«Хорз хабар адӕмӕн бӕстон хъусын кӕнӕм»
1. Цавӕр хорз хабӕрттӕ хъусын кӕнӕм?
1 Абон адӕймаг хорз хабӕрттӕ арӕх нӕ фехъусы. Фӕлӕ махмӕ ӕрхауд ахӕм кад, цӕмӕй «Хуыцауы стыр хорзӕхы тыххӕй хорз хабар адӕмӕн бӕстон хъусын кӕнӕм» (Ап. хъ. 20:24). Адӕмӕн дзурӕм, тагъд ацы «фӕстаг бонтӕ» кӕй фӕуыдзысты ӕмӕ кӕй ралӕудзӕн ног дуне. Уыцы дунейы та, «раздӕр цы уыд», уый нал уыдзӕн (2 Тим. 3:1–5; Рарг. 21:4). Уӕд рынчын ничиуал кӕндзӕн (Ис. 33:24). Нӕ уарзон адӕмӕй чи амард, уыдон райгас уыдзысты ӕмӕ та сӕ бинонтӕ ӕмӕ се ’мбӕлттимӕ цин кӕндзысты (Иоан. 5:28, 29). Ӕнӕхъӕн зӕхх дӕр суыдзӕн диссаджы рӕсугъд дзӕнӕт (Ис. 65:21–23). Цы хорз хабӕрттӕ хъусын кӕнӕм, уыдонӕй ранымадтам ӕрмӕстдӕр иуӕй-иутӕ.
2. Ӕрымысӕн изӕры афон диссаджы фадат куыд у хорз хабар хъусын кӕнынӕн?
2 Мартъи, апрель ӕмӕ майы нын уыдзӕн диссаджы фадат ахӕм хорз хабӕрттӕ хъусын кӕнынӕн. Уыцы мӕйты боныхъӕд хуыздӕр кӕй вӕййы ӕмӕ бон кӕй фӕдаргъдӕр вӕййы, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон уыдзӕн фылдӕр хъусын кӕнын. Стӕй ма 22 мартъийы хурныгуылды фӕстӕ ӕгас дунейы бӕрӕг кӕндзысты Ӕрымысӕн изӕр. Уӕдӕ абонӕй фӕстӕмӕ нӕхи райдайӕм цӕттӕ кӕнын, цӕмӕй уыцы мӕйты фылдӕр балӕггад кӕнӕм.
3. Цы баххуыс кӕндзӕн нӕ бинонтӕн, цӕмӕй фылдӕр балӕггад кӕной?
3 Ӕххуысгӕнӕг пионер. Дӕ бон нӕ уаид дӕ рӕстӕг афтӕ спълан кӕнын, цӕмӕй ӕххуысгӕнӕг пионерӕй иу, дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ мӕйы балӕггад кӕнай? Хорз нӕ уаид, уӕ бинонты ахуыры рӕстӕг ацы хъуыддагыл куы аныхас кӕниккат? Кӕрӕдзийӕн куы ’ххуыс кӕнат, уӕд, чи зоны, уӕ бинонтӕй иу кӕнӕ фылдӕрӕн йӕ бон суа ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын (Ӕмб. 15:22). Кув уый тыххӕй Йегъовӕмӕ ӕмӕ фендзынӕ, куыд дын баххуыс кӕндзӕн (Ӕмб. 16:3). Кӕд уӕ бинонтӕй иуӕн дӕр йӕ бон не суыдзӕн ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын, уӕддӕр бинонтӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон у йӕ разы нысан сӕвӕрын, цӕмӕй фылдӕр балӕггад кӕна. Зӕгъӕм, уӕ бон уыдзӕн пионертимӕ уацамынды цӕуын.
4. Кӕд ӕнӕхъӕн бон кусӕм, уӕддӕр нӕ бон куыд у нӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ пълан кӕнын, цӕмӕй ӕххуысгӕнӕг пионертӕй балӕггад кӕнӕм?
