Рӕдауӕй чи тауы, уый бирӕ хорздзинӕдтӕй уыдзӕн хайджын
1 Мах иууылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцауы Ныхасы цы диссаджы зӕрдӕвӕрдтӕ ис, уыдоны сӕххӕстмӕ. Абон дӕр нӕ Иегъовӕ бирӕ хорздзинӕдтӕй хайджын кӕны ӕмӕ уымӕй нӕ цард рӕсугъддӕр кӕны. Фӕлӕ нын цас фӕахъаз уыдзысты, уый нӕхицӕй кӕнгӕ у. Уый тыххӕй апостол Павел загъта: «Рӕдауӕй чи тауы, уый... рӕдауӕй ӕркӕрддзӕн» (2 Кор. 9:6). Ӕркӕсӕм, ацы уагӕвӕрдӕй цавӕр дыууӕ хъуыддаджы ис спайда кӕнӕн.
2 Хъусын кӕныны хъуыддаджы. Хорз хабар искӕмӕн куы фехъусын кӕнӕм, уӕд баззайӕм тынг разыйӕ (Ӕмб. 3:27, 28). Ӕхсызгон у, бирӕтӕ рӕдауӕй кӕй тауынц уацамындӕн фылдӕр рӕстӕг хицӕнгӕнгӕйӕ, уыимӕ ӕххуысгӕнӕг кӕнӕ та ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй лӕггадгӕнгӕйӕ. Махӕн нӕ бон у рӕдауӕй тауын, цымыдисгӕнӕг адӕммӕ ногӕй бацӕугӕйӕ ӕмӕ сын фылдӕр зонындзинӕдтӕ дӕтгӕйӕ, афтӕ ма фадат куы фӕзына, уӕд искӕимӕ Библи ахуыр кӕнгӕйӕ (Ром. 12:11). Ӕппӕт тыхтӕй куы архайӕм, уӕд нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы бирӕ цымыдисаг цаутӕ ӕмӕ нын нӕ лӕггаддзинад нӕ циныл цин ӕфтаудзӕн.
3 Хуыцауы Паддзахады хъуыддаджы ӕххуысгӕнгӕйӕ. Павел «рӕдауӕй тауыны» тыххӕй куы дзырдта, уӕд йӕ хъуыдыйы уыд, иннӕтӕн истӕмӕй ӕххуыс кӕнын (2 Кор. 9:6, 7, 11, 13). Абон нӕ бон у бирӕ цыдӕртӕ саразын, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн ӕххуыс кӕнӕм. Нӕ бон у ӕххуыс кӕнын Паддзахады ӕмӕ Конгрессты залтӕ аразынӕн. Нӕ бон ма у зӕрдӕбынӕй раст кувынады бынӕттӕ ӕфснайын ӕмӕ сӕм зилын. Уымӕй уӕлдай ма нын фадат ис ӕхцайӕ ӕххуыс кӕнынӕн бынӕттон ӕмбырдӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕппӕтдунеон хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддагӕн. Цӕй ӕхсызгон нын у, иууылдӕр зӕрдӕбынӕй куыд архайӕм ӕмӕ нын Иегъовӕ цы куыст бахӕс кодта, уый ӕххӕст кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕны, уый нӕхи цӕстытӕй уынын! (Мал. 3:10; Лук. 6:38).
4 Хуыцауы Ныхас нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй «кӕнӕм хорз митӕ, схъӕздыгдӕр кӕнӕм нӕхи хорз хъуыддӕгтӕй, уӕм рӕдау ӕмӕ адӕмимӕ цӕрӕг» (НФ). Ацы уынаффӕмӕ куы хъусӕм, уӕд бирӕ хорздзинӕдтӕй уыдзыстӕм хайджын. Уыимӕ ма «ӕмбырд кӕндзыстӕм нӕхицӕн хӕзна, хорз бындур фидӕнмӕ... мыггагмӕйы [«ӕцӕг», НД] цардмӕ» (1 Тим. 6:18, 19).