацау снысан кӕндзӕн фӕлтӕрд ӕфсымӕрты. Цӕмӕй уыцы фембӕлдтӕ 10—15 минутӕй фылдӕр ма уой, ӕмӕ ма уыцы рӕстӕджы гӕнӕн уа алкӕмӕндӕр уацамынды ацӕуынӕн ӕмбал ссарын, участоктӕ радтын, ӕмӕ акувын, уый тыххӕй хъӕуы хорз цӕттӕ кӕнын. (Кӕс 2001 азы сентябры «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинады» «Фарстыты асыкк».) Мӕйы дӕргъы цы фембӕлдтӕ уыдзӕн, уыдоны расписани хъӕуы ӕмбырдӕн хорз бамбарын кӕнын ӕмӕ йӕ хъусинӕгты фӕйнӕгыл бакӕнын.

13 Ӕмбырды хъуамӕ фаг участоктӕ уа. Службӕйон цӕстдарӕг хъуамӕ фембӕла, участоктӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕримӕ, ӕмӕ бацархайа, цӕмӕй хъусынгӕнджытӕн радтой, арӕх кӕм нӕ хъусын кӕнынц, уыцы участоктӕ. Фылдӕр тыхтӕ хъӕуы радтын хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнынӕн, хӕдзары кӕй нӕ баййафӕм, уыдоны бӕрӕг кӕнынӕн, къордтӕй ӕмӕ изӕры хъусын кӕнынӕн.

14 Баххуыс сын кӕн ногӕй хъусын кӕнын райдайынӕн. Уе ’мбырды ахӕмтӕ ис, рагӕй чи нал хъусын кӕны? Уыдон нырма дӕр уе ’мбырдӕй сты ӕмӕ сӕ хъӕуы ӕххуыс (Пс. 118:176). Ацы зӕронд дунейы кӕрон тынг хӕстӕг у, ног дуне та къӕсӕрыл ис, ӕмӕ хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй, рагӕй чи нал хъусын кӕны, уыдонӕн баххуыс кӕнӕм (Ром. 13:11, 12). Ӕмбырды ӕххуысы фӕрцы фӕстаг фондз азы Уӕрӕсейы 2 000 адӕймагӕй фылдӕр ногӕй райдыдтой зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын. Куыд у нӕ бон иннӕтӕн дӕр баххуыс кӕнын, цӕмӕй та сӕ зӕрдӕты ссудза, райдианы сын цы уарзондзинад ӕмӕ ныфс уыд, уый? (Дзут. 3:12—14).

15 Хистӕр нӕлгоймӕгты совет хъуамӕ ахъуыды кӕна, фӕстаг цалдӕр азы ӕмбырды уӕнгтӕй рагӕй чи нал хъусын кӕны, уыдонӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн (Матф. 18:12—14). Секретарь хъуамӕ сбӕрӕг кӕна «Карточки собрания для отчетов возвещателей» ӕмӕ банысан кӕна, рагӕй чи нал хъусын кӕны, уыдон иууылдӕр. Уӕлдай тынг бацархайын хъӕуы, цӕмӕй ахӕмты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бӕрӕг кӕной ӕмӕ сын ӕххуыс кӕной. Рагӕй чи нал хъусын кӕны, уыцы хъусынгӕнӕджы бӕрӕггӕнгӕйӕ хистӕр нӕлгоймагӕн йӕ бон у йемӕ акӕнын, уыцы адӕймаджы дзӕбӕх чи зыдта, ахӕм хо кӕнӕ ӕфсымӕры, йе та ӕндӕр хъусынгӕнджыты дӕр. Чи зоны, уыдон йемӕ Библи ахуыр кодтой ӕмӕ сын ныр ӕхсызгон уыдзӕн уымӕн баххуыс кӕнын. Ныфс нӕ ис, рагӕй чи нал хъусын кӕны, уыдонӕй бирӕты кӕй бафӕнддзӕн ногӕй Хуыцауы ныхас хъусын кӕнын. Кӕд сын уацамынды архайӕн ис, уӕд сын хъусын кӕнын райдайынӕн иууыл хуыздӕр рӕстӕг у, Ӕрымысӕн изӕр цы мӕй уыдзӕн, уыцы мӕй! (Уый тыххӕй фылдӕр кӕс 2000 азы ноябры «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинады» «Фарстыты асыччы».)

