Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Брошюрӕ «Иумӕ цӕрӕнбонтӕм. Цӕй фӕрцы?». «Куыд хъуыды кӕныс, Хуыцау цыхуызӕн у ӕмӕ йӕм цавӕр миниуджытӕ ис, уый ӕцӕгдӕр нӕ бон у базонын? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Уый фӕдыл дын иу хорз хъуыды бакӕсдзынӕн». 16 фарсыл 2-ӕм фарстайы бын цы фыст ис, уый бакӕс ӕмӕ йыл аныхас кӕнут. Цы стихтӕ дзы ис, уыдонӕй иу бакӕс ӕмӕ йыл аныхас кӕнут. Брошюрӕ йын ратт. Баныхас кӕн, дыккаг хатт ӕм куы бацӕуай, уӕд 3-аг фарста кӕй равзардзыстут.
Брошюрӕ «Цы у „Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар“?». «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты иууылдӕр зонынц, Хуыцауы тыххӕй алкӕмӕндӕр кӕй дзурынц, уымӕй. Уыцы куыст цӕмӕн кӕнынц, ууыл никуы ахъуыды кодтай? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Дӕ хъус-ма ӕрдар, мӕнӕ ам цы фыст ис, уымӕ. [Бакӕс Матфейы 24:14.] Ацы брошюрӕйӕ базондзынӕ: уыцы хорз хабар цы у? Цы у Хуыцауы Паддзахад? Библи цы кӕроны кой кӕны, уый цы у?».