4 Кӕд ӕнӕхъӕн бон кусыс, уӕддӕр дӕ рӕстӕг хорз куы пълан кӕнай, уӕд дӕ бон бауыдзӕн ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын. Чи зоны дӕ сихоры рӕстӕгӕй дӕ бон уа иуцасдӕр уацамындӕн рахицӕн кӕнын. Кӕнӕ та райс участок хӕдзармӕ йе та куыстмӕ ’ввахс, цӕмӕй куысты размӕ кӕнӕ куысты фӕстӕ сахаты бӕрц хъусын кӕнай. Чи зоны дын фылдӕр рӕстӕг фӕзына хъусын кӕнынӕн, афтӕ ахсджиаг чи не сты, уыцы хъуыддӕгтӕ иннӕ мӕймӕ куы ныууадзай ӕмӕ сабат-хуыцаубоны ӕнӕхъӕн бон уацамынды куы цӕуай, уӕд. Иуӕй-иутӕ та иу кӕнӕ дыууӕ боны отпуск райсынц.
5. Куыд ис баххуыс кӕнӕн ацӕргӕтӕн кӕнӕ рынчынтӕн, цӕмӕй сӕ бон суа ӕххуысгӕнӕг пионертӕй балӕггад кӕнын?
5 Кӕд ацӕргӕ кӕнӕ рынчын дӕ, уӕд, чи зоны, дӕ бон суа ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын, алы бон дӕр иугыццыл куы хъусын кӕнай, уӕд. Кув Йегъовӕмӕ, цӕмӕй дын, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъару» ратта (2 Кор. 4:7). 106 азы кӕуыл цӕуы, иу ахӕм хойӕн йӕ бон сси ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын! Йӕ уырнӕг хӕстӕджыты ӕмӕ ӕмбырдӕй иннӕты ’ххуысӕй хъусын кодта хӕдзарӕй хӕдзармӕ, чи йӕм байхъуыста, уыдонмӕ-иу ногӕй бацыд ӕмӕ адӕмимӕ ахуыр кодта Библи. Дӕс адӕймагимӕ райдыдта Библи ахуыр кӕнын. Уыцы хо загъта: «Ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕныны фадат мын кӕй уыди, уый тыххӕй стыр бузныг дӕн Йегъовӕ, йӕ Фырт ӕмӕ йӕ организацийӕ. Зӕрдиагӕй мӕ фӕнды Йегъовӕйӕн стыр бузныг зӕгъын!».
6. Скъоладзаутӕн сӕ бон куыд у ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кӕнын?
6 Кӕд нырма скъолайы ахуыр кӕныс ӕмӕ донаргъуыд дӕ, уӕд, чи зоны, дӕуӕн дӕр дӕ бон суа ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын. Ӕнӕхъӕн бон чи кусы, уыдонау дӕуӕн дӕр, ӕвӕццӕгӕн, дӕ бон уыдзӕн сӕйраджыдӕр улӕфӕн бонты лӕггад кӕнын. Чи зоны ма дӕ бон суа иуӕй-иу хатт скъолайы фӕстӕ дӕр иу-сахаты бӕрц ацӕуын уацамынды. Дӕ бон нӕ уаид дӕ каникулты рӕстӕг лӕггад кӕнын? Кӕд дӕ фӕнды ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын, уӕд уый тыххӕй дӕ ныййарджытимӕ аныхас кӕн.
7. Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын?
7 Ӕххуыс кӕн. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн бирӕ цӕмӕйдӕрты у сӕ бон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнын (1 Пет. 5:2, 3). Сӕ бон у фылдӕр уацамындон фембӕлдтӕ спълан кӕнын райсомӕй, скъолайы фӕстӕ кӕнӕ фӕскуыст чи фӕхъусын кӕны, уыдонӕн. Уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарӕг хъуамӕ зӕгъа фӕлтӕрд ӕфсымӕртӕн, цӕмӕй-иу фембӕлдтӕ бацӕттӕ кӕной. Стӕй хъуамӕ батыхса, цӕмӕй уыцы мӕйты дӕргъы ӕмбырды фаг уа участоктӕ ӕмӕ литературӕ.
8. Иу ӕмбырды цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
8 Иу ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты цалдӕр мӕйы раздӕр райдыдтой разӕнгард кӕнын ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кӕнынмӕ. Алы къуыри дӕр-иу ӕмбырды фехъусын кодтой, цалӕй райдыдтой лӕггад кӕнын, уый тыххӕй. Уый фӕрцы-иу, фылдӕр лӕггад кӕнын кӕй фӕндыд, уыдон фӕныфсджындӕр сты, зӕгъгӕ нын чи баххуыс кӕна, уый уыдзӕн. Уыцы ӕмбырды райсомӕй ӕмӕ изӕрӕй фылдӕр уацамындон фембӕлдтӕ скодтой. Уый руаджы 53 хъусынгӕнӕджы, ӕмбырдӕн йе ’мбис, апрелы балӕггад кодта ӕххуысгӕнӕг пионертӕй!
9. Ӕрымысӕн изӕр хорз рӕстӕг цӕмӕн у ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕгӕй лӕггад кӕнынӕн?
9 Иннӕтӕн ӕххуыс кӕн хъусын кӕнын. Кӕд ногтӕй кӕнӕ ӕрыгӕттӕй исчи цӕттӕ у ӕнӕаргъуыд хъуысынгӕнӕгӕй лӕггад кӕнынмӕ, уӕд сӕ фӕлтӕрд хъусынгӕнӕгӕн йӕ бон уыдзӕн йемӕ уацамынды акӕнын. Ахӕм фадат фӕзындзӕн Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг, ӕмбырдӕй бирӕтӕ фылдӕр куы хъусын кӕной, уӕд. Мыййаг, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн хорз ӕнтыстытӕ ис ӕмӕ йӕ цард Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ аивта? Кӕнӕ дын ис, йӕхи хорз чи дары ӕмӕ зӕрдиагӕй чи архайы, ахӕм сывӕллӕттӕ? Кӕд сӕ ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнджытӕй лӕггад кӕнын фӕнды ӕмӕ дӕхимӕ дӕр афтӕ кӕсы, ӕмӕ цӕттӕ сты, уӕд зӕгъ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй искӕмӕн. Сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг бахӕс кӕндзӕн дыууӕ хистӕр нӕлгоймагӕн, цӕмӕй уемӕ аныхас кӕной.
10. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у, чи ’рлӕмӕгъ, уыдонӕн баххуыс кӕнын?
10 Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг хорз фадат фӕзындзӕн, цӕмӕй, чи ’рлӕмӕгъ, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ногӕй райдайой ӕмбырдимӕ лӕггад кӕнын. Чиныгахуыры цӕстдарджытӕ ӕмӕ иннӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ бацархайой, цӕмӕй сӕ бабӕрӕг кӕной ӕмӕ сӕ зӕрдиагӕй фӕхоной иумӕ уацамынды ацӕуынмӕ. Кӕд бирӕ рӕстӕг нӕ уыдысты ӕмбырды, уӕд уал хъуамӕ дыууӕ хистӕр нӕлгоймаджы семӕ аныхас кӕной, цӕмӕй базоной, ис сын бар хъусын кӕнын ӕви нӕ (km 11/00 2 ф.).
11. «Хуыцауы стыр хорзӕх» сӕйраджыдӕр цӕмӕй бӕрӕг у?
11 Цӕттӕ кӕн Ӕрымысӕн изӕрмӕ. «Хуыцауы стыр хорзӕх» сӕйраджыдӕр бӕрӕг у Чырыстийы нывондӕй (Ап. хъ. 20:24). Ӕгас дунейы милуантӕ аргъ кӕнынц Чырыстийы нывондӕн. Уыдон ӕрӕмбырд уыдзысты йӕ мӕлӕт ӕрымысӕн изӕрмӕ 22 мартъийы сабаты, хурныгуылды фӕстӕ. Зӕрдиагӕй нӕ фӕнды ӕппӕт сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы фӕхонын уыцы ахсджиаг бӕрӕгбонмӕ, цӕмӕй базоной, Йегъовӕ адӕмы тынг кӕй уарзы.