16 Искӕмӕн ма йӕ бон у райдайын хъусын кӕнын? Иегъовӕ дарддӕр дӕр арфӕ кӕны йӕ адӕмӕн ӕмӕ «ӕппӕт адӕмты хӕзнатӕ» ӕмбырд кӕны (Агг. 2:7). Алы аз дӕр мингай адӕм свӕййынц ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнджытӕ. Чи сты уыдон? Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты сывӕллӕттӕ ӕмӕ Библи ӕнтыстджынӕй чи ахуыр кӕны, уыдон. Куыд у нӕ бон базонын, ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнджытӕй сӕ бон у лӕггад кӕнын ӕви нӕ?

17 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты сывӕллӕттӕ. Сывӕллӕттӕй бирӕтӕ кӕд ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнджытӕ не сты, уӕддӕр цалдӕр азы сӕ ныййарджытимӕ цӕуынц хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнынмӕ. Мартъи сын уаид хорз рӕстӕг, цӕмӕй хъусынгӕнджытӕ суой. Куыд ис базонӕн, дӕ сывӕллон уымӕ цӕттӕ у ӕви нӕ? Чиныг «Цӕттӕ стӕм нӕ лӕггаддзинадмӕ»-йы (уыр.) 100-йӕм фарсыл дзырдӕуы, зӕгъгӕ, «сывӕллон йӕхи хорз куы дара, ӕмӕ йӕ уырнындзинадыл йӕхицӕн йӕ бон куы уа дзурын, ома хорз хабарыл иннӕтимӕ куы дзура, ӕмӕ уый йӕхи куы фӕнда», уӕд. Кӕд дӕумӕ гӕсгӕ дӕ сывӕллон цӕттӕ у, уӕд аныхас кӕн ӕмбырды службӕйон комитеты хистӕр нӕлгоймӕгтӕй искӕимӕ.

18 Библи чи ахуыр кӕны, уыдон. Библи чи ахуыр кӕны, ахӕм адӕймаг фаг зонындзинӕдтӕ куы райса ӕмӕ цасдӕр рӕстӕг ӕмбырдтӕм куы цӕуа, уӕд ӕй, гӕнӕн ис, фӕнда, цӕмӕй суа Паддзахады хъусынгӕнӕг. Кӕд ахӕм адӕймагимӕ ахуыр кӕныс Библи, уӕд ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: йӕ кармӕ гӕсгӕ ӕмӕ йӕ курдиӕттӕм гӕсгӕ архайы? Йӕ уырнындзинадыл иннӕтимӕ ныхас кӕнын райдыдта? «Ног адӕймагмӕ» ивы? (Кол. 3:10, НФ). Чиныг «Цӕттӕ стӕм нӕ лӕггаддзинадмӕ»-йы 98—100 фӕрстыл (уыр.) ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнджыты тыххӕй цы домӕнтӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕны? Кӕд о, уӕд зӕгъ ӕмбырды службӕйон комитетӕн, цӕмӕй дыууӕ хистӕр нӕлгоймагӕн бабар кӕной демӕ ӕмӕ, Библи чи ахуыр кӕны, уыимӕ фембӕлын. Кӕд цӕттӕ уа, уӕд ын уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ зӕгъдзысты, йӕ бон кӕй у райдайын ӕмбырдимӕ хъусын кӕнын.

19 Цы зӕгъӕн ис апрель ӕмӕ майы тыххӕй? Уыцы мӕйты дӕр фылдӕр хъусын кӕндзыстӕм. Мартъийы ӕххуысгӕнӕг пионертӕй чи лӕггад кӕна, уыдонӕй ма, гӕнӕн ис, бирӕтӕн сӕ бон суа уыцы лӕггаддзинад апрелы ӕмӕ (кӕнӕ) майы дӕр адарддӕр кӕнын. Апрель ӕмӕ майы фыццаджыдӕр парахат кӕндзыстӕм журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Куыд тынг бандавынц ацы журналтӕ, чи сӕ кӕсы, уыдоны цардыл! Ацы журналтӕ тынг баххуыс кодтой Паддзахады хорз хабар ӕгас дунейыл хъусын кӕнынӕн. Апрель ӕмӕ майы ӕппӕт тыхтӕй архайдзыстӕм, цӕмӕй фылдӕр адӕмӕн радтӕм ацы журналтӕ. Уыцы хъуыддаджы архайынмӕ абон дӕр цӕттӕ кӕн дӕхи.

