Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 июнь
«Куыд хъуыды кӕныс, Хуыцауы базонӕн ис? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Раст у, адӕймаг хорз кӕй нӕ зона, ууыл нӕ феууӕнды. Фӕлӕ нӕ Библи разӕнгард кӕны, цӕмӕй Хуыцауы агурӕм. [Бакӕс Куыстытӕ 17:27.] Ацы статьятӕ нын ӕмбарын кӕнынц, куыд ис Хуыцауы хуыздӕр базонӕн».
«Райхъал ут!», 22 май (уыр.)
«Хицӕуттӕ бирӕ цыдӕртӕ аразынц, цӕмӕй нын нӕ зындзинӕдтӕ аиуварс кӕной. Иу ног мадзал у глобализаци. Ацы журналы бакӕсдзынӕ, уыцы ног мадзал дын дӕ цардыл куыд ӕндавы, уый. Уым ма дзырдӕуы, Библи тынг раджы ӕппӕт дунейы зындзинӕдтӕ алыг кӕныны тыххӕй цы загъта, уый дӕр». Уый фӕстӕ бакӕс Матфейы 6:9, 10.
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 июнь (уыр.)
«Фӕстаг цаутӕ бирӕты мӕты ӕфтауынц, уыйбӕрц ӕнаххос адӕм цӕрынхъуагӕй кӕй мӕлынц, уый тыххӕй. Адӕм цӕмӕн мӕлынц, ууыл искуы хъуыды кодтай? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын ӕмӕ йын уый фӕстӕ 7-ӕм фарс рафӕлдах.] Фӕнды дӕ базонын, Библи ацы хъуыдытӕй иуы тыххӕй цы дзуры, уый?» Фадат куы уа, уӕд бакӕс амынд стих.
«Райхъал ут!», 8 июнь (уыр.)
«Бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ дин ӕмӕ зонад кӕрӕдзийы ныхмӕ сты. Иуӕй-иутӕм та афтӕ кӕсы, зӕгъгӕ, цардмӕ зонады цӕстӕй чи кӕсы, уыдонӕн сӕ бон нӕу Хуыцауыл баууӕндын. Уый тыххӕй ды та цы хъуыды кӕныс? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Журнал „Райхъал ут!“ ацы фарст тынг хорз ӕмбарын кӕны».