12. Ӕрымысӕн изӕрмӕ кӕй ис фӕхонӕн?
12 Ӕрымысӕн изӕрмӕ дӕ кӕй фӕнды фӕхонын, уыдоны нӕмттӕ гӕххӕттыл ныффысс. Ӕвӕццӕгӕн дӕ фӕнддзӕн фӕхонын дӕ хӕстӕджыты, дӕ сыхӕгты, де ’мкусджыты, де ’мкъласӕгты, раздӕр Библи кӕимӕ ахуыр кодтай ӕмӕ ныр кӕимӕ ахуыр кӕныс, стӕй ӕдзух кӕмӕ фӕцӕуыс, уыдоны. Кӕй фӕхонай, уыдонӕй искӕмӕ Ӕрымысӕн изӕры тыххӕй фарстытӕ куы уа, уӕд дын баххуыс кӕндзӕн, чиныджы «Библи цы дзуры», 206–208 фӕрстыл Хицауы ӕхсӕвӕры тыххӕй цы фыст ис, уый. Афтӕмӕй, чи зоны, адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын дӕр райдайай, уымӕн ӕмӕ йын дӕ бон уыдзӕн, Библи кӕй руаджы ахуыр кӕнӕм, уыцы чиныг раттын.
13. Йегъовӕ куыд раарфӕ кодта, Ӕрымысӕн изӕрмӕ адӕмы чи фӕхуыдта, уыцы дыууӕ хъусынгӕнӕгӕн?
13 Иу хо гӕххӕттыл ныффыста, фӕхонын ӕй кӕй фӕндыд, уыдоны нӕмттӕ, ӕдӕппӕтӕй 48 бинонты. Кӕй фӕхуыдта, уыдоны нӕмттӕ ӕмӕ сӕ кӕд фӕхуыдта, уый-иу йӕхимӕ фӕнысан кодта. Ӕмӕ йын куыд ӕхсызгон уыд, кӕй фӕхуыдта, уыдонӕй Ӕрымысӕн изӕрмӕ 26 адӕймаджы куы ’рбацыд! Йӕхи дукани кӕмӕн ис, иу ахӕм ӕфсымӕр фӕхуыдта йӕ кусджытӕй иуы, уый кӕддӕр уыди сауджын. Уыцы нӕлгоймаг ӕрбацыд ӕмӕ фӕстӕдӕр загъта: «Ам иу сахатмӕ Библийы тыххӕй цы базыдтон, уый 30 азмӕ католиктӕм нӕ базыдтон». Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йемӕ райдыдтой Библи ахуыр кӕнын чиныг «Библи цы дзуры»-йӕ.
14. Ӕнӕхъӕн дунейы 1 мартъийы цавӕр куыст райдайдзӕн?
14 Хондзыстӕм Ӕрымысӕн изӕрмӕ. 1 мартъийӕ 22 мартъимӕ ӕнӕхъӕн дунейы адӕмы хондзыстӕм Ӕрымысӕн изӕрмӕ. Не ’ппӕты дӕр куыннӕ бафӕнддзӕн уыцы рӕстӕг, нӕ бон цас у, уыйбӕрц хъусын кӕнын. Хуыздӕр уыздӕн хуынды гӕххӕтт адӕймагӕн йӕхимӕ раттын. Фӕлӕ кӕд уе ’мбырдӕн бирӕ участоктӕ ис, уӕд, чи зоны, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бауынаффӕ кӕной, хӕдзары чи нӕ уа, уыдонӕн хуынды гӕххӕттытӕ, бӕрӕг кӕм дарой, ахӕм ран ныууадзын. Улӕфӕн бонты ма нӕ бон уыдзӕн ног журналтӕ дӕр дӕттын.
15. Адӕмы Ӕрымысӕн изӕрмӕ куыд ис фӕхонӕн?
15 Адӕмы фӕхонынӕн нын бирӕ рӕстӕг кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ хуыздӕр уыдзӕн, нӕ ныхас цыбыр куы уа, уӕд. У хӕларзӕрдӕ ӕмӕ дзур зӕрдиагӕй. Зӕгъӕм, дӕ бон у афтӕ райдайын: «22 мартъийы бӕрӕг кӕндзыстӕм иу ахсджиаг бон ӕмӕ дӕу дӕр дӕ бинонтӕ ӕмӕ де ’мбӕлттимӕ зӕрдиагӕй хонӕм. Ацы хуынды гӕххӕтты фыст ис, кӕдӕм ӕмӕ цафон хъӕудзӕн ӕрбацӕуын, уый». Чи зоны адӕймагмӕ цыдӕр фарстытӕ фӕзына кӕнӕ хуынды гӕххӕтт райса ӕмӕ зӕгъа, ӕрбацӕудзынӕн, зӕгъгӕ. Ахӕм адӕмы-иу ногӕй бабӕрӕг кӕн.
16. Цавӕр хабар нын ӕвдисы, куыд ахсджиаг у адӕмы Ӕрымысӕн изӕрмӕ хонын?
16 Фарон иу ӕфсӕддон йӕ хӕдзары къӕсӕрыл ссардта Ӕрымысӕн изӕрмӕ хуынды гӕххӕтт. Бафӕндыд ӕй ацӕуын, фӕлӕ йӕ хъуыд йӕ хицауӕй бар ракурын. Куы йын равдыста хуынды гӕххӕтт, уӕд ын хицау загъта йӕ мад ӕмӕ йӕ фыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй сты ӕмӕ семӕ ӕмбырдтӕм кӕй фӕцӕуы. Хицау ын ӕрмӕст Ӕрымысӕн изӕрмӕ ацӕуынӕн бар нӕ радта, фӕлӕ ма йӕхӕдӕг дӕр йемӕ ацыд!
17. Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, Хуыцау нӕ йе стыр хорзӕхӕй цӕй тыххӕй схайджын кодта, уый кӕй нӕ рох кӕнӕм?
17 Аргъ кӕнӕм Хуыцауы уарзондзинадӕн. 2008 азы Ӕрымысӕн изӕр ӕрбахӕццӕ кӕны. Уӕдӕ не ’ппӕты дӕр хъӕуы арф хъуыды кӕнын Йегъовӕйы стыр уарзондзинадыл. Апостол Павел фыста: «Ӕмӕ уын уымӕ гӕсгӕ ноджыдӕр лӕгъстӕ кӕнӕм: цы стыр хорзӕхӕй уын бахай кодта, уымӕй цӕй тыххӕй стут хайджын, уый уӕ ма ферох уӕд» (2 Кор. 6:1). Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, Хуыцау нӕ йе стыр хорзӕхӕй цӕй тыххӕй схайджын кодта, уый кӕй нӕ рох кӕнӕм? Павел загъта: «Фӕлӕ алы ӕгъдауӕй дӕр ӕвдисӕм, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уый» (2 Кор. 6:4). Уӕдӕ Йегъовӕйӕ бузныг кӕй стӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн нӕ хорз ӕгъдауӕй ӕмӕ, хорз хабар зӕрдиагӕй кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй. Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг нын уыдзӕн диссаджы фадат фылдӕр балӕггад кӕнынӕн ӕмӕ хорз хабар адӕмӕн бӕстон хъусын кӕнынӕн.
[Рамкӕ 3 фарсыл]
Кӕмӕн у йӕ бон ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын?
◼ Бинонтӕн
◼ Ӕнӕхъӕн бон чи кусы
◼ Ацӕргӕтӕн ӕмӕ рынчынтӕн
◼ Скъоладзаутӕн
[Рамкӕ 4 фарсыл]
Ӕрымысӕн изӕрмӕ хуынды гӕххӕттытӕ дӕтгӕйӕ:
◼ Дзур цыбыртӕй ӕмӕ зӕрдиагӕй
◼ Хорз чи байхъуыста, уыдоны-иу абӕрӕг кӕн
◼ Журналтӕ уар улӕфӕн бонты