20 Фылдӕр хъусын кӕнын кӕй пълан кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ ахъуыды кӕн, фылдӕр журналтӕ дӕ нӕ бахъӕудзӕн? Лӕггаддзинады азы дӕргъы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!» фӕпарахат кӕнӕм сабаты — журналтӕ парахат кӕныны боны. Фӕлӕ бирӕтӕ ӕххуысгӕнӕг пионертӕй кӕй лӕггад кӕндзысты ӕмӕ журналтӕ дыууӕ мӕйы дӕргъы кӕй парахат кӕндзыстӕм, уымӕ гӕсгӕ дӕ, гӕнӕн ис, бахъӕуа фылдӕр журналтӕ сзаказ кӕнын. Кӕд афтӕ у, уӕд уый тыххӕй афоныл фехъусын кӕн, ӕмбырды литературӕйӕн дзуапп чи дӕтты, уымӕн. Литературӕйӕн дзуапп чи дӕтты, уый ма хъуамӕ йӕ хъус дара, цӕмӕй ӕмбырды алкӕмӕндӕр фаг уа трактаттӕ «Фӕнды дӕ Библи хуыздӕр базонын?».

21 Бирӕтӕн сӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинады» цы ӕрмӕг вӕййы, «Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн», зӕгъгӕ, уый. Журнал куыд ис радтӕн, уымӕн дзы цы цӕвиттонтӕ вӕййы, уыдонӕй пайда кӕныс ӕмӕ сӕ ахуыр кӕныс? Хорз нӕ уаид, ӕрвылкъуыри бинонтимӕ Библи куы фӕахуыр кӕнут, уӕд-иу цасдӕр рӕстӕг уыцы цӕвиттонтӕ сахуыр кӕнынӕн ӕмӕ сӕ равдисынӕн куы рахицӕн кӕниккат?

22 Ӕппӕт тыхтӕй бацархай ацы аз Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕджы. Цӕй уӕдӕ, апостол Павелау, равдисӕм, куыд бузныг стӕм Иегъовӕйӕ, «зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, Йӕ уыцы лӕвары тыххӕй», ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй бацархайӕм, цӕмӕй уалдзӕджы цы хъуыддӕгтӕ пълан кӕнӕм, уыдоны архайӕм. Уыцы хъуыддӕгтӕ сты: 1) 2002 азы 28 мартъийы, цыппӕрӕмы, ацы аз иууыл ахсджиагдӕр цаумӕ, Хицауы Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуын; 2) рагӕй чи нал хъусын кӕны, уыдонӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ зӕрдӕты ссудза сӕ «фыццаг уарзондзинад» (Рар. 2:4; Ром. 12:11); 3) нӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ, Библи чи ахуыр кӕны, уыдон кӕд цӕттӕ сты, уӕд сын баххуыс кӕнын, цӕмӕй суой ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнджытӕ; 4) мартъийы ӕмӕ уый фӕстӕ мӕйты, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр хъусын кӕнын, чи зоны, ӕххуысгӕнӕг пионерӕй дӕр лӕггад кӕнын (2 Тим. 4:5).

23 Зӕрдӕбынӕй кувӕм, цӕмӕй не ’ппӕт дӕр ацы уалдзӕг ӕппӕт тыхтӕй бацархайӕм Паддзахады хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕмӕ уымӕй равдисӕм, куыд тынг бузныг стӕм Иегъовӕйӕ, цыдӕриддӕр нын сарӕзта, уый тыххӕй.

[Рамкӕ 6 фарсыл]

2002 азы мартъийӕн уацамынды график

Къуырисӕр Дыццӕг Ӕртыццӕг Цыппӕрӕм Майрӕмбон Сабат Хуыцаубон

1 2 3

Журналтӕ парахат

кӕныны бон

4 5 6 7 8 9 10

Журналтӕ парахат

кӕныны бон

11 12 13 14 15 16 17

Журналтӕ парахат

кӕныны бон

18 19 20 21 22 23 24

Журналтӕ парахат

кӕныны бон

25 26 27 28 29 30 31

ӔРЫМЫСӔН ИЗӔР Журналтӕ парахат

ХУРНЫГУЫЛДЫ кӕныны бон

ФӔСТӔ

Дӕ бон у 50 сахаты спълан кӕнын, цӕмӕй мартъийы ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнай?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын